Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 159 статья
  • Цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Цӕрӕгойтӕн удтӕ ис?
  • Удӕн йӕ бон амӕлын у?
  • Цӕрӕгойтӕ тӕригъӕдтӕ аразынц?
  • Цӕрӕгойтӕн фыдмитӕ кӕнӕн ис?
  • Цард куыд фӕзынд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 159 статья
Куыдз

Цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

Дзуапп Библийӕ

Библийы фыст ис, зӕххыл чи цӕры, уыдонӕй ӕрмӕст бӕлвырд нымӕц адӕм кӕй ацӕудзысты уӕлӕрвтӕм (Раргомад 14:1, 3). Уырдӕм уый тыххӕй ацӕудзысты, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уой (Лукайы 22:28–30; Раргомад 5:9, 10). Адӕмӕн сӕ фылдӕр райгас уыдзысты зӕххыл дзӕнӕты цӕрынӕн (Псалом 37:11, 29).

Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ йӕ хӕдзарон цӕрӕгойтӕ, зӕгъӕм куыйтӕ, куы амӕлынц, уӕд уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ, «уӕларвмӕ хуынд» кӕй фӕрцы ӕрцӕуынц, уыцы къахдзӕфтӕ цӕрӕгойтӕн сӕ бон нӕу саразын (Дзуттӕгтӕм 3:1). Уыцы къахдзӕфтӕ сты, зӕгъӕм, Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы базонын, ӕууӕндын сыл ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын (Матфейы 19:17; Иоанны 3:16; 17:3). Хуыцау ӕнустӕм цӕрынӕн ӕрмӕстдӕр адӕмы сфӕлдыста (Райдиан 2:16, 17; 3:22, 23).

Хуыцау зӕххыл цӕрынӕн кӕй сфӕлдыста, уыдон цӕмӕй уӕлӕрвтӕм ацӕуой, уый тыххӕй хъуамӕ райгас уой (1 Коринфӕгтӕм 15:42). Библийы фыст ис цалдӕр хабары райгасдзинады тыххӕй (1 Паддзӕхты 17:17–24; 2 Паддзӕхты 4:32–37; 13:20, 21; Лукайы 7:11–15; 8:41, 42, 49–56; Иоанны 11:38–44; Хъуыддӕгтӕ 9:36–42; 20:7–12). Фӕлӕ чи райгас, уыдон иууылдӕр уыдысты адӕймӕгтӕ, цӕрӕгойтӕ нӕ, фӕлӕ.

  • Цӕрӕгойтӕн удтӕ ис?

  • Удӕн йӕ бон амӕлын у?

  • Цӕрӕгойтӕ тӕригъӕдтӕ аразынц?

  • Цӕрӕгойтӕн фыдмитӕ кӕнӕн ис?

Цӕрӕгойтӕн удтӕ ис?

Нӕй. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕм дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕ дӕр сты удтӕ (Нымӕцтӕ 31:28, фип.). Афтӕ фыст дзы нӕй, ӕмӕ Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд ын уд радта, фӕлӕ дзы фыст ис, зӕгъгӕ, Адам «сси цӕрӕг уд» (Райдиан 2:7). Уд конд у «сыджытӕй» ӕмӕ «царды улӕфтӕй».

Удӕн йӕ бон амӕлын у?

О, Библийы фыст ис, удтӕ кӕй мӕлынц (Левит 21:11, фип.; Йезекил 18:20). Адӕм кӕнӕ цӕрӕгойтӕ куы амӕлынц, уӕд фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхынц (Екклесиаст 3:19, 20). Ӕндӕр ныхасӕй – никуыуал вӕййынцa.

Цӕрӕгойтӕ тӕригъӕдтӕ аразынц?

Нӕ аразынц. Тӕригъӕд фӕаразы, йӕ хъуыдытӕ, йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ кӕмӕн вӕййынц, уый. Тӕригъӕд у, исчи, хорз цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбаргӕйӕ раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссы. Цӕрӕгойтӕн та сӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын нӕу. Цы гыццыл рӕстӕг цӕрынц, уыцы рӕстӕджы дӕргъы сӕйраджыдӕр фӕархайынц инстинкттӕм гӕсгӕ (2 Петры 2:12). Ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлынц, кӕд тӕригъӕдтӕ нӕ фӕаразынц, уӕддӕр.

Цӕрӕгойтӕн фыдмитӕ кӕнӕн ис?

Нӕй. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕмӕн цӕрӕгойтыл сӕ бар цыдаид, фӕлӕ сын уый бар нӕ радта, цӕмӕй сын фыдмитӕ кодтаиккой (Райдиан 1:28; Псалом 8:6–8). Хуыцау тыхсы алы цӕрӕгойыл дӕр, суанг гыццыл цъиутыл дӕр (Ионӕ 4:11; Матфейы 10:29). Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй цӕрӕгойтыл тыхсой (Рацыд 23:12; Дыккаг закъон 25:4; Ӕмбисӕндтӕ 12:10).

Библийы стихтӕ цӕрӕгойты тыххӕй

Райдиан 1:28 стих: «Хуыцау раарфӕ кодта [фыццаг адӕмӕн] ӕмӕ сын загъта: „Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр“».

Йӕ хъуыды. Хуыцау адӕмӕн цӕрӕгойты сӕ бар бакодта.

Нымӕцтӕ 31:28 стих: «Хӕсты чи уыд, уыцы ӕфсӕддонтӕй... райс хъалон [комк. «райс фондзсӕдӕйӕ иу уд», фип.]: алы фондзсӕдӕ адӕймагӕй – иу адӕймаджы, алы фондзсӕдӕ стурӕй – иу стур, алы фондзсӕдӕ хӕрӕгӕй – иу хӕрӕг, алы фондзсӕдӕ фысӕй – иу фыс».

Йӕ хъуыды. Адӕм дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕ дӕр сты удтӕ.

Ӕмбисӕндтӕ 12:10 стих: «Рӕстгӕнӕг тыхсы йӕ фосыл дӕр».

Йӕ хъуыды. Хорз адӕймаг цӕрӕгойтыл тыхсы, уыимӕ йӕ хӕдзары кӕй дары, уыцы цӕрӕгойтыл дӕр.

Матфейы 10:29 стих: «Дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн».

Йӕ хъуыды. Хуыцау цӕрӕгойтӕм, суанг гыццыл цъиутӕм дӕр, йӕ хъус дары ӕмӕ сыл тыхсы.

a Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс чиныг «Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?», 6 сӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын