-
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 1 хайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 октябрь
-
-
НЫХАС КӔНӔМ БИБЛИЙЫЛ
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 1 хай
Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Володя, ӕрбацыд иу нӕлгоймагмӕ, йӕ ном Виктор, ӕмӕ ныхас кӕнынц.
«АГУР» ӔМБАРЫНДЗИНАД
Володя: Виктор, алы къуыри дӕр Библийыл кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый мын тынг ӕхсызгон уa. Фӕстаг хатт мӕ фарстай Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цӕмӕн уырны, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райста.
Виктор: О, уӕ публикацитӕй иуы бакастӕн, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста 1914 азы. Уый мӕм диссаг фӕкаст, уымӕн ӕмӕ мын афтӕ загътай, уӕ ахуырӕдтӕ иууылдӕр Библийыл арӕзт кӕй сты.
Володя: Афтӕ у.
Виктор: Ӕз Библи ӕнӕхъӕнӕй бакастӕн, фӕлӕ нӕ хъуыды кӕнын, цӕмӕй дзы 1914 азы кой цӕуа. Стӕй Интернеты дӕр Библийы агуырдтон нымӕц «1914», фӕлӕ мын ӕй иу ран дӕр нӕ равдыста.
Володя: Виктор, раппӕлинаг дӕ дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй бакастӕ. Бӕрӕг у, Хуыцауы Ныхас тынг кӕй уарзыс.
Виктор: Уый хуызӕн чиныг нӕй.
Володя: Демӕ разы дӕн. Стӕй ма уый тыххӕй дӕр дӕ раппӕлинаг, ӕмӕ дӕ фарстайӕн дзуапп Библийы кӕй агуырдтай. Библийы фыст ис, «агур» ӕмбарындзинад, зӕгъгӕ, ӕмӕ ды дӕр раст афтӕ бакодтайb. Ӕмӕ уый хорз у.
Виктор: Исты базонын ӕвзӕр нӕу. 1914 азы тыххӕй ма ӕндӕр рӕтты дӕр информаци агуырдтон, ӕмӕ, цы чиныг ахуыр кӕнӕм, уым цыдӕртӕ ссардтон. Фыст дзы ис, паддзахы фыны тыххӕй – стыр бӕлас акалдтой ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ сзад ӕви афтӕ куыддӕр.
Володя: А, уыцы пехуымпарад фыст ис Данелы чиныджы 4 сӕры. Уыцы фын федта Вавилоны паддзах Навуходоносор.
Виктор: Ӕрхъуыды йӕ кодтон. Цалдӕр хатты йӕ бакастӕн, фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахадимӕ кӕнӕ 1914 азимӕ куыд баст у, уый нӕ бамбӕрстон.
Володя: Пехуымпар Данел дӕр йӕхӕдӕг кӕронмӕ не ’мбӕрста, Хуыцау ын цы фыссын кодта, уый!
Виктор: Ӕцӕг?
Володя: О, ӕркӕс-ма, Данелы 12:8 цы фыст ис: «Ӕз уыдӕттӕ фехъуыстон, фӕлӕ сӕ нӕ бамбӕрстон».
Виктор: Уӕдӕ ма мын ӕмбӕлттӕ ис. Ныр мын гыццыл фенцондӕр.
Володя: Данел уыцы хабӕрттӕ уый тыххӕй не ’мбӕрста, ӕмӕ, йӕ чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ фыст уыд, уыдон адӕмӕн кӕронмӕ раргом кӕнынӕн афон нӕма уыд. Афон кӕд уыдзӕн, уый та Хуыцауӕй кӕнгӕ уыд. Фӕлӕ ныр, нӕ рӕстӕджы, уыцы хабӕрттӕ ӕмбарын нӕ бон у.
Виктор: Ома?
Володя: Ӕркӕс-ма иннӕ стихмӕ, Данелы 12:9 стихмӕ. Ам фыст ис: «Ацы ныхӕстӕ кӕроны рӕстӕджы онг сты сусӕг ӕмӕ сыл ис мыхуыр ӕвӕрд». Уӕдӕ ацы пехуымпарӕдтӕ хъуамӕ раргом уыдаиккой бирӕ фӕстӕдӕр, «кӕроны рӕстӕджы». Ӕмӕ дарддӕр Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, алцыдӕр ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ кӕроны рӕстӕджы цӕрӕм.
Виктор: Уӕдӕ мын уӕд Данелы пехуымпарад бамбарын кӕндзынӕ?
Володя: Бацархайдзынӕн.
НАВУХОДОНОСОРЫ ФЫН
Володя: Фыццаг уал дын цыбыртӕй радзурдзынӕн, паддзах Навуходоносор йӕ фыны цы федта, уый. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм, цӕуыл дзурӕг у, ууыл.
Виктор: Хорз, баныхас кодтам.
Володя: Навуходоносор федта стыр бӕлас, йӕ цъупп арвы онг хӕццӕ кодта. Стӕй фехъуыста, Хуыцауы зӕд кӕй загъта, бӕлас акалут, фӕлӕ йын йӕ бындзӕфхад зӕххы ныууадзут, зӕгъгӕ. «Авд рӕстӕджы» фӕстӕ бӕлас хъуамӕ ногӕй сзадаидc. Ацы пехуымпарад фыццаг хауд паддзах Навуходоносорӕн йӕхимӕ. Кӕд Навуходоносор хъомысджын паддзах уыд – йӕ цъупп арвмӕ кӕмӕн хӕццӕ кодта, ахӕм бӕласы хуызӕн – уӕддӕр хъуамӕ «калд ӕрцыдаид», ӕмӕ афтӕ уыдаид «авд рӕстӕджы». Хъуыды ма кӕныс, цы йыл ӕрцыди, уый?
Виктор: Нӕ йӕ хъуыды кӕнын.
Володя: Ницы кӕны. Библийы фыст ис, Навуходоносор йӕ зонд кӕй фесӕфта, ӕмӕ афтӕ уыд авд азы. Уыцы рӕстӕг йӕ бон йӕ адӕмӕн разамынд дӕттын нӕ уыд. Фӕлӕ авд рӕстӕджы куы фесты, уӕд та фӕстӕмӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадтd.
Виктор: Хорз, нырма уал дӕ ӕмбарын. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ ӕмӕ 1914 азмӕ цы бар дарынц?
Володя: Цыбыр дзырдӕй, ацы пехуымпарад хъуамӕ сӕххӕст уыдаид дыууӕ хатты. Фыццаг хатт сӕххӕст, Навуходоносор цасдӕр рӕстӕг паддзах куы нал уыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн разамынд куы нӕ лӕвӕрдта, уӕд. Дыккаг хатт та сӕххӕст, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куы нал лӕвӕрдта, уӕд. Уӕдӕ ацы пехуымпарад дыккаг хатт куы сӕххӕст, уӕд баст уыд Хуыцауы Паддзахадимӕ.
Виктор: Кӕцӕй йӕ зоныс?
Володя: Фыццаджыдӕр, уый бӕрӕг у пехуымпарадӕн йӕхицӕй. Данелы 4:17 стихмӕ гӕсгӕ, пехуымпарад лӕвӕрд ӕрцыд, «цӕмӕй адӕм зоной, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ кӕй дӕтты». Федтай, ам афтӕ фыст кӕй ис, «адӕмы паддзахӕдтӕ», зӕгъгӕ?
Виктор: О, Иунӕг Стыр Хуыцау, дам, у адӕмы паддзахӕдты Хицау.
Володя: Уӕдӕ ацы пехуымпарад ӕрмӕст Навуходоносоры тыххӕй нӕу. Уый ма амоны «адӕмы паддзахӕдтӕм» дӕр, ома Хуыцау адӕмӕн разамынд кӕй дӕтты, уымӕ. Ӕмӕ уый бамбардзыстӕм, ацы пехуымпарады контекстмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд.
Виктор: Уымӕй дӕ цы зӕгъын фӕнды?
ЧИНЫДЖЫ СӔЙРАГ ТЕМӔ
Володя: Данелы чиныджы уыцы иу хабары тыххӕй дзырд цӕуы цалдӕр хатты. Уыцы хабар у, уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы йӕ Фырт, Чырысти, афтӕмӕй. Зӕгъӕм, нӕ бон у ӕркӕсын Данелы 2:44 стихмӕ. Бакӕсдзынӕ йӕ?
Виктор: Куыннӕ! «Уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм».
Володя: Бузныг. Куыд дӕм кӕсы, ацы стихы Хуыцауы Паддзахады кой нӕ цӕуы?
Виктор: Мӕгъа.
Володя: Хорз, кӕс-ма, ам афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, дам, уыцы Паддзахад «лӕудзӕн ӕнустӕм». Афтӕ зӕгъӕн ис Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, фӕлӕ адӕмы паддзахӕдтӕй иуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй. Разы дӕ?
Виктор: Дӕн.
Володя: Данелы чиныджы ма ис ӕндӕр пехуымпарад дӕр, ӕмӕ уый дӕр амоны Хуыцауы Паддзахадмӕ. Фыст ис Данелы 7:13, 14 стихты. Уыцы пехуымпарады фидӕны хицауы тыххӕй бакӕсӕн ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уымӕ бацыдаид, ӕмӕ йӕм ӕй бакодтой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн». Ацы пехуымпарады дӕм иннӕ пехуымпарадимӕ ӕмхуызонӕй исты фӕкаст?
Виктор: Ам дӕр ис паддзахады кой.
Володя: Раст дӕ. Ӕмӕ уый ӕнӕуи цавӕрдӕр паддзахад нӕу. Кӕс-ма, ам загъд ис, йӕ Паддзахады Хицауӕн йӕ бар кӕй цӕудзӕн «адӕмтыл, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдоныл», ома ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр.
Виктор: Йӕ хъуыды йын фыццаг нӕ бамбӕрстон, фӕлӕ раст дӕ. Афтӕ у.
Володя: Стӕй-ма дӕ хъус ӕрдар, Паддзахы тыххӕй дзы цы фыст ис, уымӕ: «Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн». Данелы 2:44 стихы дӕр афтӕ фыст нӕй?
Виктор: О.
Володя: Уӕдӕ цӕуыл аныхас кодтам, уый цыбыртӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Данелы чиныджы 4 сӕры фыст пехуымпарад лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй адӕм зоной, «Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау». Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, ацы пехуымпарад ӕрмӕст Навуходоносорыл кӕй нӕ сӕххӕст, фӕлӕ ма хъуамӕ ноджыдӕр иу хатт кӕй сӕххӕст уыдаид. Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы йӕ Фырт, афтӕмӕй уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй ма Данелы чиныджы ноджыдӕр ис пехуымпарӕдтӕ. Куыд хъуыды кӕныс, Данелы чиныджы 4 сӕры фыст пехуымпарад Хуыцауы Паддзахадмӕ амоны?
Виктор: Мӕнмӕ гӕсгӕ, о. Фӕлӕ 1914 азмӕ цы бар дары, уый уӕддӕр не ’мбарын.
«АВД РӔСТӔДЖЫ РАЦӔУӔД»
Володя: Ацы пехуымпарад фыццаг хатт куы сӕххӕст, уӕд бӕлас амыдта паддзах Навуходоносормӕ. Бӕлас кӕй акалдтой ӕмӕ авд рӕстӕджы афтӕ кӕй баззад, уый амоны, Навуходоносор цасдӕр рӕстӕг паддзах кӕй нал уыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй нал лӕвӕрдта, уымӕ, ома йӕ зонд йӕхимӕ куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыцы авд рӕстӕджы фесты, Навуходоносорӕн йӕ зонд йӕхимӕ куы ӕрцыд ӕмӕ ногӕй йӕ паддзахбадӕныл куы ӕрбадт, уӕд. Дыккаг хатт куы сӕххӕст, уӕд та Хуыцау цасдӕр рӕстӕг йӕ адӕмӕн разамынд нал лӕвӕрдта, фӕлӕ уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд.
Виктор: Ома?
Володя: Раджы заманты Иерусалимы чи уыд, уыцы израилаг паддзӕхты тыххӕй дзырдтой, «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» бадынц, зӕгъгӕe. Уыдон адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтой Хуыцауы номӕй. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ уад, ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыд сӕ паддзах. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы паддзӕхтӕн сӕ фылдӕр Хуыцаумӕ нал хъуыстой, ӕмӕ адӕмӕн дӕр сӕ фылдӕр сӕ зондыл ацыдысты. Израилӕгтӕ Хуыцаумӕ кӕй нал хъуыстой, уый тыххӕй Хуыцау бауагъта, цӕмӕй сӕ вавилойнӕгтӕ уацары акодтаиккой. Уыцы хабар ӕрцыд нӕ эрӕйы размӕ 607 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу паддзах дӕр Иерусалимы Йегъовӕйы номӕй нал лӕвӕрдта разамынд адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцау йӕ адӕмӕн паддзах нал уыд. Мӕ ныхӕстӕй мын, мыййаг, исты нӕ бамбӕрстай?
Виктор: Алцыдӕр бамбӕрстон.
Володя: Уӕдӕ нӕ эрӕйы размӕ 607 азы райдыдтой авд рӕстӕджы, ома Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куы нӕ лӕвӕрдта, уыцы рӕстӕг. Авд рӕстӕджы куы фӕуыдаиккой, уӕд Хуыцау хъуамӕ, йӕ номӕй чи архайдтаид, ахӕм ног хицау сӕвӕрдтаид – ацы хатт уый хъуамӕ уыдаид уӕлӕрвты. Уӕд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, Данелы чиныджы ма цы пехуымпарӕдтӕ бакастыстӕм, уыдон дӕр. Уӕдӕ сӕйраг фарста у: кӕд хъуамӕ фӕуыдаиккой уыцы авд рӕстӕджы? Ацы фарстайӕн дзуапп куы ссарӕм, уӕд базондзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста, уый.
Виктор: Ӕмбарын ӕй. Фӕлӕуу-ма, мӕхӕдӕг ӕй зӕгъон! Авд рӕстӕджы хъуамӕ 1914 азы фӕуыдаиккой, нӕ?
Володя: Растдӕр уӕд!
Виктор: Ӕмӕ уый куыд базонӕн ис?
Володя: Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд бамбарын кодта, авд рӕстӕджы кӕй нӕма фестыf. Бӕрӕг у, тынг бирӕ рӕстӕг кӕй хъуамӕ ахастаиккой. Авд рӕстӕджы райдыдтой, Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уымӕй цалдӕр ӕнусы раздӕр ӕмӕ, уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уый фӕстӕ дӕр хъуамӕ уайтагъд ма фӕуыдаиккой. Стӕй ма хъуыды кӕндзынӕ, Данелы пехуымпарӕдтӕ цы нысан кодтой, уый «кӕроны рӕстӕджы» онг бӕрӕг кӕй нӕ уыдg. 1800 азты кӕрон, Библи зӕрдиагӕй чи иртӕста, уыдон ацы ӕмӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг иртасын райдыдтой. Уыдон бамбӕрстой, уыцы авд рӕстӕджы кӕй хъуамӕ фӕуыдаиккой 1914 азы. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕр ууыл дзурӕг сты, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ ӕцӕгдӕр 1914 азы кӕй райста. Уӕд ацы дунейӕн райдыдтой йӕ фӕстаг бонтӕ, кӕнӕ кӕроны рӕстӕг. Абон уал фаг у.
Виктор: О, цӕуыл ахъуыды кӕнон, уый мын ис. Хъуамӕ ма йӕ иу хатт бакӕсон, цӕмӕй йӕ хорз бамбарон.
Володя: Ма тыхс. Ӕз дӕр ацы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ, куыд сӕххӕст сты, уый уайтагъд нӕ бамбӕрстон. Фӕлӕ кӕд ӕппын ницы, уӕддӕр ацы ныхасы фӕрцы федтай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзурынц, уый Библийӕ кӕй у.
Виктор: Мӕ зӕрдӕмӕ алкӕддӕр тынг цыди, уӕ ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ кӕй ӕмбарын кӕнут, уый.
Володя: Куыд кӕсын, афтӕмӕй дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый дӕ бон уа Библимӕ гӕсгӕ ӕмбарын кӕнын. Цӕй абон уал фаг у, фӕлӕ ма дӕм, чи зоны, исты фарстатӕ ис. Зӕгъӕм, базыдтам, авд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахадимӕ баст кӕй сты ӕмӕ нӕ эрӕйы размӕ 607 азы кӕй райдыдтой. Фӕлӕ 1914 азы кӕй фесты, уый, ӕцӕгдӕр, кӕцӕй зонӕм?
Виктор: Ӕцӕгдӕр, кӕцӕй?
Володя: Библи нын йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕны, уыцы авд рӕстӕджы бӕлвырдӕй цал азы уыдысты, уый базонынӕн. Иннӕ хатт куы ӕрбацӕуон, уӕд та ууыл аныхас кӕндзыстӕм. Хорз?h
Виктор: Баныхас кодтам.
Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Уыдонӕй дын чифӕнды дӕр дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзӕн.
a Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕх Библи лӕвар фӕахуыр кӕнынц бӕлвырд программӕмӕ гӕсгӕ.
f Йесо фӕстаг бонты тыххӕй загъта: «Иерусалим [ӕвдыста, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд йӕхӕдӕг кӕй лӕвӕрдта, уый] адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ адӕмтӕн сӕ рӕстӕг нӕ фӕуа, уӕдмӕ» (Лукайы 21:24). Уӕдӕ Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куы нӕ лӕвӕрдта, уыцы рӕстӕг, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд нӕма фӕци, стӕй хъуамӕ ахастаид фӕстаг бонты онг.
h Ацы рубрикӕйы иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, авд рӕстӕджы цал азы уыдысты, уый кӕй фӕрцы базонӕн ис, уыцы стихтыл Библийӕ.
-
-
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 2 хайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 ноябрь
-
-
НЫХАС КӔНӔМ БИБЛИЙЫЛ
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 2 хай
Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Володя, ногӕй бацыд иу нӕлгоймагмӕ, йӕ ном Виктор, ӕмӕ ныхас кӕнынц.
НАВУХОДОНОСОРЫ ФЫН ЫН НОГӔЙ ЙӔ ЗӔРДЫЛ ӔРЛӔУУЫН КОДТА
Володя: Салам, Виктор. Къуыри кӕуылты агӕпп кодта! Уый хорз у, алы къуыри дӕр Библийыл кӕй фӕныхас кӕнӕмa. Цы хабӕрттӕ дӕм ис?
Виктор: Алцыдӕр хорз у, бузныг.
Володя: Ӕгайт-ма. Фӕстаг хатт ныхас кодтам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райстаb. Ацы хабар афтӕ кӕй у, уый сӕйраджыдӕр базонӕн ис Данелы чиныджы 4 сӕрӕй. Хъуыды-ма кӕныс, цы фыст дзы ис?
Виктор: Паддзах Навуходоносоры фын стыр бӕласы тыххӕй.
Володя: Раст зӕгъыс. Уыцы фыны Навуходоносор федта тынг стыр бӕлас, йӕ цъупп суанг арвмӕ хӕццӕ кодта. Уый фехъуыста, Хуыцауы зӕд куыд загъта, цӕмӕй бӕлас акалдтаиккой, фӕлӕ йын йӕ бындзӕфхад зӕххы ныууагътаиккой. «Авд рӕстӕджы» куы рацыдаид, уӕд бӕлас хъуамӕ ногӕй сзадаидc. Стӕй ма дзырдтам, ацы пехуымпарад дыууӕ хатты цӕмӕн хъуамӕ сӕххӕст уыдаид. Хъуыды-ма кӕныс, фыццаг хатт куыд сӕххӕст, уый?
Виктор: Навуходоносорӕн йӕхиуыл сӕххӕст, нӕ? Авд азы йӕ зонд йӕхимӕ нӕ уыди.
Володя: Афтӕ уыд. Навуходоносор рӕстӕгмӕ йӕ зонд фесӕфта ӕмӕ адӕмӕн разамынд нал лӕвӕрдта. Фӕлӕ ацы пехуымпарад дыккаг хатт куы сӕххӕст, уӕд та Хуыцау нал лӕвӕрдта разамынд йӕ адӕмӕн авд рӕстӕджы дӕргъы. Куыд ӕй федтам, афтӕмӕй уыцы авд рӕстӕджы райдыдтой нӕ эрӕйы размӕ 607 азы, знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Йегъовӕйы номӕй йӕ адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм паддзах зӕххыл нал уыд. Фӕлӕ авд рӕстӕджы кӕрон Хуыцау йӕ адӕмӕн хъуамӕ равзӕрстаид ног Хицау – уый хъуамӕ уыдаид уӕлӕрвты. Ӕндӕр ныхасӕй, авд рӕстӕджы куы фӕуыдаиккой, уӕд хъуамӕ бартӕ йӕ къухмӕ райстаид Хуыцауы уӕларвон Паддзахад. Авд рӕстӕджы кӕд райдыдтой, ууыл аныхас кодтам. Ӕмӕ, цас рӕстӕг ахастой, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста. Ныронг цы загътон, уымӕ дӕм исты фарста ис?
Виктор: Нӕй, айразмӕ цӕуыл дзырдтам, уый мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтай.
Володя: Тынг хорз. Уӕдӕ ныр базонӕм, уыцы авд рӕстӕджы цас ахастой, уый. Ӕрдӕбон ацы фарстайы фӕдыл цыдӕртӕ бакастӕн, цӕмӕй йын йӕ сӕйраг хъуыдытӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаин. Ӕмӕ мӕ бон куыд у, афтӕ дын ӕй бамбарын кӕндзынӕн.
Виктор: Хорз.
АВД РӔСТӔДЖЫ ФЕСТЫ – ФӔСТАГ БОНТӔ РАЙДЫДТОЙ
Володя: Ацы пехуымпарад фыццаг хатт Навуходоносорыл куы сӕххӕст, уӕд авд рӕстӕджы, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты авд азы. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад дыккаг хатт куы сӕххӕст, ома Хуыцауы Паддзахадмӕ куы амыдта, уӕд авд рӕстӕджы авд азӕй бирӕ фылдӕр ахастой.
Виктор: Цӕмӕ гӕсгӕ зӕгъыс афтӕ?
Володя: Фыццаг уымӕн, ӕмӕ авд рӕстӕджы райдыдтой, нӕ эрӕйы размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд куы ӕрцыд, уӕд. Уыцы азӕй авд азы куы ранымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм нӕ эрӕйы размӕ 600 азмӕ. Фӕлӕ уыцы аз, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уыцы хъуыддаджы диссагӕй ницы ӕрцыди. Дыккаг та уымӕн, ӕмӕ айразмӕ куыд загътам, афтӕмӕй цалдӕр ӕнусы фӕстӕдӕр, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд, бамбарын кодта, авд рӕстӕджы кӕй нӕма фесты.
Виктор: О, ӕрхъуыды йӕ кодтон.
Володя: Уӕдӕ авд рӕстӕджы уыдысты дӕргъвӕтин дӕр рӕстӕг.
Виктор: Цас рӕстӕг?
Володя: Раргомады чиныг баст у Данелы чиныгимӕ. Ӕмӕ уыцы чиныджы фӕрцы нӕ бон сбӕлвырд кӕнын у, авд рӕстӕджы цас сты, уый. Раргомады чиныгӕй бӕрӕг у, ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг кӕй сты 1 260 боныd. Уӕдӕ авд рӕстӕджы – дыууӕ хатты ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг – сты 2 520 боны. Ӕмбарыс мӕ, нӕ?
Виктор: Куыннӕ! Фӕлӕ уымӕй куыд ис ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуӕн, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы райста?
Володя: Ныртӕккӕ дын ӕй бамбарын кӕндзынӕн. Библийы пехуымпарӕдты иуӕй-иу хатт бон фӕамоны азмӕe. Иу бон иу азыл куы банымайӕм, уӕд авд рӕстӕджы уыдзысты 2 520 азы. Нӕ эрӕйы размӕ 607 азӕй 2 520 азы куы анымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм 1914 азмӕf. Ӕмӕ мах дӕр уымӕ гӕсгӕ скодтам ахӕм хатдзӕг, уыцы авд рӕстӕджы 1914 азы кӕй фесты ӕмӕ Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй сси. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ цӕуын райдыдтой дунейы ӕппӕты ахсджиагдӕр хабӕрттӕ – Библийы афтӕ кӕй тыххӕй ис фыст, фӕстаг бонты цӕудзысты, зӕгъгӕ, уыцы хабӕрттӕ.
Виктор: Цавӕр хабӕрттӕ?
Володя: Фенӕм-ма Матфейы 24:7 стих. Йесо, уӕлӕрвты хицауы бартӕ йӕ къухмӕ куы хъуамӕ райстаид, уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ». Кӕс-ма, Чырысти зӕгъы, зӕгъгӕ, уыцы рӕстӕг адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕмӕ афтӕ нӕу? Зӕххыл фӕстаг ӕнусы ахӕм бӕллӕхтӕ цас уыди, нӕ?
Виктор: О, бирӕ.
Володя: Ацы стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ма Йесо загъта, Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд бирӕ рӕтты кӕй уыдзӕн змӕстытӕ. Ӕмӕ Раргомады чиныджы дӕр фыст ис, кӕроны рӕстӕджы ранӕй-рӕтты змӕстытӕй уӕлдай кӕй уыдзӕн, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр чи анхъӕвздзӕн, ахӕм хӕстытӕg. Хъуыды-ма кӕныс, Фыццаг дунеон хӕст кӕд райдыдта?
Виктор: 1914 азы. Куыд загътай, афтӕмӕй Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ цы аз райста, уӕд. Уыцы дыууӕ хабары кӕрӕдзимӕ исты бар дарынц, ууыл никуы ахъуыды кодтон.
Володя: Ацы пехуымпарӕдтӕ – авд рӕстӕджы тыххӕй ӕмӕ кӕроны рӕстӕджы тыххӕй – куы баиу кӕнӕм, уӕд раст хъуыдымӕ ӕрцӕудзыстӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райста ӕмӕ фӕстаг бонтӕ дӕр уыцы аз кӕй райдыдтой, ууыл.
Виктор: Архайын, цӕмӕй йӕ бамбарон.
Володя: Ӕмбарын дӕ. Иубон дӕр ма дын куы загътон, мӕн дӕр цасдӕр рӕстӕг кӕй бахъуыд, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин. Фӕлӕ мӕ уырны, ацы ныхасы фӕрцы кӕй бамбардзынӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1914 азы тыххӕй цы дзурынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй у, кӕд дзы уыцы азы кой комкоммӕ нӕй, уӕддӕр.
Виктор: О, мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, уӕ алы хъуыдыйӕн дӕр бӕлвырдгӕнӕн Библийӕ кӕй ӕрхӕссут. Уӕхи хъуыдытӕ никуы фӕдзурут. Фӕлӕ цӕуыл хъуыды кӕнын, уый зоныс? Цымӕ ацы хабар хуымӕтӕгдӕрӕй бамбарын кӕнӕн нӕ уыд? Хуыцау Библийы комкоммӕ цӕуылнӕ ныффыссын кодта, Йесо уӕлӕрвты Паддзах 1914 азы кӕй суыдзӕн, уый?
Володя: Хорз фарста у, Виктор. Ӕцӕгдӕр, Библийы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ӕргом фыст нӕй. Уӕдӕ цымӕ Хуыцау Библи афтӕ цӕмӕн ныффыссын кодта, цӕмӕй адӕмы йӕ бамбарыныл фыдӕбон кӕнын хъӕуа? Ууыл иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм, хорз?
Виктор: Хорз.
Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Уыдонӕй дын чифӕнды дӕр дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзӕн.
a Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕх Библи лӕвар фӕахуыр кӕнынц бӕлвырд программӕмӕ гӕсгӕ.
b Кӕс брошюрӕ «Хуыцауы Паддзахад. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн?», статья «Ныхас кӕнӕм Библийыл. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 1 хай».
c Кӕс Данелы 4:23–25.
d Кӕс Раргомад 12:6, 14.
e Кӕс Нымӕцтӕ 14:34; Йезекил 4:6.
f Кӕс таблицӕ «Навуходоносоры фын бӕласы тыххӕй».
g Кӕс Раргомад 6:4.
-