-
Не ’мбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
5 СӔР
Не ’мбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?
Аргентинӕ
Сьерра-Леоне
Бельги
Малайзи
Бирӕтӕ аргъуантӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм кувӕн бынӕттӕм нал цӕуынц, уымӕн ӕмӕ дзы удӕнцой не ссардтой, стӕй сын царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ничи радта. Уӕдӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕмӕн хъӕуы цӕуын?» Ӕркӕсӕм, уый дын цы пайда уыдзӕн, уымӕ.
Уым уыдзынӕ, иннӕты чи уарзы ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм адӕмы ӕхсӕн. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ-иу ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Хуыцауӕн иумӕ куывтаиккой, йӕ Ныхас ын ахуыр кодтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтыдтаиккой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Стӕй кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау сӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавтой, кӕрӕдзийӕн уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ (2 Фессалоникӕгтӕм 1:3; 3 Иоанны 14). Абон мах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ стӕм, ӕмӕ нын уый хӕссы стыр циндзинад.
Уым базондзынӕ, дӕ бон куыд у дӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау абон мах дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, стырӕй-чысылӕй, иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм, ӕмӕ нын фӕлтӕрд ахуыргӕнджытӕ фӕамонынц, нӕ бон куыд у нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын (Дыккаг закъон 31:12; Нееми 8:8). Исты ӕрмӕг иумӕ куы февзарӕм, уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыды зӕгъын, стӕй иумӕ фӕзарӕм. Ӕмӕ нын афтӕмӕй фадат вӕййы, цӕмӕй нын цы ныфс ис, уый тыххӕй ӕргом дзурӕм (Дзуттӕгтӕм 10:23).
Уым дӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн. Апостол Павел фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕй сӕ иумӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ... цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ромӕгтӕм 1:11, 12). Мах дӕр ӕмбырдты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ алы къуыри дӕр кӕй фембӕлӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын.
Фӕнды дӕ, цӕй кой кодтам, уыдӕттӕ дӕхи цӕстӕй фенын? Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Уым дыл зӕрдиагӕй бацин кӕндзысты. Ӕмбырдмӕ алкӕй бон дӕр у ӕрбацӕуын. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы.
Абон не ’мбырдтӕ куыд уадзӕм, уымӕй кӕй фӕзмӕм?
Ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?
-
-
Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн фембӕлӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
6 СӔР
Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн фембӕлӕм?
Мадагаскар
Норвеги
Ливан
Итали
Мах тынг аргъ кӕнӕм не ’мбырдтӕн. Ӕмӕ нӕ фистӕгӕй дӕр бирӕ цӕуын куы фӕхъӕуы науӕд боныхъӕд ӕвзӕр куы вӕййы, уӕд дӕр не ’мбырдтӕ нӕ фӕцух кӕнӕм. Нӕ нӕ бауромынц зындзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ, фӕскуыст фӕллад кӕй вӕййӕм, уый дӕр. Цымӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ фембӕлыныл афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн фӕархайӕм?
Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, «уӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнут», зӕгъгӕ (Дзуттӕгтӕм 10:24). Ацы ныхӕстӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр базоныныл архайӕм ӕмӕ кӕрӕдзийыл тыхсӕм. Ӕмбырды чи ис, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ мах хуызӕн зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Ӕмӕ уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ахызтысты, уый тыххӕй нын куы радзурынц, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕвӕййы.
Уый фӕрцы ссарӕм ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Ӕмбырды кӕимӕ фембӕлӕм, уыдон нын ӕнӕуи зонгӕтӕ не сты, фӕлӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ. Стӕй кӕрӕдзи ӕрмӕст ӕмбырды нӕ фенӕм, фӕлӕ ма нӕ рӕстӕг ӕнӕуи дӕр иумӕ фервитӕм, нӕхи иумӕ аирхӕфсӕм. Уый нын цавӕр пайда хӕссы? Афтӕмӕй ахуыр кӕнӕм нӕ кӕрӕдзийӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын, кӕрӕдзи тынгдӕр уарзын. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ исчи зын уавӕры куы бахауы, уӕд уайтагъд йӕ фарсмӕ балӕууӕм (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Не ’мбырды алкӕмӕн дӕр рӕстӕг кӕй арӕм, уымӕй ӕвдисӕм, нӕ кӕрӕдзийыл кӕй тыхсӕм, уый (1 Коринфӕгтӕм 12:25, 26).
Фӕнды дӕ, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон де ’мбӕлттӕ уой? Ахӕм ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн. Уый бар макӕмӕн ӕмӕ мацӕмӕн ратт, цӕмӕй дӕ ацы хъуыддаджы бакъуылымпы кӕна.
Ӕмбырды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕй фембӕлӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?
Кӕд дын уыдзӕн уый фадат, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуай ӕмӕ дзы чи ис, уыдонимӕ базонгӕ уай?
-
-
Не ’мбырдты цы вӕййы?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
7 СӔР
Не ’мбырдты цы вӕййы?
Ног Зеланди
Япони
Угандӕ
Литва
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу се ’мбырдты иумӕ зарыдысты, Хуыцаумӕ куывтой, стӕй-иу Фыстад кастысты ӕмӕ-иу ыл ныхас кодтой (1 Коринфӕгтӕм 14:26). Ӕмӕ абон махӕн дӕр не ’мбырдты ахӕм ӕгъдау ис.
Цы нын амонынц, уый у Библийӕ ӕмӕ нын хӕссы пайда. Сабат кӕнӕ нын хуыцаубоны вӕййы дыууӕ хайӕ конд фембӕлд. Фыццаг уал байхъусӕм Библийыл арӕзт раныхасмӕ, вӕййы 30 минуты. Дзырд дзы фӕцӕуы, Библи нын царды куыд ӕххуыс кӕны йе та дзы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Раныхас кӕмӕн вӕййы, уый Библийӕ стихтӕ куы фӕкӕсы, уӕд алчидӕр уыцы стихтӕ йӕхи Библийы ссары. Уый фӕстӕ та сахаты дӕргъы вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр ӕмӕ дзы статья февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыдытӕ зӕгъын. Ӕрмӕгыл иумӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕй царды куыд ис пайда кӕнӕн. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ис 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фӕахуыр кӕнынц уыцы иу ӕрмӕг.
Уым нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Ныхас хуыздӕр амонынӕн. Къуырийы мидӕг ма нын иу изӕр вӕййы ӕртӕ хайӕ конд фембӕлд, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад», зӕгъгӕ. Цы ӕрмӕг дзы ӕвзӕрст цӕудзӕн, уый алы мӕй дӕр фыст вӕййы уыцы фембӕлды «Кусӕн тетрады». Фембӕлды фыццаг хай хуыйны «Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ» ӕмӕ нӕ базонгӕ кӕны, Библийӕ рагацау кӕй бакӕсӕм, уыцы сӕрты дзырд цӕуыл цӕуы, уыимӕ. Иннӕ хай хуыйны «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн» ӕмӕ дзы вӕййы равдыстытӕ, адӕмимӕ Библийыл куыд ныхас кӕнӕм, уый фӕдыл. Уынаффӕтӕ чи фӕдӕтты, уый нын нӕ хъус ӕрдары, хӕслӕвӕрдты цы бафиппайдта, уымӕ, цӕмӕй хорз кӕсын ӕмӕ адӕмимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнын сахуыр уӕм (1 Тимофеймӕ 4:13). Фӕстаг хайы та, «Нӕ чырыстон цард», зӕгъгӕ, дзырд фӕцӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕй нӕ царды куыд пайда кӕнӕм, ууыл. Ӕрмӕг дзы февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕрцы, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарӕм.
Не ’мбырдты Библийӕ цы базонӕм ӕмӕ цӕуыл сахуыр вӕййӕм, уый ницӕимӕ ис абарӕн. Ӕмӕ уый дӕхӕдӕг дӕр фендзынӕ, не ’мбырдтӕй искӕцымӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд (Исай 54:13).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты цы вӕййы?
Алы къуыри дӕр нын цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдонӕй дӕ кӕцымӕ фӕнды ӕрбацӕуын?
-
-
Не ’мбырдтӕм аив кондӕй цӕмӕн фӕцӕуӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
8 СӔР
Не ’мбырдтӕм аив кондӕй цӕмӕн фӕцӕуӕм?
Исланди
Мексикӕ
Гвиней-Бисау
Филиппинтӕ
Ацы брошюрӕйы цы къамтӕ ис, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбырдтӕм аив кондӕй кӕй фӕцӕуынц, уый. Цымӕ нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг цӕмӕн дарӕм?
Афтӕмӕй ӕвдисӕм, нӕ Хуыцауӕн кӕй кад кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн сӕйраг адӕймаджы уынд нӕу (1 Самуилы 16:7). Фӕлӕ Хуыцауӕн кувынмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййӕм, уӕд нӕ тынг фӕфӕнды, цӕмӕй равдисӕм, кӕй йын кад кӕнӕм, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр кӕй аргъ кӕнӕм. Зӕгъӕм, стыр бынат чи ахсы, ахӕм хицаумӕ бацӕуын нӕ куы хъӕуид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕхимӕ базиликкам, нӕ хуыздӕр дзаумӕттӕ скӕниккам ӕмӕ афтӕмӕй равдисиккам, кӕй йын кад кӕнӕм, уый. Йегъовӕ Хуыцау та у «адӕмты Паддзах». Ӕмӕ ӕмбырды куыд конд вӕййӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй йын кад кӕнӕм, стӕй йын кӕм кувӕм, уыцы бынатмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм (Йереми 10:7).
Афтӕмӕй ӕвдисӕм, нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразӕм. Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй ахӕм дарӕс дарой, ӕмӕ бӕрӕг уа, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты», уый (1 Тимофеймӕ 2:9, 10). Дзырд «хӕдӕфсарм» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ, цӕсты тынг чи хауы, стӕй цыбыр, ӕлхъывд ӕмӕ гом чи у, ахӕм дзаумӕттӕ ма дарӕм. Стӕй, «ӕмбаргӕ кӕй стӕм», уымӕ гӕсгӕ куыдфӕндыйы кӕндтытӕй нӕ цӕуӕм кӕнӕ ӕнахуыр дзаумӕттӕ нӕ дарӕм. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм дарӕс ӕвзарын. Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй вӕййы, уымӕй «рӕсугъд кӕнӕм» нӕ Хуыцауы ахуырад ӕмӕ йын йӕ ном кадджын кӕнӕм (Титмӕ 2:10; 1 Петры 2:12). Ӕмбырдтӕм аив кондӕй кӕй цӕуӕм, уый тынг фӕзыны, иннӕтӕ Йегъовӕйы организацимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл.
Кӕд дын, мыййаг, ӕмбырдмӕ кӕй скӕнай, ахӕм дзаума нӕй, уӕд дӕ уый ма бакъуылымпы кӕнӕд. Афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ дыл зынаргъ дзаумӕттӕ хъуамӕ уа. Сӕйраг у, цӕмӕй уой сыгъдӕг, аив ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ.
Ӕмбырдтӕм аив кондӕй цӕмӕн фӕцӕуӕм?
Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?
-
-
Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
9 СӔР
Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы?
Камбоджӕ
Украинӕ
Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, алы ахуыры размӕ дӕр ӕркӕсыс, цы ӕрмӕг ӕвзардзыстут, уымӕ. Хорз уаид, ӕмбырдтӕм дӕр дӕхи рагацау куы цӕттӕ кӕнис, уымӕн ӕмӕ дын уӕд фылдӕр пайда хӕсдзысты. Ӕмӕ дын цӕмӕй уымӕн фаг рӕстӕг уа, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дӕ хъуыддӕгтӕ хорз пълан кӕнын.
Ахъуыды кӕн, дӕхи кӕд ӕмӕ кӕм цӕттӕ кӕндзынӕ. Кӕмӕндӕрты Хуыцауы Ныхасыл хъуыды кӕнын ӕнцондӕр вӕййы райсомӕй, цалынмӕ сӕ куыстытӕм нӕ бавналынц, уӕдмӕ, кӕмӕндӕрты та – изӕрӕй, сӕ сывӕллӕтты куы схуыссын кӕнынц, уӕд. Дӕуӕн та? Кӕд дын рӕстӕг бирӕ нӕй, уӕддӕр ахъуыды кӕн, дӕ бон уыцы хъуыддагӕн цас рӕстӕг у рахицӕн кӕнын. Ӕмӕ-иу бацархай, цӕмӕй дӕ мацы бахъыгдара: дӕхицӕн-иу сабыр ран ссар, стӕй-иу радио, телевизор ӕмӕ дӕ телефон дӕр ахуыссын кӕн. Цӕттӕ кӕныны размӕ-иу куы скувай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр Хуыцауы Ныхасмӕ саразын, ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл нӕ мӕт кӕндзынӕ (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
Сӕйраг хъуыдытӕ-иу фӕнысан кӕн ӕмӕ-иу дзуапп бацӕттӕ кӕн. Фыццаг уал-иу, статьяйы кӕнӕ чиныджы сӕры дзырд цӕуыл цӕуы, ууыл дӕ цӕст ахӕсс. Ахъуыды-иу кӕн йӕ темӕйыл ӕмӕ, алы дӕлсӕргонд дӕр уыцы темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Уый фӕстӕ-иу ӕркӕс, сӕйраг хъуыдытӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн дзы цы фарстатӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ нывтӕм дӕр. Стӕй-иу бакӕс алы абзац дӕр ӕмӕ-иу дзы фарстайӕн дзуапп ссар. Абзацы цы стихтӕ ис, уыдон дӕр-иу Библийы бакӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, ӕрмӕгимӕ куыд баст сты, ууыл (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Абзацы-иу фарстайӕн дзуапп куы ссарай, уӕд-иу дзы цалдӕр сӕйраг ныхасы бахахх кӕн, цӕмӕй-иу ӕмбырды рӕстӕг дзуапп уайтагъд ӕрхъуыды кӕнай. Ӕмӕ дӕ кӕд фӕнда, уӕд-иу ӕмбырды дӕ къухыл схӕц ӕмӕ-иу дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп ратт.
Дӕхи алы ӕмбырдмӕ дӕр куы цӕттӕ кӕнай, уӕд уый фӕрцы дӕ зонындзинӕдты «къӕбиц» хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кӕндзӕн (Матфейы 13:51, 52).
Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын дын ӕнцондӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн?
Цӕмӕй-иу ӕмбырды дзуапп раттай, уый тыххӕй дӕ бон цы у аразын?
-
-
Цы у бинонты ахуыр?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
10 СӔР
Цы у бинонты ахуыр?
Хуссар Корей
Бразили
Австрали
Гвиней
Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйы фӕндыди, цӕмӕй-иу бинонтӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой ӕмӕ-иу сӕ рӕстӕг иумӕ арвыстаиккой. Уый фӕрцы йӕм ӕввахсдӕр кодтой, стӕй кӕрӕдзиимӕ дӕр уыдысты ӕнгомдӕр (Дыккаг закъон 6:6, 7). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр къуыри иу бон равзарынц, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕной. Уыцы рӕстӕг фӕныхас кӕнынц, цы фарстатӕ сӕ тыхсын кӕны, уыдоныл ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй фӕдзурынц. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон дӕр Библи сӕхӕдӕг фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, уыцы рӕстӕг Хуыцауимӕ арвитынц.
Уый фӕрцы бинонтӕ ӕввахсдӕр кӕнынц Йегъовӕмӕ. «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Библи ахуыр кӕнгӕйӕ адӕймаг хуыздӕр базоны, Йегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд фӕархайы, уый тыххӕй. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ бинонтимӕ иумӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнын. Райдианты уал уӕ бон у Библи иумӕ хъӕрӕй кӕсын, зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды программӕмӕ гӕсгӕ. Цы сӕртӕ кӕсдзыстут, уыдон-иу афтӕ адих кӕнут, бинонтӕй дзы алчидӕр фӕйнӕ скъуыддзаджы куыд бакӕса. Ӕмӕ-иу стӕй аныхас кӕнут, уыцы сӕртӕй уӕхицӕн зондӕн цы райстат, ууыл.
Уый фӕрцы бинонтӕ ӕввахсдӕр кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ, стӕй ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕр свӕййынц. Уыцы рӕстӕг-иу бинонтӕ хъуамӕ арвитой цингӕнгӕйӕ, хъуамӕ сын уа бӕрӕгбоны хуызӕн. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ы, стӕй нӕ сайты хорз ӕрмӕг вӕййы алы кары сывӕллӕттӕн дӕр. Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон у бинонты ахуыры рӕстӕг уыцы ӕрмӕгӕй пайда кӕнын. Сӕ бон ма у сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын, скъолайы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн сын цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Сӕ бон у, нӕ интернет-телеуынынады цы программӕ вӕййы, уымӕ бакӕсын ӕмӕ йыл стӕй иумӕ аныхас кӕнын дӕр. Уымӕй уӕлдай ма бинонтӕн сӕ бон у, ӕмбырды кӕй зардзысты, уыцы зарджытӕ иумӕ азарын ӕмӕ уый фӕстӕ иумӕ истытӕ ахӕрын дӕр.
Бинонты ахуырӕн алы къуыри дӕр рӕстӕг куы хицӕн кӕнат, уӕд уӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын хӕсдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ уын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕндзӕн (Псалом 1:1–3).
Бинонты ахуырӕн рӕстӕг цӕмӕн рахицӕн кӕнӕм?
Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бинонты ахуыр алкӕмӕн дӕр циндзинад хӕсса?
-
-
Конгресстӕм цӕмӕн фӕцӕуӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
11 СӔР
Конгресстӕм цӕмӕн фӕцӕуӕм?
Мексикӕ
Германи
Ботсванӕ
Никарагуа
Итали
Цымӕ ацы адӕм афтӕ тынг цӕмӕн цин кӕнынц? Уыдон сты конгрессы. Рагзаманты Хуыцау йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу афӕдз ӕртӕ хатты иумӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой. Ӕмӕ-иу уыдон куыд зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты уыцы рӕстӕгмӕ, мах дӕр афтӕ зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ конгресстӕм (Дыккаг закъон 16:16). Конгресстӕ нын вӕййы афӕдз ӕртӕ хатты: дыууӕ хатты – районон конгресс (фӕцӕуы иу бон), иу хатт та – регионалон конгресс (фӕцӕуы ӕртӕ боны). Уыцы стыр ӕмбырдтӕ нын цы пайда хӕссынц?
Нӕ хотимӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ тынгдӕр балымӕн вӕййӕм. Израилӕгтӕ-иу «стыр ӕмбырды» Йегъовӕйы иумӕ куы кадджын кодтой, уӕд-иу сын уый хаста стыр циндзинад. Ӕмӕ мах дӕр конгрессты Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг кӕны (Псалом 26:12; 111:1). Конгрессты вӕййы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ алы ӕмбырдтӕй ӕмӕ ма суанг ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр. Ӕмӕ нын хорз фадат вӕййы, цӕмӕй семӕ базонгӕ уӕм ӕмӕ аныхӕстӕ кӕнӕм. Сихорафон, конгресс кӕм фӕцӕуы, уым иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм, кӕрӕдзийыл фӕцин кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ ссарӕм (Хъуыддӕгтӕ 2:42). Конгрессты нӕхӕдӕг фенӕм, ӕгас дунейы нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдон кӕрӕдзи куыд уарзынц, уый (1 Петры 2:17).
Нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Израилӕгтӕн уыцы стыр ӕмбырдты ӕмбарын кодтой Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ сын уый дӕр хаста стыр пайда (Нееми 8:8, 12). Махӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕвӕййынц, конгрессты Библийӕ цы хорз уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдон. Алы конгрессӕн дӕр йӕ темӕ ист вӕййы Библийӕ. Вӕййы дзы алыхуызон раныхӕстӕ, стӕй равдыстытӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны фӕрцы ахуыр кӕнӕм Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Стӕй дзы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ радзурынц, ацы уӕззау рӕстӕджыты цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ сӕрты куыд ахизынц, уый тыххӕй, ӕмӕ нын уый нӕ ныфсыл ныфс бафтауы. Регионалон конгрессты ма вӕййы драмӕтӕ дӕр. Уыдоны фӕрцы нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон ӕмӕ дзы нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсӕм. Уымӕй уӕлдай ма конгрессы донаргъуыд райсынц, йӕ цард Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыдон.
Конгресстӕ нын стыр цины хос цӕмӕн вӕййынц?
Конгресмӕ куы ’рбацӕуай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
-
-
Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
12 СӔР
Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?
Испани
Беларусь
Гонконг
Перу
Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Фӕлӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр цӕй фӕрцы хъуамӕ апарахат уыдаид? Чырысти куыд хъусын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр афтӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы (Лукайы 8:1).
Хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта, цӕмӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтаиккой (Матфейы 10:11–13; Хъуыддӕгтӕ 5:42; 20:20). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн-иу бӕлвырд разамынд лӕвӕрд ӕрцыди, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый фӕдыл (Матфейы 10:5, 6; 2 Коринфӕгтӕм 10:13). Афтӕ у абон дӕр. Алы ӕмбырдӕн дӕр снысан кӕнынц, кӕм хъуамӕ хъусын кӕна, ахӕм территори. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у, Чырысти нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ «адӕмӕн хъусын кӕнын» ӕмӕ сын, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый «бӕстон ӕмбарын кӕнын» (Хъуыддӕгтӕ 10:42).
Хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым. Чырысти ма хъусын кодта, адӕм-иу кӕм уыд, ахӕм рӕтты дӕр, зӕгъӕм, денджызы был кӕнӕ цъайы цур (Марчы 4:1; Иоанны 4:5–15). Ӕмӕ мах дӕр адӕмимӕ Библийы тыххӕй фӕныхас кӕнӕм алы рӕтты – уынгты, куыстуӕтты ӕмӕ паркты, стӕй телефонӕй дӕр. Фадат нын куы фӕвӕййы, уӕд ма фӕхъусын кӕнӕм нӕ сыхӕгтӕн, нӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ, кӕимӕ кусӕм кӕнӕ кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр. Алы фадатӕй дӕр кӕй пайда кӕнӕм, уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр милуантӕ фехъуыстой хорз хабар, Хуыцау «цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй» (Псалом 96:2).
Ахъуыды кӕн, дӕуӕн та дӕ бон кӕмӕн уаид Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар радзурын ӕмӕ йын уыцы Паддзахад цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый бамбарын кӕнын. Уыцы диссаджы хабар иннӕтӕн ма бавгъау кӕн. Куыддӕр дын фадат фӕзына, афтӕ сын ӕй радзур!
Адӕм цавӕр «хорз хабар» хъуамӕ фехъусой?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийы куыд фӕзмынц?
-
-
Чи у пионер?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
13 СӔР
Чи у пионер?
Канадӕ
Хъусын кӕны хӕдзарӕй-хӕдзармӕ
Библи ахуыр кӕны иннӕтимӕ
Йӕхӕдӕг Библи иртасы
Пионер арӕх фӕхонынц, адӕймаг йӕ къах кӕм нӕма ӕрӕвӕрдта, ахӕм рӕттӕм чи ацӕуы ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн фӕндаг чи байгом кӕны, уыдоны. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо дӕр уыди пионер. Хуыцау ӕй зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй адӕмӕн балӕггад кодтаид, йӕ цард уыдоны тыххӕй раттаид ӕмӕ сын ирвӕзындзинадмӕ фӕндаг байгом кодтаид (Матфейы 20:28). Абон йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн (Матфейы 28:19, 20). Бирӕтӕ сӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй.
Пионертӕ сӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай дӕттынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар. Фӕлӕ дзы бирӕтӕ сӕ цард афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕной, ома алы мӕй дӕр 70 сахаты хъусын кӕной. Цӕмӕй уыйбӕрц лӕггад кӕнын сӕ бон уа, уый тыххӕй ссарынц, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм куыст. Чидӕртӕ та лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй. Уыдон цӕрынмӕ ацӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм ӕмӕ алы мӕй дӕр фӕхъусын кӕнынц 130 сахаты кӕнӕ фылдӕр. Пионертӕ кӕнынц хуымӕтӕг цард ӕмӕ сын цы ис, уый фагыл нымайынц. Уыдоны фидарӕй уырны, царды сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй сӕ Йегъовӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн (Матфейы 6:31–33; 1 Тимофеймӕ 6:6–8). Йӕ бон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын кӕмӕн нӕу, уыдон та фӕлӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй, ома мӕйы мидӕг хъусын кӕнынӕн рахицӕн кӕнынц 30 кӕнӕ 50 сахаты.
Пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон уарзынц Хуыцауы ӕмӕ адӕмы. Чырыстийау мах дӕр уынӕм, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй куыд мӕгуырау уавӕры сты, уый (Марчы 6:34). Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, Библийӕ цы зонӕм, уый сын абон дӕр стыр ӕххуыс кӕй уыдзӕн ӕмӕ сын фидӕнӕй дӕр фидар ныфс кӕй фӕзындзӕн. Пионертӕ адӕмы уарзынц, ӕмӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кӕной (Матфейы 22:39; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:8). Афтӕмӕй сӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр кӕнынц ӕввахсдӕр, стӕй сын уыцы хъуыддаг хӕссы стыр циндзинад (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
Пионер чи у, уый куыд бамбарын кӕнис?
Бирӕтӕ пионертӕй цӕмӕн лӕггад кӕнынц?
-
-
Пионертӕн цавӕр скъолатӕ ис?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
14 СӔР
Пионертӕн цавӕр скъолатӕ ис?
Иугонд Штаттӕ
Галаады скъола (Паттерсон, Нью-Йорк)
Панамӕ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ис алыхуызон скъолатӕ. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай чи дӕтты, уыдонӕн ис сӕрмагонд скъолатӕ. Уыцы скъолатӕ сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «сӕ лӕггады рохуаты мацы уадзой» (2 Тимофеймӕ 4:5).
Пионерты скъола. Ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй иу аз чи балӕггад кӕны, уыдоны фӕхонынц, ӕхсӕз боны чи фӕцӕуы, уыцы скъоламӕ. Пионерты скъола арӕхдӕр вӕййы бынӕттон Паддзахады залы. Уыцы скъолайӕн йӕ нысан у, цӕмӕй пионертӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уой, хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы ӕнтыстджындӕр суой ӕмӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕной.
Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Ацы скъола фӕцӕуы дыууӕ мӕйы ӕмӕ дзы фӕахуыр кӕнынц фӕлтӕрдджын пионертӕ. Уыдон цӕттӕ вӕййынц, се ’ххуыс кӕмдӕриддӕр бахъӕуа, уырдӕм ацӕуынмӕ ӕмӕ уым лӕггад кӕнынмӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр дзурынц: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит», ӕмӕ уымӕй фӕзмынц Йесо Чырыстийы, ӕппӕты хуыздӕр Хъусынгӕнӕджы (Исай 6:8; Иоанны 7:29). Сӕ хӕдзарӕй дард ранмӕ кӕй ацӕуынц, уый тыххӕй сӕ хатт фӕхъӕуы, цӕмӕй хуымӕтӕгдӕр цардыл сахуыр уой. Стӕй уыцы ран, чи зоны, уа бынтон ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ, хӕринӕгтӕ ӕмӕ климӕт. Чи зоны ма сӕ бахъӕуа ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын дӕр. Ацы скъоламӕ фӕхонынц, 23 азӕй 65 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты – цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдоны дӕр ӕмӕ къайты дӕр. Скъола сын ӕххуыс кӕны, ӕндӕр ран лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм миниуджытыл кусынӕн. Скъолайы цы базонынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ организацийӕн ноджы фылдӕр ӕххуыс кӕнын.
Галаады скъола. Дзуттагау дзырд «Галаад» нысан кӕны «ӕвдисӕн цӕнд». 1943 азӕй абоны онг Галаады скъола бацӕттӕ кодта 8 000 миссионерӕй фылдӕр, цӕмӕй хорз хабар «суанг зӕххы кӕроны онг дӕр» фӕхӕццӕ кӕной (Хъуыддӕгтӕ 13:47). Ӕмӕ сын тынг бирӕ бантыст. Зӕгъӕм, нӕ миссионертӕ Перумӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы иу ӕмбырд дӕр нӕ уыди, ныр та дзы ис 1 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Японийы та миссионертӕ хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 10 дӕр нӕ уыдысты, ныр та сты 200 000 адӕймагӕй фылдӕр. Галаады скъолайы чи фӕахуыр кӕны, уыдон фондз мӕйы дӕргъы лӕмбынӕг фӕиртасынц Хуыцауы Ныхас. Ацы скъоламӕ фӕхонынц сӕрмагонд пионерты ӕмӕ миссионерты, районон цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты, стӕй, филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны. Галаады скъолайы уыдон бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон вӕййы Хуыцауы организацийӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй, ӕгас зӕххыл дӕр цы куыст кӕнӕм, уый ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕуа.
Пионерты скъолайӕн йӕ нысан цы у?
Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы чи фӕахуыр кӕны?
-