Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 8:39
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 39 уӕд-иу сӕ фехъус уӕлӕрвтӕй+, дӕ цӕрӕнбынатӕй+, ӕмӕ-иу сын ныххатыр кӕн+ ӕмӕ-иу сӕ алкӕмӕн дӕр, йӕ хъуыддӕгтӕм+ гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый ратт+, уымӕн ӕмӕ ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый+,– о, ӕрмӕстдӕр ды зоныс, алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр цы ис, уый+,–

  • 1 Азфыстыты 28:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+.

  • 2 Азфыстыты 16:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Йегъовӕйы цӕстытӕ+ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр+, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса. Ды ацы хатт ӕнӕзонд ми бакодтай+, ӕмӕ уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ демӕ хӕцдзысты»+.

  • Псалом 7:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  9 Курын дӕ, фыдадӕмы ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон скӕн+,

      Рӕстгӕнӕджы та ӕрфидар кӕн+.

      Рӕстаг+ Хуыцау фӕлвары зӕрдӕ+ ӕмӕ уыргтӕ*+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 24:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Афтӕ куы зӕгъай, мах ӕй нӕ зыдтам+, зӕгъгӕ, уӕд ӕй, зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый нӕ фендзӕн?+ Ӕмӕ дӕм йӕ хъус чи дары, уый йӕ нӕ базондзӕн ӕмӕ адӕймагӕн+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нӕ ратдзӕн?+

  • Йереми 17:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Ӕз, Йегъовӕ, сгарын зӕрдӕ+, кӕсын уыргтӕм*+, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр раттон, йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый+.

  • Хъуыддӕгтӕ 1:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Стӕй скуывтой: «О Йегъовӕ, ды зоныс, алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр цы ис, уый+. Ӕмӕ нын бацамон, ацы дыууӕ лӕгӕй кӕй равзӕрстай,

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын