Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
ЗӔХХЫЛ цы адӕм цард, уыдонӕй искӕй ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг схонӕн ис? Дӕумӕ гӕсгӕ цӕмӕй бӕрӕг кӕны адӕймаджы номдзыддзинад? Йӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдтӕй? Йӕ физикон хъаруйӕ? Йӕ зондджындзинадӕй?
Историк Г. Дж. Уэллс загъта, зӕгъгӕ, адӕймаджы номдзыддзинадӕн сбӕлвырдгӕнӕн ис, «йӕ фӕстӕ, дарддӕр цы рӕзы, ахӕмӕй исты ныууагъта ӕви нӕ, ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы ныууагъта, уымӕй искӕй сразӕнгард кодта йӕ царды фӕндаг фӕивынмӕ ӕви нӕ». Уэллс кӕд чырыстон нӕ уыд, уӕддӕр сразы: «Ахӕм барӕнӕй баргӕйӕ, Йесо лӕууы фыццаг бынаты».
Македойнаг Александр, Номдзыд Карл (йӕ удӕгасӕй ӕрцыд нымад номдзыд адӕймагыл) ӕмӕ Наполеон Бонапарт уыдысты хъомысджын хицӕуттӕ. Сӕ тызмӕг ахасты фӕрцы сын тынг стыр ӕндӕвдад уыд сӕ дӕлбаруӕвӕг адӕмыл. Фӕлӕ историон ӕрмӕджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Наполеон йӕхӕдӕг загъта: «Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн се ’хсӕн нӕй, нӕ йӕ уынынц, афтӕмӕй сыл ӕндавы ӕмӕ хицауиуӕг кӕны».
Йӕ ахадгӕ ахуырӕдтӕ ӕмӕ, йӕхӕдӕг уыцы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цард, уый фӕрцы Йесо дыууӕ мин азы бӕрц тынг ӕндавы адӕмы цардыл. Уый тыххӕй иу фыссӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕгас историйы дӕргъы стӕры цы ӕфсӕдтӕ цыд ӕмӕ цы флоттӕ ӕрцыд арӕзт, цы парламентон рабадтӕ уыд ӕмӕ цы паддзӕхтӕ паддзахиуӕг кодтой, уыдон иумӕ райсгӕйӕ афтӕ тынг нӕ бандӕвтой адӕймагады цардыл».
Историон гоймаг
Диссаг у, фӕлӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъӕ, Йесо никуы цард, уый фыццаг ӕнусы цӕрӕг цавӕрдӕр адӕймӕгтӕ ӕрымысыдысты. Ахӕм скептикты ныхмӕ историк Уилл Дьюрант загъта: «Иу дуджы цӕрӕг хуымӕтӕг адӕмы гыццыл къордӕн сӕ бон куы суыдаид ӕрымысын ахӕм хъомысджын ӕмӕ диссаджы зӕрдӕмӕдзӕугӕ гоймаг, ахӕм хорз ӕгъдау ӕмӕ ахӕм диссаджы ӕфсымӕрон уарзты хуызӕг ӕппӕт адӕмы ’хсӕн, уӕд уый уыдаид ӕппӕт Евангелиты диссӕгтӕй стырдӕр диссаг».
Ахъуыды ма кӕн: зӕххыл цы адӕймаг нӕ цард, уымӕн йӕ бон куыд суыдаид адӕймагады историйыл афтӕ тынг бандавын? Бӕрӕгуат «Историкы ӕппӕтдунеон истори»-йы («The Historians’ History of the World») дзырдӕуы: «[Йесойы] архайды историон ӕнтыстӕн — ӕрмӕст ӕхсӕнадон цӕстӕнгасӕй дӕр — кӕцыфӕнды историон гоймаджы хъуыддӕгтӕй стырдӕр нысаниуӕг ис. Дунейы сӕйраг цивилизацитӕ ног эрӕ йӕ райгуырдӕй райдыдтой нымайын».
Ӕвӕдза, ууыл ахъуыды кӕнын ӕмбӕлы. Йесойы райгуырдыл цы аз нымайынц, уый у абоны къӕлиндарты бындур. «Уӕды онг рӕстӕг нымад цыд Ч. Р. агъоммӕ кӕнӕ Чырыстийы райгуырды агъоммӕ, — ӕмбарын кӕны иу энциклопеди,— йӕ райгуырды фӕстӕ рӕстӕг та Ч. Р. кӕнӕ Чырыстийы райгуырдӕй» («The World Book Encyclopedia»).
Фӕлӕ уӕддӕр критиктӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Йесойы тыххӕй ӕрмӕстдӕр Библийы ис фыст. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ йе ’мдуггӕгтӕй уый тыххӕй ӕндӕр ничи фыста. Ӕгӕрыстӕмӕй, Г. Дж. Уэлсс дӕр афтӕ фыста: «Рагон ромаг историктӕ бынтондӕр нӕ кӕнынц Йесойы кой; уый ницы фӕд ныууагъта йӕ дуджы историон уацты». Фӕлӕ афтӕ у ӕцӕгдӕр?
Кӕд рагон историон ӕрмӕджыты Йесо Чырыстийы тыххӕй бирӕ нӕй фыст, уӕддӕр дзы цыдӕртӕ ис ссарӕн. Фыццаг ӕнусы зынгӕ ромаг историк Корнелий Тацит фыста: «Ном [чырыстон] рацыд, Тиберийы хицауиуӕгады рӕстӕджы прокуратор Понтий Пилат мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахаста, уыцы Чырыстийӕ». Йесойы кой ма кӕнынц Светоний ӕмӕ Кӕстӕр Плиний, сӕ дыууӕ дӕр — уӕды рӕстӕджы ромаг историктӕ. Фыццаг ӕнусы иудейаг историк Иосиф Флавий та фыста Иаковы тыххӕй ӕмӕ сбӕрӕг кодта, уый кӕй у «Йесойы ӕфсымӕр, кӕцыйы схуыдтой Чырысти».
Уымӕ гӕсгӕ иу энциклопеди ахӕм хатдзӕг скодта: «Кӕрӕдзийӕ хӕдбар хъусинӕгтӕ бӕлвырд кӕнынц, раг заманы суанг чырыстон дины знӕгтӕ дӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодтой Йесойы уӕвынадыл, цӕуыл фыццаг хатт ӕмӕ ӕбӕрӕг аххосӕгтӕй фӕдызӕрдыг сты XVIII ӕнусы кӕрон, ӕмӕ йыл дызӕрдыг кодтой XIX ӕнусы дӕргъы ӕмӕ XX ӕнусы райдианы» («The New Encyclopædia Britannica»).
Фӕлӕ Йесойы тыххӕй цы зонӕм, уый, сӕйраджыдӕр, фыст ӕрцыд йӕ фӕдылдзӕуджыты къухӕй фыццӕгӕм ӕнусы. Уыцы хъусинӕгтӕ нӕм ӕрхӕццӕ сты Евангелиты — Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанны фыст библион чингуыты. Цы дзурынц уыцы хъусинӕгтӕ Йесойы тыххӕй?
Чи уыд уый ӕцӕгӕй?
Ацы фарст цымыдис кодта фыццаг ӕнусы Йесойы ӕмбӕлтты. Йесо диссаджы хуызы абухгӕ денджыз куыд ныссабыр кодта, уый уынгӕйӕ, фырдисӕй фарстой кӕрӕдзи: «Уый чи у?» Фӕстӕдӕр, ӕндӕр уавӕры, Йесо бафарста йӕ апостолты: «Сымах та кӕуыл нымайут Мӕн?» (Маркы 4:41; Матфейы 16:15).
Ацы фарстӕн ды та цы дзуапп раттис? Йесо ӕцӕгдӕр Хуыцау уыд? Афтӕ хъуыды кӕнынц абон бирӕтӕ. Фӕлӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ никуы нымадтой Хуыцауыл. Апостол Петр ахӕм дзуапп ратта Йесойы фарстӕн: «Ды — Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:16).
Йесо никуы дзырдта, Хуыцау кӕй уыд, фӕлӕ ӕмбарын кодта, зӕрдӕвӕрд Мессиа, кӕнӕ Чырысти, кӕй уыд. Уый ма ноджыдӕр дзырдта, Хуыцау нӕ, фӕлӕ «Хуыцауы Фырт» кӕй уыд (Иоанн 4:25, 26; 10:36). Ӕмӕ уӕддӕр Библи Йесойы не ’вӕры иннӕ адӕймӕгты ӕмрӕнхъ. Уый бынтон ӕндӕрхуызон гоймаг уыд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты фыццаг Хуыцау уый сфӕлдыста (Колоссӕгтӕм 1:15). Ӕнӕнымӕц миллиард азты размӕ, дун-дуне фӕлдыст куы нӕ ма уыд, уӕд Йесо цард духовон гоймагӕй уӕларвыл ӕмӕ йын тынг ӕнгом ахастытӕ уыд йӕ Фыд, Дунескӕнӕг Хуыцау, Иегъовӕимӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:22, 27—31, НД).
Фӕстӕдӕр, дыууӕ миназы размӕ, Хуыцау йӕ Фырты цард рахаста сылгоймаджы хуылфмӕ, ӕмӕ иннӕ адӕймӕгтау райгуыргӕйӕ, Йесо сси Хуыцауы адӕймагон Фырт (Галатӕгтӕм 4:4). Йӕ мады гуыбыны рӕзгӕйӕ ӕмӕ йӕ райгуырды фӕстӕ дӕр Йесо уыд Хуыцауы ӕвзӕрст зӕххон ныййарджыты дӕлбар. Фӕстӕдӕр Йесо куы схъомыл, уӕд ӕххӕстӕй ӕрхъуыды кодта, раздӕр ын Хуыцауимӕ уӕларвыл цы ахастытӕ уыд, уыдон (Иоанны 8:23; 17:5).
Йесо ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг цӕй тыххӕй сси?
Йесо алы хъуыддаджы дӕр йӕ уӕларвон Фыды кӕй фӕзмыдта, уымӕ гӕсгӕ уыд ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг. Иузӕрдион Фырт уӕвгӕйӕ, Йесо афтӕ тынг фӕзмыдта йӕ Фыды, ӕмӕ йӕ бон уыд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕгъын: «Мӕн фенӕг федта Фыды» (Иоанны 14:9, 10). Зӕххыл цӕргӕйӕ, цыфӕнды уавӕры дӕр уый арӕзта, йӕ Фыд, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау куыд бакодтаид, афтӕ. «Ӕз... Мӕхицӕй... ницы кӕнын, — загъта Йесо,— фӕлӕ куыд сахуыр кодта Мӕн Мӕ Фыд, афтӕ дзурын» (Иоанны 8:28). Уӕдӕ Йесо Чырыстийы цард куы сахуыр кӕнӕм, уӕд хуыздӕр базондзыстӕм Хуыцауы.
Уымӕ гӕсгӕ кӕд апостол Иоанн разы уыд, зӕгъгӕ, «Хуыцауы никӕд ничи федта», уӕддӕр фыста: «Хуыцау у уарзондзинад» (Иоанны 1:18; 1 Иоанны 4:8). Йесо йӕ Фыды халдих кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иоанн Хуыцауы уарзондзинад уыдта Йесойы мидӕг ӕмӕ уый тыххӕй уыд йӕ бон афтӕ зӕгъын. Йесо уыд тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, сабыр ӕмӕ хуымӕтӕг. Йемӕ тынг ӕнцон уыд ныфссаст ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн, афтӕ ма иннӕтӕн дӕр — нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, дзырддзӕугӕ адӕмӕн ӕмӕ ма суанг, тынг тӕригъӕдджын чи уыд, уыдонӕн дӕр. Нӕ йӕ уарзтой ӕрмӕстдӕр фыдзӕрдӕ адӕм.
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕрӕдзи уарзыныл ӕрмӕст ахуыр нӕ кодта, фӕлӕ сын ӕй царды йӕхӕдӕг ӕвдыста. Уый загъта: «Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы» (Иоанны 13:34). «Бамбарӕм, ӕмбарынадӕй уӕлдӕр Чырыстийы уарзондзинад»,— загъта йӕ апостолтӕй сӕ иу (Ефесӕгтӕм 3:19). Ӕцӕгдӕр, Йесо цы уарзондзинад равдыста, уый бирӕ ахадгӕдӕр у цыфӕнды теоретикон зонындзинӕдтӕй дӕр ӕмӕ иннӕты «разӕнгард кӕны» уарзондзинад ӕвдисынмӕ (2 Коринфӕгтӕм 5:14, НД). Уӕдӕ Йесо диссаджы уарзондзинады цӕвиттон кӕй ныууагъта, уый тыххӕй сси ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг. Йӕ уарзондзинад сӕдӕазты дӕргъы хорзырдӕм ӕндавы милуангай адӕмы зӕрдӕтыл ӕмӕ сӕ цардыл.
Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ фӕзӕгъынц: «Цас фыдракӕндтӕ ӕрцыд арӕзт Чырыстийы номӕй — дзуархӕссӕн стӕртӕ, инквизици ӕмӕ йӕхи чырыстоныл чи нымайы, милуангай ахӕм адӕм тохы быдырты кӕрӕдзи кӕм мардтой, уыцы хӕстытӕ». Ӕцӕгӕй та уыцы адӕм сӕ хъуыддӕгтӕй бӕлвырд кӕнынц, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй не сты. Йесо йӕхӕдӕг куыд цард ӕмӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй тӕрхонгонд цӕуынц сӕ хъуыддӕгтӕ. Суанг ма индус Мохандас Ганди дӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕз уарзын Чырыстийы, фӕлӕ ӕлгъ кӕнын чырыстӕттыл, уымӕн ӕмӕ уыдон, Чырысти куыд цард, афтӕ нӕ цӕрынц».
Пайда у йемӕ базонгӕ уын
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон адӕм цы ахуыр кӕнынц, уымӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у Йесо Чырыстийы цард ӕмӕ лӕггаддзинад сахуыр кӕнын. „Кӕсут Йесомӕ,— сиды нӕм Павел,— хъуыды Йыл кӕнут“. Хуыцау нӕ йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста йӕ Фырты тыххӕй: «Уымӕ хъусут». Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг» (Дзуттытӕм 12:2, 3; Матфейы 17:5).
Ацы чиныджы нӕ нысан уыдис, цыппар Евангелийы фыст Йесойы зӕххон царды ӕппӕт хабӕрттӕ, уыимӕ йӕ раныхӕстӕ, йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ диссӕгтӕ равдисын. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, цаутӕ ӕвдыст сты фӕд-фӕдыл. Алы сӕры фӕстӕ дӕр амынд цӕуы, уыцы сӕр Библийӕ цавӕр бынӕттыл бындуриуӕг кӕны, уый. Хорз уаид уыцы бынӕттӕ бакӕсын ӕмӕ фӕлхат кӕнынӕн лӕвӕрд фарстытӕн дзуапп раттын.
Чикагойы университетӕй иу ахуыргонд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Йесойы тыххӕй дыууӕ миназы дӕргъы цы ’рцыд фыст, уымӕй фӕстаг ссӕдз азы фылдӕр ныффыстой». Фӕлӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дӕхӕдӕг базонгӕ уай Евангелийы хъусинӕгтимӕ, уымӕн ӕмӕ хъуыддаг раст афтӕ у, «Бритайнаг Энциклопеди»-йы куыд дзырдӕуы: «Абон студенттӕ афтӕ аныгъуылдысты Йесо ӕмӕ Евангелийы тыххӕй ныхмӕдзӕуӕг теориты, ӕмӕ сӕ бынтондӕр нал ӕвдӕлы уыцы бындурон ӕрмӕгӕн йӕхи сахуыр кӕнынмӕ» («The Encyclopædia Britannica»).
Уӕдӕ, Евангелийы хъусинӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕмбынӕг раиртасгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, алчидӕр сразы уыдзӕн, адӕймагады историйы иуыл стырдӕр цау кӕй ӕрцыд ромаг кесӕр Августы хицауиуӕгады рӕстӕджы, Назаретаг Йесо йӕ цард мах сӕрвӕлтау раттынмӕ зӕхмӕ куы ӕрцыд, уӕд.