Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 30:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Давид тынг зын уавӕры уыд+, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм дуртӕй марынмӕ хъавыдысты+. Адӕм сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты тыххӕй маст кодтой+. Уӕд Давид йӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныфсӕй йӕхи фӕфидар кодта+.

  • Псалом 56:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Куы фӕтӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл+.

  • Псалом 68:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Хуыцау йӕ кадджын кувӕндонӕй куы рацӕуы, уӕд хъуын арц сбады+.

      Уый у Израилы Хуыцау, йӕ адӕмӕн дӕтты тых ӕмӕ хъомыс+.

      Табу Хуыцауӕн+.

  • Псалом 138:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Цы бон дӕм фӕсидтӕн, уыцы бон мын дзуапп радтай+.

      Мӕ зӕрдӕ мын сфидар кодтай, хъару мӕ бауагътай+.

  • Исай 41:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн+. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн+. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн+. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн+. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй+, рӕстдзинады къухӕй“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын