Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 19 статья
  • Мӕхи цӕмӕн лыгтӕ кӕнын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕхи цӕмӕн лыгтӕ кӕнын?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы нысан кӕны, дӕхи лыгтӕ кӕнай?
  • Адӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?
  • Цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕхи мауал лыгтӕ кӕнай?
  • «Рӕстгӕнӕгӕн Йегъовӕ уыдзӕн йӕ цин»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Цы ис саразӕн, дӕхи ӕдас куы нӕ хатай, уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 19 статья

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕхи цӕмӕн лыгтӕ кӕнын?

  • Цы нысан кӕны, дӕхи лыгтӕ кӕнай?

  • Адӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?

  • Цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕхи мауал лыгтӕ кӕнай?

  • Интервью

  • Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Чи мӕ бахъӕудзӕн, уыцы стихтӕ Библийӕ

Цы нысан кӕны, дӕхи лыгтӕ кӕнай?

Уый у, адӕймаг йӕхи барӕй исты цыргъ дзаумайӕ куы лыг кӕна. Фӕлӕ сӕхи ӕрмӕст афтӕ нӕ фефхӕрынц. Иуӕй-иутӕ та сӕхи сцъӕхтӕ кӕнынц, сӕ буар фӕсудзынц кӕнӕ сӕхи фӕнӕмынц. Кӕд ацы статьяйы сӕхи чи лыг кӕны, уыдоны тыххӕй ныхас кӕндзыстӕм, уӕддӕр уый хауы, йӕхицӕн зиан ӕндӕр хуызы чи кӕны, уыдонмӕ дӕр.

Дӕ зонындзинӕдтӕ сбӕлвырд кӕн: раст у ӕви нӕу.

  1. Сӕхи ӕрмӕст чызджытӕ фӕлыгтӕ кӕнынц.

  2. Адӕймаг йӕхи куы лыгтӕ кӕна, уӕд уый комкоммӕ Библийы уагӕвӕрд халы. Уыцы уагӕвӕрд фыст ис Левит 19:28: «Уӕ буар ма лыгтӕ кӕнут».

Раст дзуаппытӕ:

  1. Раст нӕу. Кӕд ацы хъуыддаг арӕхдӕр чызджытӕм фӕхауы, уӕддӕр лӕппутӕй дӕр чидӕртӕ сӕхи фӕлыгтӕ кӕнынц кӕнӕ сӕхицӕн ӕндӕр хуызы зиан дӕр ӕрхӕссынц.

  2. Раст нӕу. Левит 19:28 дзырд цӕуы мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы рагон ӕгъдауы тыххӕй, фӕлӕ ацы статьяйы цы хъуыддаджы кой кӕнӕм, уымӕ нӕ хауы. Фӕлӕ уӕддӕр ацы стихӕй зыны нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн исты зиан хӕссӕм (1 Коринфӕгтӕм 6:12; 2 Коринфӕгтӕм 7:1; 1 Иоанны 4:8).

Адӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?

Дӕ зонындзинӕдтӕ сбӕлвырд кӕн: ацы ныхӕстӕй дӕумӕ гӕсгӕ растдӕр кӕцы у?

Адӕм сӕхи лыгтӕ кӕнынц...

  1. А. цӕмӕй сӕ маст ферох кӕной.

  2. Ӕ. цӕмӕй сӕхи амарой.

Раст дзуапп: А. Йӕхи чи фӕлыгтӕ кӕны, уыдонӕй сӕ фылдӕры мӕлын нӕ фӕфӕнды. Фӕфӕнды сӕ сӕ маст ферох кӕнын, ӕндӕр ницы.

Йӕхи чи лыгтӕ кодта, уыцы ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, афтӕ цӕмӕн кодтой, уый тыххӕй.

Селия: «Уӕд-иу мын фенцондӕр».

Тамарӕ: «Ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй мӕ мӕстытӕ айрох уыдзысты. Цӕйнӕфӕлтау мӕ зӕрдӕ рыстаид, фӕлтау мӕ буар риссӕд».

Кэрри: «Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕй ме сӕфт уыдтон. Ӕмӕ-иу мӕхи лыгтӕ кодтон, цӕмӕй-иу мӕ буары рыстӕй мӕ зӕрдӕйы рыст мауал хатыдаин».

Джеррин: «Мӕхи-иу куы алыг кодтон, уӕд-иу мӕм, мӕ алыварс цытӕ цыд, уыдон нымады дӕр нал уыдысты ӕмӕ-иу мӕ зындзинӕдтӕ ферох сты. Мӕ уавӕр-иу афтӕ кӕй фӕивтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди».

Цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕхи мауал лыгтӕ кӕнай?

Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд уый, чи зоны, ахсджиаг къахдзӕф суа, цӕмӕй дӕхи мауал лыгтӕ кӕнай. Библийы фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

Уынаффӕ. Райдай цыбыр куывдтытӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕгъай ӕрмӕст афтӕ: «Йегъовӕ, баххуыс мын кӕн!». Сабыргай сахуыр уыдзынӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» ӕргом кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

Хуыцаумӕ кувын хи сайын нӕу. Уый у зӕрдӕбын ныхас нӕ уӕларвон Фыдимӕ. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Исай 41:10).

Уыцы ӕвзӕр ахуырӕй фервӕзыныл чи архайдта, уыдонӕн ма стыр удӕнцой фӕци сӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ, кӕуыл ӕууӕндыдысты, уыцы хистӕртӕй кӕимӕдӕр кӕй аныхас кодтой, уый. Мӕнӕ цы радзырдтой, афтӕ чи бакодта, ӕртӕ ахӕм чызджы.

Интервью

  • Дианӕ, 21 азы

  • Кэти, 15 азы

  • Лоренӕ, 17 азы

Цал азы дыл цыди, дӕхи лыгтӕ кӕнын куы райдыдтай, уӕд?

Лоренӕ: «Мӕхи лыгтӕ кӕнын райдыдтон 14 азӕй».

Дианӕ: «Уӕд мыл цыди 18 азы. Мӕхи-иу ӕдзух нӕ лыгтӕ кодтон: къуыри кӕнӕ-иу дыууӕ къуырийы дӕргъы мӕхи алы бон дӕр лыгтӕ кодтон, стӕй та-иу иу мӕй дзӕбӕх уыдтӕн».

Кэти: «14 азы мыл цыди, мӕхи фыццаг хатт куы алыг кодтон, уӕд. Ныр дӕр ма мын иуӕй-иу хатт афтӕ вӕййы».

Цӕмӕн-иу дӕ фӕндыд дӕхи фӕриссын кӕнын?

Кэти: «Мӕхицӕй мӕ удхӕссӕг уыдтон ӕмӕ уыцы ӕнкъарӕнимӕ тох кодтон. Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ никуы никӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй йе ’мбал уон».

Дианӕ: «Фыццаг-иу райдыдтон ӕнкъард кӕнын, стӕй-иу мын уый ахызти ӕрхӕндӕг хъуыдытӕм ӕмӕ-иу стӕй фырадӕргӕй цы акодтаин, уый-иу нал зыдтон. Мӕ рыст ӕмӕ-иу мӕ маст мӕ риуы нал цыдысты, ӕмӕ-иу стыр сырдау ӕддӕмӕ бырстой, ӕмӕ-иу ӕз дӕр мӕхи лыгтӕ кодтон, цӕмӕй-иу сӕ ӕддӕмӕ рауагътаин».

Лоренӕ: «Мӕ сӕры-иу ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ зилдух кодтой, мӕсты-иу кодтон ӕмӕ-иу мӕхицӕй ме сӕфт уыдтон. Мӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нӕ нымадтон ӕмӕ мӕ фӕндыд фервӕзын, мӕ сӕр ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ быронау цы хъуыдытӕ йедзаг кодтой, уыдонӕй. Иуӕй-иу хатт-иу мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мын афтӕ хъӕуы, цӕмӕй мӕ буар рисса».

Дӕхи-иу куы алыг кодтай, уый-иу дын фенцондӕр ис?

Дианӕ: «О. Ме ’ккойӕ-иу цыма стыр уаргъ ахауд, афтӕ-иу мын фенцондӕр».

Кэти: «Уый кӕуынӕй уӕлдай нӕу. Мӕхи-иу куы лыгтӕ кодтон, уӕд-иу мын фенцондӕр. Иуӕй-иутӕ кӕугӕйӕ сӕ тыппыртӕ куыд суадзынц, афтӕ».

Лоренӕ: «Мӕхи-иу куы ныллыгтӕ кодтон, уӕд-иу мӕм афтӕ каст, цыма мӕ масты дзӕкъул фӕхуынкъ кодтон. Уыцы дзӕкъул-иу нӕ нытътъӕпп кодта, фӕлӕ-иу дзы ӕвзӕрӕй цы уыд, уый-иу ӕддӕмӕ цыди ӕмӕ-иу йӕ дымст сабыргай ссыд».

Цы арӕзтай, уый тыххӕй искӕмӕн радзурын, мыййаг, тарстӕ?

Лоренӕ: «О. Тарстӕн, цыдӕр ӕнахуыр адӕймаг у, зӕгъгӕ мӕ куы зӕгъой. Стӕй мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй мын исчи мӕ царды хабӕрттӕ зыдтаид».

Дианӕ: «Адӕмы цӕсты алкӕддӕр тыхджын адӕймаг уыдтӕн, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтаин. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ искӕмӕй ӕххуыс куы бацагурон, уӕд састы бынаты баззайдзынӕн».

Кэти: «Тарстӕн, адӕм куы ахъуыды кӕной, ӕмӕ цыдӕр кӕнын. Уӕд мын ноджы ӕвзӕрдӕр уыдаид. Стӕй хъуыды кодтон, ӕмӕ мын афтӕ хъӕуы».

Дӕ цард цӕй фӕрцы фӕивта?

Лоренӕ: «Алцыдӕр мӕ мадӕн радзырдтон. Стӕй мын баххуыс кодта дохтыр дӕр. Уый мын бацамыдта, цы кӕнын мӕ хъуыди, цӕмӕй ме ’взӕр хъуыдыты коммӕ мауал кастаин. Цалдӕр хатты мӕ бон не сси мӕхи бауромын, фӕлӕ мын баххуыс кодта, Библи арӕхдӕр ӕмӕ арфдӕр иртасын кӕй райдыдтон, уый. Уымӕй уӕлдай архайын, цӕмӕй ӕдзух цӕуон хъусын кӕнынмӕ. Чи зоны та-иу хаттӕй-хатт мӕхимӕ тынг ницӕйаг кӕсдзынӕн, ӕмӕ мӕ уыимӕ хъӕудзӕн ӕдзух тох кӕнын, фӕлӕ мӕхи уыйонг нал ӕруадздзынӕн, цӕмӕй та мыл уыцы хъуыдытӕ фӕуӕлахиз уой».

Кэти: «Мӕнӕй дӕс азы хистӕр чи у, иу ахӕм чырыстон сылгоймаг бамбӕрста, цыдӕр кӕй кӕнын, ӕмӕ йын ӕз дӕр алцыдӕр радзырдтон. Уый дӕр кӕддӕр ахӕм ахуыримӕ тох кодта, уый куы базыдтон, уӕд мӕм тынг диссаг фӕкаст. Йӕхӕдӕг дӕр мӕ уавӕры кӕй уыд, уый зонгӕйӕ дзы ӕфсӕрмы нӕ кодтон. Стӕй ма иу дохтыр мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ ныййарджытӕн баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаиккам, ахӕм хъуыдытӕ мӕм цӕмӕн вӕййы, уый».

Дианӕ: «Иухатт уазӕгуаты иу бинонтӕм уыдтӕн. Уыцы бинонтыл ӕууӕндын ӕмӕ бафиппайдтой, цыдӕр кӕй кӕнын. Ӕфсымӕр мын фӕлмӕнӕй загъта, цӕмӕй радзырдтаин, цы кӕнын, уый тыххӕй. Йӕ ус та мын ахъӕбыс кодта, гыццылӕй-иу мын мӕ мад куыд хъӕбыс кодта, афтӕ. Стӕй нӕ дыууӕ дӕр скуыдтам. Мӕхицӕн цы зиан кодтон, уый радзурын мын ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ уӕддӕр мӕ бон сси».

Библи дын куыд баххуыс кодта?

Дианӕ: «Библийы фӕрцы бамбӕрстон, иунӕгӕй мӕ бон кӕй не суыдзӕн уыцы ахуыр ныууадзын. Мӕн хъуыди Йегъовӕйы ӕххуыс» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Кэти: «Библи кӕсын мын хӕссы стыр удӕнцой – фидарӕй зонын уым цы фыст ис, уый Хуыцауӕй кӕй у!» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Лоренӕ: «Фыстадӕй мӕ зӕрдӕйыл искӕцы стих куы сӕмбӕлы, уӕд ӕй мӕхицӕн тетрадмӕ рафыссын ӕмӕ йыл стӕй фӕхъуыды кӕнын» (1 Тимофеймӕ 4:15).

Дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕцы стих фӕцыд?

Дианӕ: «Ӕмбисӕндты 18:1 фыст ис: „Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ“. Хатт мын адӕмы ’хсӕн зын вӕййы, фӕлӕ мын ацы стих мӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, иннӕтӕй мӕхи дард кӕй ма хъуамӕ ласон».

Кэти: «Мӕ зӕрдӕ мын тынг бацагайдтой Библийӕ дыууӕ стихы. Матфейы 10:29, 31 стихты дзырд цӕуы, иу сырддонцъиу дӕр зӕхмӕ кӕй не ’рхаудзӕн, Йегъовӕ йӕ ма зона, афтӕмӕй. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры: „Ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут“. Уыцы стихтӕ суанг абон дӕр куы фӕкӕсын, уӕд мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йегъовӕ мын кӕй аргъ кӕны».

Лоренӕ: «Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Исайы 41:9, 10 стихтӕ. Уым Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй дзуры: „Ӕз... дӕ нӕ ныууагътон. Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. [...] Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн“. Мӕ цӕстытыл ауайы дурӕй арӕзт мӕсыг, басӕттӕн кӕй нӕй ахӕм фидар къултимӕ. Ацы стих мын мӕ хъаруйыл хъару ӕфтауы. Зонын ӕй, Йегъовӕмӕ кӕй уарзы ӕмӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн».

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Тынг куы фӕтыхсыс, уӕд ӕххуыс кӕмӕй фӕагурыс?

  • Цы фӕдзурыс Йегъовӕйӕн?

  • Зӕгъ, цавӕр дыууӕ мадзалы (хи ӕфхӕрынӕй уӕлдай) фӕрцы ис маст ӕмӕ тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнӕн.

Чи мӕ бахъӕудзӕн, уыцы стихтӕ Библийӕ

Уынаффӕ. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕхицӕн рафысс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый хуыздӕр кӕй фӕрцы ӕмбарыс кӕнӕ дын дӕхимӕ ӕмӕ дӕ хъӕндзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм стихтӕ. Ноджыдӕр ма-иу дзы афысс иу-дыууӕ хъуыдыйады, ӕххуыс дын цӕмӕн сты, уый тыххӕй. Цӕмӕй дын афтӕ кӕнын райдайын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй уал ӕркӕс, Дианӕ, Кэти ӕмӕ Лоренӕйы зӕрдӕмӕ кӕцы стихтӕ фӕцыдысты, уыдонмӕ.

  • Ромӕгтӕм 8:38, 39

    «Ацы стихтӕ мын Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг сты, афтӕ мӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ хабӕрттӕ тынг ӕвзӕр сты, уӕд дӕр» (Дианӕ).

  • Псалом 73:23

    «Ахӕм стихты фӕрцы мӕ бауырны, иунӕг кӕй нӕ дӕн. Афтӕ мӕм фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ мӕ фарсмӕ ис» (Кэти).

  • 1 Петры 5:10

    «Адӕймагӕн, чи зоны, уайтагъд ма фенцон уа. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ „гыццыл рӕстӕг“ хъизӕмар кӕнын бахъӕуа. Фӕлӕ нын стӕй Йегъовӕ нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтаудзӕн, цӕмӕй алцыдӕр сфӕразӕм» (Лоренӕ).

Ахъуыды кӕн ацы стихтыл дӕр

  • Псалом 34:18

  • Псалом 54:4

  • Псалом 55:22

  • Исай 57:15

  • Матфейы 11:28, 29

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын