Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2 Иоанны 1–13
  • 2 Иоанны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 2 Иоанны
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
2 Иоанны

Иоанны дыккаг фыстӕг

1 Хистӕр нӕлгоймаг*+ фыссы, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы сылгоймагмӕ+ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм, зӕрдиагӕй кӕй уарзы+, уыдонмӕ. Ӕмӕ уӕ канд ӕз нӕ уарзын, фӕлӕ, рӕстдзинад чи базыдта, уыдон се ’ппӕт дӕр+. 2 Уарзгӕ та уӕ кӕнӕм, не ’ппӕты зӕрдӕты дӕр чи ис, уыцы рӕстдзинады тыххӕй+, ӕмӕ уыцы рӕстдзинад немӕ уыдзӕн ӕнустӕм+. 3 Мах хайджын уыдзыстӕм нӕ Фыд Хуыцауы+ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй ӕмӕ фарнӕй рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинадимӕ+ иумӕ.

4 Ӕз тынг цин кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ базыдтон, дӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ+ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц+, нӕ Фыд нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+. 5 Ӕмӕ дӕ ныр, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы сылгоймаг, курын, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм+. Ног фӕдзӕхст+ дӕм нӕ фыссын, фӕлӕ нӕм райдианӕй чи ис, уыцы фӕдзӕхст+. 6 Уарзондзинад уымӕй бӕрӕг уыдзӕн+, ӕмӕ нӕ Фыды фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм+. Ӕмӕ йӕ райдианы куыд фехъуыстат, афтӕмӕй уыцы фӕдзӕхст у ахӕм: дарддӕр дӕр уарзондзинадмӕ гӕсгӕ цӕрут+. 7 Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынд бирӕ фӕлитойтӕ+, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти адӕймагӕй не ’рцыд+. Афтӕ чидӕриддӕр дзуры, уый у фӕлитой+ ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг+.

8 Уӕхимӕ кӕсут, мах цӕуыл фӕфыдӕбон кодтам, уымӕй ӕнӕхай куыд нӕ фӕуат, фӕлӕ уӕ хорзӕх ӕххӕстӕй куыд райсат+. 9 Чырыстийы ахуырады сӕрты чи хизы+ ӕмӕ уыцы ахуырадыл фидар чи нӕ хӕцы+, уый Хуыцауимӕ иудзинады нӕй+. Уыцы ахуырадыл фидар чи хӕцы, уый та Фыдимӕ дӕр ӕмӕ Фыртимӕ дӕр ис иудзинады+. 10 Исчи уӕм куы ’рцӕуа ӕмӕ уӕм ацы ахуырад куы не ’рхӕсса, уӕд ӕй уӕ хӕдзармӕ дӕр ма бауадзут+ ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут+, 11 уымӕн ӕмӕ йын салам чи дӕтты, уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты+.

12 Сымахӕн мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, гӕххӕттыл уӕм сӕ фыссон, уый+. Ныфс мӕ ис, кӕй уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уемӕ кӕй фӕныхас кӕндзынӕн+, цӕмӕй уӕ цинӕн+ кӕрон ма уа+.

13 Салӕмттӕ дын ӕрвитынц дӕ хойы сывӕллӕттӕ, Хуыцау кӕй равзӕрста, уый сывӕллӕттӕ+.

[Фиппаинаг]

Кӕнӕ «Ацӕргӕ нӕлгоймаг».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын