Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 41:52
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 52 Йӕ дыккаг фырты та схуыдта Ефрем*+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Бирӕ мӕстытӕ кӕм бавзӕрстон, уыцы зӕххыл мын Хуыцау радта зӕнӕг»+.

  • Райдиан 46:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Иосифӕн Египеты зӕххыл райгуырдысты Манасси+ ӕмӕ Ефрем*+. Ныййардта йын сӕ Асенефӕ+, горӕт Оны дзуарылӕг Потиферы чызг.

  • Райдиан 48:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Фӕлӕ йӕ фыд нӕ бакуымдта ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рацӕудзӕн хицӕн адӕмыхатт ӕмӕ уый дӕр суыдзӕн кадджын+. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уымӕй кадджындӕр уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты тынг бирӕ – ӕнӕхъӕн адӕмты бӕрц»+.

  • Нымӕцтӕ 2:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Ефремы+ къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, уыдзысты ныгуылӕнырдыгӕй, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Ефремы мыггаджы хистӕр у Елишамӕ+, Амиуды фырт.

  • Нымӕцтӕ 26:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Ефремы+ фырттӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ уыдысты: Шутелах+, рацыд дзы Шутелахы хӕдзарвӕндаг; Бехер, рацыд дзы Бехеры хӕдзарвӕндаг; Тахан+, рацыд дзы Таханы хӕдзарвӕндаг.

  • Дыккаг закъон 33:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уый у фыццагзад галау рӕсугъд+,

      Йӕ сыкъатӕ – хъӕддаг галы сыкъатӕ+.

      Уый йӕ сыкъатӕй адӕмтыл фӕстӕмӕ ахӕцдзӕн+,

      Се ’ппӕтыл дӕр ахӕцдзӕн суанг зӕххы кӕрӕттӕм.

      Йӕ сыкъатӕ – Ефремы дӕсгай минтӕ+,

      Йӕ сыкъатӕ – Манассийы минтӕ».

  • Тӕрхонгӕнджыты 12:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 уӕд-иу ын загътой: «Уӕдӕ-ма зӕгъ „шибболет“»+. Уый та-иу загъта „сибболет“, уымӕн ӕмӕ уыцы дзырд раст зӕгъын йӕ бон нӕ уыд. Уӕд-иу ӕй ӕрцахстой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы тӕнджыты раз амардтой. Уыцы рӕстӕг ефремӕгтӕй фӕмард цыппор дыууӕ мин адӕймаджы+.

  • Йереми 7:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕмӕ уӕ ӕз мӕ разӕй фесафдзынӕн+, уе ’фсымӕрты уын се ’ппӕты дӕр, Ефремы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр, куыд фесӕфтон, афтӕ“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын