Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbv 3 статья
  • Ромӕгтӕм 10:13. «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй... кув»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ромӕгтӕм 10:13. «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй... кув»
  • Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ромӕгтӕм 10:13 стихӕн йӕ хъуыды
  • Ромӕгтӕм 10:13 стихӕн йӕ контекст
  • Хуыцауы ном ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст»
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
  • Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауӕн ном ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
Фылдӕр фенын
Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
ijwbv 3 статья

БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ

Ромӕгтӕм 10:13. «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй... кув»

«Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ромӕгтӕм 10:13, «Ног Дунейы тӕлмац»).

«Хицауы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн» (Ромӕгтӕм 10:13, «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Ног Фӕдзӕхст»).

Ромӕгтӕм 10:13 стихӕн йӕ хъуыды

Хуыцау никӕй хъулон кӕны ӕмӕ, адӕймаг цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, хъӕздыг уа ӕви мӕгуыр, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй фервӕза ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уа. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ кува Йегъовӕмӕa. Уый у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

Ныхӕстӕ «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувын», ӕрмӕст ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ ном зонӕм ӕмӕ йӕ дзурӕм (Псалом 116:12–14). Уый ма ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауыл ӕууӕндӕм ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (Псалом 20:7; 99:6).

Йесо Чырысти Хуыцауы ном ахсджиагыл нымадта ӕмӕ иннӕты афтӕ ахуыр кодта кувын: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Йесо ма бамбарын кодта, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы базонӕм, йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ уарзӕм (Иоанны 17:3, 6, 26).

Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Ромӕгтӕм 10:13 стихы «Хицау» Йегъовӕмӕ амоны? («Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Ног Фӕдзӕхст»). Уымӕн ӕмӕ ацы стихы ныхӕстӕ ист сты Иоил 2:32 стихӕй. Ӕмӕ уым та рагон дзуттаг къухфыстыты ӕмбӕлы Хуыцауы ном, дзырд «Хицау» нӕ, фӕлӕb.

Ромӕгтӕм 10:13 стихӕн йӕ контекст

Ромӕгтӕм 10 сӕрӕй базонӕн ис, цӕмӕй адӕймагӕн Хуыцауы раз хорз ном уа, уый тыххӕй Йесо Чырыстийыл кӕй хъуамӕ ӕууӕнда (Ромӕгтӕм 10:9). Уый афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, Рагон Фӕдзӕхстӕй дзы цы скъуыддзӕгтӕ ис, уыдонӕй. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у, ирвӕзындзинады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕны, уый. Уый фӕрцы иннӕтӕн фӕзыны фадат, цӕмӕй Хуыцауыл баууӕндой ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уой (Ромӕгтӕм 10:10, 14, 15, 17).

Бакӕс Ромӕгтӕм 10 сӕр фиппаинӕгтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн стихтимӕ.

a Библийы рагон къухфыстыты Хуыцауы ном ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Дзуттагау Хуыцауы ном фыст уыд цыппар дамгъӕйӕ, хонынц сӕ тетраграмматон. Иронау фылдӕр хатт тӕлмац вӕййы «Йегъовӕ». Фӕлӕ йӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ фӕхонынц «Яхве».

b Ӕвӕццӕгӕн, Библийы чингуытӕ чи фыста, уыцы чырыстӕттӕ-иу Рагон Фӕдзӕхстӕй скъуыддзӕгтӕ куы ’рхастой ӕмӕ-иу дзы Хуыцауы ном куы уыди, уӕд-иу ӕй ныффыстой. Иу дзырдуаты фыст уыд: «Н[ог] Ф[ӕдзӕхсты] фыццаг къухфыстыты тетраграмматон фыст ӕрцыд, Р[агон] Ф[ӕдзӕхстӕй]-иу дзы скъуыддзӕгтӕ кӕм ӕрхастой, уым иуӕй-иу рӕтты кӕнӕ алы ран дӕр, ӕмӕ уымӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ» («The Anchor Bible Dictionary», 6 том, 392 ф.). Фылдӕр базонӕн ис брошюрӕйӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 2 сӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын