Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 15:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Йегъовӕ Авраммӕ цӕстылуайӕны+ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Аврам, мацӕмӕй тӕрс+. Ӕз дӕ уартау хъахъхъӕндзынӕн+. Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг»+.

  • Дыккаг закъон 33:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Куыд амондджын дӕ, Израил!+

      Чи у дӕу хуызӕн?+

      Сымах стут, Йегъовӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕмӕн у, уыцы адӕм+,

      Уый у уе ’ххуысы уарт+

      Ӕмӕ уе ’мбисонды хъама+.

      Де знӕгтӕ дӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+,

      Ӕмӕ сын сӕ бӕрзӕндтыл балӕгӕрддзынӕ»+.

  • 2 Самуилы 22:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Мӕ Хуыцау у мӕ къӕдзӕх+. Ӕз мӕхи йе уазӕг бакӕндзынӕн.

      Уый у мӕ уарт+, мӕ ирвӕзындзинады сыкъа+ ӕмӕ мӕ бӕрзонд хох+.

      Ме ’мбӕхсӕн+ ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг+. Ды мӕ фервӕзын кӕндзынӕ тыхмийӕ+.

  • Псалом 3:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ мӕ уарт+,

      Ды дӕ мӕ кад+. Ды мын схӕцыс мӕ сӕрыл+.

  • Псалом 84:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  9 О Хуыцау, нӕ уарт, де ’ргом раздах+,

      Ӕркӕс дӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ+.

  • Псалом 115:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  9 О Израил, дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл+,

      Уый у де ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ дӕ уарт+.

  • Псалом 119:114
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 114 Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн бынат ӕмӕ мӕ уарт+.

      Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ+.

  • Псалом 144:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  2 Уый мӕ уарзы ӕнувыд уарзтӕй, уый у мӕ фидар мӕсыг+,

      Мӕ бӕрзонд хох, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг+

      Ӕмӕ мӕ уарт+. Йе уазӕг бакодтон мӕхи+.

      Уый мын адӕмты кӕны мӕ дӕлбар+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 2:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уымӕ рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕвӕрд уыдзӕн куырыхон зонд+. Рӕстӕй чи цӕры*, уыдонӕн у сӕ уарт+,

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын