НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ къухы стыр хъуыддаг бафтыд!
Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ саразын бантыст. Ӕппӕт уыдӕттӕ-иу сӕ къухы бафтыдысты сӕхи хъаруйы ӕмӕ сӕ курдиӕтты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы. 1954 азы Йегъовӕйы организаци рауагъта киноныв «Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм». Ацы кинонывыл куыстой вефилӕгтӕ. Ахӕм куыст сӕ раздӕр ничи кодта. Уыцы стыр хъуыддаг сӕ къухы бафтыд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Ацы хабар нӕ фидар ныфс уадзы, ӕмӕ махӕн дӕр Йегъовӕйы организацийы цыфӕнды ма бахӕс кӕной,– нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд ӕй нӕ бон бауыдзӕн саразын (Зх 4:6).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «КУЫД ИСТАМ КИНОНЫВ „НОГ ДУНЕЙЫ ЧИ ЦӔРДЗӔН, УЫЦЫ АДӔМ“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Ӕфсымӕрты цӕмӕн бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады тыххӕй киноныв сисын?
Вефил адӕймаджы буаримӕ цӕмӕн ис абарӕн? (1Кр 12:14–20).
Киноныв исгӕйӕ ӕфсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ сӕрты куыд ахызтысты?
Ацы видеороликӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы базыдтай?