Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bh 3–7 фф.
  • Хуыцауы уый фӕндыд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы уый фӕндыд?
  • Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Сӕргӕндтӕ
  • БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС, ХУЫЦАУ ЗӔХХЫЛ КӔЙ СКӔНДЗӔН ДИССАДЖЫ ЦАРД
  • БИБЛИ ЛӔМБЫНӔГ АХУЫР КӔН
Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
bh 3–7 фф.

Хуыцауы уый фӕндыд?

ДӔ КЪУХМӔ цыфӕнды газет куы райсай, телевизор кӕнӕ радио куы баиу кӕнай,– фыдракӕндтӕ, хӕстытӕ ӕмӕ дзы терроризм йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕй кой ис. Уӕдӕ-ма, дӕхӕдӕг цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдоныл дӕр ахъуыды кӕн. Чи зоны, цавӕрдӕр низимӕ тох кӕныс кӕнӕ дын мӕлӕт дӕ хиуӕттӕй кӕйдӕр байста, ӕмӕ уый тыххӕй дӕхимӕ ныхъхъуыстай. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр фӕзӕгъыс, кӕддӕр рӕстаг адӕймаг Иов куыд загъта, афтӕ, «хъизӕмӕрттӕй дӕн ӕфсӕст», зӕгъгӕ (Иов 10:15).

Ахъуыды-ма кӕн ацы фарстатыл:

  • Хуыцауы уый фӕндыд? Уымӕн сфӕлдыста мӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмы дӕр?

  • Мӕ зындзинӕдты мын чи баххуыс кӕндзӕн?

  • Искуы зӕххыл сабыр цард уыдзӕн?

Ацы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр дзуапп ис Библийы.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС, ХУЫЦАУ ЗӔХХЫЛ КӔЙ СКӔНДЗӔН ДИССАДЖЫ ЦАРД

«Ныссӕрфдзӕн [сын] сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4).

«Къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн» (Исай 35:6).

«Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты» (Исай 35:5).

«Ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон... рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).

«Адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

«Зӕххыл хор уыдзӕн парахат» (Псалом 72:16).

Зӕхх фӕивта, Хуыцауы куыд фӕндыд, афтӕ: зӕрӕдтӕ сӕ ӕрыгон бонтӕм раздӕхтысты, рынчынтӕ ӕмӕ куырмытӕ сдзӕбӕх сты, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, алы ран хӕринаджы бӕркад

БИБЛИ ЛӔМБЫНӔГ АХУЫР КӔН

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, уӕлдӕр цы диссаджы царды кой цӕуы, уый аргъау у. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Хуыцау загъта, зӕххыл ӕцӕгдӕр ахӕм цард кӕй скӕндзӕн. Куыд, уый та нын Библийы ӕмбарын кӕны.

Дыууӕ нӕлгоймаджы ахуыр кӕнынц Библи чиныг «Библи цы дзуры»-йы фӕрцы

Фӕлӕ нын Библи стыр ӕххуыс у абон дӕр. Ӕмбарын нын кӕны, цы ис саразӕн, цӕмӕй ныртӕккӕ дӕр нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа. Иу гыццыл-ма ахъуыды кӕн, царды цӕуыл тыхсыс ӕмӕ дын ӕнцой цы нӕ дӕтты, ууыл. Чи зоны, ӕхцайӕ цух ӕййафыс кӕнӕ дын хӕдзары цыдӕр мӕстытӕ ис, йе та дӕ низ тыхсын кӕны кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чидӕр амард. Библи дын баххуыс кӕндзӕн уыцы зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн. Стӕй ма дын удӕнцой дӕр ӕрхӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзы дзуапп ссардзынӕ ахӕм фарстатӕн:

  • Цӕмӕн хъизӕмар кӕнӕм?

  • Царды зындзинӕдтимӕ куыд тох кӕнӕм?

  • Нӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

  • Нӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдоны ма искуы фендзыстӕм?

  • Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, Хуыцау фидӕны тыххӕй цы загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн?

Ацы чиныг кӕй кӕсыс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ зӕрдиагӕй фӕнды, Библи цы дзуры, уый базонын. Ӕркӕс-ма, алы фарсыл дӕр дзы абзацтӕм ис фарстатӕ. Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библийыл ныхас кӕнын. Ныфс нӕ ис, уый дӕ зӕрдӕмӕ дӕр кӕй фӕцӕудзӕн. Уӕдӕ дын Хуыцау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ Библи цы дзуры, уый цы базонай ӕмӕ дын уый стыр циндзинад цы ӕрхӕсса!

БИБЛИ ХУЫЗДӔР БАЗОН

БИБЛИЙЫ ис 66 чиныджы. Уыцы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ сты фыстӕджытӕ. Цӕмӕй Библийӕ пайда кӕнын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй дзы алы чиныг дӕр адих кодтой хицӕн сӕртыл, сӕртӕ та – хицӕн стихтыл. Ацы чиныджы Библийӕ стихтӕ кӕм ӕрхастой, уым Библийы чиныджы номы фӕстӕ фыццаг нымӕц амоны, кӕцы сӕрӕй ист у, уый, дыккаг нымӕц та – кӕцы стих у, уый. Зӕгъӕм, ис дзы «2 Тимофеймӕ 3:16». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ фыст сты Тимофеймӕ ӕрвыст фыстӕджытӕй дыккаджы, 3-аг сӕры, 16-ӕм стихы.

Ацы чиныджы цы стихтӕ ис, уыдон-иу Библийы куы ссарай, уӕд цыбыр рӕстӕгмӕ базондзынӕ, Библийы чингуытӕй чи кӕм ис, уый. Стӕй ма хорз уаид, Библи алы бон дӕр куы кӕсис. Алы бон дӕр дзы ӕртӕ – фондз сӕры куы кӕсай, уӕд ӕй иу азмӕ ӕнӕхъӕнӕй бакӕсдзынӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын