Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйы кувӕндон
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Йегъовӕйӕ арт рацыд ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы нывӕндтӕ уыд, уыдон аныхъуырдта

      44 СӔРГОНД

      Йегъовӕйы кувӕндон

      Паддзах Соломон кувы

      Соломон Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕй Йегъовӕ бафарста: «Зӕгъ, цы дын раттон?» Соломон ын загъта: «Ӕз нырма ӕрыгон дӕн, ӕмӕ, цы хъуамӕ аразон, уый нӕ зонын. Дӕ хорзӕхӕй, ратт мын зонд, цӕмӕй дӕ адӕмӕн хорз паддзах уон». Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Зонд кӕй ракуырдтай, уый тыххӕй дӕ ӕз скӕндзынӕн зӕххыл ӕппӕты зондджындӕр адӕймаг. Стӕй ма дӕ тынг схъӕздыг кӕндзынӕн. Ӕмӕ мӕ коммӕ куы кӕсай, уӕд бирӕ фӕцӕрдзынӕ».

      Соломон райдыдта кувӕндон аразын. Арӕзтой йӕ ӕппӕты хуыздӕр сызгъӕринӕй, ӕвзистӕй, хъӕдӕрмӕгӕй ӕмӕ дурӕй. Кувӕндон арӕзтой, ахӕм куыстытӕм хорз чи арӕхст, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, уыдысты минтӕ. Авд азы фӕстӕ кувӕндон арӕзт фӕци, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой. Кувӕндоны мидӕг уыд нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕныл та ӕвӕрд уыдысты фосы нывӕндтӕ. Соломон нывондхӕссӕны раз йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, ацы стыр ӕмӕ рӕсугъд кувӕндон дӕ кадӕн сарӕзтам, фӕлӕ ды ноджы стырдӕр кады аккаг дӕ. Ӕмӕ нын дӕ хорзӕхӕй, нӕ нывонд айс ӕмӕ нын нӕ куывд фехъус». Цымӕ кувӕндон ӕмӕ Соломоны куывд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Соломон куыддӕр куывд фӕци, афтӕ Йегъовӕйӕ арт рацыд ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы нывӕндтӕ уыд, уыдон аныхъуырдта. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, кувӕндон йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд. Израилӕгтӕ уый куы федтой, уӕд цин кӕнын райдыдтой.

      Йегъовӕйӕ арт рацыд ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы нывӕндтӕ уыд, уыдон аныхъуырдта

      Паддзах Соломон куыд зондджын у, уый айхъуыст ӕнӕхъӕн Израилыл дӕр ӕмӕ ма суанг тынг дард бӕстӕтыл дӕр. Зындзинӕдтӕ кӕмӕн уыд, уыдон-иу Соломонмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаид. Иухатт та йӕм дард бӕстӕйӕ, Савӕйы зӕххӕй, ӕрцыд ус-паддзах, цӕмӕй йӕ алыхуызон зын фарстатӕй бафӕлвӕрдтаид. Соломон ын йӕ фарстатӕн дзуапп куы радта, уӕд ын уый загъта: «Адӕм дӕу тыххӕй цы дзырдтой, уый мӕ нӕ уырныдта, фӕлӕ йӕ ныр мӕхӕдӕг уынын, куыд дзурынц, уымӕй бирӕ зондджындӕр кӕй дӕ. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын арфӕ кӕны». Израилы адӕм тынг хорз цардысты ӕмӕ уыдысты амондджын. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд уавӕр фӕивта.

      «Ам... ис, Соломонӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Матфейы 12:42)

      Фарстатӕ. Йегъовӕ Соломонӕн ахӕм стыр зонд цӕмӕн радта? Йегъовӕ куыд равдыста, кувӕндон йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уый?

      1 Паддзӕхты 2:12; 3:4–28; 4:29–5:18; 6:37, 38; 7:15–8:66; 10:1–13; 2 Азфыстыты 7:1; 9:22

  • Паддзахад дыууӕ хайыл адих
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
    • Ахи Йеровоамы раз йӕ уӕлӕдарӕс дыууадӕс хайыл скъуыны

      45 СӔРГОНД

      Паддзахад дыууӕ хайыл адих

      Цалынмӕ Соломон Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, уӕдмӕ Израилы уыд сабыр цард. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Соломон ӕндӕр бӕстӕтӕй бирӕ устытӕ ракуырдта, ӕмӕ уыдон та куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Сабыргай Соломонӕн йӕ зондахаст фӕивта, ӕмӕ уый дӕр райдыдта уыцы мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Йегъовӕ Соломонмӕ смӕсты ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Израилы паддзахад дӕуӕй ӕмӕ дӕ бинонтӕй байсдзынӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ хайыл адих кӕндзынӕн. Стырдӕр хай ратдзынӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕн, дӕ бинонтӕн та ныууадздзынӕн къаддӕр хай».

      Йегъовӕ афтӕ бакӕнынмӕ кӕй хъавыд, уый ма равдыста ӕндӕр хуызы дӕр. Соломоны лӕггадгӕнджытӕй иу, Йеровоам, кӕдӕмдӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл фӕндагыл фембӕлд пехуымпар Ахи. Ахи йӕ уӕлӕдарӕс дыууадӕс хайыл аскъуыдтӕ кодта ӕмӕ Йеровоамӕн загъта: «Йегъовӕ Израилы паддзахад Соломоны бинонтӕй байсдзӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ хайыл адих кӕндзӕн. Айс дзы дӕс хайы, уымӕн ӕмӕ дӕс мыггагӕн ды уыдзынӕ паддзах». Соломон уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд Йеровоамы амарын сфӕнд кодта. Ӕмӕ Йеровоам дӕр Египетмӕ алыгъд. Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд Соломон амард, ӕмӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам. Йеровоам Соломоны мӕлӕты тыххӕй куы фехъуыста, уӕд бамбӕрста, йӕ цардӕн тӕссаг кӕй нал у, ӕмӕ Израилмӕ ӕрыздӕхт.

      Израилӕгтӕй бирӕтӕ нывӕндтӕ хӕссынц, Йеровоам цы сызгъӕрин род сӕвӕрдта, уымӕн

      Израилы хистӕр лӕгтӕ Ровоамӕн загътой: «Дӕ адӕмӕн хорз куы уай, уӕд дыл иузӕрдион уыдзысты». Фӕлӕ Ровоамӕн йе ’рыгон ӕмбӕлттӕ загътой: «Адӕмӕн ма тӕригъӕд кӕн! Фӕлтау сын сӕ куыст фӕуӕззаудӕр кӕн!» Ровоам йе ’мбӕлттӕм байхъуыста. Адӕмӕн сӕ цард фӕуӕззаудӕр кодта, ӕмӕ Израилы дӕс мыггаджы йӕ ныхмӕ рацыдысты. Уыдон сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой Йеровоамы. Уыцы дӕс мыггаджы систы Израилы паддзахад. Иннӕ дыууӕ мыггаджы та систы Иудӕйы паддзахад, ӕмӕ уыдон та иузӕрдионӕй баззадысты Ровоамыл. Афтӕмӕй Израилы паддзахад дыууӕ хайыл адих.

      Иерусалим уыд Ровоамы паддзахады, ӕмӕ Йеровоамы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцауӕн кувынмӕ Иерусалиммӕ цыдаиккой. Цӕуылнӕ, уый зоныс? Уымӕн ӕмӕ тарсти, адӕм Ровоаммӕ куы аздӕхой ӕмӕ йӕ фарс куы слӕууой, уымӕй. Гъемӕ дыууӕ сызгъӕрин роды скодта ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Иерусалим ӕгӕр дард у. Мӕнӕ ам кувут Хуыцауӕн». Ӕмӕ адӕм дӕр райдыдтой уыцы дыууӕ сызгъӕрин родӕн кувын ӕмӕ та сабыргай Йегъовӕйӕ адард сты.

      «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ?» (2 Коринфӕгтӕм 6:14)

      Фарстатӕ. Израилы паддзахад дыууӕ хайыл цӕмӕн адих? Паддзах Ровоам ӕмӕ паддзах Йеровоам цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой?

      1 Паддзӕхты 11:1–13, 26–43; 12:1–33

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын