Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 24 ф.–27 ф., 1 абз.
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хӕссынц
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Видеофильмтӕ ӕххуыс кӕнынц ӕцӕгад базонынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Зонындзинӕдтӕ чи дӕтты, разӕнгард чи кӕны ӕмӕ уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм фӕрӕзтӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 24 ф.–27 ф., 1 абз.
Ныв 24 фарсыл

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд

2013 азы 5 октябры, сабаты, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) 129-ӕм ӕрвылазон фембӕлды чи уыд кӕнӕ программӕмӕ видеотрансляцийы фӕрцы чи байхъуыста, уыдон уыдысты 257 294 адӕймаджы 21 бӕстӕйы. Уыцы бон фӕстӕдӕр, ӕмӕ стӕй хуыцаубоны дӕр иннӕтӕн уыд фадат программӕйы записьмӕ бакӕсынӕн. Программӕмӕ ӕдӕппӕтӕй бакаст ӕмӕ байхъуыста 1 413 676 адӕймаджы 31 бӕстӕйы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд.

1920-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кодтой телефонтӕй ӕмӕ радиойӕ, цӕмӕй-иу конгрессты программӕмӕ байхъуыстаиккой ӕндӕр бӕстӕты цӕрджытӕ дӕр. Абон та Интернеты фӕрцы адӕймагӕн, кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр йӕ бон у фехъусын кӕнӕ фенын, ацы минут дард кӕмдӕр цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон йе та сын уый хӕдфӕстӕ сӕ записьмӕ бакӕсын кӕнӕ байхъусын.

Барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ цалдӕр филиалӕй иу афӕдзӕй фылдӕр фӕфыдӕбон кодтой, цӕмӕй видеотрансляцийы фӕрцы программӕ иннӕ бӕстӕты дӕр ӕвдыст ӕрцыдаид. Ӕмӕ программӕ куы цыд, уыцы къуыри ӕфсымӕртӕ трансляциты сӕйраг центрӕй (Бруклин, Нью-Йорк) ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр трансляцимӕ сӕ хъус дардтой, уымӕн ӕмӕ, программӕ кӕм ӕвдыстой, уыцы бӕстӕты кӕм бон уыд, кӕм та – ӕхсӕв.

Хабӕрттӕ цыбыртӕй. Интернет-трансляци

  • Трансляци кӕцӕй ӕвдыстой: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Конгрессты зал Джерси-Ситийы (штат Нью-Джерси, АИШ). 4 732 адӕймаджы.

  • Ӕппӕты фылдӕр адӕм кӕм уыд: Перт (Австрали). 7 186 адӕймаджы.

  • Цӕгаты ӕппӕты дарддӕр ран: Фэрбанкс (штат Аляскӕ, АИШ). 255 адӕймаджы.

  • Хуссары ӕппӕты дарддӕр ран: Инверкаргилл (Ног Зеланди). 190 адӕймаджы.

  • Ӕппӕты дарддӕр ран: Перт (Австрали), Джерси-Ситийӕ иу-18 700 километрӕй дарддӕр.

Трансляци ӕвдыст куыд фӕцӕуы

  1. Цалдӕр видеокамерӕйы программӕ фӕисынц.

  2. Видеотӕ ӕрвыст фӕцӕуынц видеомикшермӕ, ӕмӕ дзы хуыздӕр кадр равзарынц.

  3. Кӕй равзарынц, уыцы видео арвитынц трансляциты сӕйраг центрмӕ.

  4. Стӕй скӕнынц видеотӕ алыхуызон форматы (низкое разрешение, среднее разрешение, высокое разрешение).

  5. Уый фӕстӕ сӕ адих кӕнынц, 10 секунды чи цӕуы, ахӕм хӕйттыл.

  6. Уыцы хӕйттӕ сӕвӕрынц веб-серверты, ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ рафыссӕн вӕййы Интернеты.

  7. Трансляци кӕм февдисынц, уым компьютер уыцы хӕйттӕ веб-серверӕй рафыссы ӕмӕ сӕ буфермӕ ӕрӕмбырд кӕны, ӕмӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ баиу кӕны ӕмӕ сӕ фӕд-фӕдыл ӕнӕрлӕугӕйӕ февдисы.

  8. Иууылдӕр программӕмӕ фӕкӕсынц ӕмӕ йӕм фӕхъусынц.

Схемӕ 26, 27 фӕрстыл
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын