8 СӔР
Йӕ тыхы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕны. Йегъовӕ «цыдӕриддӕр аразы,– ӕппӕт дӕр у ног»
1, 2. Цавӕр бӕллӕхтӕ ныл ӕрцӕуы ӕмӕ ныл уый куыд фӕзыны?
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: сывӕллонӕн йӕ хъазӕн фесӕфт кӕнӕ асаст, ӕмӕ кӕуын райдыдта. Йӕ кӕуынмӕ зӕрдӕ уынгӕг кӕны. Фӕлӕ йын йӕ ныййарджытӕ йӕ хъазӕн ссардтой кӕнӕ йын ӕй сарӕзтой ӕмӕ йын ӕй фӕстӕмӕ радтой. Сывӕллоны цӕсгом фырцинӕй ныррухс. Ныййарджытӕн, чи зоны, зын нӕ уыд хъазӕн ссарын йе та йӕ саразын. Фӕлӕ сывӕллонмӕ уый диссаг фӕкаст. Афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ ӕнӕ хъазӕнӕй баззад, фӕлӕ та дзы ныр ногӕй хъазы!
2 Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр Фыд. Ахӕм тых ӕм ис, ӕмӕ йӕ бон у фӕстӕмӕ раздахын, раздӕхӕн ӕнхъӕл цӕмӕн нал стӕм, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзырд хъазӕнтыл нӕ цӕуы. Ацы «тынг уӕззау рӕстӕг» мах фесафӕм, хъазӕнтӕй бирӕ зынаргъдӕр цы у, ахӕм цыдӕртӕ (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Гӕнӕн ис, баззайӕм ӕнӕ хӕдзарӕй, ӕнӕ исбонӕй, ӕнӕ куыстӕй ӕмӕ ма суанг рынчын дӕр фӕуӕм. Стӕй ма, чи зоны, мӕт кӕнӕм, адӕм ӕрдз кӕй чъизи кӕнынц ӕмӕ бирӕ алыхуызон цӕрӕгойты ӕмӕ зайӕгойты мыггӕгтӕ кӕй сӕфынц, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ нын исчи куы амӕлы, уӕд нын уымӕй стырдӕр маст ницы бавзарын кӕны. Фембарӕм ӕй, нӕ бон кӕй ницы у бакӕнын, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ фӕкӕны (2 Самуилы 18:33).
3. Йегъовӕ нын Хъуыддӕгты 3:21 стихы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кӕндзӕн?
3 Уӕдӕ адӕймаг куы базоны, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй алцыдӕр ногӕй сараза, уӕд ӕй уый стыр ныфс бауадзы. Ацы сӕрӕй базондзыстӕм, Хуыцау йӕ адӕмӕн фӕстӕмӕ кӕй ратдзӕн, ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уыдӕттӕ. Библийӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ «къахыл слӕууын кӕна» (Хъуыддӕгтӕ 3:21). Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн Мессийӕйы Паддзахады фӕрцы. Уыцы Паддзахадӕн йӕ сӕргъы лӕууы йӕ Фырт Йесо Чырысти. Дунейы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста 1914 азыa (Матфейы 24:3–14). Аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонӕй цалдӕрыл. Иу дзы абон нӕхи цӕстӕй уынӕм ӕмӕ ма дзы архайгӕ дӕр кӕнӕм. Иннӕтӕ та Йегъовӕ сараздзӕн фидӕны ӕппӕт адӕмӕн дӕр.
Раст дин йӕ къахыл слӕууыд
4, 5. Н. э. размӕ 607 азы Хуыцауы адӕмыл цы ’рцыд ӕмӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?
4 Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл цы слӕууын кодта, уыдонӕй иу у раст дин. Уый цы нысан кӕны, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм Иудӕйы паддзахады историмӕ. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ йе стыр тыхы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл куыд слӕууын кӕны (Ромӕгтӕм 15:4).
5 Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ тынг маст кодтой, н. э. размӕ 607 азы знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Сӕ уарзон горӕт пырхытӕй лӕууыд, йӕ къултӕ уыдысты калд. Уымӕй фыддӕр та уый уыди, ӕмӕ-иу адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн бакувынмӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы рӕсугъд кувӕндонӕй дур-дурыл нал баззад (Псалом 79:1). Удӕгасӕй чи аирвӕзт, уыдоны Вавилонмӕ уацары акодтой, ӕмӕ горӕт хъӕддаг сырдты цӕрӕнбынат сси (Йереми 9:11). Уыцы дзуттӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, ӕмӕ фӕстӕмӕ никуыуал ӕрыздӕхдзысты (Псалом 137:1). Йегъовӕ сын рагацау загъта, ахӕм бӕллӕх сыл кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ма сын зӕрдӕ бавӕрдта, фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты.
6–8. а) Пехуымпартӕй бирӕтӕ цавӕр зӕрдӕвӕрдты тыххӕй фыстой ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ фыццаг хатт куыд сӕххӕст сты? б) Уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ нӕ рӕстӕджы куыд сӕххӕст сты?
6 Уыцы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй пехуымпартӕй бирӕтӕ фыстойb. Пехуымпарты уылты Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Израилы зӕхх та хъӕздыг тыллӕг кӕй дӕтдзӕн, адӕмӕй та кӕй байдзаг уыдзӕн ӕмӕ сын хъӕддаг сырдтӕй ӕмӕ се знӕгтӕй тӕссаг кӕй нӕ уыдзӕн, стӕй сӕ бӕстӕ дзӕнӕты хуызӕн кӕй суыдзӕн (Исай 65:25; Йезекил 34:25; 36:35). Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый уыди, ӕмӕ та дзуттӕгтӕ Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕндзысты ӕмӕ кувӕндон ногӕй амад ӕрцӕудзӕн (Михей 4:1–5). Уыцы пехуымпарӕдтӕ дзуттӕгтӕн ныфсы хос уыдысты, 70 азы Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд.
7 Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уый куы ’рцыд, уӕд дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты, Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтой (Ездрӕ 1:1, 2). Цалынмӕ Йегъовӕйӕн, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ куывтой, уӕдмӕ сын арфӕ кодта, хъӕздыг тыллӕг сын лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ ницы цух уагъта. Хъахъхъӕдта сӕ се знӕгтӕй ӕмӕ, 70 азы дӕргъы сӕ бӕстӕ кӕмӕй байдзаг, уыцы хъӕддаг сырдтӕй. Куыд тынг цин кодтаиккой, Йегъовӕ алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууын кодта, уӕд! Фӕлӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый уӕд фыццаг хатт сӕххӕст ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕрмӕстдӕр иу бӕстӕйы цӕрджытӕ схайджын сты. Ӕнӕхъӕн зӕххыл та хъуамӕ сӕххӕст уыдаид «фӕстаг бонты», ома нӕ рӕстӕджы, Йесо, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг, Паддзах куы сси, уӕд (Исай 2:2–4; 9:6, 7).
8 1914 азы Йесо уӕларвон Паддзахады Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын райдыдта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕной. Н. э. размӕ 537 азы Персы паддзах Кир дзуттӕгты Вавилоны уацарӕй куыд ссӕрибар кодта, афтӕ Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты ссӕрибар кодта «Стыр Вавилонӕй», ома мӕнг динты уацарӕй (Раргомад 18:1–5; Ромӕгтӕм 2:29). 1919 азӕй фӕстӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, куыд ӕй фӕнды, афтӕ (Малахи 3:1–5). Кувынц ын, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны. Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндон амоны, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у, уымӕ. Абон ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнӕм?
Раст дин йӕ къахыл кӕй слӕууыд, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?
9. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ раст диныл цы ’рцыд, фӕлӕ Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы сарӕзта?
9 Ахъуыды-ма кӕнӕм иу цӕуылдӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн куывтой, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ ӕмӕ сын арфӕ кодта. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ дзырдтой, цасдӕры фӕстӕ адӕм Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нал лӕггад кӕндзысты (Матфейы 13:24–30; Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Апостолты мӕлӕты фӕстӕ мӕнг чырыстӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Сауджынтӕ адӕмӕн амонын райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Дзырдтой сын, Хуыцау Троицӕ кӕй у, кӕд, Троицӕ цы у, уый ӕмбаргӕ дӕр ничи кодта, уӕддӕр. Афтӕмӕй сын Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн не ’ххуыс кодтой, фӕлӕ сӕ Хуыцауӕй адард кодтой. Стӕй сын дзырдтой, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сауджынтӕн кӕй хъуамӕ дзурой, цӕмӕй сын хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ Йегъовӕмӕ нӕ, фӕлӕ Мадымайрӕммӕ ӕмӕ «сыгъдӕджытӕм» кӕй хъуамӕ кувой. Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Нӕ рӕстӕджы цас мӕнг ахуырӕдтӕ ис ӕмӕ адӕм цас фыдхъуыддӕгтӕ аразынц, уыйбӕрц никуы. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ йӕ диссаджы тыхы фӕрцы раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кодта. Уый у, нӕ рӕстӕджы цы ахсджиагдӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй иу.
10, 11. а) Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый цавӕр дыууӕ хайӕ конд у ӕмӕ дӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ды дӕр уыцы «дзӕнӕты» уай? б) Йегъовӕ «дзӕнӕтмӕ» цавӕр адӕмы ӕмбырд кӕны ӕмӕ уыцы адӕм сӕхи цӕстӕй цы фендзысты?
10 Йегъовӕ цы сарӕзта, уый фӕрцы ӕцӕг чырыстӕттӕ абон цӕрынц «дзӕнӕты», ӕмӕ уыцы «дзӕнӕт» рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕны. Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый конд у дыууӕ хайӕ. Йӕ иу хай у ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы раст дин. Йегъовӕ нӕ мӕнг дины ахуырӕдтӕй кӕй ссӕрибар кодта, уый фӕрцы йын нӕ бон у, куыд ӕй фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын. Йегъовӕ нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды хуыздӕр базонӕм, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм (Иоанны 4:24). Уыцы «дзӕнӕтӕн» йӕ иннӕ хай та сты адӕм. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй «фӕстаг бонты» Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны алкӕимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрыныл. Ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз ма исӕм. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «нӕ удыхъӕд ногмӕ» раивӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны – йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ хайджын кӕны, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, сыгъдӕг тыхӕй чи цӕуы, уыцы рӕсугъд миниуджытӕ (Ефесӕгтӕм 4:22–24; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы хъусай, уӕд ды дӕр уыцы «дзӕнӕты» уыдзынӕ.
11 Йегъовӕ уыцы «дзӕнӕтмӕ» ӕмбырд кӕны, кӕй уарзы, уыцы адӕмы. Уыдон сты, йӕхи йын чи уарзы ӕмӕ фарн чи уарзы, стӕй, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары», уыцы адӕм (Матфейы 5:3). Уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Йегъовӕ ноджы стырдӕр диссаг куыд сараздзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр арфӕгонд куыд ӕрцӕудзысты, уый.
«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»
12, 13. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты? б) Йегъовӕмӕ райдианы зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд уыд ӕмӕ нын уый цавӕр ныфс дӕтты?
12 Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй бирӕтӕ комкоммӕ ӕмбарын хъӕуы. Зӕгъӕм, Исай ныффыста, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нал уыдзӕн рынчынтӕ, къуылыхтӕ, куырмытӕ ӕмӕ къуырматӕ, стӕй ма суанг мӕлӕт дӕр ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн (Исай 25:8; 35:1–7). Ацы зӕрдӕвӕрдтӕ рагон Израилы нӕ сӕххӕст сты. Бирӕтӕ дзы сӕххӕст сты, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уым. Фӕлӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, фидӕны ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уый кӕцӕй зонӕм?
13 Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны раргом кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххыл адӕм амондджынӕй ӕмӕ ӕнӕнизӕй ӕнгом бинонтау цӕрой. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн сӕ бар бакодта зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ уыди, уыдон. Йӕ фӕнд уыди, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой (Райдиан 1:28). Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй цард уыдаид, абон цавӕр у, ахӕм. Ӕмӕ йӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕйы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнын кӕй ницы бахъыгдардзӕн (Исай 55:10, 11). Йегъовӕйы Паддзахады Паддзах Йесо ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн (Лукайы 23:43).
14, 15. а) Куыд ӕмбаргӕ сты Йегъовӕйы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног»? б) Дзӕнӕты цавӕр цард уыдзӕн ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
14 Ахъуыды-ма кӕн: ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт! Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Йегъовӕ зӕгъы: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Раргомад 21:5). Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ ацы зӕронд фыддуне куы фесафа, уӕд ма баззайдзысты ӕрмӕст «ног арв ӕмӕ ног зӕхх». Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ ног хицауад уӕларвӕй разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн. Цӕргӕ та йыл кӕндзысты, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕм (2 Петры 3:13). Хӕйрӕгмӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕм ахӕм тых нал уыдзӕн, цӕмӕй адӕмӕн зиан хӕссой (Раргомад 20:3). Адӕм фервӕздзысты, миназты дӕргъы сын Хӕйрӕг сӕ зонд кӕмӕй хъӕстӕ кодта, уыцы чъизи ӕмӕ хӕлд зондахастӕй. Куыд сулӕфдзыстӕм уӕд, ӕвӕдза!
15 Уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ рӕсугъд зӕхмӕ зилын, ӕппӕты райдианы Йегъовӕйы куыд фӕндыд, афтӕ. Йегъовӕ зӕхх афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ бон у йӕхи ног кӕнын. Чъизи цадтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ ссыгъдӕг уыдзысты, адӕм сӕ куы нал чъизи кӕной, уӕд. Куы ничиуал хӕца, уӕд, хӕстытӕ цы рӕсугъд бынӕттӕ ныффыдынд кодтой, уыдон фӕстӕмӕ сӕ хуыз скалдзысты. Куыд цин кӕндзыстӕм, ӕнӕхъӕн зӕххӕй Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн дзӕнӕт куы аразӕм, уӕд! Уым уыдзӕн тынг бирӕ алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Адӕмы аххосӕй зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты хуызтӕй иу дӕр нал фесӕфдзӕн. Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты. Суанг ма сывӕллӕттӕн дӕр хъӕддаг сырдтӕй тӕссаг нал уыдзӕн (Исай 9:6, 7; 11:1–9).
16. Хуыцауыл иузӕрдион адӕмӕй алкӕмӕ дӕр дзӕнӕты цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?
16 Йӕ хуыз ӕрмӕст ӕрдз не скалдзӕн, фӕлӕ мах нӕхӕдӕг дӕр. Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыцы адӕм иууылдӕр сӕ низтӕй диссаджы хуызы фервӕздзысты. Йесо сӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн, зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы куыд дзӕбӕх кодта, афтӕ. Хуыцау ын цы тых радта, уый фӕрцы сдзӕбӕх кӕндзӕн куырмыты, къуырматы, къуылыхты ӕмӕ низӕфхӕрд адӕмы (Матфейы 15:30). Ацӕргӕтӕ се ’взонджы бонтӕм раздӕхдзысты ӕмӕ та уыдзысты хъаруджын, ӕнӕниз ӕмӕ цӕрдӕг (Иов 33:25). Сӕ цӕсгӕмтты ӕнцъылдтӕ слӕгъз уыдзысты, сӕ къӕхты ӕмӕ сӕ къухты ногӕй тых бацӕудзӕн. Хуыцауыл иузӕрдион адӕм сабыргай фервӕздзысты тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинады фӕстиуджытӕй. Куыд бузныг уыдзыстӕм Йегъовӕйӕ, йӕ хъаруйы фӕрцы алцыдӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл куы слӕууын кӕна, уӕд! Ныр та аныхас кӕнӕм, уыцы рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд нӕ зӕрдӕтӕн уӕлдай ӕхсызгондӕр цы уыдзӕн, ууыл.
Мӕрдтӕ цардмӕ раздӕхдзысты
17, 18. а) Йесо дины разамонджытӕн цӕмӕн бауайдзӕф кодта? б) Илийа Йегъовӕмӕ цӕмӕн скуывта, цӕмӕй марды райгас кодтаид?
17 Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дины разамонджытӕй иуӕй-иуты нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Уый тыххӕй сын Йесо бауайдзӕф кодта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Фыстад зонут, нӕдӕр, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый» (Матфейы 22:29). Фыстадӕй бӕрӕг у, Йегъовӕмӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
18 Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: пехуымпар Илийа цасдӕр рӕстӕг кӕмӕ цард, уыцы идӕдз усӕн йӕ иунӕг лӕппу амард. Илийа лӕппуйы мардӕй куы федта, уӕд арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаид. Уый размӕ сывӕллоны мӕлӕтӕй фервӕзын кодта – ӕххормагӕй амӕлын ӕй нӕ бауагъта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй уарзгӕ дӕр бирӕ кодта. Мады зӕрдӕ фыррыстӕй куыннӕ скъуыдтӕ кодта. Йӕ лӕджы мӕлӕты фӕстӕ ма йӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр йӕ иунӕг хъӕбулыл лӕууыди. Ӕвӕццӕгӕн-иу йӕхицӕн ныфсытӕ йӕ лӕппуйӕ авӕрдта, мӕ зӕронды бонты мӕм фӕкӕсдзӕн, зӕгъгӕ. Сылгоймаг ма фырадӕргӕй, чи зоны, афтӕ дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ Хуыцау цавӕрдӕр тӕригъӕды тыххӕй бафхӕрдта. Илийайӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ мӕгуырдзинадмӕ кӕсын. Мады хъӕбысӕй лӕппуйы райста, йӕ уатмӕ йӕ ахаста ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй сывӕллоны райгас кодтаид (1 Паддзӕхты 17:8–21).
19, 20. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Авраамы кӕй уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у марды райгас кӕнын? Уый йӕ цӕмӕн уырныдта? б) Йегъовӕ Илийайӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта?
19 Хуыцауӕн йӕ бон марды райгас кӕнын кӕй у, уый ӕрмӕст Илийайы нӕ уырныдта. Уый уырныдта Авраамы дӕр (цард Илийайӕ цалдӕр ӕнусы раздӕр). Авраамыл сӕдӕ азы куы цыди, Саррӕйыл та – нӕуӕдз, уӕд сын Йегъовӕ диссаджы хуызы ногӕй зӕнӕг уадзыны хъомыс радта, ӕмӕ сын лӕппу райгуырд (Райдиан 17:17; 21:2, 3). Лӕппу куы сыстыр, уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, дӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсс, зӕгъгӕ. Авраам уырнындзинад равдыста, уымӕн ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ фырт Исахъы мӕрдтӕй кӕй райгас кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:17–19). Ӕмӕ хохмӕ ссӕуыны размӕ, Авраам йӕ лӕггадгӕнджытӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй загъта, Исахъимӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм, зӕгъгӕ (Райдиан 22:5).
«Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!»
20 Йегъовӕ Исахъӕн йӕ цард бахъахъхъӕдта, ӕмӕ йӕ ӕгас кӕнын дӕр нӕ бахъуыд. Фӕлӕ идӕдз усы лӕппу мард уыди, кӕд йӕ мӕлӕтыл бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, уӕддӕр. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта – сывӕллоны райгас кодта! Уый фӕстӕ Илийа лӕппуйы йӕ мадмӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!» (1 Паддзӕхты 17:22–24). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ мадӕй никуы ферох сты.
21, 22. а) Хуыцау-иу мӕрдты кӕй райгас кодта, уыцы хабӕрттӕ Библийы цӕмӕн ӕрцыдысты фыст? б) Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Иоанны 5:28, 29 стихты цы фыст ис?
21 Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу йӕ тыхы фӕрцы марды кӕй райгас кодта, цалдӕр ахӕм хабары. Ӕмӕ уыдонӕй ацы хабар у фыццаг. Фӕстӕдӕр ма Йегъовӕ мӕрдты ӕгас кӕныны хъару радта Елисейӕн, Йесойӕн, Павелӕн ӕмӕ Петрӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй райгас кодтой, уыдон та фӕстӕдӕр амардысты. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ Библийы фыст кӕй ӕрцыдысты, уый фӕрцы зонӕм, Йегъовӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый.
22 Дзӕнӕты Йесо ӕцӕгдӕр уыдзӕн «райгасдзинад ӕмӕ цард» (Иоанны 11:25). Уый райгас кӕндзӕн милуангай адӕмы, ӕмӕ сын уыдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Иоанны 5:28, 29). Ахъуыды-ма кӕн, куыд цин кӕндзыстӕм, не ’мбӕлттӕ ӕмӕ нӕ хиуӕттӕ куы райгас уой ӕмӕ та кӕрӕдзийӕн куы ныхъхъӕбыс кӕнӕм, уӕд! Ӕппӕт адӕм дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты, ахӕм диссаджы тых ӕм кӕй ис, уый тыххӕй.
23. Йегъовӕ йӕ тых диссаджы хуызы куыд равдыста ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй цы уырны?
23 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ цы сарӕзта, уый фӕрцы: йӕ Фырт Йесойы райгас кодта ӕмӕ йӕ зӕдтӕй се ’ппӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта. Йегъовӕ йӕ тых ахӕм диссаджы хуызы никуы равдыста. Йесо куы райгас, уӕд ӕй уый фӕстӕ федтой сӕдӕгай адӕймӕгтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:5, 6). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл чи не ’ууӕнды, уыдоны дӕр уый хъуамӕ ацы хабары фӕрцы бауырна. Йегъовӕмӕ ис ахӕм тых, цӕмӕй мӕрдты цардмӕ раздаха.
24. Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны ӕмӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
24 Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Иузӕрдион нӕлгоймаг Иов загъта, Йегъовӕ кӕй бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ (Иов 14:15). Ӕвӕццӕгӕн, дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй, йӕ тыхы фӕрцы ахӕм диссӕгтӕ чи аразы, уыцы уарзӕгой Хуыцау дӕ Хӕлар уа. Фӕлӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый у ӕрмӕстдӕр иу диссаг, Йегъовӕ цы бирӕ диссӕгтӕ сараздзӕн, уыдонӕй. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ, дзӕнӕты кӕй уыдзынӕ, уыцы ныфсыл алкӕддӕр хъуыды кӕн. Уым нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Йегъовӕйы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (Раргомад 21:5).
a Алцыдӕр «фӕстӕмӕ... [йӕ] къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕг» ралӕууыд, Мессийӕйы Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар ӕмӕ паддзах Давиды байзӕддаг йӕ Паддзах куы сси, уӕд. Йегъовӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаг паддзах ӕнустӕм кӕй уыдзӕн (Псалом 89:35–37). Фӕлӕ н. э. размӕ 607 азы, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ Давиды байзӕддӕгтӕй иу дӕр Хуыцауы паддзахбадӕныл нал ӕрбадт. Йесо уыд Давиды хӕдзарвӕндагӕй ӕмӕ уӕлӕрвты паддзахбадӕныл куы ’рбадт, уӕд зӕрдӕвӕрд Паддзах сси.
b Уый тыххӕй фыстой, зӕгъӕм, Моисей, Исай, Йереми, Йезекил, Оси, Иоил, Амос, Авди, Михей ӕмӕ Софони.