-
Цы у Хуыцауы Паддзахад?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
31 УРОК
Цы у Хуыцауы Паддзахад?
Библийы сӕйраг темӕ у Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, райдианы йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Цы у Хуыцауы Паддзахад? Кӕцӕй йӕ зонӕм, бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста? Абоны онг ын цы бантыст? Ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзынӕ ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ урокӕй.
1. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах чи у?
Хуыцауы Паддзахад у, Йегъовӕ Хуыцау уӕлӕрвты кӕй сфидар кодта, уыцы хицауад. Йӕ Паддзах у Йесо Чырысти ӕмӕ разамынд дӕтты уӕлӕрвтӕй (Матфейы 4:17; Иоанны 18:36). Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, «ӕнустӕм уыдзӕн паддзах», зӕгъгӕ (Лукайы 1:32, 33). Йесо Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл чидӕриддӕр цӕрдзӕн, уыдонӕн.
2. Йесоимӕ разамынд чи дӕтдзӕн?
Йесо разамынд иунӕгӕй нӕ дӕтдзӕн. Адӕм «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй... зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10). Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ цал адӕймаджы уыдзысты? Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ милуангай адӕм систы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ. Фӕлӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 000 адӕймаджы. (Бакӕс Раргомад 14:1–4.) Иннӕ чырыстӕттӕ та уыдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл (Псалом 37:29).
3. Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕн у?
Кӕд хицӕутты хорз цыдӕртӕ саразын фӕфӕнды, уӕддӕр сӕ бон нӕ вӕййы, сӕ зӕрды цыдӕриддӕр вӕййы, уый саразын. Ӕмӕ, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр сӕ бынатмӕ ӕндӕр чидӕртӕ ’рбацӕуы, ӕмӕ уыдон та хатт адӕмы мӕт ӕппындӕр нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо алкӕддӕр йӕхӕдӕг уыдзӕн Хицау. «Хуыцау сфидар кодта, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад» (Данел 2:44). Йесо разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕндзӕн. Уый адӕмы уарзы, у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Ӕмӕ адӕмы дӕр сахуыр кӕндзӕн кӕрӕдзи уарзын, стӕй цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уой ӕмӕ рӕстӕй архайой. (Бакӕс Исайы 11:9.)
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕн у.
4. Хуыцауы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн дӕр
Йесо Чырыстимӕ цас бартӕ ис, уыйбӕрц бартӕ зӕххон хицӕуттӕй иумӕ дӕр никуы уыд ӕмӕ нӕ уыдзӕн. Бакӕсут Матфейы 28:18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесомӕ цы бартӕ ис, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц, зӕххон хицӕуттӕм цы бартӕ ис, уыдонӕй?
Зӕххон хицауӕдтӕ арӕх фӕивынц, ӕмӕ алы хицауадӕн дӕр йӕ дӕлбар ис ӕрмӕстдӕр бӕлвырд территори. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Бакӕсут Данелы 7:14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Хуыцауы Паддзахад кӕй «никуы ныппырх уыдзӕн», уый хорз цӕмӕн у?
Уыцы Паддзахад разамынд ӕгас зӕххӕн кӕй дӕтдзӕн, уый хорз цӕмӕн у?
5. Зӕххон хицауӕдты бӕсты хъуамӕ уа ӕндӕр хицауад
Зӕххон хицауӕдты бӕсты Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн хъуамӕ уа? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый цӕмӕ ’ркодта?
Бакӕсут Екклесиаст 8:9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Куыд хъуыды кӕныс, зӕххон хицауӕдты бӕсты хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад райса бартӕ йӕ къухмӕ? Цӕмӕн?
6. Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмы хорз ӕмбарынц
Нӕ Паддзах Йесо зӕххыл кӕй цард, уымӕ гӕсгӕ нын «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ» ӕмбары (Дзуттӕгтӕм 4:15). Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 иузӕрдион нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы Йегъовӕ равзӕрста «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй» (Раргомад 5:9).
Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сӕхӕдӕг дӕр адӕм кӕй уыдысты ӕмӕ зӕххыл кӕй цардысты, уый дӕ ныфс нӕ уадзы? Цӕмӕн?
Йегъовӕ алы адӕмыхӕттытӕй ӕвзары нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой
7. Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ цыфӕнды хицауады закъӕттӕй дӕр хуыздӕр сты
Хицауӕдтӕ сфидар кӕнынц, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Хуыцауы Паддзахадӕн дӕр ис йӕхи закъӕттӕ, ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон сӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Дӕумӕ гӕсгӕ, адӕм иууылдӕр Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дуне цыхуызӕн уыдзӕн?a
Йегъовӕ домы, цӕмӕй, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрой. Куыд хъуыды кӕныс, уый бар ын ис? Цӕмӕн?
Цӕмӕй бӕрӕг у, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕн сӕ бон кӕй у аивын? (11 стих)
Хицауӕдтӕ рауадзынц, сӕ адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ адӕмы закъӕттӕй бирӕ хуыздӕр сты
ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Цы у Хуыцауы Паддзахад?»
Цавӕр дзуапп ын раттис?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад ӕмӕ разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи сты?
Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕй у?
Йегъовӕ цы домы, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕй?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, Хуыцауы Паддзахад кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо цы дзырдта.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы Паддзахадыл уой иузӕрдион, зӕххон хицауӕдтыл нӕ, фӕлӕ?
Базон, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 тыххӕй Библийы цы фыст ис.
Ахӕстоны чи бадт, иу ахӕм сылгоймаджы цӕмӕ гӕсгӕ бауырныдта, зӕххыл рӕстдзинад ӕрмӕстдӕр Хуыцау кӕй ӕрфидар кӕндзӕн?
«Базыдтон, зӕххыл рӕстдзинад кӕй уыдзӕн» (2011 азы ноябры «Райхъал ут!», уырыссаг)
-
-
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
32 УРОК
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста 1914 азы. Уӕд зӕххон паддзахӕдтӕн дӕр райдыдтой сӕ фӕстаг бонтӕ. Уый кӕцӕй зонӕм? Ӕркӕсӕм Библийы пехуымпарадмӕ ӕмӕ, 1914 азӕй дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн систы, уымӕ.
1. Библийы пехуымпарадӕй цы ис базонӕн?
Библийы Данелы чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй хъуамӕ райстаид «авд рӕстӕджы» кӕрон (Данел 4:16, 17). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесо уыцы рӕстӕг схуыдта «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» ӕмӕ загъта, уыцы рӕстӕг кӕй нӕма фӕци (Лукайы 21:24). Дарддӕр куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй авд рӕстӕджы фесты 1914 азы.
2. 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн систы?
Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матфейы 24:3). Йесо ранымадта, уӕлӕрвты Паддзах куы суа, уӕд зӕххыл цытӕ цӕудзӕн, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, загъта, хӕстытӕ кӕй цӕудзӕн, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Матфейы 24:7.) Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, «фӕстаг бонты» адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый аххосӕй цард «тынг уӕззау» кӕй уыдзӕн (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Ӕппӕт уыдӕттӕ ирдӕй уынӕм 1914 азӕй фӕстӕмӕ.
3. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕртӕ цӕмӕн фӕфыддӕр сты?
Йесо Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр уӕлӕрвты Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ дӕлимонтимӕ схӕцыд ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз. Библийы фыст ис: «Хӕйрӕг... зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Раргомад 12:9, 10, 12). Хӕйрӕг у тынг мӕсты, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, тагъд йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны. Уӕдӕ дуне ахӕм ӕвзӕр уавӕры кӕй ис, уый диссаг нӕу! Фӕлӕ тагъд Хуыцауы Паддзахад уыцы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райста, уымӕн. Стӕй ма базон, цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, ууыл кӕй ӕууӕндӕм.
4. Библийы пехуымпарад амоны 1914 азмӕ
Хуыцау Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн фыны равдыста, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Уыцы фын амыдта Навуходоносоры хицаудзинадмӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ дӕр. Уый бӕрӕг у фынӕн йӕхицӕй, стӕй йӕ Данел куыд бамбарын кодта, уымӕй дӕр. (Бакӕсут Данелы 4:17.)a
Бакӕсут Данелы 4:20–26 ӕмӕ стӕй таблицӕмӕ гӕсгӕ ацы фарстатӕн дзуапп ратт:
1) Навуходоносор йӕ фыны цы федта? (20 ӕмӕ 21 стихтӕ)
2) Бӕласыл цы хъуамӕ ’рцыдаид? (23 стих)
3) «Авд рӕстӕджы» куы фӕуыдаиккой, уӕд цы хъуамӕ ’рцыдаид? (26 стих)
Бӕласы тыххӕй фын Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд баст у
ПЕХУЫМПАРАД (Данел 4:20–36)
Паддзахы бартӕ
1) Тынг стыр бӕлас
Паддзахы бартӕ ист ӕрцыдысты
2) «Бӕлас акалут» ӕмӕ «авд рӕстӕджы» рацӕуӕд
Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты
3) «Фӕстӕмӕ дӕ паддзахбадӕныл ӕрбаддзынӕ»
Фыццаг хатт сӕххӕст
4) Бӕлас кӕмӕ амыдта? (22 стих)
5) Йӕ паддзахы бартӕ ист кӕд ӕрцыдысты? (Бакӕсут Данелы 4:29–33.)
6) «Авд рӕстӕджы» куы фесты, уӕд Навуходоносор цы баци? (Бакӕсут Данелы 4:34–36.)
ФЫЦЦАГ ХАТТ СӔХХӔСТ
Паддзахы бартӕ
4) Вавилоны паддзах Навуходоносор
Паддзахы бартӕ ист ӕрцыдысты
5) Н. э. размӕ 606 азы фӕстӕ Навуходоносорӕн йӕ зонд фӕцыд, ӕмӕ авд азы паддзах нал уыд
Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты
6) Навуходоносорӕн йӕ зонд йӕхимӕ ӕрцыд ӕмӕ та паддзах сси
Дыккаг хатт сӕххӕст
7) Бӕлас кӕмӕ амыдта? (Бакӕсут 1 Азфыстыты 29:23.)
8) Паддзӕхты бартӕ ист кӕд ӕрцыдысты? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд паддзахы бартӕ нырма лӕвӕрд кӕй никӕмӕн ӕрцыдысты? (Бакӕсут Лукайы 21:24.)
9) Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыдысты?
ДЫККАГ ХАТТ СӔХХӔСТ
Паддзахы бартӕ
7) Израилы паддзӕхтӕ, Хуыцауы номӕй адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон
Паддзахы бартӕ ист ӕрцыдысты
8) Иерусалим ныппырх кодтой, ӕмӕ Израилы паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕй 2 520 азы паддзах ничи уыд
Паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты
9) Йесо уӕлӕрвты сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах
Авд рӕстӕджы цас рӕстӕгмӕ амонынц?
Библийы иуӕй-иу хӕйттӕ нын ӕххуыс кӕнынц иннӕ хӕйттӕ бамбарынӕн. Зӕгъӕм, Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг кӕй сты 1 260 боны (Раргомад 12:6, 14). Авд рӕстӕджы сты дыууӕ хатты фылдӕр, ома 2 520 боны. Библийы дзырд «бон» хатт фӕамоны азмӕ (Йезекил 4:6). Ӕмӕ Данелы чиныджы цы авд рӕстӕджы кой цӕуы, уыдон дӕр сты 2 520 азы.
5. 1914 азӕй дуне фӕивта
Йесо загъта, паддзах куы суа, уӕд дунейы цытӕ цӕудзӕн. Бакӕсут Лукайы 21:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ацы хабӕрттӕй кӕцытӕ уыныс кӕнӕ кӕцыты тыххӕй фехъуыстай?
Апостол Павел ныффыста, фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый. Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ацы миниуджытӕй адӕммӕ кӕцытӕ уыныс?
6. Дӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ кӕй уырны?
Бакӕсут Матфейы 24:3, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый цавӕр ахсджиаг хъуыддагӕй у бӕрӕг?
Дӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы архайын?
Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕрфидар ӕмӕ тагъд ӕгас зӕххӕн разамынд дӕттын райдайдзӕн. Уыцы бон у тынг ӕввахс. Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Алчидӕр нӕ цы хъуамӕ араза, «уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны», уый уынгӕйӕ?
Иннӕтӕн куыд баххуыс кӕнӕн ис ӕмӕ сӕ куыд фервӕзын кӕнӕн ис, уый куы зонис, уӕд куыд бакӕнис?
ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1914 азы кой афтӕ арӕх цӕмӕн фӕкӕнынц?»
Цавӕр дзуапп ын раттис?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Библийы пехуымпарадӕй ӕмӕ дунейы уавӕртӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уый нӕ кӕй уырны, уый бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, уымӕй.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Данелы чиныджы цы авд рӕстӕджы кой ис, уыдон куы фесты, уӕд цы ’рцыд?
Хуыцауы Паддзахад 1914 азы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ цӕмӕн уырны?
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый дӕ кӕй уырны, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, историктӕ ӕмӕ ма ӕндӕр чидӕртӕ дӕр цы дзурынц, 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕртӕ куыд фӕивтой, уый тыххӕй.
«Уаг ӕмӕ ӕгъдау сӕфын кӕд райдыдтой?» (2007 азы апрелы «Райхъал ут!», уырыссаг)
Базон, иу нӕлгоймагӕн йӕ цард куыд фӕивта, Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад ис, уый куы базыдта, уӕд.
«Бейсболӕй тынгдӕр ницы уарзтон!» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 3, 2017)
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Данелы чиныджы 4 сӕры цы пехуымпарад ис, уый Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй амоны?
«Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? (1 хай)» (2014 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, Данелы чиныджы 4 сӕры цы «авд рӕстӕджы» кой цӕуы, уыдон 1914 азы кӕй фесты?
«Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? (2 хай)» (2014 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
a Кӕс ацы урочы рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг» фӕстаг дыууӕ статьяйы.
-
-
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
33 УРОК
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста. Ӕмӕ тагъд зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ алцыдӕр хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
1. Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ рӕстдзинад ӕмӕ фарн куыд ӕрхӕсдзӕн?
Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо фыдгӕнӕг адӕмы ӕмӕ хицауӕдты Армагеддоны хӕсты фесафдзӕн (Раргомад 16:14, 16). Уӕд сӕххӕст уыдзысты Библийӕ ацы ныхӕстӕ: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн» (Псалом 37:10). Хуыцауы Паддзахады фӕрцы Йесо ӕгас зӕххыл дӕр ӕрфидар кӕндзӕн рӕстдзинад ӕмӕ фарн. (Бакӕс Исайы 11:4.)
2. Хуыцауы фӕндон зӕххыл куы уа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн?
Хуыцауы Паддзахады дӕлбар «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕм иууылдӕр сты рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ кӕрӕдзи уарзынц. Уый уыдзӕн диссаджы цард! Ничиуал рынчын кӕндзӕн, ӕмӕ иууылдӕр ӕнустӕм цӕрдзысты.
3. Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ Йесо 1 000 азы дӕргъы уыдзӕн Паддзах. Уыцы рӕстӕг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 ӕххуыс кӕндзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой. Миназы кӕронмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ цӕрдзысты Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ. Уый фӕстӕ Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм ратдзӕн. Уӕд Йегъовӕйы ном срухс уыдзӕн, уӕдмӕ куыд никуы срухс, афтӕ (Матфейы 6:9, 10). Сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ хорз Хицау кӕй у ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл кӕй тыхсы. Уый фӕстӕ Йегъовӕ фесафдзӕн Хӕйрӕджы, дӕлимонты ӕмӕ, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны (Раргомад 20:7–10). Хуыцауы Паддзахад цы диссаджы цард сараздзӕн, уый уыдзӕн ӕнустӕм.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый.
4. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн зӕххон хицауӕдтӕн
«Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы уымӕн кӕрон скӕндзӕн.
Бакӕсут Данелы 2:44 ӕмӕ 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо зӕххон хицауӕдтӕн ӕмӕ, сӕ фарс чи у, уыдонӕн цы бакӕндзысты?
Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, рӕстӕй кӕй архайдзысты, ууыл?
5. Йесо у ӕппӕты хуыздӕр Паддзах
Зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесо бирӕ хорздзинӕдтӕ сараздзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йесо куыд равдыста, кӕй йӕ фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын Хуыцау уымӕн хъарутӕ кӕй радта.
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый. Дӕлдӕр цы арфӕдзинӕдты кой ис, уыдонӕй тынгдӕр кӕцытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Бакӕсут, цы стихтӕ дзы ис, уыдон, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй фылдӕр базонай.
ЙЕСО ЗӔХХЫЛ ЦӔРГӔЙӔ...
ЙЕСО УӔЛӔРВТӔЙ...
равдыста, йӕ бар кӕй цӕуы ӕрдзы тыхтыл (Марчы 4:36–41).
адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (Исай 35:1, 2).
мингӕйтты диссаджы хуызы ӕфсӕста (Матфейы 14:17–21).
ӕххормагдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 72:16).
бирӕты сӕ низтӕй сдзӕбӕх кодта (Лукайы 18:35–43).
адӕмы сӕ низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (Исай 33:24).
мӕрдты ӕгас кодта (Лукайы 8:49–55).
мӕрдты райгас кӕндзӕн, ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн (Раргомад 21:3, 4).
6. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн
Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый. Адӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йегъовӕ Йесойы руаджы йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый.
Бакӕсут Псалом 145:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Цы хъуыды кӕныс, Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыздӕр хицауад нын куы уа, уӕд нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».
Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй уӕлдай кӕрон цавӕр зындзинӕдтӕн скӕндзӕн?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Хуыцауы Паддзахад йӕ нысан сӕххӕст кӕндзӕн: ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ дзы цӕрдзысты хорз адӕм. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕнустӕм.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы ном куыд срухс кӕндзӕн?
Хуыцауы Паддзахад Библийы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, Армагеддон цы у, уый.
Базон, Йесо Матфейы 24:21 стихы «стыр бӕллӕх» кӕй схуыдта, уыцы рӕстӕг цытӕ цӕудзӕн, уый.
Фен, бинонтӕн сӕ бон куыд у иумӕ Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын.
Иу нӕлгоймаджы царды хабарӕй, «Бирӕ фарстатӕ мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой», зӕгъгӕ, базондзынӕ, раздӕр хицауады ныхмӕ кӕй уыд, фӕлӕ стӕй кӕй базыдта, цард цӕй фӕрцы фӕивдзӕн, уый.
«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
-