Райдиан 15:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Уыцы бон Йегъовӕ Аврамимӕ скодта бадзырд+ ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх+ ӕз ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн – Египеты цӕугӕдонӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг+: Рацыд 23:31 Библи – Ног дунейы тӕлмац 31 Ратдзынӕн дын зӕххытӕ Сырх денджызӕй филистимӕгты денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Стыр цӕугӕдоны* онг+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕххы цӕрджыты ӕз ратдзынӕн дӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ ды дӕ разӕй фӕсурдзынӕ+. Дыккаг закъон 11:24 Библи – Ног дунейы тӕлмац 24 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ бауыдзысты сымах+. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ливаны онг, Стыр цӕугӕдон Евфратӕй суанг ныгуылӕн денджызы онг+. 2 Самуилы 8:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Давид ныппырх кодта Сувӕйы+ паддзах Реховы фырт Адраазары+ ӕмӕ йӕ адӕмы. Уыцы рӕстӕг Адраазар фӕцӕйцыд Евфраты+ цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй уыцы бӕстӕ фӕстӕмӕ йӕ дӕлбар бакодтаид. 1 Азфыстыты 19:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд арвыстой, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм ӕмӕ сӕ ӕркодтой, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак сӕ сӕргъы, афтӕмӕй. Псалом 72:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Уыдзӕн ын дӕлбар адӕм иу денджызӕй иннӕ денджызы онг+Ӕмӕ Стыр цӕугӕдонӕй*+ зӕххы кӕрӕтты онг+.
18 Уыцы бон Йегъовӕ Аврамимӕ скодта бадзырд+ ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх+ ӕз ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн – Египеты цӕугӕдонӕй стыр цӕугӕдон Евфраты онг+:
31 Ратдзынӕн дын зӕххытӕ Сырх денджызӕй филистимӕгты денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Стыр цӕугӕдоны* онг+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕххы цӕрджыты ӕз ратдзынӕн дӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ ды дӕ разӕй фӕсурдзынӕ+.
24 Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы зӕххытӕ бауыдзысты сымах+. Уӕ арӕнтӕ уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ливаны онг, Стыр цӕугӕдон Евфратӕй суанг ныгуылӕн денджызы онг+.
3 Давид ныппырх кодта Сувӕйы+ паддзах Реховы фырт Адраазары+ ӕмӕ йӕ адӕмы. Уыцы рӕстӕг Адраазар фӕцӕйцыд Евфраты+ цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй уыцы бӕстӕ фӕстӕмӕ йӕ дӕлбар бакодтаид.
16 Сириӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сыл Израил фӕуӕлахиз+, уӕд арвыстой, Стыр цӕугӕдонмӕ*+ хӕстӕг чи цард, уыцы сириӕгтӕм ӕмӕ сӕ ӕркодтой, Адраазары ӕфсады хистӕр Совак сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.