Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb18 август 7 ф.
  • Йесо де ’фсымӕры тыххӕй дӕр амард

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо де ’фсымӕры тыххӕй дӕр амард
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Архай, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Ацы гыццылтӕн» цӕлхдур ма су!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
mwb18 август 7 ф.
Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ ныхас кӕны

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йесо де ’фсымӕры тыххӕй дӕр амард

Йесо йӕ цард нывондӕн радта ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй (Ро 5:8). Алчидӕр нӕ тынг аргъ кӕны, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уарзондзинад кӕй равдыста, уымӕн. Фӕлӕ нӕ хатт фӕхъӕуы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йесо не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр кӕй амард. Нӕ бон куыд у, мах хуызӕн ӕнӕххӕст чи у, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты Чырыстийау уарзын? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, нӕ бон у ӕмбӕлттӕ скӕнын, махӕй чи хицӕн кӕны, уыдонӕй (Ро 15:7; 2Кр 6:12, 13). Дыккаг, лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй, иннӕтӕн хъыг цы уа, ахӕмӕй мацы зӕгъӕм кӕнӕ мацы саразӕм (Ро 14:13–15). Ӕртыккаг, исчи нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд ын уайтагъд ныххатыр кӕнӕм (Лк 17:3, 4; 23:34). Ацы хъуыддӕгты Чырыстийы зӕрдиагӕй куы фӕзмӕм, уӕд Йегъовӕ ӕмбырдӕн дарддӕр дӕр арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дзы уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад.

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ УДЫХЪӔДЫ РӔЗЫН КӔН РӔСУГЪД МИНИУДЖЫТӔ!» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Микийыл йӕ ног ӕмбырды бацин кодтой

    Мики йе ’мбырды тыххӕй фыццаг цы хъуыды кодта?

  • Мики йе ’мбырды иннӕтӕм мӕсты кӕны

    Йӕ хъуыды цӕмӕн фӕивта?

  • Чырысти йӕ апостолтӕм хӕларзӕрдӕ дардта, куы бафынӕй сты, уӕд дӕр

    Чырыстийы цӕвиттон Микийӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид? (Мч 14:38).

  • Мики худы, гыццыл лӕппу йӕ куы батъӕпп кодта ӕмӕ йӕ дарӕсыл сок куы бакалд, уӕд

    Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕм раст цӕстӕй кӕсӕм?

АХЪУЫДЫ КӔН:

Мыййаг мӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ гыццыл истӕмӕй куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд сӕм маст хӕссын райдайын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын