Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • Есфир

      ФЫНДДӔСӔМ СӔР

      Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд

      1–3. а) Есфир йӕ сӕрыхицаумӕ бацӕуын цӕмӕн тарст? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

      ЕСФИР Сузӕйы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл хоста. Бӕргӕ архайдта йӕхи ӕрсабыр кӕныныл, фӕлӕ йын ницы уад. Уыцы галуан лӕууыд фӕзран Загросы урссӕр хӕхты цур Хоаспы цӕугӕдоны был (йӕ дон уыд тынг сыгъдӕг). Галуаны къултыл конд уыди алыхуызон скульптурӕтӕ: базырджын галтӕ, фатӕхсджытӕ ӕмӕ домбӕйттӕ. Къултӕ дӕр ӕмӕ скульптурӕтӕ дӕр конд уыдысты агуыридурӕй ӕмӕ ӕмбӕрзт уыдысты ӕрттиваг цъарӕй. Уыди ма дзы дурӕй конд цӕджындзтӕ ӕмӕ стыр статуйӕтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ-иу чи федтаид, уый-иу куыннӕ бамбӕрстаид, Есфир кӕмӕ фӕцӕйцыд, уыцы адӕймаг куыд хъомысджын у. Йӕхи хуыдта «номдзыд паддзах». Уый уыди Есфиры сӕрыхицау, паддзах Ахашверош.

      2 Йӕ сӕрыхицау... Ӕвӕццӕгӕн, иузӕрдион дзуттаг чызджытӕй ахӕм адӕймаджы йӕхицӕн цардӕмбалӕн ничи равзӕрстаидa. Зӕгъӕм, уый Авраамы нӕ бафӕзмыдтаид. Авраамӕн Хуыцау куы загъта, зӕгъгӕ, дӕ цардӕмбал Саррӕмӕ байхъус, уӕд ын сӕрныллӕгӕй йӕ фӕндоныл сразы (Райд. 21:12). Ахашверош Есфиры Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Закъоны тыххӕй бирӕ ницы зыдтаид йе та ӕппындӕр ницы зыдта. Фӕлӕ Персы закъӕттӕ та хорз зыдта. Ӕмӕ уыцы закъӕттӕй сӕ иумӕ гӕсгӕ бар нӕ уыд, Есфир цы арӕзта, уымӕн. Персы паддзах адӕймагмӕ куы нӕ фӕдзырдтаид, афтӕмӕй йӕм куы бацыдаид, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Есфирмӕ дӕр паддзах нӕ фӕдзырдта, фӕлӕ йын уӕддӕр ӕнӕ бацӕугӕ нӕ уыд. Есфир зыдта: галуаны мидӕггаг кӕртмӕ куыддӕр бахиза, афтӕ йӕ Ахашверош йӕ паддзахбадӕнӕй фендзӕн. Ӕмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынгӕй-тынгдӕр хъуыды кодта, удӕгасӕй кӕй нӕ баззайдзӕн, ууыл. (Бакӕс Есфир 4:11; 5:1.)

      3 Есфир йӕхи ахӕм тӕссаг уавӕры цӕмӕн баппӕрста? Уыцы сылгоймаджы диссаджы уырнындзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг уал базонӕм, Есфир Персы паддзахы ус куыд сси, уый.

      Есфир чи уыди

      4. Есфир чи уыд ӕмӕ йӕ Мардохей йӕхимӕ цӕмӕн акодта?

      4 Есфир уыди сидзӕр чызг. Йӕ ныййарджыты тыххӕй йын уыйбӕрц ницы зонӕм. Куы райгуырди, уӕд ыл сӕвӕрдтой ном Гадассӕ (йӕ ном дзуттагау нысан кӕны «мирт» – рӕсугъд урс дидинӕг чи калы, ахӕм къутӕр). Есфирӕн йӕ ныййарджытӕ куы амардысты, уӕд мӕгуыр сидзӕр сывӕллоны йӕ фыдыфсымӕры лӕппу Мардохей йӕхимӕ акодта. Мардохей дзы бирӕ хистӕр уыди ӕмӕ йӕ хи хъӕбулау хъомыл кодта (Есф. 2:5–7, 15).

      Есфир Мардохейӕн лӕггад кӕны

      Мардохей Есфирӕй дзӕгъӕлы нӕ уыди сӕрыстыр

      5, 6. а) Мардохей Есфиры куыд хъомыл кодта? ӕ) Есфир ӕмӕ Мардохей Сузӕйы куыд цардысты?

      5 Мардохей ӕмӕ Есфир уыдысты уацайрӕгтӕ ӕмӕ цардысты Персы сӕйраг горӕты. Ӕвӕццӕгӕн сыл уым адӕм былысчъилтӕ кодтой сӕ дины тыххӕй ӕмӕ, цы Закъонмӕ гӕсгӕ цардысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу Мардохей Есфирӕн дзырдта, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уый тыххӕй. Уый йӕ адӕмы раджы заманты зындзинӕдтӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ сӕ ныр дӕр фервӕзын кӕндзӕн (Лев. 26:44, 45). Афтӕмӕй Мардохей Есфирӕн тынг адджын сси, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл уыдысты ӕнувыд.

      6 Куыд зыны, афтӕмӕй Мардохей паддзахы галуаны стыр бынат ахста, ӕмӕ-иу паддзахы иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕдзухдӕр бадти галуаны кулдуары раз (Есф. 2:19, 21; 3:3). Есфир куы байрӕзт, уӕд цы куыста, куыд цард, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕрӕн чызг уыди, Мардохеймӕ дӕр хорз касти ӕмӕ хӕдзары куыстытӕ дӕр кодта. Цӕргӕ та кодтаиккой, мӕгуыр адӕм кӕм цардысты, уыцы ран – паддзахы галуан цы цӕугӕдоны был уыд, уымӕн йӕ иннӕ фарс. Есфир, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ уарзта Сузӕйы базармӕ цӕуын. Хӕрзаг-иу касти, сызгъӕрины ӕмӕ ӕвзисты куыстгӕнджытӕ ӕмӕ иннӕ базаргӕнджытӕ цы уӕй кодтой, уыдӕттӕм. Есфирӕн уӕд йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, иу бон ӕм ахӕм зынаргъ дзауматӕ уыйбӕрц кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йӕм диссаг дӕр нал кӕсдзысты. Цымӕ искуы ахъуыды кодтаид, ӕмӕ паддзахы ус суыдзӕн?

      «Уыди хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд»

      7. Вашти паддзахы ус цӕуылнӕуал уыд?

      7 Иуафон Сузӕйы адӕм ӕндӕр дзырд нал кодтой, паддзахы бинонты ’хсӕн, дам, цы ’рцыд, уый нӕ фехъуыстат, зӕгъгӕ. Хабар та уыд афтӕ. Ахашверош йӕ кънйӕзтӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн стыр куывд скодта. Фынгтыл ӕрӕвӕрын кодта амӕй-ай хуыздӕр хӕринӕгтӕ ӕмӕ сӕн. Паддзах сфӕнд кодта йӕ рӕсугъд ус Ваштийы куывдмӕ адӕмы размӕ ракӕнын. Вашти та уыцы рӕстӕг сылгоймӕгтӕн хицӕнӕй скодта куывд. Фӕлӕ йӕм паддзахы фӕсдзӕуинтӕ куы бацыдысты, уӕд сын нӕ ракуымдта. Паддзах уый йӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадта, ӕмӕ йӕ маст рафыхт. Уӕд йӕ уынаффӕгӕнджыты бафарста, зӕгъгӕ, Вашти афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын цы бакӕнын хъӕуы. Хъуыддаг ууыл ахицӕн, ӕмӕ Вашти паддзахы ус нал уыд. Уӕд паддзахы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас бӕстӕйы ӕрыгон рӕсугъд чызджыты агурын райдыдтой, цӕмӕй дзы паддзах Ваштийы бӕсты искӕй равзӕрстаид (Есф. 1:1–2:4).

      8. а) Есфир куы байрӕзт, уӕд ыл Мардохей цӕмӕн мӕт кодтаид? ӕ) Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй рӕсугъддзинадмӕ цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын? (Кӕс ма Ӕмбисӕндтӕ 31:30 дӕр.)

      8 Ныр та нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм Мардохей ӕмӕ Есфиры. Мардохей-иу Есфирмӕ куы каст, уӕд-иу дзы буц дӕр куыннӕ уыдаид, фӕлӕ мӕт дӕр куыннӕ кодтаид, йӕ гыццыл хо кӕй айрӕзт ӕмӕ ӕмбисонды рӕсугъд кӕй сси, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. «Чызг уыди хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд»,– фыст ис Библийы (Есф. 2:7). Библи ӕвдисы, рӕсугъддзинадмӕ цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын, уый. Адӕймаг рӕсугъд уа, уый хорз у. Рӕсугъд адӕймаг кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы? Фӕлӕ йӕм ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад куы нӕ уа, уӕд схъал уыдзӕн, йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайдзӕн ӕмӕ ма йӕм фӕзындзӕн ӕндӕр ӕнадгӕнӕн миниуджытӕ дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 11:22.) Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, арӕх афтӕ нӕ рауайы? Цымӕ Есфирӕн та йӕ хабар куыд рауад? Йӕ рӕсугъддзинад ӕй фесӕфта ӕви, ӕддейӕ куыд рӕсугъд уыди, мидӕгӕй дӕр ахӕм рӕсугъд разынд? Уый рӕстӕг равдыста.

      9. а) Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ Есфиры куы федтой, уӕд куыд бакодтой? Мардохей ӕмӕ Есфиры кӕрӕдзийӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, уый сын зын цӕмӕн уыдаид? ӕ) Мардохей Есфиры цӕмӕн бауагъта ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕг адӕймагмӕ смой кӕнын? (Кӕс ма рамкӕ дӕр.)

      9 Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ рӕсугъд чызджытӕ куы агуырдтой, уӕд Есфиры федтой ӕмӕ йыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Гъемӕ уый дӕр акодтой цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ паддзахы галуанмӕ (Есф. 2:8). Мардохей ӕмӕ Есфир фыд ӕмӕ чызгӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ ныр кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кодтой. Ахъуыды-ма кӕн, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр куыд зын уыдаид. Мардохейы кӕцӕй фӕндыдаид Есфиры, ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм адӕймагӕн раттын, кӕд паддзах уыди, уӕддӕр. Фӕлӕ йӕ бон ницы уыд саразынb. Есфиры цалынмӕ нӕ акодтой, уӕдмӕ йын Мардохей, ӕвӕццӕгӕн, уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый фӕдыл. Ӕмӕ йын чызг йӕ алы ныхасмӕ дӕр хӕрзаг лӕмбынӕг хъуыста. Сузӕйы галуанмӕ йӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд ын цас ӕмӕ цас фарстатӕ нӕ лӕвӕрдтаиккой ӕнцой. Цымӕ йӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ каст?

      Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр-иу фӕцыд

      10, 11. а) Есфир цы ног уавӕрты бахауд, уыдоны йын тӕссаг цӕмӕй уыди? ӕ) Мардохей Есфирыл кӕй мӕт кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

      10 Есфир цыма бынтон ӕндӕр дунейы февзӕрд, афтӕ уыд – алцыдӕр ын уыди ног ӕмӕ ӕнахуыр. Ныр цард, Персы паддзахады алы къуымтӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы «бирӕ ӕрыгон рӕсугъд чызджыты» ’хсӕн. Се ’взаг, се ’гъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ зондахаст кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Чызджыты бакодтой паддзахы лӕггадгӕнӕг Гегайы бар, цӕмӕй сӕм афӕдзы дӕргъы зылдаиккой ӕмӕ сӕ хӕрздӕф сойтӕй сӕрстаиккой (Есф. 2:8, 12). Ахӕм уавӕрты цӕргӕйӕ уыцы чызджыты, ӕвӕццӕгӕн, рӕсугъддзинады йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал ӕндӕвта. Стӕй-иу сӕхицӕй куыннӕ схъал уыдаиккой ӕмӕ дзы алчидӕр куыннӕ архайдтаид, иннӕтӕй рӕсугъддӕр кӕй у, уый равдисыныл. Цымӕ уыцы зондахаст Есфирыл нӕ бандӕвта?

      11 Зӕххыл Есфирыл Мардохейӕ тынгдӕр ничи мӕт кодта. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Мардохей алы бон дӕр цыд, сылгоймӕгты хӕдзары раз цы кӕрт уыд, уырдӕм, Есфир куыд у, уый базонынмӕ (Есф. 2:11). Ӕвӕццӕгӕн-иу ын уым лӕггадгӕнджытӕ гыццыл цыдӕртӕ радзырдтой. Ӕмӕ-иу цы базыдта, уымӕй-иу йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ-иу Есфирӕй ныббуц. Цымӕ цӕмӕн?

      12, 13. а) Есфирмӕ адӕм цы цӕстӕй кастысты? ӕ) Есфир дзуттаг кӕй уыд, уый кӕй не схъӕр кодта, уый Мардохейӕн ӕхсызгон цӕмӕн уыдаид?

      12 Есфир Гегайы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕм уӕлдай хорз цӕстӕй ракаст. Радта йын авд лӕггадгӕнӕг-чызджы ӕмӕ йӕ, сылгоймӕгты хӕдзары ӕппӕты хуыздӕр бынат кӕм уыд, уырдӕм ракодта. Библийы кӕсӕм: «Есфиры та-иу чидӕриддӕр федта, уыдонӕн-иу сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд» (Есф. 2:9, 15). Цымӕ, рӕсугъд кӕй уыд, ӕрмӕст уый тыххӕй цыд алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр? Ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ.

      Иннӕ чызджытӕ сӕхи рӕсугъдтӕ кӕнынц, Есфир та ӕрдзы рӕсугъддзинадмӕ кӕсы

      Есфир зыдта, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад рӕсугъддзинадӕй ахсджиагдӕр кӕй сты

      13 Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Есфир йӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ йӕ хиуӕтты тыххӕй никӕмӕн ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йӕ Мардохей бафӕдзӕхста, мацы-иу зӕгъ, зӕгъгӕ» (Есф. 2:10). Мардохей йын загъта, цӕмӕй, дзуттаг кӕй у, уый ма схъӕр кодтаид, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, паддзахы галуаны бирӕтӕ дзуттӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кастысты. Ӕмӕ йын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, Есфир раздӕрау ӕмбаргӕ ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыди, кӕд Мардохей йӕ разы нӕ уыд, уӕддӕр!

      14. Абон ӕрыгӕттӕн куыд у сӕ бон Есфиры бафӕзмын?

      14 Абон дӕр ӕрыгӕттӕн сӕ бон у сӕ ныййарджыты ӕмӕ сӕ хъомылгӕнджыты зӕрдӕ рухс кӕнын. Сӕ ныййарджытӕ сӕ разы куы нӕ уой ӕмӕ цыфӕнды рогзонд, ӕнӕгъдау ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн куы уой, уӕд дӕр сӕ бон у, ӕмӕ ӕвзӕр зондыл ма ацӕуой ӕмӕ фидар хӕцой, Библийӕ сӕ цӕуыл сахуыр кодтой, ууыл. Афтӕмӕй уыдон дӕр Есфирау сӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕндзысты. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

      15, 16. а) Паддзах Есфиры цӕй тыххӕй бауарзта? ӕ) Есфирӕн йӕ ног уавӕрты ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид?

      15 Есфиры рад куы ’рхӕццӕ, цӕмӕй паддзахмӕ бацыдаид, уӕд ын загътой, цӕмӕй йӕхицӕн равзӕрстаид алыхуызон аивгӕнӕнтӕ. Фӕлӕ уыцы бонзонгӕ чызг, Гегай йын цы загъта, уый йеддӕмӕ ницы ракуырдта (Есф. 2:15). Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, паддзахы зӕрдӕ ӕрмӕст йӕ рӕсугъддзинадӕй кӕй не ссардзӕн. Паддзахы галуаны рӕсугъдтӕ бирӕ уыд, фӕлӕ дзы сӕ фылдӕрмӕ бонзонгӕдзинадӕн ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадӕн сӕ кой дӕр нӕ уыд. Цымӕ Есфир раст хъуыды кодта?

      16 «Паддзах Есфиры бауарзта иннӕ сылгоймӕгтӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр, иннӕ ӕнӕвнӕлд чызджытӕй уый хуызӕн ничи фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дзы ахӕм ӕнувыд уарзтӕй ӕндӕр никӕй бауарзта. Гъемӕ йын йӕ сӕрыл ус-паддзахы худ ӕркодта, ӕмӕ Есфир Ваштийы бӕсты паддзахы ус сси»,– кӕсӕм Библийы (Есф. 2:17). Уыцы сӕрныллӕг дзуттаг чызг ныр хъуамӕ сахуыр уыдаид йӕ ног уавӕртыл, ӕмӕ йын ӕнцон кӕцӕй уыдаид. Есфир сси уӕды рӕстӕджы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахы бинойнаг! Мыййаг, йӕхицӕй ныббуц, уыцы кад ын йӕ сӕр разилын кодта? Ӕппындӕр нӕ!

      17. а) Есфир Мардохейы коммӕ кӕй каст, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? ӕ) Абон нын Есфиры цӕвиттон стыр ӕххуыс куыд фӕуыдзӕн?

      17 Кӕд Есфир паддзахы ус сси, уӕддӕр, хи хъӕбулау ӕй чи схаста, уый коммӕ каст. Уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? Зӕгъӕм, дзуттаг кӕй уыд, уый не схъӕр кодта. Иннӕ хабар та уыд ахӕм. Иу бон Мардохей базыдта, паддзах Ахашверошы марынвӕнд кӕй скодтой, ӕмӕ йӕ Есфирӕн загъта. Есфир та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн радзырдта, ӕмӕ уыцы змӕнтджыты амардтой (Есф. 2:20–23). Есфир афтӕ сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй ӕвдыста, йӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд. Абон нын йӕ цӕвиттон стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ коммӕгӕсдзинад афтӕ кадджын нал у. Ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд уай, уый та бирӕтӕм раст кӕсы. Фӕлӕ Хуыцау ӕцӕгӕй кӕй уырны, уыдон Есфирау коммӕгӕсдзинадӕн стыр аргъ кӕнынц.

      Есфиры уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд

      18. а) Мардохей-иу Аманы раз йӕ зонгуытыл цӕуылнӕ ӕрхауд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Абон фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон Мардохейы уырнындзинад куыд бафӕзмынц?

      18 Ахашверошы галуаны уыди иу адӕймаг, Аман, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ паддзах тынг сбӕрзонд кодта. Сӕвӕрдта йӕ йӕ сӕйраг уынаффӕгӕнӕгӕй ӕмӕ Персы паддзахады дыккаг лӕгӕй. Паддзах ма бардзырд дӕр радта, цӕмӕй-иу Аманы чи федтаид, уый-иу йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудаид (Есф. 3:1–4). Фӕлӕ Мардохейӕн йӕ бон нӕ уыд ацы закъон ӕххӕст кӕнын. Мардохей ӕмбӕрста, паддзахы коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ ацы закъонмӕ гӕсгӕ куы архайдтаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Хуыцауы ницӕмӕ дары. Аман уыд агагаг, ӕвӕццӕгӕн, уыди амаликаг паддзах Агагы байзӕддаг. Уыцы паддзахы амардта Хуыцауы пехуымпар Самуил (1 Сам. 15:33). Амаликӕгтӕ афтӕ ӕнаккаг уыдысты, ӕмӕ систы Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Израилы знӕгтӕ, ӕмӕ сын Хуыцау тӕрхон рахастаc (Дык. з. 25:19). Ӕмӕ уӕд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг амаликаджы раз йӕ зонгуытыл куыд хъуамӕ ӕрлӕууыдаид? Мардохейӕн нӕ уыд йӕ бон афтӕ бакӕнын. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы ничи басастаид. Нӕ рӕстӕджы дӕр, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдон сӕ зӕрдыл дарынц ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ сӕ сӕрты ахизыны бӕсты мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ вӕййынц (Хъуыд. 5:29).

      19. Аман цы сфӕнд кодта ӕмӕ паддзахы йӕ ныхӕстыл куыд баууӕндын кодта?

      19 Аман мӕстӕй фӕйнӕрдӕм тыдта. Фӕлӕ йӕм ӕрмӕст Мардохейы амарын фаг нӕ фӕкаст. Аман сфӕнд кодта дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдын! Гъемӕ паддзахмӕ бацыд ӕмӕ дзуттӕгтыл цъыф фӕкалдта. Кӕцы адӕм уыдысты, уый кой не скодта, фӕлӕ сӕ цытӕ фӕдзырдта, уымӕй афтӕ рауад, ӕмӕ ницы пайда сты. Загъта йын, зӕгъгӕ, дам, «дӕ дӕлбар бӕстӕты алы рӕтты цӕрынц ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ иумӕйагӕй ницы ис». Стырдӕр бӕллӕх та уый уыд, ӕмӕ сыл ӕрымысыд, паддзахы закъӕттӕ, дам, не ’ххӕст кӕнынц. Ома, дам, дӕ паддзахадӕн тӕссаг адӕм сты. Аман паддзахӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕгас паддзахады дӕр дзуттӕгты куы ныццӕгъдой, уӕд ын йӕ хӕзнадонмӕ бирӕ ӕхца кӕй бахӕсдзӕнd. Ахашверош дӕр ын йӕ ныхӕстыл баууӕндыд, ӕмӕ йыл мыхуыримӕ цы къухдарӕн уыд, уый йӕм радта, цӕмӕй цыфӕнды бардзырдыл дӕр мыхуыр сӕвӕрдтаид (Есф. 3:5–10).

      20, 21. а) Ӕгас Персы паддзахады цӕрӕг дзуттӕгтӕ Аманы бардзырд куы фехъуыстой, уӕд куыд фесты? ӕ) Мардохей Есфирмӕ цавӕр ныхас арвыста?

      20 Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хабархӕсджытӕ сӕ бӕхтыл размӕ тындзыдтой ӕмӕ Персы стыр паддзахады алы къуымты хъусын кодтой, дзуттӕгтӕн мӕлӕты тӕрхон хаст кӕй ӕрцыд, уыцы бардзырд. Хабар Иерусалиммӕ куы фӕхӕццӕ, уӕд, Вавилоны уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаиккой. Уыцы рӕстӕг уыдон архайдтой горӕт фӕстӕмӕ саразыныл. Йӕ алыварс къул дӕр нӕма уыд, ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ бахъахъхъӕдтаиккой. Мардохей уыцы сау хабар куы фехъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта уыцы адӕмыл, стӕй йын Сузӕйы цы ӕмбӕлттӕ, зонгӕтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ уыди, уыдоныл. Мардохей йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта, йӕ сӕрыл фӕнык ӕркалдта, ӕмӕ горӕты астӕумӕ рацыд ӕмӕ хъӕрӕй куыдта. Аман та паддзахимӕ нуазыныл ӕрбадт. Сузӕйы дзуттӕгты ӕмӕ се ’мбӕлтты бӕллӕхы хай кӕй бакодта, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыди. (Бакӕс Есфир 3:12–4:1.)

      21 Мардохей ӕмбӕрста, ӕнцад бадӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ йӕ бон цы уыд саразын? Есфир ын йӕ хабар куы фехъуыста, уӕд ын дарӕс арвыста, фӕлӕ йӕ Мардохей нӕ бакуымдта. Чи зоны, рагӕй хъуыды кодта, йӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йын йӕ зынаргъ Есфиры акодтаиккой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕг паддзахы ус суыдаид. Фӕлӕ йӕ цыма ныр ӕмбарын райдыдта. Ӕмӕ Есфирмӕ ныхас арвыста, паддзахмӕ бацу ӕмӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй ныллӕгъстӕ кӕн, фервӕзын сӕ кӕн, зӕгъгӕ (Есф. 4:4–8).

      22. Есфир йӕ сӕрыхицаумӕ бацӕуын цӕмӕн тарст? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

      22 Есфир уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ зӕрдӕ куыннӕ бауазал уыдаид. Йӕ уырнындзинадӕн уымӕй стырдӕр фӕлварӕн никуыма уыд. Есфир тарст паддзахмӕ бацӕуын, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн дӕр загъта. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта паддзахы закъон: паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ чи бацӕуа, уымӕн рахӕсдзысты мӕлӕты тӕрхон. Ӕрмӕст ӕм кӕд паддзах йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй бацамона, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн. Фӕлӕ Есфиры исты ныфс уыди, уыцы уавӕры Ахашверош афтӕ кӕй бакӕндзӕн, уымӕй? Зӕгъӕм, Вашти йӕ размӕ рацӕуыныл кӕй не сразы, уый йын куы нӕ ныххатыр кодта. Есфир Мардохейӕн загъта, паддзах ӕм ныр 30 боны кӕй нӕ фӕдзырдта! Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ мыл, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ сивтаe (Есф. 4:9–11).

      23. а) Мардохей Есфирӕн цы загъта, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад бафидар кодтаид? ӕ) Мардохей нын фӕзминаг цӕмӕн у?

      23 Мардохей Есфирӕн фидар дзуапп радта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ уырнындзинад бафидар кодта. Загъта йын, уый куы ницы бакӕна, уӕддӕр дзуттӕгты ӕндӕр исчи кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕм куыд кӕсы, дзуттӕгты куы цӕгъдой, уӕд уый фервӕздзӕн? Мардохей равдыста диссаджы уырнындзинад. Фидарӕй йӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы ныццӕгъдын кӕй никуы бауадздзӕн ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй иу дӕр ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн (Йес. Н. 23:14). Фӕстагмӕ Мардохей Есфирӕн загъта: «Стӕй йын чи цы зоны, уӕдта ма паддзахы ус дӕр ацы зын сахаты тыххӕй сдӕ» (Есф. 4:12–14). Куыд хъуыды кӕныс, Мардохей нын фӕзминаг нӕу? Уый йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл. Мах та? (Ӕмб. 3:5, 6).

      Йӕ уырнындзинад уыд мӕлӕтӕй тыхджындӕр

      24. Есфир уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

      24 Есфиры хъуыди ахсджиаг хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын. Мардохеймӕ арвыста ныхас, цӕмӕй иннӕ дзуттӕгтӕ дӕр йемӕ ӕртӕ боны ком дардтаиккой. Фӕстагмӕ йын загъта: «Ӕмӕ мӕ кӕд марой, уӕд мӕ амарӕнт». Ацы хуымӕтӕг ныхӕстӕ абон дӕр бирӕтӕ зонынц ӕмӕ дзурӕг сты йӕ фидар уырнындзинадыл ӕмӕ хъӕбатырдзинадыл (Есф. 4:15–17). Уыцы ӕртӕ боны дӕргъы Есфир куыд зӕрдиагӕй куывта, афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы. Ӕппынфӕстаг архайын райдыдта. Йӕ уӕлӕ скодта йӕ хуыздӕр уӕлӕдарӕс, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыдаид, ӕмӕ йӕм ацыд.

      Есфир паддзахы усы дарӕсы фӕцӕуы паддзах Ахашверошы галуаны кӕртмӕ

      Есфир Хуыцауы адӕмы тыххӕй йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыд

      25. Радзур, Есфир йӕ сӕрыхицаумӕ куыд ӕрбацыд, уый тыххӕй.

      25 Ацы сӕры райдианы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Есфир ацыд паддзахы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ. Хӕрзаг, тыхсти ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта. Есфир бахызт галуаны кӕртмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй йӕ бон уыд Ахашверошы фенын. Ӕвӕццӕгӕн ын Есфир йӕ цӕсгоммӕ ӕдзынӕг каст – фӕндыди йӕ бамбарын, цы цӕстӕй йӕм ракӕсдзӕн, уый. Ӕмӕ ма йӕ кӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр бахъуыд, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ныддаргъ. Фӕлӕ йӕ уӕдмӕ йӕ сӕрыхицау ауыдта. Есфиры фенгӕйӕ паддзах куыннӕ бадис кодтаид, фӕлӕ йӕ цӕстӕнгас фӕфӕлмӕн. Ӕмӕ диссаг: йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй йӕм ацамыдта! (Есф. 5:1, 2).

      26. Ӕцӕг чырыстӕттӕ Есфирау хъӕбатыр цӕмӕн хъуамӕ уой?

      26 Есфиры фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Паддзах ӕм цӕттӕ уыд байхъусынмӕ. Ацы сылгоймаг йӕ Хуыцауыл уыд иузӕрдион ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй цӕттӕ уыд мӕлӕтмӕ дӕр. Уымӕй диссаджы цӕвиттон ныууагъта Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн суанг абоны онг дӕр. Ӕцӕг чырыстӕттӕ аргъ кӕнынц, Библийы ахӕм адӕмы тыххӕй фыст кӕй ис, уымӕн. Йесо загъта, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ удуӕлдай уарзтӕй кӕй хицӕн кӕндзысты. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисай, уый тыххӕй та арӕх бахъӕуы Есфирау хъӕбатырӕй архайын. Фӕлӕ кӕд Есфир уыцы бон Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд, уӕддӕр хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн – нырма йӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыд саразын. Куыд баууӕндын кӕндзӕн паддзахы, йӕ хуыздӕр уынаффӕгӕнӕг Аман фыдлӕг ӕмӕ хинӕйдзаг кӕй у? Йӕ адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн? Уыдӕттыл ныхас цӕудзӕн иннӕ сӕры.

      a Бирӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Ахашверош у Ксеркс Фыццаг. Уый Персы паддзах уыди н. э. размӕ 5 ӕнусы райдианы.

      b Кӕс рамкӕ «Есфиры тыххӕй фарстатӕ» 16 сӕры.

      c Амаликӕгтӕй ма «чи баззад», уыдон паддзах Езекийы рӕстӕг куынӕггонд ӕрцыдысты. Ӕмӕ Аман, ӕвӕццӕгӕн, уыд, цы иугӕйттӕ ма сӕ баззад, уыдонӕй (1 Аз. 4:43).

      d Аман ын зӕрдӕ бавӕрдта 10 мин таланты ӕвзистӕй, абоны ӕхцатӕй сты цалдӕр сӕдӕ милуан доллӕры. Кӕд Ахашверош ӕцӕгдӕр Ксеркс Фыццаг уыди, уӕд ын Аман ӕхцайы койӕ йӕ зӕрдӕ бӕгуыдӕр балхӕдтаид. Ксеркс рагӕй фӕнд кодта грекъӕгтимӕ схӕцын, фӕлӕ йӕ уыцы хӕстӕн хъуыди бирӕ ӕхца (ӕппынфӕстаг уыцы хӕсты грекъӕгтӕ фӕуӕлахиз сты).

      e Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Ксеркс Фыццаг уыд ӕгъатыр адӕймаг, стӕй иу зондыл хӕст нӕ уыд. Грекъаг историк Геродот ныффыста, Ксеркс Грециимӕ куы хӕцыд, уӕд цытӕ арӕзта, уый тыххӕй. Ксеркс бардзырд радта, цӕмӕй Геллеспонты донкъубалы (проливы) сӕрты наутӕй хид скодтаиккой. Ӕмӕ уыцы хид тыхдымгӕ куы ныппырх кодта, уӕд йӕ аразджытӕн сӕ сӕртӕ акъуырын кодта, Геллеспонты донкъубал та йӕ адӕмӕн «бафхӕрын кодта» – дон рӕхыстӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ хъӕрӕй ӕлгъыстой. Уыцы хӕсты рӕстӕг ӕм иу хъӕздыг лӕг бацыд йӕ фырты тыххӕй, цӕмӕй йын ӕй ӕфсадӕй ссӕрибар кодтаид. Фӕлӕ Ксеркс лӕппуйы дыууӕ афадын кодта, ӕмӕ йын йӕ мард афтӕ сӕвӕрдтой, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр уыдтаиккой ӕмӕ тарстаиккой.

      АХЪУЫДЫ КӔН...

      • Есфир куыд равдыста, сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыди, уый?

      • Мардохей Есфирӕн куыд ӕххуыс кодта Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн?

      • Есфиры хъӕбатырдзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у?

      • Цӕмӕй дӕ фӕндид Есфиры уырнындзинад бафӕзмын?

  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • Паддзахы ус Есфир

      ӔХСӔРДӔСӔМ СӔР

      Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ

      1–3. а) Есфирӕн ӕнцон уыдаид йӕ сӕрыхицауы паддзахбадӕны размӕ бацӕуын? ӕ) Паддзах Есфиры куы федта, уӕд куыд бакодта?

      ЕСФИР сындӕггай фӕцӕуы паддзахбадӕны размӕ. Куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ йӕ зӕрдӕ тынгдӕр гуыпп-гуыпп кӕны. Сузӕйы Персы паддзахы галуаны мидӕггаг кӕрты афтӕ сабыр у, ӕмӕ Есфир йӕ къӕхты уынӕр ӕмӕ йӕ дарӕсы сыр-сыр дӕр хъусы. Паддзахы стыр кӕрты рӕсугъддзинад, йӕ бӕрзонд цӕджындзтӕ ӕмӕ Ливанӕй ласт кедртӕй конд рӕсугъд нывӕфтыд цар адӕймаджы дисы ӕфтауынц. Фӕлӕ ныртӕккӕ уыдӕттӕм кӕсыны рӕстӕг нӕу. Есфир кӕсы, паддзахбадӕныл чи бады, уымӕ. Йӕ цард уыцы адӕймаджы къухы ис.

      2 Паддзах Есфирмӕ ӕдзынӕг кӕсы ӕмӕ йӕм йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй ацамыдта. Афтӕмӕй Есфирӕн йӕ цард бахъахъхъӕдта. Йӕ лӕдзӕгӕй йӕм кӕй бацамыдта, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕм ӕнӕхонгӕйӕ кӕй ӕрбацыд, уый йын ныххатыр кодта. Ныр Есфир паддзахбадӕнмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ лӕдзӕгӕн йӕ кӕроныл андзӕвыд, бузныг, мӕ буц хицау, зӕгъгӕ (Есф. 5:1, 2).

      Есфир бацыд Паддзах Ахашверошмӕ ӕмӕ йӕ уый йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй ацамыдта

      Есфир бузныг уыд, паддзах ӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй

      3 Галуаны алцыдӕр дзурӕг уыди, паддзах Ахашверош ӕмбисонды хъӕздыг ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй у, ууыл. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Персы паддзӕхты дарӕсӕн йӕ аргъ уыд цалдӕр сӕдӕ милуан доллӕры. Фӕлӕ уӕддӕр Есфир йӕ сӕрыхицауы цӕстыты федта йӕ зӕрдӕйы хъарм. Зыдта йӕ, йӕ сӕрыхицау ӕй кӕй уарзы. Паддзах загъта: «Исты хабар у, паддзахы ус Есфир? Цы дӕ хъӕуы? Паддзахады ӕмбис мӕ куы ракурай, уӕд дӕр дын ӕй ратдзынӕн!» (Есф. 5:3).

      4. Есфирмӕ цавӕр зындзинад ӕнхъӕлмӕ каст?

      4 Есфир равдыста фидар уырнындзинад ӕмӕ диссаджы хъӕбатырдзинад. Паддзахмӕ бацыд, цӕмӕй йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцыдаид ӕмӕ сӕ ныццӕгъдын ма бауагътаид. Ӕмӕ йӕм кӕд паддзах хорз цӕстӕй ракаст, уӕддӕр ӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы стырдӕр зындзинад. Хъуамӕ уыцы сӕрбӕрзонд паддзахы баууӕндын кӕна, йӕ хуыздӕр уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй кӕй рацыд ӕмӕ Есфиры адӕмӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕссын кодта, ууыл. Цымӕ Есфир паддзахимӕ куыд ныхас кӕндзӕн? Ӕмӕ йӕ уырнындзинадӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      Зыдта, дзурын кӕд хъӕуы, уый

      5, 6. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Есфир архайдта, Екклесиасты 3:1, 7 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ? ӕ) Есфир йӕ сӕрыхицауимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста?

      5 Цымӕ, Есфиры цы тыхсын кодта, уый паддзахӕн йӕ лӕггадгӕнджыты раз райдыдта дзурын? Афтӕ куы бакодтаид, уӕд ӕй сӕ цӕсты бафтыдтаид, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уынаффӕгӕнӕг Аманӕн рӕстӕг уыдаид, цӕмӕй йӕхи сраст кодтаид. Уӕдӕ куыд бакодта Есфир? Цалдӕр ӕнусы размӕ Хуыцау зондджын паддзах Соломонӕн ахӕм ныхӕстӕ ныффыссын кодта: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон... ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:1, 7). Ӕвӕццӕгӕн-иу ацы ныхӕстӕ Есфирӕн йӕ хъомылгӕнӕг, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Мардохей, иу ӕмӕ дыууӕ хатты йӕ зӕрдыл не ’рлӕууын кодта. Уӕдӕ Есфир ӕмбӕрста, паддзахимӕ аныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ууыл ӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын кӕй хъуыди.

      6 Есфир загъта: «Кӕд паддзах разы у, уӕд ын цы куывд скодтон, уырдӕм абон Аманимӕ ӕрбацӕуӕд» (Есф. 5:4). Паддзах сразы ӕмӕ Аманы дӕр куывдмӕ фӕхуыдта. Есфир куыд ӕмбаргӕ ныхас кодта, уый бафиппайдтай? Иуӕй, йӕ сӕрыхицауы кад не ’рдӕлӕмӕ кодта. Иннӕмӕй та бацархайдта, цӕмӕй йӕ зӕгъинаг загътаид, хуыздӕр кӕм уыдаид, уым ӕмӕ, хуыздӕр кӕд уыдаид, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:19.)

      7, 8. Есфир цавӕр куывд скодта ӕмӕ паддзахимӕ уыцы куывды цӕуылнӕ аныхас кодта?

      7 Есфир, бӕгуыдӕр, бацархайдтаид, цӕмӕй куывды алцыдӕр уыдаид, йӕ сӕрыхицау куыд уарзта, афтӕ. Фынгыл ӕрӕвӕрдта ӕппӕты хуыздӕр сӕн, цӕмӕй паддзахы зӕрдӕ бахъӕлдзӕг уыдаид (Пс. 104:15). Ахашверош тынг райгондӕй баззад ӕмӕ та Есфиры ногӕй бафарста, цавӕр курдиат дӕм ис, зӕгъгӕ. Цымӕ Есфирӕн уый рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй йӕ зӕгъинаг загътаид?

      8 Есфир афтӕ нӕ хъуыды кодта. Паддзахы ӕмӕ та Аманы дыккаг бон дӕр куывдмӕ фӕхуыдта (Есф. 5:7, 8). Цымӕ ма Есфир цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йӕ адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Ӕмӕ Есфир хъуыды кодта, цымӕ ныр ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг у паддзахимӕ аныхас кӕнынӕн ӕви нӕ. Гъемӕ сфӕнд кодта ноджыдӕр банхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ йын уый фӕрцы ног фадат фӕзынд, йӕ сӕрыхицауы куыд тынг нымайы, уый равдисынӕн.

      9. Фӕразондзинад ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы Есфиры бафӕзмын?

      9 Фӕразондзинад ахсджиаг миниуӕг у, фӕлӕ бирӕтӕм нӕй. Кӕд Есфир тынг тыхсти ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый радзурын, уӕддӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, хуыздӕр рӕстӕг кӕд уыдзӕн, уымӕ. Есфиры хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Алчидӕр нӕ фӕуыны, сраст кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ нӕ куы фӕнда, уыцы хъуыддӕгтӕн дзуапп чи дӕтты, уыимӕ аныхас кӕнын, уӕд хъуамӕ Есфиры бафӕзмӕм ӕмӕ уӕм фӕразон. Ӕмбисӕндты 25:15 стихы фыст ис: «Фӕразондзинад ӕрфӕлмӕн кӕны хицауы зӕрдӕ дӕр, ӕмӕ фӕлмӕн ӕвзаг стӕг дӕр асӕтты». Фӕразонӕй куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хуыздӕр рӕстӕгмӕ ӕмӕ Есфирау фӕлмӕнӕй, сабырӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд, суанг нӕ ныхмӕ карзӕй чи цӕуы, уыдоны зӕрдӕтӕм дӕр фӕндаг ссардзыстӕм. Цымӕ, Есфир афтӕ фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй уыд, уый тыххӕй йын йӕ Хуыцау Йегъовӕ раарфӕ кодта?

      Фӕразондзинад байгом кӕны фӕндаг рӕстдзинадӕн

      10, 11. Аман куывдӕй куы рацыд, уӕд цӕуыл смӕсты? Йӕ ус ӕмӕ йын йе ’мбӕлттӕ цы бауынаффӕ кодтой?

      10 Есфиры фӕразондзинады фӕрцы ӕрцыд диссаджы хабӕрттӕ. Аман фыццаг бон куывдӕй уыцы «зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй» рацыд. Паддзах ӕмӕ йын йӕ ус иннӕтӕй уӕлдай ахӕм кад скодтой, ӕмӕ ма фырцинӕй зӕххыл дӕр кӕм лӕууыд. Фӕлӕ паддзахы галуаны кулдуары раз ауыдта дзуттаг лӕг Мардохейы. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр Аманы раз йӕ зонгуытыл не ’рхауд. Амӕйразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Мардохей Аманӕн фыдӕнӕн ми нӕ кодта. Йе ’фсарм ын уый бар нӕ лӕвӕрдта, стӕй йӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуын нӕ фӕндыд, ӕмӕ Аманимӕ йӕхи афтӕ уымӕн дардта. Фӕлӕ уӕддӕр Аман «мӕстӕй рафыхт» (Есф. 5:9).

      11 Аман йӕ усӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн радзырдта, Мардохей йӕ куыд ницӕмӕ дары, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын уӕд уыдон бауынаффӕ кодтой, зӕгъгӕ, 22 метры дӕргъӕн цӕджындз ӕрцӕттӕ кӕн ӕмӕ паддзахӕй бар ракур, цӕмӕй йыл Мардохейы ӕрцауындзай. Уыцы хъуыды Аманы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ ӕвӕстиатӕй бавнӕлдта (Есф. 5:12–14).

      12. Паддзах азфыстыты чиныг хъӕрӕй цӕмӕн кӕсын кодта ӕмӕ уый фӕрцы цы базыдта?

      12 Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. «Уыцы ӕхсӕв паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъд»,– фыст ис Библийы. Гъемӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй йын азфыстыты чиныг хъӕрӕй бакастаиккой. Чиныджы йын бакастысты, Ахашверошы марынмӕ кӕй хъавыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ уыцы хабар йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Ӕрхъуыды кодта, марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны кӕй ӕрцахстой ӕмӕ сӕ кӕй амардтой, уый дӕр. Фӕлӕ цымӕ, ацы фыдвӕнд чи раргом кодта, уыцы Мардохей та цы баци? Уыцы хъуыды ӕвиппайды паддзахы сӕрмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты афарста, Мардохейӕн цавӕр хорздзинад ракодтой, уымӕй. Ӕмӕ йын цавӕр дзуапп радтой? Загътой йын, уыцы адӕймагӕн, дам, ӕппындӕр ницы хӕрзиуӕг ракодтой. (Бакӕс Есфир 6:1–3.)

      13, 14. а) Тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм куыд фӕкъул? ӕ) Аманӕн йӕ ус ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ цы загътой?

      13 Паддзахы фӕндыд уыцы хъуыддаг сраст кӕнын. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бафарста, зӕгъгӕ, фӕсдзӕуинтӕй ныртӕккӕ кӕрты чи ис, цӕмӕй мын баххуыс кӕна. Ӕмӕ дзы, дӕумӕ гӕсгӕ, чи уыди? Аман! Райсомӕй раджы паддзахы кӕртмӕ ӕрбахӕццӕ, цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзыны тыххӕй бар ракуырдтаид. Фӕлӕ зӕгъгӕ дӕр ницыма кодта, афтӕ паддзах йӕ разӕй фӕци ӕмӕ йӕ афарста, йӕ хорзӕх ын чи ссардта, уымӕн куыд хуыздӕр скад кӕна, уымӕй. Аман ӕнхъӕлдта, ӕмӕ паддзах йӕ кой кӕны. Ӕмӕ алыхуызон диссӕгтӕ ранымадта: уыцы адӕймагыл скӕнӕнт паддзахы уӕлӕдарӕс, паддзахы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕнт ӕмӕ йӕ кадджындӕр кънйӕзтӕй сӕ иу Сузӕйы фӕзыл ӕрзилын кӕнӕд, иннӕтӕ та йӕ разӕй цӕуӕнт ӕмӕ йӕ хъӕрӕй кадджын кӕнӕнт. Аман уый куы фехъуыста, ӕмӕ ахӕм кад Мардохейӕн скӕндзысты, уӕд, хӕрзаг, афӕлурс. Цымӕ паддзах Мардохейы хъӕрӕй кадджын кӕнын кӕмӕн бахӕс кодта? Аманӕн йӕхицӕн! (Есф. 6:4–10).

      14 Аманы уыцы ӕгады хъуыддаг кӕнын куы нӕ бахъуыдаид ӕмӕ фӕлтау куы амардаид. Фӕлӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Гъемӕ йӕ хӕс тыххӕйты сӕххӕст кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ зӕрдӕсастӕй ацыд. Тӕбӕгъы дон кӕцырдӕм фӕкъул, уый йӕ ус ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куы базыдтой, уӕд ын загътой, де сӕфт ӕрцыд, уыцы дзуттаг Мардохейы ныхмӕ нӕ фӕлӕудзынӕ, зӕгъгӕ (Есф. 6:12, 13).

      15. а) Есфирмӕ фӕразондзинад кӕй уыд, уый цӕмӕ ӕркодта? ӕ) «Цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын» хорз цӕмӕн у?

      15 Есфирмӕ уыди фӕразондзинад ӕмӕ паддзахӕн йӕ фӕндон зӕгъыныл нӕ фӕтагъд кодта, ноджыдӕр ма иу бон банхъӕлмӕ каст. Уый фӕрцы Аманӕн рӕстӕг уыд, цӕмӕй йӕхицӕн дзыхъхъ скъахтаид. Ӕмӕ йын чи цы зоны, кӕд Йегъовӕ Хуыцау бакодта афтӕ, цӕмӕй паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъдаид (Ӕмб. 21:1). Хуыцауы Ныхас нын уымӕн дзуры, цӕмӕй, «цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм». (Бакӕс Михейы 7:7.) Хуыцаумӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд ӕй фенӕм, нӕ хъуыддаг нын, нӕхӕдӕг куыд хъуыды кодтам, уымӕй бирӕ хуыздӕр кӕй аскъуыддзаг кӕны.

      Хъӕбатырӕй дзырдта

      16, 17. а) Есфирӕн дзурыны рӕстӕг кӕд ӕрцыд? ӕ) Есфир Ваштийӕ цӕмӕй хицӕн кодта?

      16 Есфир паддзахы нал фӕлвӕрдта. Сфӕнд кодта, дыккаг бон ын куывды алцыдӕр кӕй радзурдзӕн. Фӕлӕ куыд? Паддзах ын йӕхӕдӕг радта ахӕм фадат – ногӕй та йӕ бафарста, цы дӕ хъуыди, зӕгъгӕ (Есф. 7:2). Ӕмӕ ныр Есфирӕн дзурыны рӕстӕг ӕрцыд.

      17 Ӕвӕццӕгӕн, йӕхинымӕр йӕ Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ паддзахӕн загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, паддзах, ӕмӕ дӕ кӕд фӕнды, уӕд дӕ курӕг дӕн, мӕ цард мын бахъахъхъӕн, ӕмӕ дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ адӕмы мын сафын ма бауадз» (Есф. 7:3). Есфир равдыста, паддзахӕн кӕй кад кӕны ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны. Куыд тынг хицӕн кодта Есфир Ваштийӕ – паддзахӕн йӕ размӕ цы ус уыд ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы иннӕты цӕсты чи бафтыдта, уымӕй! (Есф. 1:10–12). Стӕй Есфир паддзахӕн нӕ бауайдзӕф кодта, Аманыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид.

      18. Есфир паддзахӕн хабар куыд бамбарын кодта?

      18 Есфиры ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ паддзах арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаид. Чи бауӕндыд паддзахы усмӕ? Есфир ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз дӕр ӕмӕ мӕ адӕм дӕр уӕйгонд ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй нӕ амарой, ныццӕгъдой нӕ ӕмӕ нӕ фесафой. Цагъартӕ нӕ куы скодтаиккой, уӕд ницы загътаин, фӕлӕ ацы бӕллӕхӕн нӕй ӕруадзӕн, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн» (Есф. 7:4). Куыд федтам, афтӕмӕй Есфир паддзахӕн хабар ӕргом загъта ӕмӕ йын стӕй бамбарын кодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр ӕнӕуи цагъартӕй куы ӕрцыдаиккой уӕйгонд, уӕд кӕй ницы загътаид. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн адӕмы куы ныццагътаиккой, уӕд уый паддзахӕн йӕхицӕн дӕр стыр зиан ӕрхастаид.

      19. Адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн куыд ис, уый тыххӕй Есфирӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      19 Есфиры хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн куыд ис, уый тыххӕй. Нӕ хионимӕ кӕнӕ нӕ суанг цавӕрдӕр хицауимӕ дӕр исты ахсджиаг хъуыддагыл аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд нын стыр ӕххуыс уыдзӕн Есфиры цӕвиттон. Мах дӕр хъуамӕ уӕм фӕразон, хъуамӕ адӕймагӕн кад кӕнӕм ӕмӕ йемӕ ӕргом дзурӕм (Ӕмб. 16:21, 23).

      20, 21. а) Есфир Аманы фыдвӕнд куыд раргом кодта ӕмӕ уыцы хабар фехъусгӕйӕ паддзах куыд фӕци? ӕ) Аманӕн йӕ фыдвӕнд куы раргом, уӕд куыд кодта?

      20 Ахашверош Есфиры бафарста: «Чи у, афтӕ бакӕнын йӕ ныфс чи бахаста, уый? Кӕм ис уыцы адӕймаг?» Есфир Аманмӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ацы фыдзӕрдӕ Аман у знаг ӕмӕ фыдгул». Ахӕм ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Аман фыртӕссӕй барызт. Паддзахӕн фырмӕстӕй йӕ цӕсгом асырх – йӕ хуыздӕр уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй рацыд ӕмӕ йын йӕ зынаргъ бинойнаджы йӕхи къухӕй сафынвӕнд скодта! Ӕмӕ йӕхи дыргъдонмӕ айста, цӕмӕй йӕ маст ӕрсабыр уыдаид (Есф. 7:5–7).

      Дыккаг куывды рӕстӕг Есфир паддзахӕн алцыдӕр радзырдта ӕмӕ Аманы фыдвӕнд хъӕбатырӕй раргом кодта

      Есфир хъӕбатырӕй раргом кодта Аманы фыдвӕнд

      21 Аманӕн йӕ фыдвӕнд куы раргом, уӕд фыртӕссӕй Есфиры къӕхты раз ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци. Уӕдмӕ паддзах дыргъдонӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ куы федта, Есфир цы тъахтиныл бадти, Аман ууыл ныддӕлгом, уӕд мӕстӕй уыциу хъӕр фӕкодта, мӕ хӕдзары мын мӕ усӕн тыхми бакӕнынмӕ дӕр хъавыс, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Аманӕн йӕ мӕлӕт ӕрцыд. Йӕ цӕсгом ын ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ йӕ акодтой. Уый фӕстӕ паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сӕ иу афтӕ, Аман, дам, Мардохейӕн стыр хъӕд ӕрцӕттӕ кодта. Уӕд Ахашверош бардзырд радта, цӕмӕй уыцы хъӕдыл Аманӕн йӕхи ӕрцауыгътаиккой (Есф. 7:8–10).

      22. Есфиры цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      22 Ацы хӕрам дунейы адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ зӕххыл рӕстдзинад никуы уыдзӕн. Дӕумӕ дӕр, мыййаг, афтӕ фӕкӕсы? Есфирӕн йӕ ныфс никуы асаст ӕмӕ йӕ уырнындзинад дӕр нӕ фӕцудыдта. Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд хъӕбатырӕй дзырдта, раст цы уыд, уый тыххӕй ӕмӕ уый фӕстӕ алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодта. Мах дӕр-иу хъуамӕ афтӕ бакӕнӕм. Йегъовӕ нӕ аивта. Аманӕн куыд бакодта, афтӕ ныр дӕр йӕ бон у фыдгӕнджыты сӕхи къӕппӕджы ӕрцахсын. (Бакӕс Псалом 7:11–16.)

      Удуӕлдайӕ архайдта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй

      23. а) Паддзах куыд схорзӕхджын кодта Мардохей ӕмӕ Есфиры? ӕ) Иаков йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Вениамины тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст сты? (Кӕс рамкӕ «Пехуымпарад сӕххӕст».)

      23 Кӕдӕй-уӕдӕй паддзах базыдта, Мардохей чи уыд, уый. Ӕрмӕст йӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ Есфиры хъомылгӕнӕг дӕр. Ахашверош Аманы бӕсты Мардохейы сӕвӕрдта йӕ паддзахады дыккаг лӕгӕй. Аманы хӕдзар ӕмӕ йе стыр фӕллӕйттӕ та радта Есфирӕн, ӕмӕ сӕ уый Мардохейы бар бакодта (Есф. 8:1, 2).

      24, 25. а) Аманы фыдвӕнд куы раргом, уӕд дӕр Есфирӕн ӕнцад бадӕн цӕуылнӕ уыд? ӕ) Есфир та йӕ цард ногӕй тӕссаг уавӕры куыд баппӕрста?

      24 Ныр Есфир ӕмӕ Мардохейы цардӕн тӕссаг ницӕмӕйуал уыд. Ӕмӕ цымӕ Есфир йӕхицӕн ӕнцад сбадт? Афтӕ бакодтаид, ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт куы кодтаид, уӕд. Аман дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы бардзырд раттын кодта, уый нырма йӕ тыхы уыд. Дзуттӕгты ныццӕгъдын хуыздӕр кӕцы бон уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕнынӕн Аман сӕппӕрста хӕлттӕ, кӕнӕ пур – ӕвӕццӕгӕн, афтӕмӕй дӕсны фарста (Есф. 9:24–26). Уыцы бонмӕ нырма цалдӕр мӕйы хъуыд, фӕлӕ уӕддӕр ӕнцад бадӕн нӕ уыд. Цымӕ ма исты уыди саразӕн?

      25 Есфир та йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрста – ногӕй та паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ бацыд. Ацы хатт ын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ адӕмы тыххӕй цы бардзырд радта, уый аивтаид. Фӕлӕ-иу Персы паддзах кӕй ӕрфидар кодта, уыцы закъӕттӕн аивӕн нал уыд (Дан. 6:12, 15). Уымӕ гӕсгӕ паддзах Есфир ӕмӕ Мардохейӕн бар радта, цӕмӕй ног закъон ныффыстаиккой. Уыцы закъон дзуттӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Гъемӕ хабархӕсджытӕ фыстӕджытимӕ араст сты Персы паддзахады алы къуымтӕм ӕмӕ дзуттӕгтӕн уыцы хорз хабар хъусын кодтой. Ӕмӕ та сӕ зӕрдӕты ныфсы зынг ссыгъд (Есф. 8:3–16). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы стыр паддзахады алы рӕтты дзуттӕгтӕ сӕхи тохмӕ куыд цӕттӕ кӕнынц, уый. Ног бардзырд куы нӕ рацыдаид, уӕд сын ахӕм фадат ницы хуызы уыдаид! Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ цымӕ «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» рахӕцдзӕн йӕ адӕмы сӕрыл? (1 Сам. 17:45).

      Есфир ӕмӕ Мардохӕй дзурынц дыккаг бардзырды ныхӕстӕ, ӕрыгон нӕлгоймаг та сӕ фыссы

      Есфир ӕмӕ Мардохей Персы паддзахады цӕрӕг дзуттӕгтӕм фыстӕджытӕ арвыстой

      26, 27. а) Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм се знӕгтыл куыд фӕуӕлахиз сты? ӕ) Аманы фыртты кӕй амардтой, уымӕй цавӕр пехуымпарад сӕххӕст?

      26 Уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцауы адӕм алцӕмӕй дӕр уыдысты цӕттӕ. Дзуттаг Мардохей Персы паддзахады дыккаг лӕг кӕй сси, уый паддзахы дӕлбар хицӕуттӕ куы фехъуыстой, уӕд уыдонӕй дӕр бирӕтӕ дзуттӕгты фарс рахӕцыдысты. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм фӕуӕлахиз сты. Йегъовӕ йӕ адӕмы знӕгты бындзагъд фӕкодта, цӕмӕй сӕ ныхмӕ макуыуал рацыдаиккойa (Есф. 9:1–6).

      27 Стӕй Аманы дӕс фырты дӕр амардтой, уымӕн ӕмӕ цалынмӕ уыдон удӕгас уыдысты, уӕдмӕ Мардохейӕн тӕссаг уыди Аманы хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнын (Есф. 9:7–10). Афтӕмӕй сӕххӕст, Хуыцау раджы кӕй загъта, уыцы пехуымпарад – амаликӕгтӕй, йӕ адӕмы знӕгтӕй, иу дӕр кӕй нал баззайдзӕн (Дык. з. 25:17–19). Аманы фырттӕ уыдысты, уыцы адӕмӕй ма цы иугӕйттӕ баззад, уыдонӕй.

      28, 29. а) Йегъовӕйы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй Есфир ӕмӕ йӕ адӕм хӕцыдаиккой? ӕ) Есфиры цӕвиттон нын кӕй ис, уый хорз цӕмӕн у?

      28 Ӕрыгон Есфиры уӕхсчытыл ӕрӕнцад уӕззау уаргъ – паддзахы номӕй Мардохеимӕ хъуамӕ ахӕм закъӕттӕ рауагътаиккой, цӕмӕй сын се знӕгтимӕ схӕцыны ӕмӕ сӕ ныццӕгъдыны бар уыдаид. Ӕмӕ уый ӕнцон кӕцӕй уыдаид. Фӕлӕ Есфир ӕмбӕрста, Йегъовӕйы фӕндон кӕй уыд, цӕмӕй йын йӕ адӕмы зӕххы цъарӕй фесафын ма бауагътаид. Израилы адӕмӕй хъуамӕ рацыдаид зӕрдӕвӕрд Мессийӕ – ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ иунӕг ныфс! (Райд. 22:18). Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц ӕмӕ хӕстыты нӕ архайынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Мессийӕ, ома Йесо Чырысти, зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уый бар кӕй нал дӕтты (Матф. 26:52).

      29 Фӕлӕ чырыстӕттӕ тох кӕнынц ӕндӕр хӕсты. Хӕйрӕг тынгӕй-тынгдӕр архайы, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауыл мауал ӕууӕндӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 10:3, 4.) Куыд хорз у, Есфиры цӕвиттон нын кӕй ис! Цӕй уӕдӕ мах дӕр Есфирау нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Искӕимӕ нӕ аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕразон, стӕй хъӕбатыр ӕмӕ Хуыцауы адӕмы тыххӕй нӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм.

      Есфиры тыххӕй фарстатӕ

      Мардохей Есфиры цӕмӕн бауагъта ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕг адӕймагмӕ смой кӕнын?

      Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, Мардохей, дам, йӕхицӕн пайда агуырдта ӕмӕ уый тыххӕй сразы, цӕмӕй Есфир паддзахмӕ смой кодтаид. Фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕн бындур нӕй. Мардохей Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг уыд, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ хорз цӕстӕй ницы хуызы ракастаид (Дык. з. 7:3). Рагон дзуттаг истори куыд зӕгъы, афтӕмӕй Мардохей архайдта уыцы хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл. Фӕлӕ Мардохей дӕр ӕмӕ Есфир дӕр уыцы бӕстӕйы ӕцӕгӕлӕттӕ уыдысты. Стӕй паддзах йӕхӕдӕг хуыцауыл нымад уыд, ӕмӕ йӕ ныхмӕ сӕ бон цы хъуамӕ уыдаид. Рӕстӕг равдыста, Есфир паддзахы ус кӕй уыд, уымӕй Йегъовӕ кӕй спайда кодта йӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн (Есф. 4:14).

      Есфиры чиныджы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, цӕуылнӕ ис?

      Куыд зыны, афтӕмӕй Есфиры чиныг Мардохей ныффыста. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацы чиныг фыццаг ӕвӕрд уыд Персы паддзахы документтимӕ ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ахастой. Йегъовӕйы ном дзы куы ныффыстаид, уӕд тӕссаг уыди, Персы хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм уыцы чиныг куы фесӕфтаиккой, уымӕй. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр бӕрӕг у, ацы чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны Йегъовӕ кӕй архайдта. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы чиныджы дзуттаг къухфыстыты Хуыцауы ном цыппар раны ӕмбӕлы акростихты хуызы. Кӕрӕдзийы фӕдыл цыппар дзырды афтӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы фыццаг дамгъӕтӕй кӕнӕ фӕстаг дамгъӕтӕй Хуыцауы ном рауадаид.

      Есфиры чиныг историмӕ гӕсгӕ раст у?

      Критиктӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ацы чиныг историмӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фӕлӕ иннӕ ахуыргӕндтӕ та зӕгъынц, чиныджы фыссӕг тынг хорз кӕй зыдта, Персы паддзахы галуан куыд арӕзт уыди, чи дзы лӕггад кодта, стӕй персайнӕгтӕм цавӕр ӕгъдӕуттӕ уыди, уыдӕттӕ. Раст у, уыцы замантӕй цы документтӕ баззад, уыдоны паддзахы ус Есфиры кой никуы ис. Фӕлӕ Есфир иунӕг ахӕм нӕу. Уыцы документты, паддзахы галуаны чи цард, уыдонӕй ноджыдӕр бирӕты нӕмттӕ не ’мбӕлынц. Стӕй рагон документты фыст ис, Есфиры чиныджы цы рӕстӕджы кой цӕуы, уыцы рӕстӕджы Сузӕйы паддзахы галуаны стыр бынат кӕй ахста иу адӕймаг, Мардука, зӕгъгӕ (афтӕ у Мардохейы ном персайнагау).

      Пехуымпарад сӕххӕст

      Хуыцауы адӕмы сӕрыл тох кӕнгӕйӕ Есфир ӕмӕ Мардохей сӕххӕст кодтой, Библийы фыст чи ӕрцыд, ахӕм пехуымпарад. Уыцы заманӕй 12 ӕнусы раздӕр Йегъовӕ Иаковӕн йӕ фырттӕй иуы тыххӕй загъта: «Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый» (Райд. 49:27). «Райсомӕй» амыдта, Израилы паддзахад куы фӕзынд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл тох кодтой Вениамины байзӕддӕгтӕй паддзах Саул ӕмӕ ма ӕндӕр хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр. «Изӕрӕй» та амыдта, Израилы паддзахадӕн йӕ кӕрон куы ’рцыд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд та Йегъовӕйы знӕгтимӕ хъӕбатырӕй тох кодтой Есфир ӕмӕ Мардохей, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Вениамины мыггагӕй. Стӕй ма зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон адих кодтой, сӕ къухы цы бафтыд, уый, ома Аманы стыр бынтӕ.

      a Паддзах дзуттӕгтӕн бар радта, цӕмӕй се знӕгтимӕ дыккаг бон дӕр хӕцыдаиккой ӕмӕ сыл кӕронмӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой (Есф. 9:12–14). Абон дӕр дзуттӕгтӕ уыцы уӕлахизы бон бӕрӕг кӕнынц алы аз дӕр адары мӕйы. Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ, адар райдайы февралы дыккаг ӕмбисы ӕмӕ фӕвӕййы мартъийы фыццаг ӕмбисы. Уыцы бӕрӕгбон хуыйны Пурим. Афтӕ йӕ схуыдтой, Аман хӕлттӕ кӕй сӕппӕрста, уый тыххӕй.

      АХЪУЫДЫ КӔН...

      • Цӕмӕй бӕрӕг у, Есфир кӕй зыдта, дзурын кӕд хъӕуы, уый?

      • Есфирмӕ фӕразондзинад кӕй уыд, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

      • Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ куыд тох кодта?

      • Цӕмӕй дӕ фӕндид Есфиры уырнындзинад бафӕзмын?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын