Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 1 СӔР

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?

      Данийы чи цӕры, ахӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕн

      Дани

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Тайваны

      Тайвань

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Венесуэлӕйы

      Венесуэлӕ

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Индийы

      Инди

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй зоныс? Чи зоны дзы чидӕртӕ сты дӕ сыхӕгтӕ йе та де ’мкусджытӕ кӕнӕ демӕ ахуыр кӕнынц. Йе та дзы, чи зоны, чидӕртӕ демӕ ныхас кодтой Библийыл. Уӕдӕ бӕлвырдӕй чи стӕм? Стӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн цӕмӕн дзурӕм?

      Мах дӕр стӕм иннӕ адӕмы хуызӕн. Не ’хсӕн ис, алыхуызон бинонты ’хсӕн чи схъомыл ӕмӕ алыхуызон уавӕрты чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ. Бирӕтӕ нӕ раздӕр хӕст уыдысты ӕндӕр динтыл, кӕйдӕрты та Хуыцау бынтондӕр нӕ уырныдта. Фӕлӕ нӕ алчидӕр, цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн не сси, уӕдмӕ цасдӕр рӕстӕг Библи лӕмбынӕг иртӕста (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Афтӕмӕй нӕ алчидӕр бамбӕрста, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у ӕмӕ уый фӕстӕ сфӕнд кодта Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

      Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр пайда. Иннӕ адӕмау мах дӕр ӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл, стӕй нӕ алкӕмӕ дӕр ис цыдӕр хъӕндзинӕдтӕ. Фӕлӕ мах алы хъуыддаджы дӕр архайӕм Библимӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны (Псалом 128:1, 2). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды, нӕхӕдӕг Библийӕ цы базыдтам, уый иннӕтӕн дӕр дзурын.

      Нӕ цард аразӕм Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ. Библийы уынаффӕтӕм кӕй хъусӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райы. Уымӕй уӕлдай ма иннӕтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ семӕ стӕм хӕларзӕрдӕ, стӕй сайгӕ дӕр никӕй кӕнӕм. Хуыцауы закъӕтты фӕрцы ӕгъдауджын цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл сты ӕнувыд. Стӕй адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы аразӕм, стӕм хорз кусджытӕ, хорз сыхӕгтӕ. Мах ӕй зонӕм, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, кӕцыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм ӕмӕ кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрӕм,– нӕ кӕрӕдзи нымайӕм иу бинонтыл, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл. Уӕдӕ кӕд хицӕнтӕй хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ стӕм, уӕддӕр ӕмткӕй райсгӕйӕ мах хуызӕн адӕм нӕй (Хъуыддӕгтӕ 4:13; 10:34, 35).

      • Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр иннӕ адӕмы хуызӕн сты?

      • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразынц, уый сын цы пайда хӕссы?

  • Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 2 СӔР

      Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?

      Ной

      Ной

      Авраам ӕмӕ Саррӕ

      Авраам ӕмӕ Саррӕ

      Моисей

      Моисей

      Йесо Чырысти

      Йесо Чырысти

      Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин ӕрӕджы фӕзынди. Фӕлӕ 2 700 азы размӕ дӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты хуыдта, «ме ’вдисӕнтӕ», зӕгъгӕ (Исай 43:10–12). Адӕм нӕ 1931 азы онг зыдтой Библииртасджытӕй. Ӕмӕ уӕдӕ нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын цӕмӕн райдыдтам?

      Уыцы ном ӕвдисы, нӕ Хуыцау чи у, уый. Рагон къухфыстытӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцауы ном Йегъовӕ Библийы ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Бирӕ тӕлмацты йын йӕ ном баивтой ахӕм дзырдтӕй, «Хицау», «Дунедарӕг» кӕнӕ «Хуыцау», зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау Моисеймӕ куы фӕзынд, уӕд ын раргом кодта йӕ ном, Йегъовӕ, ӕмӕ йын загъта: «Уыцы номӕй мӕ зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:15). Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, цыдӕриддӕр мӕнг хуыцӕуттӕ ис, уыдонимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Мах сӕрыстыр стӕм, Хуыцауы сыгъдӕг ном кӕй хӕссӕм, уымӕй.

      Уыцы номӕй бӕрӕг у, цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уый. Зӕххыл рагӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди, Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууыд, ахӕм адӕймӕгтӕ. Библи сӕ хоны «ӕвдисӕнты... стыр мигъ». Уыдонӕй фыццаг уыд рӕстгӕнӕг Авел. Се ’хсӕн ма ноджыдӕр уыдысты Ной, Авраам ӕмӕ Саррӕ, Моисей, Давид ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ (Дзуттӕгтӕм 11:4–12:1, кӕс фиппаинаг). Ӕнаххос адӕймагӕн куы фӕтӕрхон кӕнынц, уӕд ӕвдисӕн йӕ сӕрыл куыд фӕдзуры, афтӕ мах дӕр иннӕтӕн дзурӕм, нӕ Хуыцау ӕцӕгӕй чи у, уый тыххӕй.

      Афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Библи Йесойы хоны «иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн» (Раргомад 3:14). Йесо йӕхӕдӕг загъта, адӕмӕн Хуыцауы ном кӕй «раргом кодта» ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд (Иоанны 17:26; 18:37). Уӕдӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы ном хӕссой ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕргом кӕной. Раст афтӕ кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

      • Библииртасджытӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын цӕмӕн райдыдтой?

      • Йегъовӕйӕн зӕххыл ӕвдисӕнтӕ кӕдӕй нырмӕ ис?

      • Йегъовӕйы сӕйраг Ӕвдисӕн чи у?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Ӕмбырды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕ бацу ӕмӕ йемӕ аныхас кӕн, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай. Зӕгъӕм, бафӕрс ӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн цӕмӕн сдӕ, зӕгъгӕ.

  • Рӕстдзинад ногӕй куыд раргом?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 3 СӔР

      Рӕстдзинад ногӕй куыд раргом?

      Цалдӕр адӕймаджы 1870-ӕм азты иумӕ Библи иртасынц

      Библииртасджытӕ, 1870-ӕм азтӕ

      Нӕлгоймаг кӕсы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фыццаг номыр

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», фыццаг номыр, 1879 аз

      Сылгоймаджы къухы журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!»

      «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» абон

      Библийы загъд уыд, Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн кӕй фӕзындзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Уыцы ахуыргӕнджытӕ Чырыстийы ахуырӕдтӕ схӕццӕ кодтой мӕнг динты ахуырӕдтимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд мӕнг чырыстон дин (2 Тимофеймӕ 4:3, 4). Фӕлӕ уӕд цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый раст ӕмбарӕм?

      Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕ рӕстдзинад раргом кодтаид. Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, «кӕроны рӕстӕджы... раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты» (Данел 12:4). 1870 азы, рӕстдзинад чи агуырдта, уыцы Библииртасджыты гыццыл къорд бамбӕрста, чырыстон динты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ уыдысты. Гъемӕ цӕмӕй, Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый базыдтаиккой, уый тыххӕй йӕ иртасын райдыдтой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кодта.

      Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон Библи лӕмбынӕг иртӕстой. Уыцы зынгзӕрдӕ Библииртасджытӕ Фыстад куыд иртӕстой, абон ӕй мах дӕр афтӕ иртасӕм. Уыдон Библи иртӕстой темӕтӕм гӕсгӕ. Искӕцы скъуыддзаг-иу сын зын бамбарӕн куы уыди, уӕд-иу ӕркастысты ӕндӕр стихтӕм ӕмӕ-иу ын уый фӕрцы йӕ хъуыды бамбӕрстой. Ӕнӕхъӕн Библимӕ гӕсгӕ раст чи уыди, ахӕм хъуыдымӕ-иу куы ’рцыдысты, уӕд-иу ӕй ныффыстой. Афтӕмӕй Библи йӕхӕдӕг йӕхи ӕмбарын кодта, ӕмӕ ногӕй раргом сты, адӕмӕй ӕнусты дӕргъы рох чи уыд, уыцы ахуырӕдтӕ. Зӕгъӕм, уыдон бамбӕрстой, Библи цы дзуры Хуыцауӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй, стӕй йӕм зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, мӕрдтӕ цы уавӕры сты ӕмӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр. Фыстад бӕстон кӕй иртӕстой, уый фӕрцы ссӕрибар сты бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй (Иоанны 8:31, 32).

      1879 азмӕ Библииртасджытӕ бамбӕрстой, рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр базоной, Библи цы дзуры, уый. Ӕмӕ уыцы аз мыхуыр кӕнын райдыдтой, абоны онг дӕр кӕй мыхуыр кӕнӕм, уыцы журнал – «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Абон мах, Библийы цы фыст ис, уый хъусын кӕнӕм 240 бӕстӕйы 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Раст зонындзинӕдтӕ ныр куыд парахат сты, афтӕ никуыма!

      • Библийы цы фыст ис, уый Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ куыд сзыгъуыммӕ кодтой?

      • Рӕстдзинад ногӕй куыд раргом?

  • «Ног дунейы тӕлмац» мыхуыры цӕмӕн рауагътам?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 4 СӔР

      «Ног дунейы тӕлмац» мыхуыры цӕмӕн рауагътам?

      Зӕронд мыхуыргӕнӕн станок
      Фыццаг хатт мыхуыры рацыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац
      Адӕм сӕ къухты, «Библи – Ног дунейы тӕлмац», афтӕмӕй (Конго, Киншасӕ)

      Конго (Киншасӕ)

      «Библи – Ног дунейы тӕлмац» Руандӕйы мыхуыры рацыд

      Руандӕ

      Симмахы грекъаг тӕлмацы скъуыддзаджы Хуыцауы ном

      Симмахы грекъаг тӕлмацы скъуыддзаг, Псаломы 69:31 дзы ис Хуыцауы ном (нӕ эрӕйы ӕртыккаг кӕнӕ цыппӕрӕм ӕнус)

      Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кодтой Библийы алыхуызон тӕлмацтӕй, стӕй сӕ мыхуыры уагътой ӕмӕ сӕ парахат кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстой, кӕй хъӕуы ног ӕмӕ хуыздӕр тӕлмац. Адӕмӕн баххуыс кӕнын хъуыди, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн», уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы фӕндон (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 1950 азы англисаг ӕвзагыл хайгай мыхуыр кӕнын райдыдтам «Ног дунейы тӕлмац». Уый у раст ӕмӕ бӕлвырд тӕлмац. Ныртӕккӕ ис 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл, уыимӕ ирон ӕвзагыл дӕр.

      Хъуыди, ӕнцонӕмбарӕн чи уыдаид, ахӕм тӕлмац. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕмӕн се ’взаг дӕр ивгӕ кӕны. Ӕмӕ абон Библийы тӕлмацтӕй бирӕты ис, адӕм кӕй нал ӕмбарынц, ахӕм ныхӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма ахуыргӕндтӕ ссардтой рагондӕр къухфыстытӕ ӕмӕ уыдоны фӕрцы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой, Библи цы рагон ӕвзӕгтыл ӕрцыд фыст, уыдон – дзуттаг, арамейаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ.

      Хъуыди, Хуыцауы ныхӕстӕ раст тӕлмац кӕм ӕрцыдаиккой, ахӕм Библи. Хуыцау йӕ Ныхасы цы ныффыссын кодта, уый хъуамӕ тӕлмац кӕной раст, мацы дзы ивой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уый зӕгъӕн нӕй Библийы тӕлмацтӕн сӕ фылдӕрӕй. Чи сӕ тӕлмац кодта, уыдон дзы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, айстой.

      Хъуыди, Хуыцауӕн кад чи хастаид, ахӕм тӕлмац (2 Самуилы 23:2). Библийы рагондӕр къухфыстыты Йегъовӕйы ном ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц (кӕс бынӕй нывмӕ). Ӕмӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы дӕр Хуыцауы ном ныффыстой, уыцы къухфыстыты кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлы, уым (Псалом 83:18). Ацы тӕлмацыл чи куыста, уыдон бирӕ азты дӕргъы дуне ӕрмӕг раиртӕстой, ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Хуыцауы хъуыдытӕ дзы афтӕ ӕнцонӕмбарӕн сты, ӕмӕ адӕймаг йӕ кӕсынӕй не ’фсӕды. «Ног дунейы тӕлмац» дӕм дӕ мадӕлон ӕвзагыл ис ӕви нӕ, уӕддӕр хорз уаид, Йегъовӕйы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсис (Йесо Навин 1:8; Псалом 1:2, 3).

      • Библи ногӕй ратӕлмац кӕнын цӕмӕн бахъуыди?

      • Хуыцауы фӕндон зонын кӕй фӕнды, уыдоны алы бон дӕр цы хъӕуы аразын?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Бакӕс «Ног дунейы тӕлмац»-ы разныхас ӕмӕ ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Уыцы тӕлмацыл чи куыста, уыдон сӕхицӕн хӕсыл цы нымадтой?» Стӕй, дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдон абар, сӕ хъуыды ӕндӕр тӕлмацты куыд у, уыимӕ: Псалом 110:1; Матфейы 5:3; 6:22 ӕмӕ Филиппӕгтӕм 1:9.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын