Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн куыд лӕггад кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 15 СӔР

      Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн куыд лӕггад кӕнынц?

      Хистӕр нӕлгоймаг ныхас кӕны ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ

      Финлянди

      Хистӕр нӕлгоймаг ӕмбырд ахуыр кӕны

      Ӕмбырд ахуыр кӕны

      Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕты фидар кӕнынц

      Иннӕты фидар кӕны

      Хистӕр нӕлгоймаг хорз хабар хъусын кӕны

      Хъусын кӕны

      Нӕ организацийы, фидгӕ кӕмӕн кӕнынц, ахӕм разамонджытӕ нӕй. Фӕлӕ, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды куыд уыди, афтӕ махмӕ дӕр фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты сӕвӕрынц цӕстдарджытӕй, кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, «цӕмӕй хизой Хуыцауы дзуг» (Хъуыддӕгтӕ 20:28). Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ уырнындзинад у фидар. Уыдон ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн разамынд дӕттынц ӕмӕ Хуыцауы дзуг хизынц «тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, сӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй» (1 Петры 5:1–3). Сӕ хӕстӕм цы хауы?

      Тыхсынц ныл ӕмӕ нӕм сӕ хъус дарынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын Хуыцауы Ныхасӕй разамынд дӕттынц ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм. Уыцы ахсджиаг хъуыддаг сын сӕ бӕрны Хуыцау кӕй бакодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмӕн сӕхи хицау нӕ кӕнынц, фӕлӕ сыл тыхсынц ӕмӕ сын сӕ циныл цин ӕфтауынц (2 Коринфӕгтӕм 1:24). Фыййау йӕ фыстӕй алкӕцымӕ дӕр йӕ хъус куыд фӕдары, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй ӕмбырды алкӕй дӕр хорз зоной (Ӕмбисӕндтӕ 27:23).

      Амонынц нын, Хуыцауы фӕндон куыд хъӕуы ӕххӕст кӕнын, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алы къуыри дӕр фӕуадзынц ӕмбырдтӕ ӕмӕ нын афтӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц (Хъуыддӕгтӕ 15:32). Стӕй уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайынц, немӕ уацамынды фӕцӕуынц ӕмӕ нӕ ахуыр кӕнынц хуыздӕр хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын.

      Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ алкӕуыл дӕр хицӕнӕй тыхсынц, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа. Уыдон нӕ бабӕрӕг кӕнынц кӕнӕ та немӕ Паддзахады залы аныхас кӕнынц ӕмӕ нын Библийӕ хорз уынаффӕтӕ раттынц, стӕй нын нӕ ныфсыл дӕр ныфс бафтауынц (Иаковы 5:14, 15).

      Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрмӕст ӕмбырды не ’ххӕст кӕнынц алыхуызон хӕстӕ. Сӕ фылдӕрӕн ис бинонтӕ, ӕмӕ сӕ хъӕуы дарын, семӕ рӕстӕг ӕрвитын, узӕлын сыл. Уӕдӕ уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ фыдӕбоны тыххӕй куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 5:12, 13).

      • Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтыл цавӕр хӕстӕ ис?

      • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ алкӕуыл дӕр хицӕнӕй куыд тыхсынц?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йӕ бон кӕмӕн у? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:1–10, 12 ӕмӕ Титмӕ 1:5–9.

  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды цавӕр хӕстӕ ис?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 16 СӔР

      Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды цавӕр хӕстӕ ис?

      Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕххуыс кӕны литературӕ дӕттынӕн

      Мьянмӕ

      Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн ӕмбырды ис раныхас

      Ӕмбырды йын хӕслӕвӕрдтӕ вӕййы

      Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕмбырд уадзы

      Уацамындон фембӕлд уадзы

      Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕххуыс кӕны зал ӕфснайыны хъуыддаджы

      Зал ӕфснайы

      Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц «цӕстдарджытӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ» (Филиппӕгтӕм 1:1). Арӕхдӕр ӕмбырды вӕййы цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл цавӕр хӕстӕ ис?

      Ӕххуыс кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты ’хсӕн ис ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр. Уыдон сты ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕууӕнкджын, стӕй сӕ уырнындзинад у фидар. Ӕмбырды сӕ бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы кӕнын. Ӕмӕ дзы кӕд иуӕй-иутӕ хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ сты, уӕддӕр иууылдӕр сты ахсджиаг. Уыцы хӕстӕ сӕхимӕ кӕй исынц, уый фӕрцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг ис, цӕмӕй Хуыцауы дзуг хизой ӕмӕ йӕ ахуыр кӕной.

      Иннӕтӕн лӕггад кӕнынц. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй иутӕн бахӕс кӕнынц, цӕмӕй-иу, ӕмбырдмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн ӕгасцуай зӕгъой. Иннӕтӕ дзуапп фӕдӕттынц музыкӕ ӕмӕ микрофонты тыххӕй, чидӕртӕ та – литературӕ, ӕхцайы хыгъдтӕ ӕмӕ, чи кӕм хъусын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Ӕххуыс ма кӕнынц Паддзахады залмӕ зилынӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бахӕс кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырды ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕной. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн цавӕрфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕной, уӕддӕр ӕй ӕнӕзивӕгӕй бакӕнынц, ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕмбырды алчидӕр аргъ кӕны (1 Тимофеймӕ 3:13).

      Сӕ чырыстон миниуджытӕй сты фӕзминаг. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй кӕй снысан кӕнынц, уыдонмӕ вӕййы рӕсугъд чырыстон миниуджытӕ. Ӕмбырды сын цы раныхӕстӕ ӕмӕ цы хӕслӕвӕрдтӕ вӕййы, уыдоны фӕрцы нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц. Уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы сты фӕзминаг, ӕмӕ уый мах дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнӕм. Стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй архайынц, уый фӕрцы ӕмбырды ис иудзинад ӕмӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнынц (Ефесӕгтӕм 4:16). Рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн йӕ бон вӕййы хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын.

      • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цавӕр миниуджытӕ вӕййы?

      • Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбырды цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ фӕаразынц?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Ӕмбырдмӕ-иу куы ӕрбацӕуай, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй искӕимӕ базонгӕ у ӕмӕ йын кӕд бинонтӕ ис, уӕд уыдонимӕ дӕр. Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй алкӕимӕ дӕр базонгӕ уыдзынӕ.

  • Районон цӕстдарджытӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 17 СӔР

      Районон цӕстдарджытӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

      Районон цӕстдарӕг ӕмӕ йӕ ус

      Малави

      Районон цӕстдарӕг хъусын кӕныны размӕ фембӕлд уадзы

      Уацамындон фембӕлд

      Районон цӕстдарӕг хорз хабар хъусын кӕны

      Хъусын кӕны

      Районон цӕстдарӕг фембӕлды ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ

      Хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ фембӕлд

      Чырыстон Грекъаг Фыстыты арӕх дзырд цӕуы апостол Павел ӕмӕ Варнавӕйы тыххӕй. Уыдон лӕггад кодтой цӕуӕг цӕстдарджытӕй ӕмӕ бӕрӕг кодтой, фыццаг ӕнусы цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон. Сӕ нысан уыди ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты уырнындзинад фидар кӕнын. Павелы фӕндыд, цы горӕтты хъусын кодтой, уырдӕм «аздӕхын ӕмӕ... ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнын ӕмӕ, куыд сты, уый фенын». Ӕмӕ уый тыххӕй цӕттӕ уыди сӕдӕгай километртӕ фӕцӕуынмӕ дӕр (Хъуыддӕгтӕ 15:36). Абон дӕр цӕуӕг цӕстдарджытӕ хотыл ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ тыхсынц.

      Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц. Афӕдз дыууӕ хатты районон цӕстдарджытӕй алчидӕр бабӕрӕг кӕны иу-20 ӕмбырды ӕмӕ алы ӕмбырдимӕ дӕр иу къуыри балӕггад кӕны. Уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты лӕггадӕй бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Уыдон ӕмбырды алкӕимӕ дӕр, ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр, базонгӕ вӕййынц. Немӕ зӕрдиагӕй фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонмӕ немӕ ацӕуынц. Стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмбырдӕй иуӕй-иуты бабӕрӕг кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма сын ӕмбырды ӕмӕ конгрессты цы раныхӕстӕ вӕййы, уыдоны фӕрцы нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц (Хъуыддӕгтӕ 15:35).

      Сӕ хъус дарынц ӕмбырды алцӕмӕ дӕр. Районон цӕстдарджытӕ сӕ хъус фӕдарынц, алы ӕмбырд дӕр цы уавӕры ис, уымӕ. Уыдон хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртимӕ фембӕлынц, цӕмӕй базоной, ӕмбырдӕн цы бантыст, уый ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕн раттынц уынаффӕтӕ, сӕ бон сӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕнын куыд у, уый фӕдыл. Стӕй ма баххуыс кӕнынц пионертӕн дӕр – бацамонынц сын алыхуызон мадзӕлттӕ адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарынӕн. Уымӕй уӕлдай ма рӕстӕг ссарынц ногтӕн дӕр. Семӕ базонгӕ вӕййынц, афӕрстытӕ сӕ кӕнынц, рӕстдзинад куыд базыдтой ӕмӕ сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынц, уымӕй. Уыцы ӕфсымӕртӕ сты не ’мкусджытӕ ӕмӕ «мах тыххӕй фыдӕбон кӕнынц» (2 Коринфӕгтӕм 8:23). Хъуамӕ сын мах дӕр сӕ уырнындзинад фӕзмӕм ӕмӕ Хуыцауыл уыдонау иузӕрдион уӕм (Дзуттӕгтӕм 13:7).

      • Районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕ цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?

      • Районон цӕстдарӕг уе ’мбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд уый дӕуӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Дӕ къӕлиндары фӕнысан кӕн, районон цӕстдарӕг уе ’мбырд кӕд бӕрӕг кӕндзӕн, уый, цӕмӕй йын йӕ раныхӕстӕм байхъусай. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн зӕгъ, цӕмӕй-иу дӕм уыцы къуыри ахуырмӕ районон цӕстдарӕгимӕ кӕнӕ йӕ бинойнагимӕ ӕрбацӕуа.

  • Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 18 СӔР

      Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фыццаг ӕххуыс ӕрӕрвыстой Доминиканы Республикӕмӕ

      Доминиканы Республикӕ

      Японийы барвӕндон кусджытӕ паддзахады зал ногӕй аразынц

      Япони

      Гаитийы иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн зӕххӕнкъуысты фӕстӕ иу лӕгӕн ныфсытӕ ӕвӕры

      Гаити

      Исты стыр бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕм ӕххуысмӕ фӕзынынц. Уымӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц, уый (Иоанны 13:34, 35; 1 Иоанны 3:17, 18). Не ’фсымӕртӕн ахӕм уавӕрты куыд баххуыс кӕнӕм?

      Баххуыс сын кӕнӕм ӕхцайӕ. Фыццаг ӕнусы Иудейӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ се ’фсымӕртӕн уырдӕм ӕхца арвыстой (Хъуыддӕгтӕ 11:27–30). Абон мах дӕр ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусӕм, ӕмӕ кӕмдӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ зын уавӕры бахаудысты, уӕд сын не ’мбырды уылты мысайнӕгтӕ арвитӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ зын фӕрог кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 8:13–15).

      Сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Бӕллӕх кӕм ӕрцӕуы, уыцы ран бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бацархайынц, цӕмӕй се ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй алкӕй дӕр ссарой ӕмӕ, цы уавӕры сты, уый базоной. Ӕххуысы комитет алцыдӕр саразы, цӕмӕй сын уа хӕринаг, сыгъдӕг дон нуазынӕн, дзаумӕттӕ ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый, стӕй сӕ кӕд хостӕ ӕмӕ дохтырты ӕххуыс хъӕуы, уӕд уый дӕр. Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ахӕм рӕттӕм сӕхи хардзӕй ацӕуынц ӕмӕ се ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууынц. Зӕгъӕм, сцалцӕг сын кӕнынц сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ. Нӕ организацийы иудзинад кӕй ис ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ иумӕ кӕй фӕаразӕм, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы ахӕм уавӕрты уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынын. Мах, «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм», ӕрмӕст уыдоны фарсмӕ нӕ балӕууӕм. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ ма баххуыс кӕнӕм иннӕтӕн дӕр, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр (Галатӕгтӕм 6:10).

      Ныфс сӕ бауадзӕм Хуыцауы Ныхасӕй. Адӕймагыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд ӕй уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы бафидар кӕнын. Ахӕм рӕстӕг нын Йегъовӕ, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау», хъарутӕ ратты, цӕмӕй нӕ бон уа иннӕты дӕр ныфс уадзын (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Тыхст уавӕры чи вӕййы, уыдонӕн сӕ ныфс бафидар кӕнӕм, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уымӕй. Радзурӕм сын, тагъд Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕппӕт бӕллӕхтӕн дӕр ӕмӕ адӕм кӕй нал хъизӕмар кӕндзысты (Раргомад 21:4).

      • Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд ӕххуысмӕ цӕй фӕрцы фӕзынынц?

      • Бӕллӕхы чи бахауы, уыдонӕн сӕ ныфс куыд бафидар кӕнӕм?

  • Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 19 СӔР

      Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?

      Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ныхас кӕны
      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ахуыр кӕны библиӕмбарынгӕнӕн публикаци

      Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг не ’ппӕтӕн дӕр хӕссы стыр пайда

      Дыууӕ ӕфсымӕры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕй

      Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ныхас кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цыппаримӕ – Петр, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андреимӕ. Ӕмӕ сын, ацы дунейы фӕстаг бонтӕ кӕд ралӕудзысты ӕмӕ Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уый куы ӕмбарын кодта, уӕд загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?» (Матфейы 24:3, 45; Марчы 13:3, 4). Ацы ныхӕстӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ «хицау», ома йӕхӕдӕг, йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕргъы сӕвӕрдзӕн, чи сыл тыхсдзӕн, ахӕм адӕймӕгты ӕмӕ сын уыдон ацы дунейы фӕстаг бонты ӕдзухдӕр дӕтдзысты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Цымӕ чи у уыцы «цагъар»?

      Уый у Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджыты гыццыл къорд. Уыцы цагъар у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет. Уый Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы ӕууӕнкджын цагъар куы нӕ уаид, уӕд «нӕ хӕринаджы хай афоныл» нӕ исиккам (Лукайы 12:42).

      Уый Хуыцауы «бинонтӕн» разамынд дӕтты (1 Тимофеймӕ 3:15). Йесо цагъарӕн йӕ бар бакодта, Йегъовӕйы организаци зӕххыл цы стыр куыст кӕны, уый. Уыцы цагъар йӕ хъус дары организацийы исбонмӕ, разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ нӕ ӕмбырдты уылты ахуыр кӕны. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын хӕринаг дӕтты алыхуызон публикациты уылты, стӕй ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты дӕр, ӕмӕ нын уый фӕрцы, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый алкӕддӕр афоныл вӕййы.

      Уыцы цагъар ӕууӕнкджын уымӕн у, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл фидар хӕцы ӕмӕ йын йӕ Хицау цы бахӕс кодта, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕны – хъусын кӕны хорз хабар. Зондджын та уымӕн у, ӕмӕ йын Чырысти зӕххыл йӕ бар цыдӕриддӕр бакодта, уымӕ йӕ хъус дары ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕйӕ архайы (Хъуыддӕгтӕ 10:42). Йегъовӕ арфӕ кӕны сӕ фыдӕбонӕн. Уый бӕрӕг у, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц ӕмӕ сын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй кӕй ис, уымӕй (Исай 60:22; 65:13).

      • Йесо кӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн хӕринаг дӕтта?

      • Уыцы цагъар ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

  • Разамонӕг совет абон куыд архайы?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 20 СӔР

      Разамонӕг совет абон куыд архайы?

      Фыццаг ӕнусы Разамонӕг совет

      Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет

      Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕсынц Разамонӕг советы фыстӕг

      Разамонӕг советы фыстӕг кӕсынц

      Фыццаг ӕнусы-иу, ӕппӕт ӕмбырдтӕм дӕр чи хауд, ахӕм ахсджиаг фарстатӕ алыг кодта, Иерусалимы чи уыд, уыцы «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты» гыццыл къорд – разамонӕг совет (Хъуыддӕгтӕ 15:2). Исты хъуыддаджы тыххӕй-иу сӕ аныхас кӕнын куы хъуыди, уӕд-иу ӕркастысты, уыцы фарстайы фӕдыл Фыстад цы зӕгъы, уымӕ, стӕй-иу Хуыцаумӕ скуывтой, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты разамынд лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы ӕмвӕндӕй уынаффӕ рахастой (Хъуыддӕгтӕ 15:25). Абон дӕр Йегъовӕйы организацийы ахсджиаг уынаффӕтӕ афтӕ фӕхӕссынц.

      Хуыцау йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны Разамонӕг советы уылты. Разамонӕг советы чи ис, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ цыфӕнды хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ дӕр фӕархайынц, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бамбарыныл. Уыцы ӕфсымӕртӕ сты фӕлтӕрд ӕмӕ, алыхуызон уавӕрты куыд бакӕнын хъӕуы, уый фӕзонынц. Уыдон алы къуыри дӕр фембӕлынц ӕмӕ иумӕ фӕныхас кӕнынц, ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хъӕуы, ууыл. Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Разамонӕг совет Библимӕ гӕсгӕ разамынд фӕдӕтты фыстӕджыты, стӕй цӕуӕг цӕстдарджыты ӕмӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕм хӕст сты иу зондыл ӕмӕ архайгӕ дӕр иу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕнынц (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5). Разамонӕг совет йӕ хъус дары, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, уыцы хӕринаг нын афоныл куыд уа, уымӕ. Стӕй алцыдӕр аразы, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Йӕ хъус ма дары, ӕфсымӕрты цӕуӕг цӕстдарджытӕй, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй куыд снысан кӕнынц, уымӕ дӕр.

      Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ хъусынц. Разамонӕг совет зонд агуры не Стыр Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырды Хистӕр Йесо Чырыстийӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 5:23). Уыцы ӕфсымӕртӕ сӕхи Хуыцауы адӕмы хицӕуттыл нӕ нымайынц, фӕлӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ, «Уӕрыкк [ома Йесо] кӕдӕм цӕуы... уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (Раргомад 14:4). Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ тынг аргъ кӕнынц, уыдоны тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уымӕн.

      • Фыццаг ӕнусы разамонӕг советы чи уыд?

      • Абон Разамонӕг совет зонд Хуыцауӕй куыд агуры?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:1–35 ӕмӕ ахъуыды кӕн, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн быцӕу цы фарстайы фӕдыл рауад, уый разамонӕг совет Фыстад ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы куыд алыг кодта, ууыл.

  • Цы у Вефил?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 21 СӔР

      Цы у Вефил?

      Дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны кусынц Нывгӕнджыты хайады Вефилы

      Нывгӕнджыты хайад (АИШ)

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кусы Вефилы типографийы Германийы

      Германи

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн гӕрзтӕ ӕхсы Кенийы вефилы

      Кени

      Официанттӕ стӕлттӕ цӕттӕ кӕнынц Колумбийы Вефилы

      Колумби

      «Вефил» у дзуттаг дзырд ӕмӕ нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар» (Райдиан 28:17, 19, фиппаинаг). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хонынц, ӕгас дунейы дӕр сын алы рӕтты чи ис ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕцӕй дӕттынц, уыцы бӕстыхӕйттӕ. Разамонӕг совет ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Нью-Йорчы (АИШ), ӕмӕ йӕ хъус дары, алы ӕмӕ алы бӕстӕты филиалты цы куыст цӕуы, уымӕ. Уыцы филиалты чи лӕггад кӕны, уыдон сӕхи хонынц Вефилы бинонтӕ. Уыдон иу бинонтау хӕларӕй цӕрынц, кусгӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр кӕнынц иумӕ, стӕй Библи дӕр иумӕ фӕахуыр кӕнынц (Псалом 133:1).

      Вефил у, иумӕ удуӕлдайӕ кӕм лӕггад кӕнынц, ахӕм диссаджы бынат. Вефилты лӕггад кӕнынц, Йегъовӕйы фӕндон йӕ царды фыццаг бынаты чи ӕвӕры ӕмӕ йӕ рӕстӕг иууылдӕр Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн чи дӕтты, ахӕм чырыстӕттӕ (Матфейы 6:33). Уыдон сӕ куысты тыххӕй мызд нӕ исынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр алкӕмӕн дӕр ис, кӕм цӕра ӕмӕ цы хӕра, уый, стӕй сын фӕндаггаг ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕн ӕхца фӕдӕттынц. Вефилы алкӕмӕн дӕр бахӕс кӕнынц цавӕрдӕр куыст. Чи дзы офисы кусы, чи – къухнийы кӕнӕ хӕрӕндоны, чи та литературӕ мыхуыр кӕны. Иннӕтӕ та агъуыстытӕ ӕфснайынц, гӕрзтӕ ӕхсынц, Вефилы бӕстыхӕйттӕм зилынц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм куыстытӕ кӕнынц.

      Вефил стыр ӕххуыс у хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Вефилтӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕм фехъусой. Ӕмӕ ацы брошюрӕ дӕр уый тыххӕй уагъд ӕрцыд. Фыццаг уал ӕй Разамонӕг советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ ныффыстой. Стӕй йӕ Интернетӕй арвыстой, дунейы алы рӕтты цы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонмӕ. Уый фӕстӕ йӕ иуӕй-иу Вефилты типографиты, тагъд чи кусы, ахӕм станоктыл ныммыхуыр кодтой ӕмӕ цӕттӕ брошюрӕтӕ фӕхӕццӕ кодтой 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕрмӕ. Ацы куыст райдианӕй кӕронмӕ бакодтой, Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдон. Афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕн – хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн (Марчы 13:10).

      • Вефилы чи лӕггад кӕны ӕмӕ сӕ царды уавӕрты тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

      • Вефилты цы куыст цӕуы, уый цавӕр ахсджиаг хъуыддагимӕ у баст?

  • Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 22 СӔР

      Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?

      Цалдӕр нӕлгоймаджы Соломоны сакъадӕхты филиалы куыст пълан кӕнынц

      Соломоны сакъадӕхтӕ

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, лӕггад кӕны Канадӕйы Вефилы

      Канадӕ

      Машинӕтӕ литературӕ ласынӕн

      Хуссар Африкӕ

      Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон кусынц алыхуызон хайӕдты ӕмӕ афтӕмӕй иу кӕнӕ цалдӕр бӕстӕйӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Зӕгъӕм, лӕггад кӕнынц тӕлмацгӕнджыты къордты, мыхуыр кӕнынц журналтӕ, чингуытӕн алыхуызон цъӕрттӕ аразынц, литературӕ кӕм вӕййы, уыцы скълӕдты кусынц, уадзынц аудио- ӕмӕ видеопродукци ӕмӕ ӕндӕр ахӕм куыстытӕ кӕнынц.

      Филиалы комитет дзуапп дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Разамонӕг совет алы филиалы дӕр снысан кӕны филиалы комитет. Уыцы комитеты вӕййы ӕртӕ кӕнӕ фылдӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаджы. Филиалы комитет Разамонӕг советӕн фӕхабар кӕны, йӕ бӕрны чи ис, уыцы бӕстӕйы кӕнӕ бӕстӕты хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы ӕмӕ дзы цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны, уый тыххӕй. Афтӕмӕй Разамонӕг совет уынаффӕ рахӕссы, нӕ литературӕйы, стӕй ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты хъус ӕрдарын цӕмӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Разамонӕг совет йӕ минӕвӕртты арвиты, цӕмӕй-иу филиалтӕ бабӕрӕг кӕной ӕмӕ-иу филиалты комиттетӕн бацамоной, сӕ бон куыд у сӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Сӕйраг хайады минӕварӕн вӕййы сӕрмагонд программӕ. Зӕгъӕм, бацӕттӕ кӕны раныхас, филиалы территорийы цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цӕры, уыдонӕн ӕмӕ сын уый фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтауы.

      Филиал ӕххуыс кӕны ӕмбырдтӕн. Цалынмӕ ног ӕмбырд фӕзыны, уӕдмӕ уал филиалы бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсынц ӕмӕ стӕй уынаффӕ рахӕссынц. Уыдон ма разамынд дӕттынц, филиалы территорийы чи лӕггад кӕны, уыцы пионертӕн, миссионертӕн ӕмӕ районон цӕстдарджытӕн дӕр. Уыцы ӕфсымӕртӕ спълан кӕнынц, конгресстӕ кӕд ӕмӕ кӕмыты ацӕудзысты, уый. Стӕй разамынд дӕттынц Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддагӕн. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъус дарынц, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕ афоныл райсой, литературӕйӕ сӕ цы хъӕуы, уый. Филиалтӕ цыдӕриддӕр аразынц, уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы ӕнӕкъуылымпыйӕ, уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40).

      • Филиалты комитеттӕ Разамонӕг советӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

      • Филиалты бӕрны цавӕр хъуыддӕгтӕ ис?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Алы филиалы дӕр къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ вӕййы экскурситӕ. Дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм! Филиалмӕ куы цӕуай, уӕд-иу дӕ уӕлӕ скӕн, ӕмбырдмӕ кӕй скӕнис, ахӕм дзаумӕттӕ. Вефилы цы фенай, уый дын дӕ уырнындзинад тынг бафидар кӕндзӕн.

  • Нӕ литературӕ куыд фыссынц ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 23 СӔР

      Нӕ литературӕ куыд фыссынц ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кӕнынц?

      Фысджыты хайадӕй чидӕр (АИШ)

      Фысджыты хайад (АИШ)

      Тӕлмацгӕнджыты къорд Хуссар Корейы

      Хуссар Корей

      Сомихы иу нӕлгоймаг, йӕ къухы нӕ чингуытӕй иу

      Сомих

      Бурундийы гыццыл чызджы къухы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ратӕлмац кодтой, ахӕм чиныг

      Бурунди

      Шри-Ланкӕйы иу сылгоймаджы къухы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ратӕлмац кодтой, ахӕм журнал

      Шри-Ланка

      Цӕмӕй «хорз хабар... алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» дӕр фехъусын кӕнӕм, уый тыххӕй литературӕ уадзӕм 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл (Раргомад 14:6). Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, уый ӕнцон хъуыддаг кӕй нӕу. Ӕмӕ нын уӕдӕ цӕй фӕрцы ӕнтысы? Уымӕн нын стыр ӕххуыс сты, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты чи цӕры, уыцы фысджытӕ ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕ. Се ’ппӕт дӕр сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

      Ӕрмӕг ныффыссынц англисаг ӕвзагыл. Разамонӕг совет йӕ хъус дары фысджыты хайадмӕ. Уыцы хайад ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады. Фысджыты хайад та, сӕйраг хайады ӕмӕ ӕндӕр филиалты чи лӕггад кӕны, уыцы фысджытӕн бахӕс кӕны цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл статья ныффыссын. Нӕ фысджытӕ алы бӕстӕтӕй кӕй сты, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы алы ӕмӕ алы адӕмыхӕттыты цард ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй ныффыссын. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ литературӕ алыхуызон адӕм зӕрдиагӕй фӕкӕсынц.

      Ӕрмӕг арвитынц тӕлмацгӕнджытӕм. Ӕрмӕг фыст куы ’рцӕуы, уӕд ӕй бабӕстон кӕнынц ӕмӕ йӕм Разамонӕг совет ӕркӕсы. Уый фӕстӕ йӕ интернетӕй арвитынц, ӕгас зӕххыл цы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонмӕ. Тӕлмацгӕнджытӕ ӕрмӕг ратӕлмац кӕнынц, англисагимӕ йӕ абарынц ӕмӕ йӕ се ’взаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ барӕстытӕ кӕнынц. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй, англисаг тексты цы хъуыды ис, уый се ’взагмӕ раст ратӕлмац кӕной (Екклесиаст 12:10).

      Компьютерты фӕрцы нӕ куыст цӕуы тагъддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, компьютер адӕймаджы бӕсты статья нӕ ныффысдзӕн ӕмӕ йӕ нӕ ратӕлмац кӕндзӕн. Фӕлӕ компьютерты фӕрцы куыст цӕуы тагъддӕр. Компьютерты вӕййы дзырдуӕттӕ ӕмӕ алыхуызон программӕтӕ, стӕй ма дзы вӕййы бирӕ информаци цавӕрфӕнды фарстайы фӕдыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрымысыдысты, бирӕ ӕвзӕгтимӕ кусӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм компьютерон программӕ (MEPS). Уыцы программӕйы фӕрцы текст компьютермӕ бахӕссынц сӕдӕгай ӕвзӕгтыл, стӕй йӕ нывтимӕ баиу кӕнынц ӕмӕ йӕ мыхуырмӕ бацӕттӕ кӕнынц.

      Цымӕ ахӕм стыр куыст цӕмӕн кӕнӕм? Цалдӕр мин адӕймаджы йеддӕмӕ кӕуыл нӕ дзуры, суанг ахӕм ӕвзӕгтӕм дӕр нӕ литературӕ цӕмӕн тӕлмац кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:3, 4).

      • Нӕ литературӕ фыст куыд ӕрцӕуы?

      • Нӕ литературӕ уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм цӕмӕн тӕлмац кӕнӕм?

  • Ӕхца нӕм кӕцӕй цӕуы?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 24 СӔР

      Ӕхца нӕм кӕцӕй цӕуы?

      Чидӕр мысайнаг ӕппары
      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц

      Непал

      Паддзахады зал аразджытӕ Тогойы

      Того

      Барвӕндон кусджытӕ кусынц Великобританийы филиалы

      Великобритани

      Нӕ организаци алы аз дӕр ныммыхуыр кӕны ӕмӕ апарахат кӕны милуангай Библитӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ. Нӕ литературӕ уӕй нӕ кӕнӕм. Аразӕм ма Паддзахады залтӕ ӕмӕ филиалтӕ дӕр ӕмӕ сӕм зилӕм. Стӕй ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнӕм, Вефилты ӕмӕ миссионертӕй цы бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай ма не ’фсымӕртыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Чи зоны, зӕгъай, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕн уӕм ӕхца кӕцӕй ис, зӕгъгӕ.

      Мах дӕсӕм хай нӕ дӕттӕм ӕмӕ ӕхца дӕр не ’мбырд кӕнӕм. Кӕд хъусын кӕныны хъуыддагыл бирӕ ӕхца хардз кӕнӕм, уӕддӕр ӕхца никӕмӕй курӕм. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уадзын куы райдыдтам, уӕдӕй рацыд сӕдӕ азӕй фылдӕр ӕмӕ йӕ дыккаг номыры фыст уыд, зӕгъгӕ, мах фидарӕй зонӕм, нӕ хъуыддаг размӕ Йегъовӕйы фӕрцы кӕй цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕмӕй никуы курдзыстӕм ӕмӕ никуы никӕмӕн лӕгъстӕ кӕндзыстӕм, цӕмӕй нын ӕхцайӕ баххуыс кӕной. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, никуы никӕмӕй ракуырдтам ӕххуыс! (Матфейы 10:8).

      Нӕ куыст кӕнӕм мысайнӕгты фӕрцы. Абон ӕгас дунейы дӕр цы куыст кӕнӕм, уый тыххӕй бирӕтӕ тынг бузныг сты, ӕмӕ сӕ бафӕнды хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕхцайӕ баххуыс кӕнын. Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕна, уый тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг дӕр не ’вгъау кӕнынц сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ, се ’хца ӕмӕ ма сӕм ноджыдӕр цы ис, уый (1 Азфыстыты 29:9). Паддзахады залты, стӕй нын конгресстӕ кӕм вӕййы, уыцы бынӕтты вӕййы мысайнӕгты асыччытӕ, ӕмӕ кӕй фӕфӕнды, уый йӕ мысайнаг уым ныппары. Кӕнӕ та мысайнаг арвитӕн ис нӕ сайты уылты дӕр. Уыцы мысайнӕгтӕн сӕ фылдӕр ныппарынц, хъӕздыг чи нӕу, ахӕм адӕм. Уыдон дӕр сты, Чырыстийы рӕстӕджы кувӕндоны ӕхцавӕрӕны дыууӕ лыстӕг ӕхцайы чи ныппӕрста, уыцы мӕгуыр усы хуызӕн (Лукайы 21:1–4). Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ-иу, йӕ зӕрдӕ цас зӕгъы, уыйбӕрц ӕхца «хицӕнӕй сӕвӕра» ӕмӕ-иу ӕй стӕй мысайнагӕн ратта (1 Коринфӕгтӕм 16:2; 2 Коринфӕгтӕм 9:7).

      Мах фидарӕй зонӕм: Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дарддӕр дӕр разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ Паддзахады хъуыддагӕн дӕттой, «хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый», ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 3:9).

      • Нӕ организаци иннӕ динтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

      • Мысайнагӕн цы ӕхца раттынц, уый цӕуыл бахардз кӕнӕм?

  • Паддзахады залтӕ цӕмӕн аразӕм ӕмӕ сӕ куыд аразӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 25 СӔР

      Паддзахады залтӕ цӕмӕн аразӕм ӕмӕ сӕ куыд аразӕм?

      Паддзахады зал аразджытӕ Боливийы

      Боливи

      Паддзахады зал Нигерийы цалынмӕ не ’сцалцӕг кодтой, уӕдмӕ
      Паддзахады зал Нигерийы куы сцалцӕг кодтой, уый фӕстӕ

      Нигери, раздӕр ӕмӕ ныртӕккӕ

      Таитийы Паддзахады зал кӕм уыдзӕн, уыцы бынат

      Таити

      Библийы сӕйраг темӕ у Хуыцауы Паддзахад. Чырысти дӕр уыцы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта. Ӕмӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййӕм, уыцы бынӕттӕ дӕр Паддзахады залтӕ уымӕн хонӕм (Лукайы 8:1).

      Уым кувӕм Йегъовӕ Хуыцауӕн. Паддзахады залты нын амонынц, нӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын, уый ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддагӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дӕр уым райсӕм (Матфейы 24:14). Паддзахады залтӕй иутӕ вӕййынц стырдӕр, иннӕтӕ та – къаддӕр, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр сты хуымӕтӕг. Бирӕ рӕтты иу залы фембырд кӕны цалдӕр ӕмбырды. Ӕмбырдты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ фӕстаг азты сарӕзтам тынг бирӕ ног залтӕ. Рӕстӕмбис нымадӕй алы бон дӕр саразӕм фондз залы. Ахӕм стыр куыст нын цӕй фӕрцы ӕнтысы? (Матфейы 19:26).

      Арӕзт цӕуынц мысайнӕгты фӕрцы. Уыцы мысайнӕгтӕ арвитынц филиалмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон вӕййы ӕмбырдтӕн ӕхца раттын, цӕмӕй Паддзахады зал саразой кӕнӕ йӕ реконструкци скӕной.

      Аразынц сӕ, мызд кӕмӕн нӕ фидынц, ахӕм барвӕндон кусджытӕ. Бирӕ бӕстӕты скодтой, Паддзахады залтӕ чи аразы, ахӕм къордтӕ. Уыцы къордты чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дӕр схъомыл сты алыхуызон уавӕрты, стӕй сӕм ис алыхуызон курдиӕттӕ. Барвӕндон кусджытӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуынц, суанг дард рӕттӕм дӕр, цӕмӕй ӕмбырдтӕн Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕной. Иуӕй-иу бӕстӕты та, арӕзтады хъуыддаджы фӕлтӕрд чи у, ахӕм Ӕвдисӕнтӕн сӕ бар бакӕнынц бӕлвырд территоритӕ, цӕмӕй сӕ хъус дарой, Паддзахады залтӕ дзы арӕзт куыд цӕуынц кӕнӕ та сӕ куыд цалцӕг кӕнынц, уымӕ. Паддзахады залтӕ аразынмӕ хӕстӕг рӕттӕй ӕрцӕуынц, уыцы куыст хорз чи зоны, бирӕ ахӕм барвӕндон кусджытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр куыстӕн йӕ фылдӕр хай бакӕнынц бынӕттон ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Хуыцауы адӕмӕн уыцы хъуыддӕгтӕ уый фӕрцы ӕнтысынц, ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй хай кӕны, стӕй сӕхӕдӕг дӕр «ӕппӕт удӕй» архайынц (Псалом 127:1; Колоссӕгтӕм 3:23).

      • Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕ Паддзахады залтӕ цӕмӕн хонӕм?

      • Паддзахады залтӕ ӕгас зӕххыл дӕр цӕй фӕрцы аразӕм?

  • Паддзахады залмӕ куыд фӕзилӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 26 СӔР

      Паддзахады залмӕ куыд фӕзилӕм?

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ Паддзахады зал ӕфснайынц Эстонийы

      Эстони

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ Паддзахады зал ӕфснайынц Зимбабвейы

      Зимбабве

      Иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Монголийы Паддзахады залы цырагъ ивы

      Монголи

      Иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Пуэрто-Рикойы Паддзахады зал ахуры

      Пуэрто-Рико

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залтӕй алкӕцы дӕр хӕссы Хуыцауы сыгъдӕг ном. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Паддзахады зал кӕй фефснайӕм ӕмӕ йӕм кӕй зилӕм, уый. Афтӕмӕй дӕр лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ-иу зал ӕфснайынмӕ фӕкӕса.

      Ӕмбырды фӕстӕ зал бафснайӕм. Алы ӕмбырды фӕстӕ дӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Паддзахады зал ӕнӕзивӕгӕй бафснайынц. Ӕфснайын цы хъӕуы, уый фыст вӕййы гӕххӕттыл ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр йӕ хъус фӕдары, цӕмӕй дзы ӕнӕфснайдӕй мацы баззайа. Чи фефснайы, уыдон пъолтӕ ныммӕрзынц ӕмӕ сӕ ныхсынц, кӕнӕ сӕ пылесосӕй ныссыгъдӕг кӕнынц, стӕй рыгтӕ расӕрфынц, кӕсӕнтӕ ныссӕрфынц, бырӕттӕ аппарынц, туалеттӕ бафснайынц ӕмӕ сӕ дезинфекци скӕнынц. Куы фӕхъӕуы, уӕд рудзгуытӕ дӕр ныхсынц ӕмӕ кӕрт дӕр ныммӕрзынц. Уымӕй уӕлдай ма ӕппынкъаддӕр афӕдз иу хатт зал бӕстон бафснайӕм. Ӕнцон куыстытӕ бахӕс кӕнӕм сывӕллӕттӕн дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уыдон дӕр ахуыр кӕнынц, Йегъовӕйӕн кӕм кувӕм, уыцы бынатӕн аргъ кӕнын (Екклесиаст 5:1).

      Зал цалцӕг кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд нӕ хъарутӕ нӕ бавгъау кӕнӕм. Алы аз дӕр Паддзахады залмӕ ӕддейӕ дӕр ӕмӕ мидӕгӕй дӕр бӕстон ӕркӕсынц ӕмӕ фенынц, исты дзы бацалцӕг кӕнын хъӕуы ӕви нӕ. Стӕй йӕм ӕдзухдӕр зилынц, цӕмӕй ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ма ӕрцӕуа. Ӕмӕ нӕ уый фӕрцы уӕлдай хӕрдзтӕ кӕнын нал бахъӕуы (2 Азфыстыты 24:13; 34:10). Нӕ Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕфснайд. Уыцы хъуыддаджы ӕнӕзивӕгӕй кӕй архайӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ «хӕдзарӕн» кӕй аргъ кӕнӕм, уый (Псалом 122:1). Стӕй Паддзахады залтӕ афтӕ сыгъдӕг кӕй вӕййынц, уымӕй хорз ном скӕнӕм нӕ алыварс цӕрӕг адӕмы цӕсты дӕр (2 Коринфӕгтӕм 6:3).

      • Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

      • Паддзахады залмӕ куыд фӕзилӕм?

  • Паддзахады залы библиотекӕ нын цы пайда у?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 27 СӔР

      Паддзахады залы библиотекӕ нын цы пайда у?

      Нӕлгоймаг пайда кӕны Паддзахады залы библиотекӕйӕ

      Израил

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕххуыс кӕны ӕрыгон лӕппуйӕн цавӕрдӕр фарстайӕн дзуапп ссарынӕн

      Чехи

      Гыццыл чызг зарджыты чиныджы йӕ ном фыссы

      Бенин

      Нӕлгоймаг пайда кӕны компьютеры библиотекӕйӕ

      Кайманы сакъадӕхтӕ

      Чи зоны дӕ фӕнды Библийӕ цавӕрдӕр фарста кӕнӕ кӕцыдӕр стих раиртасын йе та, Библийы цы адӕймӕгты, цы бынӕтты ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонын. Кӕнӕ, чи зоны, зын уавӕры дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, Хуыцауы Ныхас уый фӕдыл цы дзуры, уый базонын. Уӕд дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, Паддзахады залы цы библиотекӕ ис, уый.

      Ис дзы хорз «кусӕнгӕрзтӕ» Библи иртасынӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарын кӕнынӕн дӕ мадӕлон ӕвзагыл цы публикацитӕ рауагътой, уыдон дӕм, ӕвӕццӕгӕн, иууылдӕр не сты. Паддзахады залы библиотекӕйы та ис, фӕстаг азты цы публикацитӕ рацыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр. Стӕй ма дзы вӕййы Библийы алыхуызон тӕлмацтӕ, дзырдуӕттӕ ӕмӕ энциклопедитӕ дӕр. Уыцы библиотекӕйы дӕ бон у ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ истытӕ бакӕсын. Кӕд дзы компьютер ис, уӕд дзы, ӕвӕццӕгӕн, ӕвӕрд уыдзӕн нӕ библиотекӕ дӕр (Watchtower Library). Уый у, нӕ публикацитӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕм ис, ахӕм компьютерон программӕ. Ӕмӕ дӕ цавӕрдӕр фарста, дзырд кӕнӕ стих раиртасын куы фӕнда, уӕд дзы ӕрмӕг ӕнцонтӕй ссардзынӕ.

      Стыр ӕххуыс у, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды хӕслӕвӕрд кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн. Дӕ хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнгӕйӕ Паддзахады залы библиотекӕйы хорз ӕрмӕг ссардзынӕ. Библиотекӕйӕн дзуапп дӕтты ацы фембӕлды цӕстдарӕг. Уыцы ӕфсымӕр йӕ хъус дары, цӕмӕй дзы фӕстаг публикацитӕ уой ӕмӕ дзы алцыдӕр йӕ бынаты ӕвӕрд уа. Фембӕлды цӕстдарӕг кӕнӕ, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый дын бацамондзӕн, цы информаци дӕ хъӕуы, уый дзы куыд ис ссарӕн. Цы чингуытӕ дзы ис, уыдон Паддзахады залӕй ӕддӕмӕ хӕссӕн нӕй. Стӕй чингуытӕн сӕ сыфтӕ скъуынӕн кӕнӕ дзы хӕххытӕ кӕнӕн дӕр нӕй.

      Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» ссарын кӕй фӕнды, уый сӕ хъуамӕ агура «ӕмбӕхст хӕзнатау» (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Ӕмӕ дын райдианты уымӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн Паддзахады залы библиотекӕ.

      • Паддзахады залы библиотекӕйы Хуыцауы Ныхас иртасынӕн цавӕр «кусӕнгӕрзтӕ» ис?

      • Уыцы библиотекӕйӕ дӕ бон куыд у пайда кӕнын?

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын дӕхи библиотекӕ уа, уӕд уый тыххӕй зӕгъ, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн. Уый дын бацамондзӕн, цавӕр публикацитӕ уал дӕ хъӕуы ссарын. Кӕцыдӕртӕ дзы райсӕн уыдзӕн Паддзахады залы.

  • Нӕ сайты цавӕр информаци ис?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
    • 28 СӔР

      Нӕ сайты цавӕр информаци ис?

      Сылгоймаг йӕ компьютеры цыдӕртӕ агуры

      Франци

      Бинонтӕ компьютерӕй пайда кӕнынц

      Польшӕ

      Сылгоймаг кӕсы видеомӕ къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтыл

      Уӕрӕсе

      Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матфейы 5:16). Ӕмӕ цӕмӕй уый нӕ къухы ӕфта, уый тыххӕй пайда кӕнӕм ног технологитӕй, уыимӕ интернетӕй дӕр. Нӕ сайты бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ аразынц, уый тыххӕй. Бӕлвырдӕй дзы цы ис?

      Ис дзы Библийӕ дзуапп, адӕймагмӕ арӕхдӕр чи фӕзыны, уыцы фарстатӕн. Уыцы сайты дзуапп ссардзынӕ, адӕймагӕн ӕнцой чи нӕ фӕдӕтты, уыцы ахсджиаг фарстатӕй иуӕй-иутӕн. Зӕгъӕм, буклеттӕ «Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?» ӕмӕ «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?» дзы сты 600 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Стӕй ма дзы ссардзынӕ «Ног дунейы тӕлмац» 130 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ, Библи кӕй ӕххуысӕй фӕахуыр кӕнӕм, ахӕм публикацитӕ ӕмӕ журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ы фӕстаг номыртӕ. Ацы публикацитӕй бирӕтӕ нӕ сайты ис бакӕсӕн кӕнӕ сӕм байхъусӕн, стӕй сӕ ис рафыссӕн MP3, PDF ӕмӕ EPUB форматы. Адӕймаджы Библийӕ исты фарстайӕн дзуапп базонын куы фӕнда, уӕд ын дӕ бон у йӕ мадӕлон ӕвзагыл искӕцы публикацийӕ цалдӕр фарсы гӕххӕттыл рауадзын. Нӕ сайты ма ис видеопубликацитӕ къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтыл дӕр, ӕмӕ уыцы ӕвзӕгтӕ сты бирӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы рафыссӕн ис Библийыл арӕзт драмӕтӕ ӕмӕ, Библи ролтӕм гӕсгӕ кӕм кӕсынц, ахӕм аудиодрамӕтӕ, стӕй рӕсугъд музыкӕ дӕр.

      Ис дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй бӕлвырд информаци. Нӕ сайты ма фыст вӕййы, абон ӕгас дунейы дӕр нӕ куыст куыд цӕуы, уый тыххӕй, стӕй ма дзы ссарӕн ис видеорепортажтӕ дӕр. Бакӕсӕн ма дзы вӕййы нӕ организациимӕ баст хабӕрттӕ ӕмӕ, алыхуызон бӕллӕхтӕ цы бӕстӕты ӕрцӕуы, уым цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн куыд баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма дзы базонӕн вӕййы, цы конгресстӕ нын уыдзӕн, уыдоны тыххӕй, стӕй нӕ филиалты адристӕ ӕмӕ телефоны номыртӕ дӕр.

      Интернеты фӕрцы хорз хабар хӕццӕ кӕнӕм суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр. Нӕ сайты фӕрцы рӕстдзинад базонынц суанг дард ӕмӕ уазал Антарктидӕйы дӕр. Мах кувӕм, цӕмӕй «Йегъовӕйы ныхас тагъд парахат кӕна» ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ Хуыцауы ноджы фылдӕр адӕм кадджын кӕной (2 Фессалоникӕгтӕм 3:1).

      • Нӕ сайт фылдӕр адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны рӕстдзинад базонынӕн?

      • Нӕ сайты цы ис ссарӕн?

      КЪӔППӔДЖЫ МА БАХАУ!

      Интернеты иуӕй-иу сайттӕ скодтой, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон, цӕмӕй нӕ организацийыл цъыф калой ӕмӕ мах тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕной. Сӕ нысан у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны бакъуылымпы кӕнын. Уыцы сайттӕм хъуамӕ хӕстӕг дӕр ма цӕуӕм (Псалом 1:1; 26:4; Ромӕгтӕм 16:17).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын