Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нееми 9:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.

  • Исай 55:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн+.

  • Данел 9:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ хатыргӕнаг+ Хуыцау, мах та дӕ ныхмӕ рацыдыстӕм+.

  • Иоил 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕ уӕлӕдарӕс+ нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут+. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг у, ууыл фӕфӕсмон кӕндзӕн+.

  • Михей 7:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау?+ Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ ма де ’взӕрст адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн+ сӕ тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс*+. Ды ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон у адӕмы де ’нувыд уарзтӕй тавын+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын