Рацыд 9:29 Библи – Ног дунейы тӕлмац 29 Гъемӕ йын Моисей загъта: «Куыддӕр горӕтӕй ахизон, афтӕ мӕ къухтӕ Йегъовӕмӕ сдардзынӕн ӕмӕ йӕм скувдзынӕн+. Ӕмӕ арв йӕ нӕрынӕй банцайдзӕн ӕмӕ их нал уардзӕн, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, зӕхх Йегъовӕйы кӕй у+. Рацыд 19:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Ӕмӕ кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат+ ӕмӕ мын мӕ бадзырд+ ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм+, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у+. Дыккаг закъон 10:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Мӕнӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы сты уӕлӕрвтӕ+, суанг арвы кӕрӕттӕ дӕр, зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. 1 Азфыстыты 29:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 О Йегъовӕ, ды дӕ стыр+ Хуыцау, хъомысджын+, диссаджы+ Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй+, ды дӕ кадджын+ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый+. Дӕу у, Йегъовӕ, паддзахад+, ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис+. Иов 41:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Чи мын цы фӕци, ӕмӕ йын ӕй ӕз хъуамӕ бафидон?+Арвы бын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр мӕн сты+. 1 Коринфӕгтӕм 10:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 уымӕн ӕмӕ «Йегъовӕйы у+ зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый»+.
29 Гъемӕ йын Моисей загъта: «Куыддӕр горӕтӕй ахизон, афтӕ мӕ къухтӕ Йегъовӕмӕ сдардзынӕн ӕмӕ йӕм скувдзынӕн+. Ӕмӕ арв йӕ нӕрынӕй банцайдзӕн ӕмӕ их нал уардзӕн, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, зӕхх Йегъовӕйы кӕй у+.
5 Ӕмӕ кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат+ ӕмӕ мын мӕ бадзырд+ ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм+, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у+.
14 Мӕнӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы сты уӕлӕрвтӕ+, суанг арвы кӕрӕттӕ дӕр, зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон.
11 О Йегъовӕ, ды дӕ стыр+ Хуыцау, хъомысджын+, диссаджы+ Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй+, ды дӕ кадджын+ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый+. Дӕу у, Йегъовӕ, паддзахад+, ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис+.