ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
«Ӕнӕмӕнг сӕ ссардзыстӕм»
«Иу бон сӕ ӕнӕмӕнг ссардзыстӕм»
1935 азмӕ ’ввахс иу нӕлгоймаг, Пабло Гонсалес, зӕгъгӕ, райдыдта Библи кӕсын. Уый цард, Сибаойы дӕлвӕз чи хуыйны, уыцы районы ӕмӕ цыди протестантты ӕмбырдтӕм. Фӕлӕ йӕ куы бамбӕрста, Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цӕрынц, уӕд сӕ ныууагъта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхӕдӕг Хуыцауы Ныхас ахуыр кодта ӕмӕ цы базыдта, уый иннӕтӕн дзурын райдыдта – фыццаг йӕ бинонтӕн ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн, стӕй та йӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕн. Пабло йӕ фермӕ ӕмӕ йӕ фос ауӕй кодта, ӕмӕ уыцы ӕхцатӕй балцыты цыди, цӕмӕй, Библийӕ цы базыдта, уыдӕттӕ адӕмӕн дзырдтаид.
1942 азы Пабло, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нӕма зыдта, афтӕмӕй, ӕппынкъаддӕр 200 бинонтӕм цыди ӕмӕ-иу ӕдзух ӕмбырдтӕ уагъта. Уый адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй Библи ахуыр кодтаиккой ӕмӕ сӕ цард уымӕ гӕсгӕ арӕзтаиккой. Бирӕтӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, ӕмӕ тамако нал дымдтой, стӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ цалдӕр усимӕ нал цардысты.
Пабло Библийӕ цы хабар хъусын кодта, уымӕ чи байхъуыста, уыдонӕй иу уыд иу сылгоймаг, Селест Росарио. Уый радзырдта: «Ӕвддӕс азы мыл куы цыд, уӕд мӕ мадӕн йӕ фыдыфсымӕры фырт Негро Хименес цыди, Пабло Гонсалес сӕ хистӕр кӕмӕн уыд, уыцы къордтӕй иумӕ. Иубон нӕм Негро ӕрбацыд ӕмӕ нын Библийӕ цалдӕр стихы бакаст. Ӕрмӕст уыцы стихтӕ дӕр мын фаг уыдысты, цӕмӕй католикон аргъуан ныууагътаин. Аргъуаны нын латинагау кастысты, ӕмӕ ницы ӕмбӕрстам. Цасдӕры фӕстӕ нӕм Пабло Гонсалес ӕрбацыд ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта. Уый загъта: „Мах цы бирӕ динтӕ зонӕм, уыдонӕй иуыл дӕр хӕст не стӕм. Фӕлӕ нын ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ис ӕфсымӕртӕ. Чи сты ӕмӕ цы хуыйнынц, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ сӕ иубон ӕнӕмӕнг ссардзыстӕм“».
Паблойы фӕрцы цалдӕр горӕты фӕзынд, Библи кӕм ахуыр кодтой, ахӕм къордтӕ. Уыцы горӕттӕ уыдысты Лос-Какаос-Сальседо, Монте-Адентро, Сальседо ӕмӕ Вилья-Тенарес. 1948 азы Пабло автобусыл кӕдӕмдӕр цыди, ӕмӕ Сантьягойы иннӕ автобусыл сбадынмӕ куы хъавыд, уӕд уынджы ауыдта цалдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны хъусын кӕнгӕ. Уыдон ын радтой журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Ӕндӕр хатт та йын йӕ балцы рӕстӕг иу хо радта дыууӕ чиныджы ӕмӕ йӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ Сантьягомӕ фӕхуыдта. Пабло Ӕрымысӕн изӕры цы фехъуыста, уый йӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ бамбӕрста, рӕстдзинад ӕмӕ, цы адӕмы агуырдта, уыдоны кӕй ссардта.
Миссионертӕ бабӕрӕг кодтой, Пабло Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдоны. Ӕмбырдтӕ кӕм уагъта, уыцы бынӕттӕй сӕм иуы ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ каст 27 адӕймаджы. Чидӕртӕ сӕ уырдӕм фистӕгӕй фӕцыдысты 25 километры, иннӕтӕ та бӕхтыл – 50 километры! Иннӕ ран та уыди 78 адӕймаджы. Ӕндӕр ран та ӕмбырдмӕ ӕрбацыд 69 адӕймаджы.
Пабло миссионертӕн гӕххӕттыл ныффыста, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, иу-150 ахӕм адӕймаджы нӕмттӕ. Уыцы сӕрныллӕг адӕмы фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Уыдон Библи иртӕстой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл архайдтой. Ӕрмӕст ма сӕ хъуыди, цӕмӕй сын исчи разамынд лӕвӕрдтаид, ӕмӕ сӕ бон уыдаид уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайын. Селест дзуры: «Миссионертӕ нӕ бабӕрӕг кодтой ӕмӕ нын ӕмбырд ауагътой. Стӕй алцыдӕр бацӕттӕ кодтой, цӕмӕй адӕм донаргъуыд райстаиккой. Мӕ бинонтӕй фыццаг донаргъуыд ӕз райстон. Фӕстӕдӕр та донаргъуыд райстой мӕ мад Фидели Хименес ӕмӕ мӕ кӕстӕр хо Кармен».
Доминиканы Республикӕйы фыццаг районон конгресс уыд 1949 азы 23–25 сентябры Сантьягойы. Уыцы конгрессы фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдтой хъусын кӕнын. Адӕмӕй бирӕтӕ сцымыдис сты, зӕгъгӕ дзы цымӕ цы вӕййы, ӕмӕ хуыцаубоны конгресмӕ ӕрбацыдысты. Ӕргом раныхасмӕ ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 260 адӕймаджы. Конгрессы донаргъуыд райста 28 адӕймаджы. Уыцы ӕртӕбонон конгрессы фӕрцы бирӕтӕ бамбӕрстой, Хуыцау йӕ фӕндон кӕй уылты ӕххӕст кӕны, уыцы организаци кӕй ссардтой.