Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • scl 81–83 фф.
  • Тӕригъӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Тӕригъӕд
  • Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн
scl 81–83 фф.

Тӕригъӕд

Цы у тӕригъӕд ӕмӕ не ’ппӕтыл дӕр куыд ӕндавы?

Пс 51:5; Ро 3:23; 5:12; 6:23; 1Ин 3:4; 5:17

Нӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ нӕ бон тох кӕнын кӕй у, уымӕй нын Библи ныфс куыд ӕвӕры?

Ро 6:12–14

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2См 11:2–5, 14, 15, 26, 27; 12:1–13. Паддзах Давид стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, фӕлӕ йын Хуыцау карзӕй куы бауайдзӕф кодта, уӕд сыл ӕрфӕсмон кодта.

    • Ро 7:15–24. Апостол Павел уыд фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Хуыцауыл тынг иузӕрдион уыд, фӕлӕ йӕ уӕддӕр хъуыди ӕвзӕр хъуыдытимӕ ӕмӕ фӕндтимӕ тох кӕнын.

Бирӕтӕ тӕригъӕдтӕ цӕмӕн аразынц?

Хъд 3:17; 17:29, 30; 1Тм 1:13; 1Пт 1:14

Кӕс ма Нм 15:27–29

Адӕймаг зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы сараза, уӕд уый уӕлдай тӕссаг цӕмӕн у?

Дзт 10:26, 27; 1Ин 3:4, 8, 9

Кӕс ма Нм 15:30; Ро 1:28–32; 1Тм 5:20

Хӕйрӕг цӕмӕй спайда кӕны, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕрӕдийын кӕна?

Ӕм 1:10, 11, 15; Мф 5:28; Иак 1:14, 15

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 3:1–6. Хӕйрӕг Евӕимӕ ныхас кодта калмы уылты ӕмӕ йӕ сцыбӕл кодта. Афтӕ бакодта, цӕмӕй Евӕ ӕрмӕст йӕхиуыл хъуыды кодтаид ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацыдаид, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстыл мауал ӕууӕндыдаид.

    • Ӕм 7:6–10, 21–23. Паддзах Соломон радзырдта, хӕтаг сылгоймаг ӕрыгон ӕнӕзонд лӕппуйы куыд фӕрӕдийын кодта, уый тыххӕй.

Хӕйрӕг нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд нын йӕ ныхмӕ фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

Еф 4:27; 6:10–18; Иак 4:7, 8

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ӕм 5:1–14. Уарзӕгой фыдау нын Йегъовӕ паддзах Соломоны уылты бамбарын кодта, ӕнӕгъдау митӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм ӕмӕ куыд.

    • Мф 4:1–11. Йесо Хуыцауы Ныхасы фӕрцы Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууыд, уымӕй нын фӕзминаг у.

Чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр стыр тӕригъӕдтӕй хъуамӕ хизой?

Кӕс темӕ «Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ»

Тӕригъӕдтыл басӕттын

Нӕ тӕригъӕдтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕмбӕхсӕм?

Ӕм 28:13; Ро 14:12; 1Тм 5:24; Дзт 4:13

Нӕ тӕригъӕдтӕ-иу кӕмӕн хъуамӕ раргом кӕнӕм?

Пс 32:5; Мф 6:9–14

Йегъовӕйӕн мах тыххӕй чи лӕгъстӕ кӕны, уыцы «ӕххуысгӕнӕг» чи у?

1Ин 2:1; Ро 5:1, 2; 8:34; Еф 2:13, 18; 5:1, 2; Дзт 7:25

Адӕймагӕн йӕ бон куыд у равдисын, йӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый?

Хъд 26:20; Иак 4:8–10

Кӕс ма темӕ «Ӕрфӕсмон кӕнын»

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рц 22:1–12. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу давӕг хъуамӕ ӕнӕмӕнг бафыстаид, цы радавта, уый.

    • Лк 19:8, 9. Хъалонисджыты хицау Закхей равдыста, кӕй ӕрфӕсмон кодта: хӕрам митӕ ныууагъта ӕмӕ, адӕмӕй цы байста, уый сын фӕстӕмӕ радта.

Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

Кӕс темӕ «Хатыр кӕнын»

Уӕззау тӕригъӕд чи ракӕна, уымӕн чи хъуамӕ баххуыс кӕна ӕмӕ ӕмбырды сыгъдӕгдзинад чи хъуамӕ бахъахъхъӕна?

Иак 5:14, 15

Кӕс ма Хъд 20:28; Га 6:1

Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд уый йӕ бинонтыл ӕмӕ ӕмбырдыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ куыд фӕзына?

Дзт 12:15, 16

Кӕс ма Д.з 29:18

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • ЙсН 7:1–13, 20–26. Ахан стыр тӕригъӕд кӕй ракодта ӕмӕ йӕ кӕй басусӕг кодта, уый тыххӕй ӕнӕхъӕн Израил бӕллӕхы баппӕрста.

    • Ион 1:1–16. Ионӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ, йемӕ науыл чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр тӕссаг уавӕры баппӕрста.

    • 1Кр 5:1–7. Апостол Павел ныффыста, Коринфы ӕмбырдӕй чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, ӕмӕ уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзынд.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй-иу ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ бацагурӕм, куы нӕ бафхӕрой, уымӕй куы тӕрсӕм, уӕддӕр?

Ӕм 3:11, 12; Дзт 12:5–7, 11; Иак 5:14, 15

Раздӕр цы тӕригъӕд сарӕзтам, уый тыххӕй нӕхи хӕрыны бӕсты хуыздӕр цӕмӕн у, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта?

Кӕс темӕ «Хатыр кӕнын»

Чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд цӕмӕн хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта ӕви нӕ?

Лв 5:1

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Д.з 13:6–9; 21:18–20. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймаг хъуамӕ уӕззау тӕригъӕды тыххӕй радзырдтаид, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый йӕ бинонтӕй кӕнӕ йе ’ввахс хӕлар куы уыдаид, уӕддӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын