Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2077–2078 фф.
  • 16 «Зӕронд Фӕдзӕхст» ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 16 «Зӕронд Фӕдзӕхст» ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст»
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
16 «Зӕронд Фӕдзӕхст» ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст»

16 «Зӕронд Фӕдзӕхст» ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст»

2 Коринфӕгтӕм 3:14 – грекъ. ἐπὶ τῇ ἀναγνώσει τῆς παλαιᾶς διαθήκης (эпи́ те анагно́сей тес палайа́с диате́кес);

лат. in lectione veteris testamenti (ин лекционе ветерис тестаменти)

1950

«at the reading of the old covenant»

«зӕронд бадзырд куы фӕкӕсынц»

«New World Translation of the Christian Greek Scriptures», Бруклин.

1993

«рагон дины бадзырды кӕсгӕйӕ»

«Ног Фӕдзӕхст», Стокгольм.

1994

«Зӕронд Фӕдзӕхст кӕсгӕйӕ»

«Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», рауагъдад «Чырыстон».

2004

«Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц»

«Ног Фӕдзӕхст», Мӕскуы.

Фыстадӕй дзуттаг ӕмӕ арамейаг ӕвзагыл фыст чи ӕрцыд, уыцы чингуытӕ абон арӕхдӕр хонынц «Зӕронд Фӕдзӕхст». Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ сты 2Кр 3:14 иуӕй-иу тӕлмацты. Зӕгъӕм, 1994 азы уагъд «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтиры» ацы стих у афтӕ: «Фӕлӕ сӕ зонд бакуырм ис: уымӕн ӕмӕ уыцы ӕмбӕрзӕн ныр дӕр ма сӕ уӕлӕ ис Зӕронд Фӕдзӕхст кӕсгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрзӕн ист цӕуы Чырыстийӕ». Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ та хонынц «Ног Фӕдзӕхст». Фӕлӕ бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ 2Кр 3:14 дзырд диати́кис нысан кӕны «бадзырд», грекъаг тексты ма ноджы 32 раны куыд у, афтӕ.

Латинаг дзырд тестаментум (гуырынон хауӕны – тестаменти) цы нысан кӕны, уый тыххӕй Эдвин Хатч (Edwin Hatch) фыста: «Фӕстӕдӕр хуымӕтӕг адӕм кӕуыл дзырдтой, уыцы латинаг ӕвзаджы филологи раздӕр хорз кӕй нӕ зыдтой, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, дзырд тестаментум (рагон латинаг тӕлмацты, уыдонимӕ Вульгатӕйы дӕр, дзырд [диате́ке] кӕмӕй тӕлмац у, уый) нысан кӕны „фӕдзӕхст“ кӕнӕ „ныстуан“, афтӕмӕй та уый нысан кодта „бадзырд“ дӕр,– кӕд ӕрмӕст уый нӕ, уӕд» («Essays in Biblical Greek», Оксфорд, 1889, 48 ф.). Библийы фӕдыл ӕндӕр чиныджы У. Ф. Моултон (W. F. Moulton) дӕр фыста, зӕгъгӕ, «Фыстады рагон латинаг тӕлмацты дзырд [диате́ке] райдыдтой тӕлмац кӕнын тестаментум-ӕй. Фӕлӕ ацы дзырд тынг арӕх ӕмбӕлы, фӕдзӕхстмӕ бамбарӕн ӕй кӕм нӕй, ахӕм рӕтты (зӕгъӕм, Пс. lxxxiii, 5 [83:5] – ацы ран афтӕ ничи зӕгъдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы знӕгтӕ „фӕдзӕхст скодтой Йӕ ныхмӕ“), ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, латинаг дзырд тестаментум-ӕн йӕ хъуыды тынг уӕрӕх кӕй уыд,– растдӕр, цы грекъаг дзырд дзы тӕлмац кодтой, уый куыд уыд, афтӕ» («A Bible Commentary for English Readers by Various Writers», мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ кодта Чарльз Элликотт [Charles Ellicott], Нью-Йорк, 8 т., 309 ф.).

Ӕппӕт адӕттӕй бӕрӕг у, ӕмӕ 2Кр 3:14 дзырдбаст «зӕронд фӕдзӕхст» раст тӕлмац кӕй нӕу. Ацы ран Павел дзуры Дзуттаг ӕмӕ Арамейаг Фыстытыл ӕмткӕй райсгӕйӕ. Стӕй йӕ уый зӕгъын дӕр нӕ фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст чырыстон Фыстытӕ та сты «ног фӕдзӕхст (бадзырд)». Апостол дзуры зӕронд Закъоны бадзырдыл – Моисейы фондз чиныджы кӕй тыххӕй дзырдӕуы ӕмӕ Дзуттаг Фыстытӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу хай чи у, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ Павел дарддӕр иннӕ стихы зӕгъы: «...Моисейы чингуытӕ куы фӕкӕсынц, уӕд».

Уӕдӕ Дзуттаг ӕмӕ Арамейаг Фыстытӕ Зӕронд Фӕдзӕхст хонӕм, ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ та – Ног Фӕдзӕхст, уымӕн бындур нӕй. Йесо Чырысти йӕхӕдӕг Хуыцауы сыгъдӕг чингуытӕ хуыдта «Фыстад» (Мф 21:42; Мч 14:49; Ин 5:39). Апостол Павел дӕр сӕ хуыдта «Фыстад», кӕнӕ «Сыгъдӕг Фыстад» ӕмӕ «сыгъдӕг Фыстытӕ» (Ро 1:2; 15:4; 2Тм 3:15). Уымӕ гӕсгӕ, ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, цӕмӕй Фыстады дыууӕ хайы хонӕм, растдӕр куыд у, афтӕ: Дзуттаг Фыстытӕ ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын