Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 3 Иоанны 1–14
  • 3 Иоанны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 3 Иоанны
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
3 Иоанны

Иоанны ӕртыккаг фыстӕг

1 Хистӕр нӕлгоймаг+ фыссы Гаймӕ, зынаргъ ын чи у ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй уарзы+, уымӕ.

2 Мӕ уарзон+ ӕфсымӕр, ӕз кувын, цӕмӕй дын нырмӕ куыд ӕнтыст алцыдӕр+, афтӕ дын дарддӕр дӕр алцы ӕнтыса+ ӕмӕ ӕнӕниз уай+. 3 Ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ мын, рӕстдзинадыл фидар кӕй хӕцыс, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд тынг бацин кодтон. Ӕхсызгон мын у, дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый+. 4 Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа*!+

5 Мӕ уарзон ӕфсымӕр, куыд иузӕрдион дӕ, уый ӕвдисыс, ӕфсымӕртӕн+ кӕй лӕггад кӕныс, уымӕй, кӕд сӕ нӕ фӕзоныс+, уӕддӕр. 6 Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбырды радзырдтой дӕ уарзондзинады тыххӕй. Курын дӕ, афӕндараст сӕ кӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ+, 7 уымӕн ӕмӕ уыдон йӕ номы тыххӕй ацыдысты ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй* ницы райстой+. 8 Гъемӕ мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй-иу ахӕм адӕмы суазӕг кӕнӕм+, цӕмӕй рӕстдзинады суӕм ӕмкусджытӕ+.

9 Ӕмбырдмӕ фыстӕг ныффыстон, фӕлӕ нын Диотреф нӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр+ ницӕмӕ дары+. Уый уарзы, цӕмӕй се ’хсӕн алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уа+. 10 Гъемӕ уӕм куы ’рцӕуон, уӕд раргом кӕндзынӕн, нӕ фыдкой кӕнгӕйӕ+ цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон+. Ӕмӕ йын уыдӕттӕ фаг не сты, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты+ дӕр не суазӕг кӕны, стӕй, се суазӕг кӕнын кӕй фӕнды+, уыдоны дӕр нӕ уадзы+ ӕмӕ архайы, цӕмӕй сӕ ӕмбырдӕй ратӕра+.

11 Мӕ уарзон ӕфсымӕр, ӕвзӕр адӕмы нӕ, фӕлӕ хорз адӕмы фӕзм+. Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый у Хуыцауӕй+. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый Хуыцауы нӕ федта*+. 12 Ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр Дмитрийы хорзы кой кӕнынц+, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕры, уымӕй дӕр. Уӕвгӕ, мах дӕр дзы уый зӕгъӕм+, ӕмӕ нӕ ныхас раст кӕй у, уый ды хорз зоныс+.

13 Дӕуӕн мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ уыди, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, гӕххӕттыл дӕм сӕ фыссон, уый+. 14 Ныфс мӕ ис, дӕхи дын кӕй фендзынӕн ӕмӕ кӕй фӕныхас кӕндзыстӕм+.

Хуыцауы фарнӕй хайджын у!+

Не ’мбӕлттӕ* дын салӕмттӕ ӕрвитынц+. Мӕ номӕй салӕмттӕ ратт+ не ’мбӕлттӕй алкӕмӕн дӕр.

[Фиппаинӕгтӕ]

Комк. «уымӕй тынгдӕр бузныг цӕй тыххӕй хъуамӕ уон».

Амоны, Чырыстийыл чи не ’ууӕндыд, уыдонмӕ.

Ома нӕ базыдта.

Ам дзырд «ӕмбӕлттӕ» амоны чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын