Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • scl 95–96 фф.
  • Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад
  • Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
scl 95–96 фф.

Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад

Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 51:1, 2. Паддзах Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыстаид – ныххатыр ын кодтаид ӕмӕ йӕ йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтаид.

    • Лк 10:29–37. Йесо радзырдта, самариаг лӕг дзуттаг лӕгӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй; афтӕмӕй бамбарын кодта, нӕ бон фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын куыд у, уый.

Адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын цӕмӕн хъӕуы?

Пс 130:3; Ек 7:20; 1Ин 1:8

Кӕс ма 1Пд 8:46–50

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый?

Рц 34:6; Не 9:17; Пс 103:8; 2Кр 1:3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 42:1, 2, 6–10; Иак 5:11. Йегъовӕ Иовмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ йын йӕхи дӕр ахуыр кодта фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын.

    • Лк 15:11–32. Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, фыд куыд бакодта, йӕ хивӕнд фырт куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд; афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕ тынг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый.

Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕн ӕвдисы?

Ро 5:8; 1Ин 4:9, 10

Кӕс ма Тит 3:4, 5

Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд куыд цӕуынц?

Лк 24:47; Хъд 10:43; 1Ин 1:7, 9

Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ дзы йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Лк 11:2–4; Дзт 4:16

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 51:1–4. Паддзах Давид йӕ тӕригъӕдтыл тынг фӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕн сӕрныллӕгӕй лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыстаид ӕмӕ йын ныххатыр кодтаид.

    • Лк 18:9–14. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдисы, йӕ рӕдыдтытыл сӕрныллӕгӕй чи басӕтты, уыдонмӕ.

Уӕззау тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, уыдоны цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса?

Д.з 4:29–31; Ис 55:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 33:9–13, 15. Манасси уыд тынг ӕвзӕр паддзах, фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид. Манасси та фӕстӕмӕ паддзах сси ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, кӕй аивта, уый.

    • Ион 3:4–10. Ниневиӕгтӕ тынг ӕгъатыр адӕм уыдысты ӕмӕ бирӕ туг ныккалдтой, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ сын Хуыцау ныххатыр кодта.

Цӕмӕй нӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса, уый тыххӕй нӕ тӕригъӕдтыл цӕмӕн хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард цӕмӕн хъуамӕ аивӕм?

Пс 32:5; Ӕм 28:13; 1Ин 1:9

Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы равдиса, уӕддӕр нӕ, гӕнӕн ис, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕрой кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм

Рц 34:6, 7; 2См 12:9–13

Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Мф 6:14; Лк 6:36; Кл 3:13

Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы не ’вдисӕм, уӕд уый куыд фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл?

Мф 9:13; 23:23; Иак 2:13

Кӕс ма Ӕм 21:13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 18:23–35. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы не ’вдиса, уӕд ӕм Йегъовӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй не ’вдисдзӕн.

    • Лк 10:29–37. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Йегъовӕ дӕр райгонд кӕй нӕ вӕййынц, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад чи нӕ равдисы, уыдонӕй, фӕлӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ самариаг лӕджы хуызӕн чи у, уыдонӕй райгонд кӕй сты.

Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕммӕ Йегъовӕ цы зӕрдӕ дары?

Мф 5:7; Мч 11:25

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын