2 Азфыстыты 36:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Афтӕмӕй сӕххӕст, Йегъовӕ Йеремийы уылты цы загъта, уый+. Цалынмӕ зӕхх йӕ сабаттӕ иууылдӕр нӕ баулӕфыд, уӕдмӕ уыди афтӕ+. Зӕхх ӕдзӕрӕг цас уыди, уыйбӕрц ын уыди сабат, цалынмӕ ӕвдай азы нӕ рацыд, уӕдмӕ+. Исай 1:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн сси+, уӕ горӕттӕ уын басыгътой+. Уӕ цӕстыты раз уын ӕцӕгӕлӕттӕ+ уӕ зӕххы тыллӕг хӕрынц+. Зӕхх сафтид, раст ӕй цыма ӕцӕгӕлӕттӕ фӕхастой, уыйау+. Исай 3:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Ӕмӕ горӕты кулдуӕрттӕ кӕудзысты+ ӕмӕ хъыг кӕндзысты. Горӕт сафтид уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл сбаддзӕн»+. Исай 24:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 24 Йегъовӕ зӕхх сафтид кодта, ӕдзӕрӕг ӕй фӕкодта+, йӕ хуыз ын аивта+ ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодта+.
21 Афтӕмӕй сӕххӕст, Йегъовӕ Йеремийы уылты цы загъта, уый+. Цалынмӕ зӕхх йӕ сабаттӕ иууылдӕр нӕ баулӕфыд, уӕдмӕ уыди афтӕ+. Зӕхх ӕдзӕрӕг цас уыди, уыйбӕрц ын уыди сабат, цалынмӕ ӕвдай азы нӕ рацыд, уӕдмӕ+.
7 Уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн сси+, уӕ горӕттӕ уын басыгътой+. Уӕ цӕстыты раз уын ӕцӕгӕлӕттӕ+ уӕ зӕххы тыллӕг хӕрынц+. Зӕхх сафтид, раст ӕй цыма ӕцӕгӕлӕттӕ фӕхастой, уыйау+.
24 Йегъовӕ зӕхх сафтид кодта, ӕдзӕрӕг ӕй фӕкодта+, йӕ хуыз ын аивта+ ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодта+.