Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 15:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Дӕ рӕдау къух ын байгом кӕн+ ӕмӕ йын ӕфстау ратт, цы хъуаг у, уый – цас ӕй хъӕуы, уыйбӕрц.

  • Иов 31:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Кӕд мӕгуыр адӕймагӕн, цы йӕ хъуыд, уый нӕ лӕвӕрдтон+

      Ӕмӕ-иу идӕдзы цӕстытӕ мӕн аххосӕй ӕрӕнкъард сты+,

  • Псалом 37:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Уый алкӕддӕр иннӕтӕн хорзы цӕуы ӕмӕ дӕтты ӕфстау+,

      Уый тыххӕй йӕ цот хайджын уыдзысты арфӕдзинӕдтӕй+.

  • Псалом 41:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 41 Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг+.

      Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 14:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Иннӕты чи ницӕмӕ дары, уый тӕригъӕд аразы+, фӕлӕ ӕфхӕрд адӕмӕн хорзы чи цӕуы, уый амондджын у+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 17:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Мӕгуырыл чи худы, уый йын йе Скӕнӕджы худинаг кӕны+. Искӕй ӕнамонддзинадыл чи цин кӕны, уый ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 19:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 21:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Мӕгуыры ӕрдиагмӕ йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны+, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕххуысмӕ сиддзӕн, фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ уыдзӕн+.

  • Лукайы 6:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Фӕлӕ сымах уарзут уе знӕгты, хорзы цӕут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ мацӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут+, афтӕмӕй. Ӕмӕ уӕд райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг ӕмӕ уыдзыстут Иунӕг Стыр Хуыцауы+ фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый, хорздзинад+ чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у.

  • Лукайы 23:50
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 50 Уым уыд иу лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ, Уынаффӕдоны* уӕнг, хорз ӕмӕ рӕстаг адӕймаг+ –

  • Хъуыддӕгтӕ 20:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ+ лӕмӕгътӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнат+. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: «Райсынӕй раттын+ амондджындӕр хъуыддаг у».

  • Дзуттӕгтӕм 13:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Ма рох кӕнут хорздзинад аразын+ ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын