1 Самуилы
6 Йегъовӕйы бадзырды чырын+ филистимӕгты зӕххыл фӕци авд мӕйы. 2 Уӕд филистимӕгтӕ дзуарылӕгтӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+ фӕдзырдтой ӕмӕ сын загътой: «Куыд кӕнӕм Йегъовӕйы бадзырды чырынӕн? Зӕгъут нын, фӕстӕмӕ йӕ цӕимӕ арвитӕм?» 3 Уыдон сын загътой: «Израилы Хуыцауы бадзырды чырын куы ӕрвитат, уӕд ӕй ӕнӕ кувинагӕй ма арвитут. Уӕ аххосы тыххӕй кувинаг+ ӕрхӕссут Израилы Хуыцауӕн. Уӕд сдзӕбӕх уыдзыстут ӕмӕ йӕ базондзыстут, цӕмӕн уӕ ӕфхӕры, уый». 4 Филистимӕгтӕ сӕ бафарстой: «Цы йын раттӕм кувинагӕн?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Фондз сызгъӕрин къуызыры ӕмӕ фондз сызгъӕрин уырыйы*, филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ цал сты, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕмӕ уӕ цӕдисон паддзӕхты дӕр иу бӕллӕх баййӕфта. 5 Уӕдӕ скӕнут геморройы къуызырты хуызӕн къуызыртӕ ӕмӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы уырыты хуызӕн уырытӕ+, ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн скад кӕнут+. Кӕд уӕ йӕ къух айсид ӕмӕ афтӕ нал уӕз кӕнид уӕхиуыл дӕр, уӕ хуыцауыл дӕр ӕмӕ уӕ зӕххыл дӕр+. 6 Цӕмӕн хъуамӕ ныддур кӕнат уӕ зӕрдӕтӕ, египетӕгтӕ ӕмӕ фараон куыд ныддур кодтой сӕ зӕрдӕтӕ, афтӕ?+ Цалынмӕ сӕ карзӕй нӕ бафхӕрдта+, уӕдмӕ израилӕгты нӕ ауагътой, ӕмӕ уӕд ацыдысты сӕ фӕндагыл+. 7 Уӕдӕ скӕнут ног уӕрдон+, ракӕнут, ӕфсондз+ кӕуыл нӕ уыд, дыууӕ ахӕм дуцгӕ хъуджы ӕмӕ сӕ уӕрдоны баифтындзут, сӕ родты та сын фӕстӕмӕ акӕнут, цӕмӕй сӕ фӕдыл ма цӕуой. 8 Стӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын сисут ӕмӕ йӕ уӕрдоныл сӕвӕрут. Уӕ аххосы тыххӕй+ йын кувинагӕн кӕй дӕттут, уыцы сызгъӕрин дзауматӕ+ та йын йӕ фарсмӕ къоппы сӕвӕрут. Арвитут ӕй, ӕмӕ уадз ӕмӕ ацӕуа. 9 Уӕхӕдӕг та кӕсут йӕ фӕдыл: кӕд йӕхи зӕхмӕ, Вефсамисы+ ’рдӕм, ацӕуа, уӕд нын ацы стыр бӕллӕхтӕ уый ракодта, кӕд уыцырдӕм нӕ ацӕуа, уӕд та йӕ зондзыстӕм, йӕ къух нӕ кӕй не ’рцавта, фӕлӕ ныл уыцы бӕллӕх ӕнӕуи кӕй ӕрцыд»+.
10 Адӕм дӕр афтӕ бакодтой: ракодтой дыууӕ дуцгӕ хъуджы ӕмӕ сӕ уӕрдоны баифтыгътой, сӕ родты та сын скъӕты бакодтой. 11 Стӕй уӕрдоныл сӕвӕрдтой Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕмӕ, сызгъӕрин уырытӕ ӕмӕ геморройы къуызыртӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп дӕр. 12 Ӕмӕ хъуццытӕ комкоммӕ араст сты, Вефсамисмӕ+ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Цыдысты стыр фӕндагыл ӕмӕ уасыдысты, ӕмӕ фӕндагӕй нӕдӕр рахизырдӕм фӕзылдысты, нӕдӕр галиуырдӕм. Филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ та суанг Вефсамисы арӕны онг сӕ фӕдыл цыдысты. 13 Вефсамисы цӕрджытӕ уыцы рӕстӕг быдыры мӕнӕу карстой+. Ӕмӕ куы акастысты ӕмӕ бадзырды чырын куы федтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди. 14 Уӕрдон бацыд вефсамисаг Йесойы хуыммӕ ӕмӕ уым стыр дуры раз ӕрлӕууыд. Адӕм уӕрдон сугӕн ныссастой, хъуццыты+ та Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхастой+.
15 Левиттӕ+ ӕристой Йегъовӕйы бадзырды чырын, стӕй, сызгъӕрин дзауматӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп дӕр, ӕмӕ йӕ уыцы стыр дурыл сӕвӕрдтой. Вефсамисы+ цӕрджытӕ та уыцы бон Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр.
16 Фондз филистимаг цӕдисон+ паддзахы уый федтой ӕмӕ уыцы бон фӕстӕмӕ Екронмӕ ацыдысты. 17 Филистимӕгтӕ Йегъовӕйӕн сӕ аххосы тыххӕй кувинагӕн цы сызгъӕрин къуызыртӕ радтой, уыдон уыдысты+: иу – Азоты+ тыххӕй, иу – Газӕйы+ тыххӕй, иу – Аскалоны+ тыххӕй, иу – Гефы+ тыххӕй, иу та – Екроны+ тыххӕй. 18 Сызгъӕрин уырытӕ дӕр радтой, филистимаг горӕттӕ, фондз цӕдисон паддзахы горӕттӕ, цал уыдысты, уал – радтой сӕ ӕппӕт фидаргонд горӕтты ӕмӕ быдыры хъӕуты тыххӕй.
Уымӕн абоны онг дӕр ӕвдисӕн у, Йегъовӕйы бадзырды чырын вефсамисаг Йесойы хуымы цы стыр дурыл сӕвӕрдтой, уый. 19 Ӕмӕ Хуыцау Вефсамисы+ цӕрджыты цӕгъдын райдыдта, Йегъовӕйы бадзырды чырынмӕ кӕй кастысты, уый тыххӕй. Фӕцагъта сӕ ӕвдай адӕймаджы – фӕндзай мин адӕймаджы*,– ӕмӕ адӕм ӕрдиаг кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фӕцагъта+. 20 Уӕд Вефсамисы цӕрджытӕ загътой: «Кӕмӕн бауыдзӕн йӕ бон Йегъовӕйы раз, ахӕм сыгъдӕг Хуыцауы+ раз, ӕрлӕууын? Куы нӕ ныууадзид ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕ куы ацӕуид!»+ 21 Гъемӕ Кириаф-Иаримы+ цӕрджытӕм минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхасимӕ: «Филистимӕгтӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын фӕстӕмӕ рарвыстой. Ӕрцӕут ӕмӕ йӕ уӕхимӕ ахӕссут»+.