Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Самуилы 23:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Уӕд уый у, райсомӕй хуры рухс куыд ӕрбакӕсы, уый хуызӕн+,

      Райдзаст райсомы хуызӕн.

      Хуры рухс ӕмӕ къӕвдайы фӕрцы зӕххӕй кӕрдӕг сзайы“+.

  • Псалом 97:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Рухс сӕрттывта рӕстгӕнӕгӕн+,

      Ӕмӕ циндзинад ӕрцыд рӕстзӕрдӕ адӕммӕ+.

  • Псалом 119:105
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 105 Дӕ ныхас у цырагъ мӕ къахӕн+

      Ӕмӕ рухс – мӕ фӕндагӕн+.

  • Данел 12:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Ды та, Данел, ацы ныхӕстӕ басусӕг кӕн ӕмӕ ацы чиныгыл мыхуыр сӕвӕр+ кӕроны рӕстӕджы онг+. Бирӕтӕ йӕ лӕмбынӕг иртасдзысты*, ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты»+.

  • Матфейы 5:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Сымах стут ацы дунейӕн рухс+. Хохы сӕр цы горӕт лӕууа, уый зындзӕн алкӕмӕ дӕр.

  • 1 Коринфӕгтӕм 13:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ныртӕккӕ мах кӕсӕм, дзӕбӕх кӕм ницы зыны, ахӕм кӕсӕнмӕ+, уӕд та алцыдӕр уындзыстӕм дзӕбӕх*+. Ныртӕккӕ Хуыцауы тыххӕй ӕххӕстӕй нӕ зонын, уӕд та алцыдӕр зондзынӕн бӕлвырд, Хуыцау мӕн тыххӕй алцыдӕр бӕлвырд куыд зоны, афтӕ+.

  • 2 Коринфӕгтӕм 4:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Афтӕ чи загъта, «уадз ӕмӕ талынгӕй сӕрттивӕд рухс»+, зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау нын нӕ зӕрдӕты рухс бауагъта+, цӕмӕй нын сӕ Чырыстийы фӕрцы ныррухс кӕна+ Хуыцауы тыххӕй диссаджы зонындзинӕдтӕй+.

  • 2 Петры 1:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Уымӕ гӕсгӕ ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндӕм+ пехуымпар-ныхасыл+. Ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уыцы ныхасмӕ – талынг ран, уӕ зӕрдӕты, чи рухс кӕны, уыцы цырагъмӕ+ – уе ’ргом кӕй здахут, цалынмӕ не сбон уа ӕмӕ сӕууон стъалы+ нӕ фӕзына, уӕдмӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын