Фыстӕг Колоссӕгтӕм
1 Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ Йесо Чырыстийы апостол, не ’фсымӕр Тимофеимӕ+ 2 фыссы, Колоссты Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.
Нӕ Фыд Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.
3 Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм+, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм+ Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн, 4 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йесо Чырыстийыл куыд тынг ӕууӕндут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты+ дӕр куыд тынг уарзут, уый тыххӕй. 5 Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ уӕ ныфс+ ис, Хуыцау уын уӕлӕрвты+ цы ӕрцӕттӕ кодта, уый кӕй райсдзыстут. Уыцы ныфсы тыххӕй сымах базыдтат, рӕстдзинад*, ома хорз хабар, куы фехъуыстат, уӕд+. 6 Уыцы хорз хабар ӕрхӕццӕ сымахмӕ. Ӕмӕ ӕгас дунейы+ куыд хӕссы дыргъ+ ӕмӕ куыд парахат кӕны+, афтӕ дыргъ хӕссы ӕмӕ парахат кӕны сымахмӕ дӕр, Хуыцауы стыр хорзӕхы+ тыххӕй цы бон фехъуыстат ӕмӕ, уыцы хорзӕх ӕцӕгӕй цы у, уый бӕлвырдӕй цы бон базыдтат+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ. 7 Гъе уыцы стыр хорзӕхы тыххӕй базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Епафрасӕй+. Уый у Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ уын лӕггад кӕны мах бӕсты. 8 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕм цы уарзондзинад+ ис, уый тыххӕй дӕр нын уый радзырдта.
9 Уӕ уарзондзинад ӕмӕ уын уӕ уырнындзинады тыххӕй цы бон фехъуыстам, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ дӕр уымӕн кувӕм+, ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон бӕлвырдӕй зонат+ ӕмӕ уӕм уа ӕппӕт зонд+ ӕмӕ, сыгъдӕг тых цы ӕмбарындзинад+ дӕтты, уый. 10 Уӕд цӕрдзыстут, Йегъовӕйы+ раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ+ ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстут. Стӕй уын бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы+ дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зондзыстут+. 11 Стыр тыхы хицау чи у+, уыцы Хуыцау уын уыйбӕрц хъару раттӕд, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууат+, 12 стӕй арфӕ кӕнат нӕ уӕларвон Фыдӕн, рухсы+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕн+ цы бынтӕ ӕрцӕттӕ кодта+, уыдонӕй уӕ хай райсыны аккаг чи скодта, уымӕн.
13 Уый нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы+, ӕмӕ нӕ бакодта*+ йӕ уарзон+ Фырты паддзахадмӕ+. 14 Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта*, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты+. 15 Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй+, уыцы Хуыцауы хуызӕн+, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг*+, 16 уымӕн ӕмӕ, уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй+: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр – паддзахбадӕнтӕ уой, сӕргълӕуджытӕ, хицауӕдтӕ ӕви хицаудзинӕдтӕ+. О, ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй+ ӕмӕ уымӕн. 17 Уый уыди ӕппӕтӕй дӕр раздӕр+, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр уый ӕххуысӕй сфӕлдыста+, 18 ӕмӕ уый у буары сӕр, ома ӕмбырды+ сӕр дӕр. Уый у райдиан, мӕрдтӕй фыццаг уый райгас+, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр уый у фыццаг+, 19 уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Фырты мидӕг уой йӕ миниуджытӕ иууылдӕр+ 20 ӕмӕ цӕмӕй йӕ Фырты фӕрцы йӕхиимӕ бафидауын кӕна+ алкӕй дӕр+ – зӕххыл чи ис, уыдон уой ӕви, уӕлӕрвты чи ис, уыдон. Фидауын та сӕ кӕны+, йӕ Фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл+ цы туг+ ныккалдта, уый фӕрцы.
21 О, кӕддӕр сымах Хуыцауӕй уыдыстут дард+ ӕмӕ уыдыстут йе знӕгтӕ, уӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй уыдысты+, уымӕ гӕсгӕ. 22 Фӕлӕ уӕ ныр йӕхиимӕ бафидауын кодта+, чи амард, уымӕн йӕ зӕххон буары фӕрцы+, цӕмӕй уӕ йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй+ ӕмӕ ӕнӕфауӕй+ ӕрлӕууын кӕна. 23 Ӕрмӕст хъуамӕ фидар лӕууат уырнындзинады+: хъуамӕ йӕ бындурыл+ ныффидар уат ӕмӕ уат ӕнӕфӕцудгӕ+, стӕй ма адзӕгъӕл уат, цы хорз хабар фехъуыстат+, уый фӕрцы уын цы ныфс фӕзынд, уымӕй. Уыцы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд+ арвы бын ӕппӕт адӕмӕн+ дӕр. Ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн уыцы хорз хабар хъусынгӕнӕг+.
24 Ӕз цин кӕнын, сымах тыххӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын+, уыдоныл, ӕмӕ йӕ ӕмбарын, мӕ буары мидӕг мӕ Чырыстийы тыххӕй цас фӕхъизӕмар кӕнын хъӕуы, нырма уыйбӕрц кӕй нӕ фӕхъизӕмар кодтон йӕ буары тыххӕй+, ома ӕмбырды+ тыххӕй. 25 Ӕз уыцы ӕмбырдӕн лӕггадгӕнӕг+ сдӕн, Хуыцау мын сымах тыххӕй мӕ бар+ цы бакодта, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй кӕронмӕ фехъусын кӕнон Хуыцауы ныхас – 26 ивгъуыд заманты+ ӕмӕ раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом чи нӕ уыд, уыцы сусӕгдзинад*+. Фӕлӕ йӕ ныр раргом кодта+ йӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕн. 27 Хуыцауы бафӕндыд уыцы сусӕгдзинады+ диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ+ иннӕ адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад у, Чырысти+ сымахимӕ иудзинады кӕй ис ӕмӕ, сымах дӕр йемӕ кӕй скадджын уыдзыстут, уыцы ныфс уӕ кӕй ис, уый+. 28 Ӕмӕ хъусын дӕр Чырыстийы тыххӕй кӕнӕм+, алкӕмӕн дӕр амонӕм ӕмӕ, зондӕй архайгӕйӕ+, алкӕй дӕр ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаджы дӕр Хуыцауы раз ӕрлӕууын кӕнӕм Чырыстийы фӕлтӕрд*+ фӕдылдзӕуӕгӕй. 29 Гъе уый тыххӕй фыдӕбон кӕнын ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайын+, цы тыхӕй+ мӕ фидар кӕны+, уый руаджы.
2 Фӕнды мӕ, цӕмӕй йӕ ӕмбарат, сымах тыххӕй ӕмӕ, Лаодикийы+ чи ис, стӕй мӕ чи никуы федта, ӕппӕт уыдоны тыххӕй куыд зӕрдиагӕй тох кӕнын+, 2 цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ бафидар уой+ ӕмӕ сӕ цӕмӕй уарзондзинад уыцы ӕмхуызонӕй бӕтта кӕрӕдзийыл+. Афтӕмӕй сӕ къухы бафтдзӕн стыр хъӕздыгдзинӕдтӕ – фидарӕй зондзысты, рӕстдзинад* раст кӕй ӕмбарынц+, ӕмӕ бӕлвырдӕй зондзысты Хуыцауы сусӕгдзинад, ома Чырыстийы+. 3 Уый мидӕг ӕмбӕхст сты зонд ӕмӕ зонындзинӕдты+ ӕппӕт хӕзнатӕ дӕр. 4 Уыдӕтты тыххӕй та уын уымӕн дзурын, цӕмӕй уӕ рӕсугъд ныхӕстӕй мачи асайа+. 5 Ӕмӕ кӕд мӕхӕдӕг уемӕ нӕ дӕн, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ+ уемӕ ис, ӕмӕ цин кӕнын, цы уаг ӕмӕ уӕм цы ӕгъдау ис+ ӕмӕ Чырыстийыл куыд фидарӕй ӕууӕндут+, ууыл.
6 Гъемӕ уӕдӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл куыд баууӕндыдыстут, афтӕ дарддӕр дӕр йӕ коммӕ кӕсут+. 7 Стӕй уӕ куыд сахуыр кодтой, афтӕ йӕ мидӕг уидӕгтӕ ауадзут+, ууыл рӕзут+ ӕмӕ уырнындзинады ӕрфидар ут+, ӕмӕ Хуыцауӕн куы фӕарфӕ кӕнут+, уӕд-иу уӕ зӕрдӕтӕ дзаг уӕнт уырнындзинадӕй.
8 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй*+ ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй+ мачи асайа+ ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл+. 9 Хуыцауы+ миниуджытӕ+ иууылдӕр+ Чырыстийы мидӕг сты ӕмӕ уый мидӕг зынынц. 10 Уӕдӕ Чырыстийы фӕрцы, ӕппӕт хицауӕдтӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕ дӕр кӕй дӕлбар сты+, уый фӕрцы сымах цух ницӕмӕй стут. 11 Йемӕ иудзинады кӕй стут+, уый фӕрцы сымах дӕр сунӕтгонд ӕрцыдыстут+, ӕмӕ уый адӕймаджы къухӕй конд нӕ уыд+. Уӕ сунӕт у, уӕ тӕригъӕдджын буарӕй кӕй фервӕзтыстут, уый, Чырыстийы лӕггадгӕнджытӕ куыд хъуамӕ уой сунӕтгонд, афтӕ. 12 Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ баныгӕдта, уый цы аргъуыд райста, ахӕм аргъуыды уылты+. Ӕмӕ уӕ Хуыцау йемӕ мӕрдтӕй дӕр райгас кодта+, чи йӕ райгас кодта+, уыцы Хуыцауы хъомысджын хъуыддӕгтыл+ кӕй ӕууӕндут+, уый фӕрцы.
13 Стӕй кӕд уӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕмӕ, сунӕтгонд кӕй нӕ уыдыстут, уый аххосӕй мард уыдыстут, уӕддӕр уын Хуыцау йемӕ иумӕ цард радта+. Йӕ хӕларзӕрдӕйӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр ныххатыр кодта+ 14 ӕмӕ, алыхуызон фӕдзӕхстытӕ+ кӕм уыди ӕмӕ нӕ ныхмӕ чи дзырдта+, уыцы закъоны+ ныхӕстӕ сыхӕлдта+. Уыцы закъон ныххуыдта+ хъизӕмӕртты хъӕдыл+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй нӕ фӕндагӕй айста. 15 Уый хицауӕдты ӕмӕ сӕргълӕуджыты+ сбӕгънӕг кодта ӕмӕ сӕ йӕ уӕлахизы цыды+ се ’ппӕты размӕ ракодта+ – уый сыл фӕуӕлахиз хъизӕмӕртты хъӕды фӕрцы.
16 Ӕмӕ уын уӕдӕ мачи мацы дзурӕд+ хӕрд ӕмӕ нозты+ тыххӕй, кӕнӕ бӕрӕгбон+, кӕнӕ ног мӕй+, кӕнӕ сабат+ бӕрӕг кӕныны тыххӕй. 17 Уыдӕттӕ иууылдӕр сты фидӕны хорздзинӕдтӕн сӕ аууон+, хорздзинӕдтӕ*+ сӕхӕдӕг та Чырыстиимӕ+ баст сты. 18 Йӕхи иннӕты цӕстмӕ сӕрныллӕгӕй ӕвдисын ӕмӕ зӕдтӕн табу кӕнын* чи уарзы, ӕмӕ, цытӕ федта, уыдӕттыл «фидар чи хӕцы»*, уыдонӕй уӕ уӕ хӕрзиуӕгӕй+ ӕнӕхай мачи фӕкӕнӕд+. Зӕххон зондӕй кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссынц, цӕмӕй нӕ хъӕуы, уымӕй, 19 ӕмӕ, сӕр чи у, ууыл фидар нӕ хӕцынц+ – ӕмӕ буар та ӕгасӕй дӕр уый фӕрцы исы, цы йӕ хъӕуы, уый ӕмӕ уый фӕрцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты руаджы ӕмхуызонӕй хӕцы кӕрӕдзийыл+ ӕмӕ рӕзы Хуыцауы фӕндӕй+.
20 Кӕд ацы дунейы+ уагӕвӕрдтӕн+ Чырыстиимӕ амардыстут+, уӕд ма дарддӕр, цыма ацы дунейӕ стут, афтӕ цӕмӕн цӕрут ӕмӕ цӕмӕн хъусут ахӕм фӕдзӕхстытӕм+, зӕгъгӕ, 21 ма райс, ма бахӕр+, ма бавнал?+ 22 Афтӕтӕ цӕмӕй дзурынц, уыдӕттӕ нал вӕййынц, куы сӕ бахӕрынц, уӕд. Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ+. 23 Уыдӕттӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауӕн кувынц, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ, сӕхи иннӕты цӕстмӕ сӕрныллӕгӕй ӕвдисынц, сӕхи хъизӕмарӕй марынц*+, ӕмӕ зондджын бӕргӕ зынынц, фӕлӕ сын уыцы фӕдзӕхстытӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнынӕн ницы ӕххуыс сты+.
3 Фӕлӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут+, уӕд дарддӕр дӕр тырнут, уӕлӕрвты цы ис, уымӕ+ – Чырысти уым бады Хуыцауы рахиз фарс+. 2 Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл+, зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ+. 3 Сымах амардыстут+, ӕмӕ уӕ цард+ ис Чырыстийы къухы, Чырысти та ис Хуыцауимӕ иудзинады+. 4 Ӕмӕ Чырысти – нӕ цард+ – куы фӕзына, уӕд йемӕ иумӕ кады+ мидӕг фӕзындзыстут+ сымах дӕр.
5 Уӕдӕ амарут+ уӕ зӕххон буары фӕндтӕ+: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын+, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын*+, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. 6 Уыдӕтты тыххӕй Хуыцау адӕмыл йӕ маст ныккалдзӕн+. 7 Ахӕм хъуыддӕгтӕ раздӕр сымах дӕр кодтат+. 8 Фӕлӕ ныр ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ+: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас+ ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас+ дӕр макуы схауӕд. 9 Кӕрӕдзийы ма сайут+. Зӕронд удыхъӕд*+ йӕ митимӕ ныууадзут* 10 ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ+ раивут* – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ+. 11 Ӕмӕ йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар+, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Чырысти ӕмӕ уый ис ӕппӕты мидӕг дӕр+.
12 Уӕдӕ Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн+, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын+, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг+, фӕлмӕн+ ӕмӕ бирӕфӕразон*+. 13 Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут*+ ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут+. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта+, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат. 14 Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд* уарзондзинад+, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл+.
15 Ӕмӕ уадз уӕ зӕрдӕты+ мидӕг хицау уӕд Чырыстийы фарн+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау уымӕ ӕрхуыдта, цӕмӕй суат иу буар+ ӕмӕ уӕм уа фарн. Ӕмӕ бузныг ут. 16 Чырыстийы ныхас уӕ зӕрдӕты уӕд парахатӕй ӕппӕт зондимӕ+. Кӕрӕдзийы ахуыр кӕнут+ ӕмӕ фидар кӕнут* псаломтӕй+, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй зарут+. 17 Ӕмӕ цыфӕнды ма дзурат ӕмӕ цыфӕнды ма аразат+,– ӕппӕт дӕр аразут нӕ Хицау Йесойы номыл+, ӕмӕ уый номӕй алцӕй тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут+ Хуыцауӕн, нӕ Фыдӕн.
18 Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут+, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы. 19 Сымах та, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты+ ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут+. 20 Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут+, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ. 21 Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут+, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой. 22 Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ зӕххон хицӕутты+ коммӕ кӕсут. Ӕмӕ афтӕ кӕнут, куы уӕ фӕуынынц, ӕрмӕст уӕд нӕ, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕнат+, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Йегъовӕйӕ тӕрсут, афтӕмӕй+. 23 Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй*+, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут+, афтӕ, 24 уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, уый тыххӕй уын Йегъовӕ кӕй ратдзӕн хӕрзиуӕг+ – бынтӕ+. Уӕ Хицау Чырыстийӕн цагъартау+ лӕггад кӕнут. 25 Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уымӕн та фыст ӕрцӕудзӕн+, ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уый, уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны+.
4 Хицӕуттӕ, сымах дӕр уӕ цагъартӕм раст ӕмӕ хорз цӕстӕй кӕсут+ – куы йӕ зонут, уӕхицӕн дӕр уӕлӕрвты Хицау кӕй ис+.
2 Ӕппынӕдзух кувут+. Уыцы хъуыддаг уӕ ма рох кӕнӕд* ӕмӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнут+. 3 Стӕй кувут мах тыххӕй дӕр+, цӕмӕй нын Хуыцау дуар+ бакӕна ныхас хъусын кӕнынӕн ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй сусӕгдзинад+ дзурынӕн,– ӕз ахст дӕр уый тыххӕй дӕн+,– 4 ӕмӕ йӕ цӕмӕй мӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмбарын кӕнын+.
5 Ӕддагӕттимӕ ут зондджын+ ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у+, афтӕ пайда кӕнут*. 6 Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн+ ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ*+, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый+.
7 Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн мӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ нӕ Хицауы хъуыддаджы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг ӕмӕ цагъар Тихик+. 8 Уый тыххӕй уӕм ӕй ӕрвитын, цӕмӕй нын нӕ хабӕрттӕ зонат, стӕй уын цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕна+. 9 Ӕмӕ уӕм йемӕ ӕрвитын мӕ иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимы+, уый дӕр сымахӕрдыгон у. Уыдон уын амы хабӕрттӕ иууылдӕр радзурдзысты.
10 Салӕмттӕ уын ӕрвиты Аристарх+, мӕнау ахст чи у, уый, ӕмӕ ма Варнавӕйы хӕстӕг Марк+ дӕр, загъд уын кӕй тыххӕй уыд, мыййаг уӕм куы ’рцӕуа, уӕд-иу ӕй суазӕг кӕнут+, зӕгъгӕ, уый, 11 стӕй, Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо дӕр – уыдон сты сунӕтгӕндтӕй. Ӕрмӕстдӕр уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос. 12 Салӕмттӕ уын ӕрвиты Йесо Чырыстийы цагъар Епафрас+, уый дӕр сымахӕрдыгон у. Уый ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй фӕкувы сымах тыххӕй, цӕмӕй ӕппынфӕстаг уат фӕлтӕрд*+ ӕмӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндат. 13 Сымах тыххӕй, стӕй, Лаодики+ ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны тыххӕй куыд зӕрдиагӕй архайы, уымӕн мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн.
14 Салӕмттӕ уын ӕрвиты нӕ уарзон ӕфсымӕр, дохтыр Лука+, стӕй Димас+ дӕр. 15 Мӕ номӕй салӕмттӕ раттут Лаодикийы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ ноджыдӕр Нимфӕйӕн ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи ӕмбырд кӕны, уыдонӕн+. 16 Ацы фыстӕг куы бакӕсат, уӕд бацархайут, цӕмӕй йӕ Лаодикийы ӕмбырды дӕр бакӕсой+. Ӕмӕ-иу сымах дӕр бакӕсут, Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый. 17 Стӕй Архипӕн+ зӕгъут: «Лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй ӕххӕст кӕнай, дӕуӕн, Хицауы фӕдылдзӕуӕгӕн, дӕ бар цы лӕггад ис, уый».
18 Мӕ салӕмттӕ уӕм ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй+. Ахст* кӕй дӕн, уый уӕ зӕрдыл дарут+. Ӕмӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын ут.
[Фиппаинӕгтӕ]
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «рахаста».
Комк. «ахӕсты аргъ кӕй бафыста».
Комк. «фыццаггуырд».
Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
Кӕнӕ «ӕххӕст; ӕнӕхъӕн».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «философитӕй».
Комк. «буар».
Кӕнӕ «зӕдтӕ куыд табу кӕнынц, уый».
Кӕнӕ «уыдӕттыл чи ӕрлӕууыд; чи бакъахдзӕф кодта». Ацы ныхӕстӕ-иу дзырдтой, муртакк сусӕг дины къордтӕ-иу сӕхимӕ искӕй куы истой, уӕд.
Комк. «сӕ буар бадомынц».
Кӕнӕ «хӕлӕг кӕнын; ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ бӕллын».
Комк. «адӕймаджы».
Комк. «раласут» – адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ.
Комк. «ӕмӕ уӕ уӕлӕ скӕнут ног» – адӕймаг йӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕны, афтӕ.
Грекъаг текст куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ацы миниуджытӕ адӕймаджы хъӕуы, дӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕнай, афтӕ скӕнын.
Кӕнӕ «быхсут».
Комк. «уӕ уӕлӕ скӕнут».
Кӕнӕ «зонд амонут».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уыцы хъуыддаджы ма бафынӕй ут».
Комк. «ӕлхӕнут нысангонд рӕстӕг».
Комк. «цӕхх ыл уӕд».
Кӕнӕ «ӕххӕст».
Комк. «Рӕхысты».