ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ
Африкӕ
БӔСТӔТӔ 58
ЦӔРДЖЫТӔ 994 839 242
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 421 375
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 3 516 524
Сӕ ахуыргӕнӕджы фӕдыл ацыдысты
Жозе, ӕрыгон ӕфсымӕр, цӕры Луандӕйы (Анголӕ), горӕтгӕрон, ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Кусгӕ та кӕны скъолайы ахуыргӕнӕгӕй, Паддзахады залмӕ хӕстӕг. Ӕдӕппӕтӕй йӕм ахуыр кӕны 86 сывӕллоны, ӕмӕ чырыстон миниуджытӕ кӕй ӕвдисы ӕмӕ йӕ куыст хорз кӕй кӕны, уый тыххӕй йӕ тынг уарзынц ӕмӕ йын аргъ кӕнынц. Кусгӕ бон ын цы ӕмбырд вӕййы, уый райдайы цыппар сахатыл. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ куысты бар радтой, цӕмӕй-иу уыцы бон раздӕр рацӕуа. Ӕмӕ фӕскуыст Паддзахады залмӕ ацӕуы.
Ахуырдзаутӕй чидӕртӕ дис кодтой, цымӕ, дам, Жозе куыстӕй раздӕр цӕмӕн рацӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы. Ӕмӕ дзы иухатт дыууӕйӕ йӕ фӕдыл ацыдысты, цӕмӕй йӕ базыдтаиккой, кӕдӕм фӕцӕуы, уый, ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырдмӕ бахаудысты. Цасдӕры фӕстӕ ма ӕмбырдмӕ ацыд ноджыдӕр ӕртӕ ахуырдзауы, уыцы бон Жозейӕн хъусын кӕныны фембӕлды уыд хӕслӕвӕрд. Жозе кӕм вӕййы, уый уайтагъд къласы иууылдӕр базыдтой. Уыцы 5 ахуырдзауӕй уӕлдай ма цалдӕр къуыримӕ ӕмбырдмӕ цӕуын райдыдта 21 адӕймаджы. Хъусынгӕнджытӕ уыцы ахуырдзаутӕн се ’ппӕтӕн дӕр загътой Библи ахуыр кӕныны тыххӕй, ӕмӕ сӕ фылдӕр сразы сты. Ӕмӕ ахуырдзаутӕ семӕ скъоламӕ публикацитӕ куы ӕрбахастой, уӕд иннӕты дӕр бафӕндыд Хуыцауы тыххӕй базонын, ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой. Ахуыры азы кӕрон Жозейы 86 ахуырдзауӕй 54 цыдысты ӕмбырдтӕм. Жозе куыд дзуры, афтӕмӕй 23 ахуырдзауы рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуынц ӕмӕ ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕнынц.
Кӕм хъусын кӕной, уый сын ӕцӕгдӕр нӕй?
Нигери: Джозеф ӕмӕ Эвези уацамынды пайда кӕнынц DVD-плеерӕй
Сӕрмагонд пионертӕ Джозеф ӕмӕ Эвези лӕггад кӕнынц Нигерийы. Куы ’рцыдысты, уӕд сын, йӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн нал ради, уыцы хъусынгӕнджытӕ загътой: «Кӕм хъусын кӕнӕм, уый нӕхицӕн дӕр куы нӕй! Ам бӕстон бакуыстой». Иу афӕдзы фӕстӕ Джозеф филиалмӕ ныффыста: «Ацы территорийы фӕхъусын кӕнӕм алы бон дӕр, ӕмӕ нӕм кӕд чидӕртӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ нӕм уазал зӕрдӕ дарынц, уӕддӕр нӕ къухтӕ не ’руадзӕм. Уацамындмӕ немӕ DVD-плеер ахӕссӕм, цӕмӕй-иу сывӕллӕттӕн, ӕрыгӕттӕн ӕмӕ хистӕртӕн видеороликтӕ равдисӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы ныр мӕ бинойнагимӕ Библи ахуыр кӕнӕм 18 адӕймагимӕ, ӕмӕ нын алы хатт нӕ рауайы се ’ппӕты абӕрӕг кӕнын. Стӕй нын уацамынды сывӕллӕттӕ арӕх фӕдзурынц, цӕмӕй-иу сын мультфильмтӕ „Йегъовӕйы ӕмбал су“ равдисӕм».
Сакъадахы цӕрджытӕ ӕххуыс курынц
Конго (Киншасӕ): хъусын кӕнынц кӕсагахсӕгӕн
2014 азы апрелы, Кивуйы цады астӕу цы сакъадах ис, Ивинзӕ, зӕгъгӕ, уым цӕрӕг кӕсагахсджытӕй чидӕртӕ Конгойы (Киншасӕ) филиалмӕ писмо ныффыстой. Уыцы кӕсагахсджытӕ сӕ куысты фӕдыл хӕстӕг горӕттӕм арӕх фӕцӕуынц. Иухатт горӕт Букавуйы куы уыдысты, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлдысты. Уыдон сын хорз хабар радзырдтой ӕмӕ сын Библи ӕмӕ литературӕ радтой.
Кӕсагахсджытӕ цы бакастысты, уый сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ, цы базыдтой, уый сакъадахы цӕрджытӕн дзурын райдыдтой. Бирӕты бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ кӕсагахсджытӕй иу Букавумӕ ацыд, цӕмӕй дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссардтаид ӕмӕ сӕ сакъадахмӕ фӕхуыдтаид. Фӕлӕ сӕ не ссардта, ӕмӕ уӕд филиалмӕ писмо ныффыста: «Уӕ хорзӕхӕй, Ӕвдисӕнты-ма нӕм ӕрбарвитут, цӕмӕй нын баххуыс кӕной, ӕмӕ, Библи уыдон куыд хорз зонынц, мах дӕр ӕй афтӕ зонӕм, ӕмӕ цӕмӕй базонӕм, ӕнустӕм цӕрӕн куыд ис, уый. Кӕм цӕрой, уый дӕр сын ссардзыстӕм. Мӕ зӕхх дӕр сын ратдзынӕн, цӕмӕй дзы аргъуан саразой. Мах уӕ чингуыты федтам Библийы стихтӕ, ӕмӕ базыдтам, сауджынтӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй амонынц. Мах фидарӕй зонӕм, рӕстдзинад кӕй ссардтам. Ацы сакъадахы цӕрджытӕй бирӕтӕн сӕ зӕрды ис Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суой».
Писмойы фыст уыд, иу-40 адӕймаджы кӕй фӕнды Библи ахуыр кӕнын. Ивинзӕйы сакъадахыл цӕры 18 000 адӕймагӕй фылдӕр, фӕлӕ дзы иу Ӕвдисӕн дӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уӕд филиал ӕвӕстиатӕй уырдӕм снысан кодта, уым цӕрӕг адӕмы ӕвзагыл чи дзуры, дыууӕ ахӕм сӕрмагонд пионеры.
Ацы хатт сӕм протестантты аргъуаны хистӕр байхъуыста
«Амӕй фӕстӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр никуыуал фӕцух кӕндзынӕн». Ацы ныхӕстӕ загъта Хуссар-Африкаг Республикӕйы зындгонд протестантты аргъуаны хистӕр. Цымӕ йӕ цӕмӕн бафӕндыд 2014 азы апрелы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацӕуын? Хабар афтӕ уыд, ӕмӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи уыд, дыууӕ ахӕм ӕфсымӕры хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ уыцы нӕлгоймаджы дуар бахостой. Уый размӕ сӕм нӕ байхъуыста, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ ныр дӕр, чи зоны, ма бафӕнда семӕ ныхас кӕнын. Ӕфсымӕртӕй иу, Адэн, радзырдта, хабар куыд уыд, уый: «Дуар нын куы байгом кодта ӕмӕ нӕ мидӕмӕ куы фӕхуыдта, уӕд нӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд. Йемӕ дзӕвгар фӕныхӕстӕ кодтам. Дисы йӕ бафтыдта, урсцъар адӕймаг, сауцъар адӕм кӕм цӕры, уым кӕй хъусын кӕны ӕмӕ йемӕ йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй дзуры, уый. Ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам».
Адэн дарддӕр радзырдта: «Уыцы нӕлгоймаг 40 азӕй фылдӕр уыд миссионер ӕмӕ аргъуаны хистӕр, фӕлӕ йӕ фарстатӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп базыдта 80-аздзыдӕй. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы чиныг „Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут“. Библийы ахуыры рӕстӕг цыдӕр хъуыдытӕ йӕ зӕрдыл бадары ӕмӕ сӕ стӕй аргъуаны йӕ раныхӕсты радзуры. Йӕ адӕмӕн равдыста чиныг „Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?“ ӕмӕ сын загъта: „Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕм ацы чиныгимӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу сӕ мидӕмӕ фӕхонут ӕмӕ-иу сӕм байхъусут, уымӕн ӕмӕ ацы чиныджы ис бирӕ зонындзинӕдтӕ Библийӕ, уыдон сты хӕзнайау зынаргъ“».
Сауджын Адэнӕн загъта, йӕ аргъуанӕй йӕм ныхас кӕй ӕрхауд, ӕмӕ йӕ карзӕй кӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой аргъуаны йӕ раныхӕсты мауал кӕна. Ӕмӕ куыд бакодтаид, уый нӕ зыдта. Адэнӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Мьянмӕйы чи цард, иу ахӕм сауджыны хабар, фыст уыд 2013 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы». Ӕмӕ йын уыцы хабар куы бакаст, уӕд лӕг загъта: «Ай мӕн тыххӕй куы у! Ӕз хъуамӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссон, ӕмӕ ууыл фӕстиат кӕнӕн нӕй».
2014 азы 14 апрелы уыцы сауджын Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт ӕрбацыд, ӕмӕ загъта, амӕй фӕстӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр кӕй никуыуал фӕцух кӕндзӕн. Стӕй ма загъта, мӕнг дин ныууадзынвӕнд кӕй кӕны, цӕмӕй йын йемӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацыуал уа.
Какао кӕм зайы, уым сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агурынц
Ганӕ: Баффур ӕмӕ Эрон хъусын кӕнынц, какао кӕм зайы, уыцы районы
Баффур ӕмӕ Эрон лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй Ганӕйы ныгуылӕн фарс, какао кӕм зайы, уыцы районы – Бокабойы. Адӕм дзы цӕрынц, кӕрӕдзийӕ дард чи сты, ахӕм гыццыл хӕдзӕртты. Бацӕуӕн сӕм ис ӕрмӕстдӕр фистӕгӕй нарӕг гакъон-макъон фӕндӕгтыл, какао бӕлӕсты астӕуты. Кӕм хъӕуы, уым куы нӕ базилай, уӕд дзы ӕнцонтӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ. Иухатт Баффур ӕмӕ Эрон ӕндӕр фӕндагыл ацыдысты, ӕмӕ сӕ ӕрбакодта, уымӕй размӕ кӕм никуы хъусын кодтой, ахӕм гыццыл хӕдзӕрттӕм. Уым сӕмбӕлдысты иу лӕг ӕмӕ усыл, Майкл ӕмӕ Пейшенсыл. Уыдоны бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы сты. Фӕстӕдӕр Майкл ӕфсымӕртӕн загъта: «Фӕстаг дыууӕ азы аргъуанмӕ нал цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ дзы цытӕ федтам, уыдӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пейшенсимӕ алы изӕр дӕр нӕхӕдӕг Библи ахуыр кодтам ӕмӕ нӕм цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн дзуапп агуырдтам. Хуыцаумӕ куывтам, цӕмӕй нын рӕстдзинад ссарынӕн баххуыс кодтаид». Уый хӕдфӕстӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой, кӕд сӕ дард хъуыд цӕуын, уӕддӕр. Фарон донаргъуыд райстой ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Ныр уыдон дӕр уыцы фӕндӕгтыл какао бӕлӕсты астӕуты фӕцӕуынц, цӕмӕй, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды ӕмӕ Хуыцаумӕ уый тыххӕй чи кувы, ахӕм адӕмы ссарой.
Майкл ӕмӕ Пейшенс фӕцӕуынц какао бӕлӕсты астӕуты