ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ХЪУЫДДӔГТӔ 6–8
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд
Грекъагау чи дзырдта, уыцы идӕдзтӕ ӕрӕджы донаргъуыд райстой ӕмӕ Иерусалимы фылдӕр рӕстӕг баззадысты. Фӕлӕ сӕ ӕмбырды хъулон кодтой. Цымӕ сын уый цӕлхдур уыди ӕви фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ?
Стефаны дуртӕй куы амардтой ӕмӕ Иерусалимы чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд сӕ Иудейӕ ӕмӕ Самаримӕ лидзын бахъуыд. Цымӕ уый тыххӕй Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кодтой?
Йегъовӕ ног чырыстон ӕмбырдӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта (Хъд 6:7; 8:4).
АХЪУЫДЫ КӔН: Фӕлварӕнты рӕстӕг фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууын?