-
Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 июнь
-
-
Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг»
«Ӕцӕгдӕр, уӕ Хуыцау у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Хицау ӕмӕ сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг» (ДАН. 2:47).
1, 2. Йегъовӕ нын цы раргом кодта ӕмӕ цӕмӕн?
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД зӕххон хицауӕдтӕн кӕрон куы ӕвӕра, уыцы рӕстӕг дунейы цавӕр паддзахӕдтӕ уыдзысты ӕппӕты хъомысджындӕр? Ацы фарстайӕн нын дзуапп радта Йегъовӕ, «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг» Хуыцау, ӕмӕ нын ӕй ӕргом та ракодта, пехуымпар Данел ӕмӕ апостол Иоанн цы ныффыстой, уый фӕрцы.
2 Йегъовӕ Данелӕн ӕмӕ Иоаннӕн цӕстылуайӕнты фенын кодта цалдӕр ӕнахуыр сырды. Стӕй ма Данелӕн бамбарын кодта, иу фыны ӕнахуыр стыр гуымиры цӕмӕ амыдта, уый дӕр. Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ ныффыссын кодта мах тыххӕй, цӕмӕй сӕ абон нӕ бон уа Библийы кӕсын (Ром. 15:4). Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, тагъд йӕ Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй ныппырх кӕндзӕн, уый (Дан. 2:44).
3. Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ бамбарӕм, уый тыххӕй уал фыццаг цы хъуамӕ бамбарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
3 Данел ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдты фыст ис аст паддзахы, кӕнӕ хицауады, тыххӕй ӕмӕ сӕ чи кӕй фӕдыл фӕзындзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ бамбарӕм, уый тыххӕй уал хъуамӕ бамбарӕм Библийы фыццаг пехуымпарад. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй, стӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдон иууылдӕр баст сты уыцы пехуымпарадимӕ.
КАЛМЫ БАЙЗӔДДАГ ӔМӔ СЫРД
4. Сылгоймаджы байзӕддагмӕ чи хауы ӕмӕ уыцы байзӕддаг цы сараздзӕн?
4 Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йегъовӕ загъта, «сылгоймагӕн» кӕй уыдзӕн «байзӕддаг»a. (Бакӕс Райдиан 3:15.) Уыцы байзӕддаг калмӕн, ома Сайтан Хӕйрӕгӕн, йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ раргом кодта, уыцы байзӕддаг кӕй рацӕудзӕн Авраамӕй, кӕй уыдзӕн Израилы адӕмӕй, Иудӕйы мыггагӕй ӕмӕ паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Райд. 22:15–18; 49:10; Пс. 89:3, 4; Лук. 1:30–33). Уыцы байзӕддаг сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти (Гал. 3:16). Стӕй ма уыцы байзӕддагмӕ хауынц сӕрст чырыстӕттӕ дӕр (Гал. 3:26–29). Йесо Чырысти ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ иумӕ сты Хуыцауы Паддзахады. Уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцау фесафдзӕн Сайтаны (Лук. 12:32; Ром. 16:20).
5, 6. а) Данел ӕмӕ Иоанн цал хъомысджын хицауады кой кӕнынц? ӕ) Раргомады чиныджы цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ сӕртӕ кӕмӕ амонынц?
5 Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ цы пехуымпарад загъта, уым ма дзырд цыди, калмӕн дӕр, ома Хӕйрӕгӕн, кӕй уыдзӕн «байзӕддаг» ӕмӕ уый сылгоймаджы байзӕддагмӕ знаджы цӕстӕй кӕй кӕсдзӕн, кӕнӕ дзы йе сӕфт кӕй уындзӕн. Ӕмӕ чи у калмы байзӕддаг? Хӕйрӕгау Хуыцауӕй йе сӕфт чи уыны ӕмӕ йын йӕ адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр. Цард куыд равдыста, афтӕмӕй-иу Хӕйрӕг йӕ байзӕддагӕн скӕнын кодта алыхуызон хицауӕдтӕ, кӕнӕ паддзахӕдтӕ (Лук. 4:5, 6). Фӕлӕ уыцы хицауӕдтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ цыдысты комкоммӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, ома Израилы адӕмы ныхмӕ кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты къорды ныхмӕ. Ацы хабармӕ хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ уӕд бамбардзыстӕм, Данелы ӕмӕ Иоанны цӕстылуайӕнты ӕрмӕстдӕр аст хъомысджын хицауады кой цӕмӕн ис, уый.
6 Н. э. 1 ӕнусы кӕрон Йесо апостол Иоаннӕн фенын кодта диссаджы цӕстылуайӕнтӕ (Рарг. 1:1). Уыцы цӕстылуайӕнтӕй иуы Иоанн федта, денджызы был кӕй лӕууыд залиаг калм. Уыцы залиаг калм амоны Хӕйрӕгмӕ. (Бакӕс Раргомад 12:17–13:2.) Иоанн ма федта, денджызӕй кӕй рацӕйхызт ӕнахуыр сырд. Уыцы сырдӕн уыди авд сӕры ӕмӕ йын Хӕйрӕг стыр бартӕ радта. Фӕстӕдӕр Иоанн федта сырх-сырхид сырды, уымӕн дӕр уыди авд сӕры. Уыцы сырх-сырхид сырд уыди, Раргомады 13:1 цы сырды кой ис, уымӕн йӕ «ныв». Зӕд Иоаннӕн загъта, уыцы сырх-сырхид сырдӕн йӕ авд сӕры кӕй амонынц «авд паддзахмӕ», кӕнӕ хицауадмӕ (Рарг. 13:14, 15; 17:3, 9, 10). Иоанн Раргомады чиныг куы фыста, уӕдмӕ уыцы «паддзӕхтӕй» фондз нал уыдысты, иу дзы уыд уыцы рӕстӕджы, иннӕ та «нӕма ӕрцыд». Уыцы хицауӕдтӕ, кӕнӕ дунеон паддзахӕдтӕ, чи уыдысты? Ӕркӕсӕм, Раргомады чиныджы цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ авд сӕрӕй алкӕцыдӕр кӕмӕ амоны, уымӕ. Уыцы дунеон паддзахӕдты тыххӕй ма фылдӕр базондзыстӕм Данелы чиныгӕй дӕр. Кӕцыдӕрты тыххӕй дзы Данел лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста, куы фӕзындысты, уымӕй ӕнустӕ раздӕр.
ЕГИПЕТ ӔМӔ АССИРИ – ФЫЦЦАГ ДЫУУӔ СӔРЫ
7. Сырдӕн йӕ фыццаг сӕр кӕмӕ амоны ӕмӕ цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
7 Сырдӕн йӕ фыццаг сӕр амоны Египетмӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы адӕммӕ знаджы цӕстӕй чи каст, уыцы хъомысджын паддзахӕдтӕй фыццаг уыд Египет. Хуыцау куыд загъта, афтӕмӕй сылгоймаджы байзӕддаг хъуамӕ рацыдаид Авраамӕй. Ӕмӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ та уыдысты израилӕгтӕ. Израилӕгтӕ Египеты куы ӕрцардысты ӕмӕ уым куы сбирӕ сты, уӕд сӕ египетӕгтӕ карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы зӕххы цъарӕй фесӕфтаид, цалынмӕ байзӕддаг нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Цы сарӕзта уый тыххӕй? Хӕйрӕг фараоны уылты бацархайдта, цӕмӕй израилаг ноггуырд лӕппуты се ’ппӕты дӕр ныццагътаид. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы фӕнд фехӕлдта ӕмӕ йӕ адӕмы Египетӕй ссӕрибар кодта (Рац. 1:15–20; 14:13). Фӕстӕдӕр та сӕ бакодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ.
8. Сырдӕн йӕ дыккаг сӕр кӕмӕ амоны ӕмӕ цӕуыл архайдта?
8 Сырдӕн йӕ дыккаг сӕр амоны Ассиримӕ. Ацы хъомысджын паддзахад дӕр архайдта Хуыцауы адӕмы фесафыныл. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ Ассирийӕ спайда кодта, цӕмӕй Израилы дӕс мыггаджы бафхӕрдтаид, мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл кӕй бафтыдысты ӕмӕ йӕм кӕй нал хъуыстой, уый тыххӕй. Фӕлӕ стӕй ассириӕгты ӕфсад рацыд, цӕмӕй бацахстаид Иерусалим. Ӕвӕццӕгӕн, Сайтан хъавыд, Йесо Чырысти кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы паддзӕхты хӕдзарвӕндаг фесафынмӕ. Фӕлӕ, Иерусалим ныппырх кодтаиккой, уый Йегъовӕйы фӕнд нӕ уыд. Гъемӕ Ассирийы ӕфсад ныццагъта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ иузӕрдион адӕмы фервӕзын кодта (2 Пад. 19:32–35; Ис. 10:5, 6, 12–15).
ВАВИЛОН – ӔРТЫККАГ СӔР
9, 10. а) Йегъовӕ вавилойнӕгты цы бауагъта бакӕнын? ӕ) Цӕмӕй кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый тыххӕй уал цы хъуамӕ ӕрцыдаид?
9 Иоанн цы сырды федта, уымӕн йӕ ӕртыккаг сӕр амоны Вавилоны паддзахадмӕ. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй вавилойнӕгтӕ Иерусалим бацахстаиккой ӕмӕ йын йӕ адӕмы уацары акодтаиккой. Фӕлӕ уал уый размӕ йӕ ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕдзӕхста, ахӕм хабар сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй (2 Пад. 20:16–18). Стӕй ма рагацау загъта, сӕ паддзӕхтӕн уый бар кӕй нал ратдзӕн, цӕмӕй Иерусалимы «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» бадой (1 Аз. 29:23). Фӕлӕ ма Йегъовӕ афтӕ дӕр загъта, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн, «бар кӕмӕн ис, уый», ома, Йегъовӕйы паддзахбадӕныл чи ӕрбаддзӕн, уый (Йез. 21:25–27).
10 Иу пехуымпарады та дзырд цыди, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ куы ӕрцӕуа, уӕд дзуттӕгтӕ Хуыцауӕн Иерусалимы кувӕндоны кӕй лӕггад кӕндзысты (Дан. 9:24–27). Вавилойнӕгтӕ израилӕгты уацары куы нӕма акодтой, уӕд ма фыст ӕрцыд ӕндӕр пехуымпарад дӕр, ӕмӕ уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Мессийӕ хъуамӕ райгуырдаид Вифлеемы (Мих. 5:2). Цӕмӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ хъуамӕ уацарӕй ссӕрибар уыдаиккой, фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрыздӕхтаиккой ӕмӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой. Фӕлӕ вавилойнӕгтӕм ахӕм ӕгъдау нӕ уыд, цӕмӕй-иу сӕ уацайрӕгты ссӕрибар кодтаиккой. Уӕдӕ Хуыцауы адӕм фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ куыд хъуамӕ ӕрыздӕхтаиккой? Йегъовӕ уый раргом кодта йӕ пехуымпартӕн (Амос 3:7).
11. Данелы чиныджы ӕмӕ Раргомады чиныджы Вавилоны паддзахад цӕмӕй ӕрцыд ӕвдыст? (Кӕс фиппаинаг.)
11 Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгтӕй иу уыд пехуымпар Данел (Дан. 1:1–6). Йегъовӕ Данелӕн раргом кодта, Вавилоны фӕстӕ ма иу иннӕйы фӕдыл кӕй фӕзындзӕн ӕндӕр дунеон паддзахӕдтӕ дӕр. Уыцы сусӕгдзинӕдтӕ Йегъовӕ раргом кодта алыхуызон нысӕнтты фӕрцы. Зӕгъӕм, Навуходоносорӕн фыны фенын кодта ӕнахуыр стыр гуымиры, конд уыд алыхуызон ӕрмӕгӕй. (Бакӕс Данелы 2:1, 19, 31–38.) Йегъовӕ Данелы уылты раргом кодта, уыцы гуымирыйӕн йӕ сызгъӕрин сӕр Вавилоны паддзахадмӕ кӕй амоныb. Вавилоны фӕстӕ цы дунеон паддзахад хъуамӕ фӕзындаид, уый ӕвдыст уыд уыцы гуымирыйӕн йӕ риу ӕмӕ къухтӕй, уыдысты ӕвзистӕй конд. Цымӕ уый цавӕр паддзахад разынд ӕмӕ Хуыцауы адӕммӕ цы цӕстӕй каст?
МИДО-ПЕРС – ЦЫППӔРӔМ СӔР
12, 13. а) Вавилон кӕй басӕтдзысты, уый тыххӕй Йегъовӕ цы раргом кодта? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, сырдӕн йӕ цыппӕрӕм сӕр Мидо-Персы паддзахадмӕ кӕй амоны?
12 Вавилоны паддзахад чи хъуамӕ басастаид, уыцы дунеон паддзахады тыххӕй Йегъовӕ Данелы заманӕй сӕдӕ азы раздӕр пехуымпар Исайы уылты раргом кодта ахсджиаг хабӕрттӕ. Вавилон куыд басӕтдзысты, Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ загъта, фӕлӕ ма йӕ чи басӕтдзӕн, уый ном дӕр. Уый уыд Кир, персайнаг паддзах (Ис. 44:28–45:2). Мидо-Персы дунеон паддзахады тыххӕй ма Данел федта ноджыдӕр дыууӕ цӕстылуайӕны. Иуы дзы ацы паддзахад ӕвдыст уыд арсы хуызӕн, йӕ иу фарс уыд хӕрдмӕ ист. Уымӕн загъд уыд, «бирӕ дзидза хӕр», зӕгъгӕ (Дан. 7:5). Иннӕ цӕстылуайӕны та Данел федта, дыууӕ сыкъа кӕмӕн уыд, ахӕм фыр, ӕмӕ уый дӕр амыдта ацы дунеон паддзахадмӕ (Дан. 8:3, 20).
13 Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Мидо-Персы паддзахад басаста Вавилон ӕмӕ израилӕгтӕн бар радта, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ацыдаиккой. Ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ пехуымпарад сӕххӕст кодта (2 Аз. 36:22, 23). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Мидо-Персы паддзахад архайдта Хуыцауы адӕмы фесафыныл. Есфиры чиныджы фыст ис, Аман, Персы паддзахы фӕстӕ дыккаг лӕг чи уыд, уый, кӕй сфӕнд кодта, уыцы стыр паддзахады цы дзуттӕгтӕ цард, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафын. Аманы ныхасмӕ гӕсгӕ Персы паддзахады цӕрӕг адӕм хъуамӕ дзуттӕгты ныццагътаиккой. Фӕлӕ та ацы хатт дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕдта, йе сӕфт сӕ чи уыдта, уымӕй – Сайтаны байзӕддагӕй (Есф. 1:1–3; 3:8, 9; 8:3, 9–14). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Раргомады цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ цыппӕрӕм сӕр кӕй амоны Мидо-Персы паддзахадмӕ.
ГРЕЦИ – ФӔНДЗӔМ СӔР
14, 15. Рагон Грецийы паддзахады тыххӕй Йегъовӕ цавӕр лыстӕг хабӕрттӕ раргом кодта?
14 Раргомады цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ фӕндзӕм сӕр амоны Грецимӕ. Ӕмӕ, Данел Навуходоносорӕн цы фын райхӕлдта, уым гуымирыйӕн йӕ ӕрхуыйӕ конд гуыбын ӕмӕ синтӕ дӕр амыдтой уыцы паддзахадмӕ. Данел ма йӕхӕдӕг цы дыууӕ цӕстылуайӕны федта, уыдонӕй уыцы дунеон паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ номдзыддӕр паддзахы тыххӕй базыдта бӕлвырд хабӕрттӕ.
15 Уыцы цӕстылуайӕнтӕй иуы Данел федта фыранчы хуызӕн сырды цыппар базыримӕ. Уыцы фыранк амыдта Грецимӕ, йӕ цыппар базыры та – цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ бӕстӕтӕ кӕй бацахсдзӕн, уымӕ (Дан. 7:6). Иннӕ цӕстылуайӕны та федта, иу стыр сыкъа кӕмӕн уыд, ахӕм цӕу. Уыцы цӕу ӕвиппайды афӕлдӕхта, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы фыры, ома Мидо-Персы паддзахад. Йегъовӕ Данелӕн бамбарын кодта, уыцы цӕу Грецимӕ кӕй амыдта, йе стыр сыкъа та – Грецийы паддзӕхтӕй сӕ иумӕ. Данел ма ныффыста, стыр сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты кӕй рацыд цыппар сыкъайы. Кӕд ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, Греци дунеон паддзахад куы сси, уымӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр, уӕддӕр суанг лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Цӕуӕн йе стыр сыкъа уыд Македойнаг Алыксандр, рагон Грецийы номдзыддӕр паддзах. Уый йе ’фсадимӕ Мидо-Персы паддзахады ныхмӕ схӕцыд. Фӕлӕ Алыксандрыл 32 азы йеддӕмӕ куы нӕ цыд ӕмӕ йӕ тӕккӕ тыхы куы уыд, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы амард, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы стыр сыкъа асаст. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ йын йӕ паддзахад адих кодтой йе ’фсады цыппар сӕргълӕууӕджы. (Бакӕс Данелы 8:20–22.)
16. Антиох Цыппӕрӕм цы сарӕзта?
16 Греци Персы паддзахад куы басаста, уӕд, Хуыцауы адӕм цы зӕххыл цардысты, уымӕн дӕр хицау сси. Уыцы рӕстӕгмӕ дзуттӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ Иерусалимы кувӕндон ногӕй сарӕзтой. Уӕд дзуттӕгтӕ нырма Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм уыдысты ӕмӕ кувӕндон та уыди, адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы бынат. Фӕлӕ н. э. размӕ 2 ӕнусы Греци, сырдӕн йӕ фӕндзӕм сӕр, рацыд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. Антиох Цыппӕрӕм, Алыксандры паддзахад чи адих кодта, уыцы цыппар сӕргълӕуджытӕй сӕ иуы байзӕддаг, Иерусалимы кувӕндоны кӕрты сӕвӕрдта мӕнг хуыцауы нывондхӕссӕн ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдоны ныццагътаиккой. Афтӕмӕй та Сайтаны байзӕддаг ногӕй Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацыд. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Грецийы раивта ӕндӕр дунеон паддзахад. Чи уыд сырдӕн йе ’хсӕзӕм сӕр?
РОМ – ӔХСӔЗӔМ СӔР, ЗӔРДӔЙЫ ТАС ЧИ УАГЪТА, УЫЙ
17. Сырдӕн йӕ ӕхсӕзӕм сӕр Райдианы 3:15 фыст пехуымпарадӕн йӕ кӕцы ахсджиаг хай сӕххӕст кодта?
17 Иоанн цӕстылуайӕны сырды куы федта, уӕд дунеон паддзахад уыд Ром (Рарг. 17:10). Уыцы сырдӕн йӕ ӕхсӕзӕм сӕр амыдта Ромы паддзахадмӕ, ӕмӕ, Райдианы 3:15 цы пехуымпарад фыст ис, уымӕн йӕ иу ахсджиаг хай сӕххӕст кодта уыцы паддзахад. Сайтан спайда кодта ромаг хицӕуттӕй, цӕмӕй сылгоймаджы байзӕддагӕн «йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцыдаид». Уыцы хабар куыд ӕрцыд? Йесойы фӕаххосджын кодтой, паддзахады ныхмӕ цӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын ромӕгтӕ мӕлӕты тӕрхон рахастой ӕмӕ йӕ амардтой (Матф. 27:26). Фӕлӕ байзӕддаджы зӕвӕт тагъд байгас, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Йесойы райгас кодта.
18. а) Йегъовӕ цавӕр ног адӕм равзӕрста ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Калмы байзӕддаг сылгоймаджы байзӕддаджы ныхмӕ дарддӕр куыд цыди?
18 Израилы дины разамонджытӕ ромаг хицӕуттӕн сӕ къух сарӕзтой, цӕмӕй Йесойы амардтаиккой. Стӕй дзуттӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕр Йесойы Мессийӕйыл нӕ банымадтой. Уый тыххӕй Йегъовӕ израилӕгты йе ’взӕрст адӕмыл нал нымадта (Матф. 23:38; Хъуыд. 2:22, 23). Ӕмӕ уӕд равзӕрста ног адӕм – «Хуыцауы Израил» (Гал. 3:26–29; 6:16). Уыцы ног адӕм уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ – дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй (Еф. 2:11–18). Йесо куы райгас, уый фӕстӕ дӕр калмы байзӕддаг сылгоймаджы байзӕддагӕй йе ’сӕфт уыдта ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыди. Зӕгъӕм, Ромы хицауад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ архайдта, сылгоймаджы байзӕддагмӕ чи хауд, уыцы чырыстӕтты ӕмбырд фесафынылc.
19. а) Данел ӕхсӕзӕм дунеон паддзахады тыххӕй цы ныффыста? ӕ) Иннӕ статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?
19 Данел Навуходоносорӕн цы фын райхӕлдта, уым гуымирыйы ӕфсӕйнаг къӕхтӕ амыдтой Роммӕ (Дан. 2:33). Данел цы цӕстылуайӕн федта, уым та ӕвдыст уыд ӕрмӕст Ромы паддзахад нӕ, фӕлӕ ма уымӕй цы дунеон паддзахад хъуамӕ равзӕрдаид, уый дӕр. (Бакӕс Данелы 7:7, 8.) Сӕдӕ азты дӕргъы Ромы паддзахад йе знӕгты «зӕрдӕйы тас уагъта, уыд ӕвирхъау ӕмӕ ӕнахуыр тыхджын». Фӕлӕ пехуымпарадмӕ гӕсгӕ уыцы паддзахадӕй хъуамӕ рацыдаид «дӕс сыкъайы». Стӕй та се ’хсӕн хъуамӕ фӕзындаид «ноджыдӕр иу сыкъа, гыццыл сыкъа», ӕмӕ уый хъуамӕ суыдаид иннӕтӕй тыхджындӕр. Уыцы дӕс сыкъайы ӕмӕ гыццыл сыкъа кӕмӕ амонынц? Ӕмӕ уыцы гыццыл сыкъа, Навуходоносор фыны цы гуымиры федта, уымӕн йӕ кӕцы хаимӕ у баст? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм, 14 фарсыл чи ис, уыцы статьяйӕ.
-
-
Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 июнь
-
-
Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
«Ам цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон Хуыцау раргом кодта Йесо Чырыстийы уылты, цӕмӕй йӕ цагъартӕн равдиса, тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (РАРГ. 1:1).
1, 2. а) Данелы ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд цы бамбардзыстӕм? ӕ) Сырды фыццаг ӕхсӕз сӕры кӕцы паддзахӕдтӕм амыдтой?
ДАНЕЛЫ ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, дунейы абон цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонӕй бирӕтӕ. Иоанн цӕстылуайӕны федта, авд сӕры кӕмӕн уыд, ахӕм сырды, Данел та – дӕс сыкъайы кӕмӕн уыд, ахӕм сырды. Стӕй ма Данел бамбарын кодта, паддзах Навуходоносор фыны кӕй федта, уыцы ӕнахуыр стыр гуымиры цӕмӕ амыдта, уый дӕр. Уыцы цӕстылуайӕнтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд цы базондзыстӕм? Ӕмӕ нӕ ацы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной?
2 Бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, Иоанн цӕстылуайӕны цы сырды федта, ууыл (Рарг., 13 сӕр). Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй сырды фыццаг ӕхсӕз сӕры амонынц Египет, Ассири, Вавилон, Мидо-Перс, Греци ӕмӕ Роммӕ. Уыдон се ’ппӕт дӕр сылгоймаджы байзӕддагӕй се сӕфт уыдтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты (Райд. 3:15). Иоанн йӕ цӕстылуайӕны тыххӕй куы фыста, уыцы рӕстӕг ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр сӕдӕ азты дӕргъы Ром уыди дунеон паддзахад. Фӕлӕ ма уыцы сырдӕн ӕвдӕм сӕр дӕр кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, Ромы паддзахад ӕндӕр паддзахад кӕй хъуамӕ раивтаид. Уӕдӕ уыцы ӕвдӕм сӕр та цавӕр дунеон паддзахад разынд ӕмӕ сылгоймаджы байзӕддагмӕ цы цӕстӕй каст?
ВЕЛИКОБРИТАНИ ӔМӔ АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТӔ СИСТЫ ХЪОМЫСДЖЫН ПАДДЗАХӔДТӔ
3. Дӕс сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы ӕвирхъау сырд кӕмӕ амоны? Йӕ дӕс сыкъайы та кӕмӕ амонынц?
3 Уӕдӕ, Раргомады чиныджы 13 сӕры цы сырды кой ис, уымӕн йӕ ӕвдӕм сӕр кӕмӕ амоны, уый куыд базонӕм? Иоанн цы ныффыста, уый абарӕм, Данел ӕвирхъау дӕссыкъаджын сырды тыххӕй цы ныффыста, уыимӕa. (Бакӕс Данелы 7:7, 8, 23, 24.) Данел цы сырды федта, уый амоны Ромы дунеон паддзахадмӕ. (Кӕс ныв 12, 13 фӕрстыл). Н. э. 5 ӕнусы Ромы паддзахад райдыдта къаддӕр паддзахӕдтыл дихтӕ кӕнын. Ӕмӕ сырдӕн йӕ дӕс сыкъайы амонынц, Ромы паддзахадӕй цы паддзахӕдтӕ равзӕрд, уыдонмӕ.
4, 5. а) Гыццыл сыкъа цы сарӕзта? ӕ) Сырды ӕвдӕм сӕр чи сси?
4 Данелы пехуымпарады цы дӕс сыкъайы кой ис, уыдоны ’хсӕн ма фӕзынд иу гыццыл сыкъа ӕмӕ уыцы дӕс сыкъайӕ ӕртӕ раппӕрста. Уыцы хабар куыд сӕххӕст? Великобритани, раздӕр Ромы паддзахады дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕ, сси хъомысджын паддзахад. Испани, Нидерландтӕ ӕмӕ Франци дӕр раздӕр уыдысты Ромы паддзахады дӕлбар, ӕмӕ 17 ӕнусы онг уыдон уыдысты Великобританийӕ хъомысджындӕр. Фӕлӕ сӕ Великобритани иу иннӕйы фӕдыл «раппӕрста», ома сыл фӕуӕлахиз ӕмӕ уыдонӕй хъомысджындӕр сси. 18 ӕнусы ӕмбисӕй фӕстӕмӕ Великобритани хъомысджынӕй-хъомысджындӕр кодта. Фӕлӕ уӕд сырдӕн йӕ ӕвдӕм сӕр нӕма сси.
5 Кӕд Великобритани дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад сси, уӕддӕр, Цӕгат Америкӕйы йын цы колонитӕ уыд, уыдон сызмӕстой ӕмӕ скодтой хицӕн бӕстӕ – Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Фӕлӕ Великобритани бауагъта, цӕмӕй уыцы ног паддзахад размӕ рацыдаид, суанг ма сӕ йӕ хӕстон науты фӕрцы хъахъхъӕнгӕ дӕр кодта. 1914 азы нӕ Хицау Йесойы бон куы райдыдта, уӕдмӕ Великобританийӕн цас зӕххытӕ уыд, уыйбӕрц иу паддзахадӕн дӕр никуыма уыд, ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты та цас заводтӕ ӕмӕ фабрикӕтӕ уыд, уыйбӕрц ӕндӕр никӕцы бӕстӕйы уыдb. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Иугонд Штаттӕ Великобританиимӕ бадзырд скодтой ӕмӕ иумӕ архайын райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ рауад иу дунеон паддзахад – Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Уый уыд сырды ӕвдӕм сӕр. Уыцы паддзахад сылгоймаджы байзӕддагмӕ цы цӕстӕй каст?
6. Ӕвдӕм сӕр Хуыцауы адӕммӕ цы цӕстӕй каст?
6 Хицау Йесойы боны райдианӕй гыццыл фӕстӕдӕр ӕвдӕм сӕр рацыд Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, ома, Чырыстийы ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны ныхмӕ (Матф. 25:40). Чырысти цы дзырдта, уымӕй бӕрӕг у, уӕлӕрвты паддзах куы хъуамӕ суыдаид, уыцы рӕстӕг сылгоймаджы байзӕддагӕй чидӕртӕ зӕххыл кӕй хъуамӕ уыдаиккой ӕмӕ сын цы куыст бахӕс кодта, уый кӕй хъуамӕ кодтаиккой (Матф. 24:45–47; Гал. 3:26–29). Англо-Америкаг дунеон паддзахад тох кодта уыцы сыгъдӕджытимӕ (Рарг. 13:3, 7). Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг уыцы паддзахад Хуыцауы адӕмы ӕфхӕрдта, сӕ публикацитӕй сын кӕцыдӕртӕ парахат кӕнын нал уагъта ӕмӕ сын сӕ хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны ахӕстоны сбадын кодта. Афтӕ зынди, цыма сырдӕн йӕ ӕвдӕм сӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн йӕ хурхыл бахӕцыд. Ахӕм хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ зыдта ӕмӕ йӕ Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта. Фӕлӕ ма йын Хуыцау загъта, уыцы сыгъдӕджытӕ, ома, сылгоймаджы байзӕддагмӕ чи хауд, уыдон, кӕй райгас уыдзысты, ома ногӕй хъусын кӕнын кӕй райдайдзысты (Рарг. 11:3, 7–11). Ӕмӕ куыддӕриддӕр Йегъовӕ загъта, афтӕ рауад: сылгоймаджы байзӕддагӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон та ногӕй райдыдтой зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын.
АНГЛО-АМЕРИКАГ ДУНЕОН ПАДДЗАХАД ӔМӔ ГУЫМИРЫЙЫ КЪӔХТӔ ФАДХЪУЛТӔЙ ДӔЛӔМӔ
7. Сырды ӕвдӕм сӕр ӕмӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы ’хсӕн иумӕйагӕй цы ис?
7 Сырды ӕвдӕм сӕр ӕмӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы ’хсӕн иумӕйагӕй цы ис? Великобритани равзӕрд Ромы дунеон паддзахадӕй. Америкӕйы Иугонд Штаттӕ та Великобританийӕ кӕй равзӕрдысты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ацы паддзахад дӕр Ромы паддзахадӕй кӕй равзӕрд. Цы зӕгъӕн ис гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕй та? Фадхъултӕй дӕлӕмӕ йын уыдысты кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм та – ӕлыгӕй. (Бакӕс Данелы 2:41–43.) Гуымирыйӕн уыцы хай амоны, ӕвдӕм сӕр, ома Англо-Америкаг дунеон паддзахад, куы фӕзынд, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕлыгхӕццӕ ӕфсӕйнаг сыгъдӕг ӕфсӕйнагӕй лӕмӕгъдӕр куыд вӕййы, афтӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад дӕр лӕмӕгъдӕр у, цы паддзахадӕй равзӕрд, уымӕй. Цы хуызы?
8, 9. а) Ӕвдӕм дунеон паддзахад, ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидар кӕй у, уый куыд равдыста? ӕ) Гуымирыйы къӕхты фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы ӕлыг уыд, уый кӕмӕ амоны?
8 Хатт-иу сырды ӕвдӕм сӕр разынд ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидар, зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты куы фӕуӕлахиз, уӕд. Ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй ма архайдта Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг дӕр, ӕмӕ ма уый фӕстӕ ноджыдӕр бирӕ хӕттытыc. Фӕлӕ уыцы ӕфсӕйнаг, Англо-Америкаг дунеон паддзахад куы фӕзынд, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр уыд ӕлыгимӕ хӕццӕ.
9 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты рагӕй фӕстӕмӕ фӕндыд бамбарын, гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ кӕмӕ амонынц, уый. Данелы 2:41 фыст ис, ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыг кӕй сты иу «паддзахад», бирӕ паддзахӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ ӕлыг амоны, Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕхимидӕг цы ис ӕмӕ йӕ Ромы дунеон паддзахадӕй, сыгъдӕг ӕфсӕйнагӕй чи уыд, уымӕй, лӕмӕгъдӕр цы кӕны, уымӕ. Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ӕлыг амоны «адӕймаджы байзӕддӕгтӕм», кӕнӕ хуымӕтӕг адӕммӕ (Дан. 2:43). Англо-Америкаг дунеон паддзахады цӕрӕг адӕм тох кодтой адӕймаджы бартыл, кусджыты бартыл ӕмӕ сӕрибардзинадыл. Уӕдӕ хуымӕтӕг адӕмы тыххӕй Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕ бон нӕу ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй архайын. Стӕй ма, хицауад куыд хъуамӕ архайа, уый фӕдыл дӕр адӕммӕ ис алыхуызон хъуыдытӕ. Ӕмӕ кӕд зындгонд политиктӕй исчи ӕвзӕрстыты рамбулы, уӕддӕр иннӕтӕй бирӕ фылдӕр хъӕлӕстӕ нӕ райсы, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уыйбӕрц бартӕ нӕ вӕййы, цӕмӕй, цы фӕнд кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр сараза. Данел загъта: «Уыцы паддзахад уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ» (Дан. 2:42; 2 Тим. 3:1–3).
10, 11. а) Гуымирыйӕн фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы хай уыд, ууыл цы ’рцӕудзӕн? ӕ) Гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзты нымӕцы тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
10 Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгты фӕархайынц иумӕ. Ӕнахуыр стыр гуымирыйы тыххӕй ӕмӕ сырды тыххӕй пехуымпарӕдты цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Англо-Америкаг дунеон паддзахады фӕстӕ ӕндӕр дунеон паддзахад кӕй нал фӕзындзӕн. Ӕмӕ кӕд ацы фӕстаг дунеон паддзахад, йӕ размӕ чи уыд ӕмӕ гуымирыйы ӕфсӕйнаг къӕхтӕ кӕмӕ амыдтой, уыцы дунеон паддзахадӕй лӕмӕгъдӕр у, уӕддӕр йӕхигъӕдӕй нӕ фесӕфдзӕн.
11 Цымӕ гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзты нымӕц истӕмӕ амоны? Данел иннӕ цӕстылуайӕнты тыххӕй куы фыста, уӕд ракодта бӕлвырд нымӕцты кой, зӕгъӕм, загъта, цы сырдты федта, уыдонӕн цал сыкъайы уыд. Ӕмӕ уыцы нымӕцтӕ уыдысты ахсджиаг. Фӕлӕ ӕнахуыр стыр гуымирыйы кой кӕнгӕйӕ Данел нӕ загъта, гуымирыйӕн йӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ цал уыдысты, уый. Уӕдӕ сӕ нымӕц ахсджиаг нӕу, гуымирыйӕн йӕ цӕнгтӕ, йӕ къухтӕ, йӕ къухты ӕнгуылдзтӕ, стӕй йӕ къӕхтӕ цал уыдысты, уый куыд нӕу ахсджиаг, афтӕ. Фӕлӕ Данел бӕлвырдӕй загъта, гуымирыйы къӕхты ӕнгуылдзтӕ ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыгӕй конд кӕй уыдысты. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй, гуымирыйӕн фадхъултӕй дӕлӕмӕ цы хай уыд, ууыл «дур», ома Хуыцауы Паддзахад, куы сӕмбӕла, уӕд дунеон паддзахад уыдзӕн Англо-Америкаг паддзахад (Дан. 2:45).
АНГЛО-АМЕРИКАГ ПАДДЗАХАД ӔМӔ, ДЫУУӔ СЫКЪАЙЫ КӔМӔН УЫД, УЫЦЫ СЫРД
12, 13. Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд кӕмӕ амоны ӕмӕ цы аразы?
12 Кӕд Англо-Америкаг дунеон паддзахад ӕлыгимӕ хӕццӕ ӕфсӕйнагӕй конд у, уӕддӕр, Йесо Чырысти Иоаннӕн цы цӕстылуайӕн фенын кодта, уымӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты йӕ тыхы кӕй уыдзӕн. Иоанн федта, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд ӕмӕ залиаг калмау чи дзырдта, ахӕм сырды. Уыцы ӕнахуыр сырд та кӕмӕ амоны? Дыууӕ сыкъайы йын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ амоны, иумӕ чи архайы, ахӕм дыууӕ паддзахадмӕ. Уӕдӕ уыцы сырд дӕр амоны Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ. Фӕлӕ ныр архайы цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддаджы. (Бакӕс Раргомад 13:11–15.)
13 Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд адӕмӕн «дзырдта», цӕмӕй сарӕзтаиккой, авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв». Иоанн ныффыста, уыцы сырды «ныв» кӕй фӕзындзӕн, стӕй кӕй нал уыдзӕн, ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ рауад йӕ хабар, Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цы организаци фӕзынд, уымӕн. Уыцы организаци фӕзынд Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты фӕндӕй. Уый хъуамӕ дунейы паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийыл бастаид ӕмӕ сӕ номӕй архайдтаидd. Схуыдтой йӕ Нациты Лигӕ. Дыккаг Дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Нациты Лигӕ нал уыд. Уыцы хӕсты рӕстӕг Хуыцауы адӕм фехъусын кодтой, Раргомады фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ацы организаци ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд, ӕрмӕст ӕй ныр схуыдтой Иугонд Нациты Организаци (Рарг. 17:8).
14. Авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв» Иоанн «ӕстӕм паддзах» цӕмӕн схуыдта?
14 Авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв» Иоанн схуыдта «ӕстӕм паддзах». Цӕмӕн ӕй схуыдта паддзах? Уый сырдӕн йӕ ӕстӕм сӕр нӕу. Уыцы сырдӕн уый у ӕрмӕстдӕр йӕ «ныв». Цы бартӕ йӕм ис, уыдон ын дӕттынц, Иугонд Нациты Организацийы чи ис, уыцы паддзахӕдтӕ, уӕлдайдӕр та Англо-Америкаг дунеон паддзахад (Рарг. 17:10, 11). Фӕлӕ уый бакӕндзӕн, ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр чи фӕзындзӕн, ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ йӕ Иоанн паддзах дӕр уый тыххӕй схуыдта.
СЫРДЫ «НЫВ» ХӔТАГ СЫЛГОЙМАДЖЫ БАХОРДТА
15, 16. Иоанны цӕстылуайӕны хӕтаг сылгоймаг кӕмӕ амоны ӕмӕ абон динтӕн сӕ хабар куыд у?
15 Иоанн ма ныффыста, сырх-сырхид сырдыл кӕй бадти хӕтаг сылгоймаг. Сырх-сырхид сырд у, авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв». Хӕтаг сылгоймаджы ном та у «Стыр Вавилон» (Рарг. 17:1–6). Уыцы хӕтаг сылгоймаг амоны ӕппӕт мӕнг динтӕм дӕр, сӕйраджыдӕр та чырыстон динтӕм. Мӕнг динтӕ ӕргомӕй ӕххуыс кӕнынц сырды «нывӕн», ома, уыцы «ныв» цы организацимӕ амоны, уымӕн, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй йыл сӕ бар цӕуа.
16 Раргомады чиныджы ма фыст ис, Стыр Вавилон «бирӕ дӕттыл» кӕй бады. Уыцы дӕттӕ сты йӕ фарсхӕцӕг адӕм. Фӕлӕ Хицау Йесойы боны уыцы дӕттӕ бахус сты – адӕм ын раздӕрау нал ӕххуыс кӕнынц (Рарг. 16:12; 17:15). Зӕгъӕм, сырды «ныв» фыццаг куы фӕзынд, уӕд чырыстон динтӕн бирӕ бӕстӕты уыд стыр бартӕ. Фӕлӕ абон уыцы бӕстӕты адӕмӕй бирӕтӕ уыцы динтӕн ӕмӕ сӕ разамонджытӕн нал аргъ кӕнынц, сӕ цӕсты сын ӕппындӕр кад нал ис. Уый нӕ, фӕлӕ ма бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдон сты динты аххосӕй. Ис ахӕмтӕ дӕр, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, динтӕ иууылдӕр фесафын хъӕуы.
17. Мӕнг динтыл тагъд цы ’рцӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн?
17 Фӕлӕ мӕнг динтӕ сӕхигъӕдӕй нӕ фесӕфдзысты. Хӕтаг сылгоймагӕн дарддӕр дӕр уыдзӕн стыр бартӕ ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй паддзӕхтӕ йӕ зондыл цӕуой. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны» хъуыды нӕ бавӕра, уӕдмӕ. (Бакӕс Раргомад 17:16, 17.) Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейы цы хицауӕдтӕ ис, уыдон мӕнг динтыл сӕхи ныццӕвдзысты, ӕмӕ уыцы хицауӕдты номӕй та архайдзӕн Иугонд Нациты Организаци. Ӕмӕ уӕд хӕтаг сылгоймагӕн уыцы хицауӕдтыл йӕ бар нал цӕудзӕн, стӕй йе ’ппӕт хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн. Цалдӕр дӕсазы размӕ адӕймаг ацы хабарӕй загътаид, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ абон хӕтаг сылгоймаг уыцы сырх-сырхид сырдыл раздӕрау фидар нал бады, дзой-дзой йыл кӕны. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр сырдӕй сабыргай йӕхигъӕдӕй не ’рбырдзӕн. Зӕххыл йӕ тъӕпп куыд фӕцӕудзӕн ӕмӕ ӕвиппайды куыд ныппырх уыдзӕн, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбардзӕн (Рарг. 18:7, 8, 15–19).
СЫРДТӔН СӔ КОЙ ДӔР НАЛ УЫДЗӔН
18. а) Сырд цы сараздзӕн ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? ӕ) Данелы 2:44 гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад кӕцы паддзахӕдтӕ фесафдзӕн? (Кӕс рамкӕ 17 фарсыл.)
18 Мӕнг динтӕ куы фесӕфой, уӕд, Хӕйрӕджы зӕххон хицауӕдтӕм чи амоны, уыцы сырд рацӕудзӕн Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ. Фӕлӕ уыцы зӕххон паддзӕхтӕ уӕлӕрвтӕм нӕ сӕххӕсдзысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл Хуыцауы Паддзахады фарс чи ис, уыдоныл ныццӕвдзысты сӕхи. Уый ӕркӕндзӕн Хуыцауы хӕстмӕ (Рарг. 16:13–16; 17:12–14). Уыцы фӕстаг хӕсты хабӕрттӕй иуы тыххӕй ныффыста Данел. (Бакӕс Данелы 2:44.) Уӕдӕ Раргомады 13:1 кӕй кой ис, уыцы сырд, стӕй йӕ «ныв» ӕмӕ, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд дӕр сӕфт ӕрцӕудзысты.
19. Фидарӕй цӕуыл ӕууӕндӕм ӕмӕ ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм?
19 Мах цӕрӕм, сырды ӕвдӕм сӕр йӕ тыхы куы ис, уыцы рӕстӕг. Уыцы сырд сӕфт куы ’рцӕуа, уӕдмӕ йыл ӕндӕр сӕр нал фӕзындзӕн. Мӕнг динтӕн сӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дунеон паддзахад уыдзӕн Англо-Америкӕ. Данелы ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ суанг лыстӕг хабӕртты онг ӕххӕст кӕнынц. Ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, тагъд рӕстӕджы мӕнг динтӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ кӕй райдайдзӕн Армагеддоны хӕст. Ацы хабӕрттӕ нын Хуыцау рагацау раргом кодта. Уӕдӕ уыцы пехуымпарӕдтӕй цы базыдтам, уымӕй нӕхицӕн раст хатдзӕг скӕндзыстӕм? (2 Пет. 1:19). Ныртӕккӕ у уый рӕстӕг, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахады фарс лӕууӕм (Рарг. 14:6, 7).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Библийы нымӕц дӕс арӕх фӕамоны ӕххӕстдзинадмӕ, кӕнӕ ӕнӕхъӕн цӕмӕдӕр. Уӕдӕ дӕс сыкъайы амонынц, Ромы паддзахадӕй цы паддзахӕдтӕ равзӕрд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.
b Великобритани дӕр ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр фӕзындысты 18 ӕнусы. Фӕлӕ, Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уымӕ гӕсгӕ иу дунеон паддзахад хъуамӕ суыдаиккой Хицау Йесойы боны райдианы. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, Раргомады чиныджы цы цӕстылуайӕнты тыххӕй фыст ис, уыдон хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой «Хицау Йесойы боны» (Рарг. 1:10). Ӕмӕ Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ архайын райдыдтой ӕрмӕстдӕр Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг.
c Англо-Америкаг дунеон паддзахад Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг цы ӕвирхъау зиан ракодта, уый тыххӕй Данел ныффыста, «бӕстӕ пырх кӕндзӕн», зӕгъгӕ (Дан. 8:24). Зӕгъӕм, Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йе знаг чи уыд, уыцы бӕстӕйыл Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ӕрӕппӕрстой дыууӕ атомон бомбӕйы. Уыцы бомбӕтӕ цы зиан ӕрхастой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй.
d Кӕс чиныг «Откровение: его грандиозный апогей близок!», 240, 241, 253 фӕрстӕ.
[Рамкӕ 17 фарсыл]
ЧИ СТЫ «УЫЦЫ ПАДДЗАХӔДТӔ ИУУЫЛДӔР»?
Данелы 2:44 фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр». Уӕдӕ ацы пехуымпарад хауы, уыцы гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм амонынц, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ.
Ӕмӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ та цы фӕуыдзысты? Уый тыххӕй базонӕн ис Раргомады фыст пехуымпарадӕй. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны» Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуой (Рарг. 16:14; 19:19–21). Уӕдӕ Армагеддоны фесӕфдзысты, гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм амыдтой, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ дӕр.
-
-
Аст паддзахы раргом стыХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 июнь
-
-
Аст паддзахы раргом сты
Данелы чиныджы ӕмӕ Раргомады чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны фыст ис аст паддзахы, кӕнӕ хицауады, тыххӕй ӕмӕ сӕ чи кӕй фӕдыл фӕзындзӕн, уый тыххӕй. Цӕмӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ бамбарӕм, уый тыххӕй уал хъуамӕ бамбарӕм Библийы фыццаг пехуымпарад.
Цард куыд равдыста, афтӕмӕй-иу Хӕйрӕг йӕ байзӕддагӕн скӕнын кодта алыхуызон хицауӕдтӕ, кӕнӕ паддзахӕдтӕ (Лук. 4:5, 6). Фӕлӕ уыцы хицауӕдтӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ цыдысты комкоммӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, ома Израилы адӕмы ныхмӕ кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты къорды ныхмӕ. Данелы ӕмӕ Иоанны цӕстылуайӕнты ӕдӕппӕтӕй ис ӕрмӕстдӕр аст ахӕм хъомысджын хицауады кой.
[Таблицӕ/Нывтӕ 12, 13 фӕрстыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
ПЕХУЫМПАРӔДТӔ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ
ДАНЕЛЫ ЧИНЫГӔЙ РАРГОМАДЫ ЧИНЫГӔЙ
1. Египет
2. Ассири
3. Вавилон
4. Мидо-
Перс
5. Греци
6. Ром
7. Англо-Америкаг
дунеон паддзахадa
8. Нациты Лигӕ ӕмӕ Иугонд
Нациты Организациb
ХУЫЦАУЫ АДӔМ
н. э. 2000
Авраам
1500
Израилы адӕм
1000
Данел 500
н. э. размӕ/н. э.
Иоанн
Хуыцауы Израил 500
1000
1500
н. э. размӕ 2000
[Фиппаинаг]
[Нывтӕ]
Ӕнахуыр стыр гуымиры (Дан. 2:31–45)
Цыппар сырды денджызӕй (Дан. 7:3–8, 17, 25)
Фыр ӕмӕ цӕу (Дан., 8 сӕр)
Авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд (Рарг. 13:1–10, 16–18)
Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырд адӕмӕн «дзуры», цӕмӕй сырды «ныв» скӕной (Рарг. 13:11–15)
[Барлӕвӕрдӕй]
Photo credits: Egypt and Rome: Photograph taken by courtesy of the British Museum; Medo-Persia: Musée du Louvre, Paris
-
-
Кӕсджыты фарстатӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 июнь
-
-
Кӕсджыты фарстатӕ
Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад ӕвдӕм дунеон паддзахад кӕд сси?
▪ Паддзах Навуходоносор цы ӕнахуыр стыр гуымиры федта, уый дунеон паддзахӕдтӕм се ’ппӕтмӕ нӕ амоны (Дан. 2:31–45). Уый амоны, Данелы заманӕй фӕстӕмӕ чи уыд ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи цыд, ӕрмӕстдӕр уыцы фондз дунеон паддзахадмӕ.
Англо-Америкаг дунеон паддзахад Ромы паддзахад сӕтгӕ нӕ бакодта, фӕлӕ уымӕй равзӕрд. Ӕмӕ растдӕр ууыл дзурӕг у, Данел гуымирыйы тыххӕй цы загъта, уый. Данел загъта, гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ суанг йӕ фадхъулты ӕмӕ йе ’нгуылдзты онг дӕр ӕфсӕйнагӕй кӕй уыдысты (йӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнаг хӕццӕ уыди ӕлыгимӕa). Уӕдӕ Англо-Америкаг дунеон паддзахад хъуамӕ равзӕрдаид гуымирыйы ӕфсӕйнаг къӕхтӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Великобритани, раздӕр Ромы паддзахадмӕ чи хауд, уыцы бӕстӕ, 18 ӕнусы кӕрон тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр та Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр систы хъомысджын паддзахад. Фӕлӕ Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ уыцы рӕстӕг нӕма систы, Библийы пехуымпарады кӕй кой ис, уыцы ӕвдӕм дунеон паддзахад. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ стыр хъуыддӕгты иумӕ нӕма архайдтой. Иумӕ архайын райдыдтой Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг.
Уыцы рӕстӕг «паддзахады фырттӕ» фылдӕр архайдтой Америкӕйы Иугонд Штатты, сӕ сӕйраг хайад уыд Нью-Йорчы, Бруклины (Матф. 13:36–43). Сӕрст чырыстӕттӕ ма зӕрдиагӕй хъусын кодтой, Великобританийы дӕлбар чи уыд, уыцы бӕстӕты дӕр. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ кӕрӕдзиимӕ бадзырд скодтой ӕмӕ се знӕгты ныхмӕ иумӕ тох кодтой. Хӕсты аххосӕй уыцы дыууӕ паддзахады стыхджын национализм, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ хицауад тох кӕнын райдыдтой, Хуыцауы «сылгоймаджы» байзӕддагмӕ чи хауд, уыдоны ныхмӕ дӕр: сӕ публикацитӕй сын кӕцыдӕртӕ парахат кӕнын нал уагътой ӕмӕ, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны ахӕстоны сбадын кодтой (Рарг. 12:17).
Уӕдӕ Библийы пехуымпарады цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, ӕвдӕм дунеон паддзахад 18 ӕнусы кӕрон кӕй нӕ фӕзынд (ома, Великобритани тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕнын куы райдыдта, уыцы рӕстӕг нӕ), фӕлӕ нӕ Хицау Йесойы боны райдианыb.
-