Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • scl 48–50 фф.
  • Коммӕгӕсдзинад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Коммӕгӕсдзинад
  • Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
scl 48–50 фф.

Коммӕгӕсдзинад

Коммӕ кӕсын ахсджиаг цӕмӕн у?

Рц 19:5; Д.з 10:12, 13; Ек 12:13; Иак 1:22

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 15:17–23. Пехуымпар Самуил паддзах Саулӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй; уый фӕстӕ Самуил бамбарын кодта, коммӕгӕсдзинад куыд ахсджиаг у, уый.

    • Дзт 5:7–10. Кӕд Йесо алкӕддӕр йӕ Фыды коммӕ каст, уӕддӕр зӕххыл куы уыд ӕмӕ йын иннӕтӕ хъизӕмӕрттӕ куы ’взарын кодтой, уӕд коммӕ кӕсыныл сахуыр.

Чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна, хицӕуттӕ йын Хуыцауы закъӕттӕ куы халын кӕной, уӕд?

Хъд 5:29

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дан 3:13–18. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйӕн кӕд мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр нӕ бакуывтой, паддзах Навуходоносор кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйӕн.

    • Мф 22:15–22. Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хицауады коммӕ кӕй фӕкӕсынц, Йегъовӕ Хуыцауы закъӕттӕ сын куы нӕ фӕхалын кӕнынц, уӕд.

    • Хъд 4:18–31. Хицӕуттӕ апостолтӕн куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд сӕм нӕ байхъуыстой ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кодтой.

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм?

Д.з 6:1–5; Пс 112:1; 1Ин 5:2, 3

Кӕс ма Пс 119:11, 112; Ро 6:17

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Езд 7:7–10. Сауджын Ездрӕ йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй фӕзминаг уыдаид, Хуыцауы закъон куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕмӕ йӕ иннӕтӕн куыд амонын хъӕуы, уымӕй.

    • Ин 14:31. Йесо бамбарын кодта, йӕ Фыды ныхасмӕ цӕмӕн хъусы, уый.

Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

Ин 14:21; 1Ин 2:5; 2Ин 6

Коммӕгӕсдзинад ӕмӕ уырнындзинад куыд баст сты?

Ро 1:5; 10:16, 17; Иак 2:20–23

Кӕс ма Д.з 9:23

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 6:9–22; Дзт 11:7. Ной фидар уырнындзинад равдыста, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, нау афтӕ кӕй сарӕзта, уымӕй.

    • Дзт 11:8, 9, 17. Авраам йӕ уырнындзинад равдыста, Йегъовӕмӕ кӕй байхъуыста ӕмӕ Урӕй кӕй рацыд, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй дӕр.

Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй куыд арфӕ кӕны?

Йер 7:23; Мф 7:21; 1Ин 3:22

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лв 26:3–6. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ сыл кӕй тыхсдзӕн.

    • Нм 13:30, 31; 14:22–24. Халев коммӕгӕс уыди, ӕмӕ йын Йегъовӕ раарфӕ кодта.

Ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ’ркӕны?

Ро 5:19; 2Фс 1:8, 9

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 2:16, 17; 3:17–19. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй ӕнӕхай фесты дзӕнӕтӕй ӕмӕ ӕнусон цардӕй, стӕй ӕххӕст нал уыдысты.

    • Д.з 18:18, 19; Хъд 3:12, 18, 22, 23. Йегъовӕ загъта, кӕй фӕзындзӕн Моисейӕ стырдӕр пехуымпар ӕмӕ, йӕ коммӕ чи нӕ кӕса, уыдон ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты.

    • Иуд 6, 7. Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты ӕмӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй Йегъовӕйы фыдӕх баййӕфта.

Йесо Чырыстимӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

Рд 49:10; Мф 28:18

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Ин 12:46–48; 14:24. Йесо бамбарын кодта, чи йӕм нӕ хъусы, уыдоны карз тӕрхон кӕй баййафдзӕн.

Чырыстӕттӕ цӕмӕн хъусынц, ӕмбырды сын разамынд чи дӕтты, уыдонмӕ?

Дзт 13:17

Чырыстон сылгоймаг йӕ лӕджы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕса?

1Кр 11:3; Еф 5:22, 24; Кл 3:18; Тит 2:4, 5; 1Пт 3:1–6

Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсой?

Ӕм 23:22; Еф 6:1; Кл 3:20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 37:3, 4, 8, 11–13, 18. Ӕрыгон Иосиф йӕ фыды коммӕ бакаст ӕмӕ йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ ацыд, кӕд дзы уыдон се сӕфт уыдтой, уӕддӕр.

    • Лк 2:51. Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, фӕлӕ уӕддӕр Иосиф ӕмӕ Марийӕйы коммӕ каст, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр.

Нӕ куысты хицау нын цы бахӕс кӕны, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕмӕн хъуамӕ аразӕм, куы ничи нӕ уына, уӕд дӕр?

Еф 6:5; Кл 3:22; 1Пт 2:18

Чырыстӕттӕ хицӕутты коммӕ цӕмӕн кӕсынц?

Ро 13:1–6; Тит 3:1; 1Пт 2:13, 14

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын