Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 34:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+. Фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты ӕмӕ сӕ фыртты фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг»+.

  • Нееми 9:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.

  • Псалом 65:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Мӕ рӕдыдтытӕ мыл тых кӕнынц+.

      Ды нын ныххатыр кӕндзынӕ нӕ тӕригъӕдтӕ+.

  • Псалом 86:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ*+, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ+,

      Чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй+.

  • Исай 1:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Ныр Йегъовӕ+ зӕгъы: «Ӕрбацӕут, ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты+. Сӕнтсырх хъуымацы хуызӕн куы уой – къуымбилау уын сурс уыдзысты.

  • Исай 44:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Дӕ фыдракӕндтӕ дын ныххатыр кӕндзынӕн*, нал зындзысты, цыма мигъӕй ӕмбӕрзт сты+, уыйау, дӕ тӕригъӕдтӕ дын бамбӕрздзынӕн бӕзджын мигътӕй. Раздӕх мӕм+, ӕмӕ дӕ ӕз балхӕндзынӕн+.

  • Йереми 50:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– агурдзысты Израилы фыдракӕнд+, фӕлӕ никуы уыдзӕн, агурдзысты Иудӕйы тӕригъӕдтӕ+, фӕлӕ сӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ ӕз ныххатыр кӕндзынӕн, удӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн»+.

  • Данел 9:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ хатыргӕнаг+ Хуыцау, мах та дӕ ныхмӕ рацыдыстӕм+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын