НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ куыд удуӕлдай ӕмӕ рӕдау уыдысты, уымӕй нын сты фӕзминаг
Апостол Павел Ромы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Мӕ номӕй салӕмттӕ раттут Прискӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, ме ’мкусджытӕн Йесо Чырыстийы хъуыддаджы. Уыдон мӕн тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ иннӕ адӕмты ӕмбырдтӕ иууылдӕр» (Ро 16:3, 4). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Павел Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕн стыр аргъ кӕй кодта ӕмӕ сӕ бирӕ кӕй уарзта. Цымӕ сӕ Павел ӕмӕ ӕмбырдтӕ цӕмӕн уарзтой?
ФАРСТАТӔ:
Апостол Павел Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕн тынгдӕр цӕй тыххӕй аргъ кодта? (Бакӕс Хъд 18:1–4, 11.)
Сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой? (Бакӕс Ро 16:3, 4.)
Йегъовӕ сын куыд арфӕ кодта? (Бакӕс Ро 1:11, 12.)
Нӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын?
Нӕ бон куыд у Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы фӕзмын? (Ро 16:4).