Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 18 сӕр, 179–188 фф.
  • «Хуыцауы ныхасы» ис стыр зонд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хуыцауы ныхасы» ис стыр зонд
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау йӕ ныхӕстӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?
  • Йегъовӕ Библи адӕймӕгтӕн цӕмӕн ныффыссы кодта?
  • Библийы адӕмы кой цӕмӕн ис?
  • Библийы цӕй кой нӕй?
  • «Куырыхон зонды» чиныг
  • «Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Библийӕ йӕ Авторы тыххӕй цы ис базонӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • «О, куыд ӕнӕкӕрон... [у] Хуыцауы... зонд!»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Уыдон дзырдтой, «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 18 сӕр, 179–188 фф.
Библи фысджытӕй иу тыхтоны цыдӕр фыссы.

18 СӔР

«Хуыцауы ныхасы» ис стыр зонд

1, 2. Йегъовӕ нӕм цавӕр «писмо» ныффыста ӕмӕ цӕмӕн?

БИРӔ кӕй уарзыс, фӕлӕ дард ран чи цӕры, ахӕм адӕймагӕй искуы писмо райстай? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, уый куыд ӕхсызгон вӕййы. Писмойӕ базонӕн ис, куыд у, цытӕ аразы ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдӕттӕ. Ӕмӕ кӕд кӕрӕдзийӕ дард стут, уӕддӕр кӕрӕдзийы кӕй нӕ рох кӕнут, уый уӕ кӕрӕдзийыл тынгдӕр бӕтты.

2 Фӕлӕ, бирӕ кӕй уарзӕм, уыцы Хуыцауӕй писмо райсынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕм Йегъовӕ ныффыста писмо. Уый у йӕ Ныхас, Библи. Уым нын дзуры, чи у, цы сарӕзта, цы фӕндтӕ йӕм ис ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Йегъовӕ нын йӕ Ныхас уымӕн радта, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Хуыцау стыр зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ немӕ ныхас кӕнынӕн равзӕрста ӕппӕты хуыздӕр мадзал. Библи куыд фыст у ӕмӕ дзы цӕй кой цӕуы, уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд.

Хуыцау йӕ ныхӕстӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?

3. Йегъовӕ Моисейӕн Закъон куыд радта?

3 Чи зоны, исчи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Йегъовӕ адӕмимӕ уӕлӕрвтӕй куы дзурид, уӕд ӕм тынгдӕр хъусиккой. Ӕмӕ-иу хатт Йегъовӕ адӕмимӕ зӕдты уылты дзырдта. Зӕгъӕм, афтӕ уыди, Израилы адӕмӕн Закъон куы радта, уӕд (Галатӕгтӕм 3:19). Израилӕгтӕ уӕларвӕй тыхджын хӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд тынг фӕтарстысты. Ӕмӕ Моисейӕн загътой, цӕмӕй семӕ Хуыцау ма дзырдтаид, фӕлӕ йӕхӕдӕг. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ Моисей радзырдта, Йегъовӕ йын цы загъта, уый (Рацыд 20:18–20). Йегъовӕ Моисейӕн бӕстон радзырдта, Закъоны цы 600 закъоны бӕрц уыди, уыдон иууылдӕр.

4. Моисей Хуыцауы закъӕттӕ куы нӕ ныффыстаид, уӕд цы ’рцыдаид?

4 Фӕлӕ Моисей уыцы закъӕттӕ иууылдӕр куы нӕ ныффыстаид, уӕд куыд уыдаид? Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕй ницы ферох кодтаид ӕмӕ сӕ адӕмӕн иууылдӕр бӕстон радзырдтаид? Ӕмӕ адӕм та? Моисейы ныхӕстӕ иууылдӕр бахъуыды кодтаиккой, цӕмӕй сӕ сӕ цотӕн, уыдон та сӕ сӕ цотӕн ӕмӕ сӕ цоты цотӕн дзырдтаиккой ӕмӕ афтӕ дарддӕр? Уӕд фидарӕй зӕгъӕн нӕ уыдаид, Хуыцауы закъӕтты кӕй ницы фӕивта. Зӕгъӕм, адӕм кӕрӕдзийы фӕдыл лӕууынц, ӕмӕ дӕ уыцы адӕмӕн фӕнды цыдӕр радзурын. Разӕй чи лӕууы, уымӕн ӕй радзырдтай, уый та йӕ радзырдта, йӕ фӕстӕ чи лӕууы, уымӕн, уый та иннӕмӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Афтӕмӕй хабар иууылдӕр фехъуыстой. Фӕстейӕ чи лӕууы, уымӕ дӕ ныхӕстӕ куыдӕй бахӕццӕ сты, уый, ӕвӕццӕгӕн, тынг хицӕн кӕндзӕн, фыццаг адӕймагӕн цы радзырдтай, уымӕй. Фӕлӕ Хуыцау адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕн йӕ хабар афтӕ никуы рауайдзӕн.

5, 6. Йегъовӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй Моисейӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ Библи зынаргъ лӕвар цӕмӕн у?

5 Йегъовӕ йӕ ныхӕстӕ ныффыссын кодта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд. Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ дӕхицӕн ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ аразын бадзырд демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ» (Рацыд 34:27). Моисей уыд, Библи чи фыста, уыдонӕй фыццаг. Уый уыди нӕ эрӕйы размӕ 1513 азы. Уый фӕстӕ 1 610 азы дӕргъы Йегъовӕ «бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы ӕгъдауӕй ныхас кодта» иу-40 адӕймагимӕ (Дзуттӕгтӕм 1:1). Уыдон уыдысты, Библи чи фыста, уыцы нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ уыцы къухфыстытӕн къопитӕ кодтой. Уыдон сӕ куыст тынг бӕстон кодтой, ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницы фӕивтой. Уый фӕрцы нӕм Хуыцауы ныхӕстӕ ӕрхӕццӕ сты, куыддӕриддӕр сӕ загъта, афтӕмӕй (Ездрӕ 7:6; Псалом 45:1).

6 Библи ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы зынаргъ лӕвар у. Афтӕ никуы уыди, ӕмӕ дын цавӕрдӕр писмо дӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ йӕ бафснайдтай ӕмӕ ма йӕ уый фӕстӕ дӕр бирӕ хӕттыты бакастӕ? Ӕвӕццӕгӕн дын уыцы писмо стыр удӕнцой ӕрхаста. Библи абарӕн ис ахӕм писмоимӕ. Йегъовӕ йӕ ныхӕстӕ кӕй ныффыссын кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕ бон у ӕдзух кӕсын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын (Псалом 1:2). Уый фӕрцы зын рӕстӕг ссарӕм, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты», уый (Ромӕгтӕм 15:4).

Йегъовӕ Библи адӕймӕгтӕн цӕмӕн ныффыссы кодта?

7. Йегъовӕ йӕ Ныхас ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

7 Йегъовӕ йӕ Ныхас ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг у. Цымӕ Йегъовӕ Библи зӕдтӕн куы ныффыссын кодтаид, уӕд дӕр нын нӕ зӕрдӕ афтӕ агайдтаид? Зӕдтӕ Йегъовӕйы хорз зонынц ӕмӕ нын бирӕ цыдӕртӕ радзырдтаиккой. Сӕ бон уыдаид радзурын, цӕмӕн ӕй уарзынц ӕмӕ йын цӕмӕн лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй, стӕй йӕ иузӕрдион зӕххон лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Фӕлӕ зӕдты адӕмимӕ абарӕн нӕй. Уыдон сты ӕххӕст ӕмӕ махӕй бирӕ фылдӕр зонынц, бирӕ фылдӕр федтой ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр сты. Цы нын радзырдтаиккой, уыдӕттӕ цымӕ нӕ бон бамбарын уыдаид? (Дзуттӕгтӕм 2:6, 7).

8. Йегъовӕ Библи фысджытӕн цавӕр бар радта? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

8 Йегъовӕ Библи ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый фӕрцы нӕм ис, цы нӕ хъӕуы, уый – Хуыцауы хъуыдытӕ фыст кӕм сты ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ чи агайы, ахӕм чиныг (2 Тимофеймӕ 3:16). Уый йын цӕй фӕрцы рауад? Арӕхдӕр-иу, ӕвӕццӕгӕн, Библи фысджытӕн бар радта, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг ссардтаиккой, «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ» ӕмӕ-иу, «ӕцӕг цы у, уый раст ныффыстаиккой» (Екклесиаст 12:10, 11). Библийы чингуытӕ куыд фыст сты, уымӕй кӕрӕдзийӕ уый тыххӕй хицӕн кӕнынц. Уый фӕрцы бамбарӕн ис, чи йӕ ныффыста, уый цавӕр адӕймаг уыд ӕмӕ йыл царды цытӕ ӕрцыд, уыйa. Фӕлӕ цы хъуыдытӕ фӕстой, уыдон сӕхи хъуыдытӕ нӕ уыдысты. Уыдон «дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:21). Уымӕ гӕсгӕ Библи ӕцӕгдӕр у «Хуыцауы ныхас» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст»

9, 10. Библи нын нӕ зӕрдӕ афтӕ тынг цӕмӕн агайы?

9 Библи адӕймӕгтӕ кӕй ныффыстой, уый фӕрцы нын нӕ зӕрдӕ ӕцӕгдӕр тынг агайы. Чи йӕ фыста, уыдон дӕр мах хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ уыдысты ӕмӕ, мах кӕуыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Хатт-иу Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй ныффыстой се ’нкъарӕнты ӕмӕ сӕ зындзинӕдты тыххӕй (2 Коринфӕгтӕм 12:7–10). Уыдон сӕ царды тыххӕй фыстой сӕхи ныхӕстӕй. Ахӕм ныхӕстӕ зӕдтӕ никуы ныффыстаиккой.

10 Уымӕн хорз цӕвиттон у Израилы паддзах Давид. Стыр тӕригъӕдтӕ куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ цы псалом ныффыста, уым кӕсӕм, куыд фӕсмон кӕны ӕмӕ Хуыцауӕн куыд лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Давид ныффыста: «Ссыгъдӕг [мӕ] кӕн мӕ тӕригъӕдӕй. Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ, мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис. Ӕз тухитимӕ райгуырдтӕн тӕригъӕды. Тӕригъӕды мидӕг сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны. Дӕхицӕй мӕ ма аппар ӕмӕ мӕ дӕ сыгъдӕг тых ма айс. Хуыцау нывондӕн исы рыст уд. О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ» (Псалом 51:2, 3, 5, 11, 17). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Давид тынг кӕй маст кодта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг кӕй рысти. Ӕрмӕстдӕр ӕнӕххӕст адӕймагӕн уыд йӕ бон йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ ахӕм ныхӕсты фӕрцы бамбарын кӕнын!

Библийы адӕмы кой цӕмӕн ис?

11. Йегъовӕ Библийы адӕмы тыххӕй бирӕ хабӕрттӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?

11 Библи ма нын нӕ зӕрдӕ агайы иу цӕйдӕр тыххӕй. Адӕмы тыххӕй дзы бирӕ ис фыст. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауӕн лӕггад кодтой, иуӕй-иутӕ та – нӕ. Уым кӕсӕм сӕ царды хабӕртты тыххӕй, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сын циндзинад цы хаста, уый тыххӕй. Нӕ бон дзы у базонын, цавӕр уынаффӕтӕ хастой ӕмӕ-иу уыцы уынаффӕтӕ сӕ цардыл куыд фӕзындысты, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «махӕн зонд бацамонынӕн» (Ромӕгтӕм 15:4). Йегъовӕ уыцы адӕмы хабӕрттӕ ныффыссын кодта, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕ бацагайой. Цалдӕрмӕ дзы ӕркӕсӕм.

12. Библийы мӕнгард адӕймӕгты тыххӕй фыст кӕй ис, уый нын цы пайда у?

12 Библийы фыст ис мӕнгард адӕймӕгты ӕмӕ фыдгӕнджыты тыххӕй дӕр ӕмӕ-иу сыл цы ’рцыд, уый тыххӕй дӕр. Сӕ хабӕрттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бамбарӕм, цы миниуджытӕ сӕм уыд, уыдон афтӕ ӕвзӕр цӕмӕн уыдысты, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Библийы ныффыссын кӕнын, ӕмбӕлттыл гадзрахатӕй цӕуын ӕвзӕр кӕй у. Фӕлӕ Иудӕ Йесойыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый тыххӕй куы фӕкӕсыс, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны? (Матфейы 26:14–16, 46–50; 27:3–10). Ахӕм хабӕрттӕ тынгдӕр хъарынц нӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ нын уыдоны фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы, цы ӕвзӕр миниуджытӕ нӕм ис, уый бамбарын ӕмӕ семӕ тох кӕнын.

13. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, хорз миниуджытӕ цавӕртӕ сты, уый бамбарынӕн ӕмӕ сӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн?

13 Библийы ма фыст ис, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕты тыххӕй. Бакӕсӕн дзы ис, Хуыцауыл куыд тынг ӕнувыд уыдысты, уый тыххӕй. Нӕ бон дзы у базонын сӕ хорз миниуджыты тыххӕй. Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ хъуамӕ махмӕ дӕр уой, цӕмӕй Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр баввахс уӕм. Уыдонӕй иу у уырнындзинад. Библи нын ӕмбарын кӕны, цы у уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ ссарӕн кӕй нӕй, уый (Дзуттӕгтӕм 11:1, 6). Фӕлӕ Библийӕ ӕрмӕст уый нӕй базонӕн. Фыст ма дзы ис, адӕм-иу диссаджы уырнындзинад куыд равдыстой, уый тыххӕй дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, Авраам цы фидар уырнындзинад равдыста, Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куы хъавыд, уӕд (Райдиан, 22 сӕр; Дзуттӕгтӕм 11:17–19). Ахӕм хабӕртты фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, уырнындзинад цы у, уый. Уӕдӕ нын Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ дзуры, цӕмӕй нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. Фӕлӕ ма нын цӕвиттонты фӕрцы ӕмбарын кӕны, уый нӕ бон куыд у аразын, уый дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд.

14, 15. Кувӕндонмӕ цы мӕгуыр идӕдз ус ӕрбацыд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ уыцы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

14 Библийы цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо кувӕндоны кӕй федта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы хабармӕ. Йесо бадт ӕхцавӕрӕнты акомкоммӕ ӕмӕ каст, адӕм дзы ӕхца куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Бирӕтӕ дзы ӕппӕрстой, «фагӕй фылдӕр» сӕм кӕй уыди, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йесойы цӕст ӕрхӕцыд иу мӕгуыр идӕдз усыл. Уый ӕхцавӕрӕны ныппӕрста «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы»b. Уыдон уыдысты йӕ фӕстаг ӕхцатӕ. Уый фенгӕйӕ Йесо цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ мӕгуыр идӕдз сылгоймагмӕ цы цӕстӕй каст уый. Йесо загъта: «Уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты йӕ мысайнаг уыди, иннӕтӕ иумӕ цас ныппӕрстой, уымӕй фылдӕр (Марчы 12:41–44; Лукайы 21:1–4; Иоанны 8:28).

15 Ахъуыды-ма кӕн: кувӕндонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбацыд, уыдоны ’хсӕн Йесо федта уыцы мӕгуыр идӕдз усы, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ хабар Библийы ныффыссын кодта. Уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зонӕм, йӕ номы тыххӕй цы аразӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕны. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы фӕдӕттӕм, уӕд ӕй ӕхсызгонӕй айсы, иннӕтӕ цы раттынц, уымӕй къаддӕр куы вӕййы, уӕд дӕр. Уый диссаг куыннӕ у! Ӕмӕ уыцы хъуыды бамбарын кӕныны тыххӕй Йегъовӕ спайда кодта мӕгуыр идӕдз усы хабарӕй.

Библийы цӕй кой нӕй?

16, 17. Йегъовӕ йӕ Ныхасы цавӕрдӕр хабӕртты кой кӕй нӕ ракодта, уый дӕр йе стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

16 Бирӕ кӕй уарзыс, ахӕм адӕймагмӕ писмойы алцы лыстӕг хабӕртты онг нӕ ныффыссыс. Цы йӕм ныффысдзынӕ, ууыл ахъуыды кӕныс. Йегъовӕ дӕр ахъуыды кодта, йӕ Ныхасы цавӕр адӕймӕгты ӕмӕ цавӕр хабӕртты кой ракӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ уыдонӕй алкӕй ӕмӕ алцӕй тыххӕй Библийы алцы лыстӕг хабӕртты онг фыст нӕй (Иоанны 21:25). Зӕгъӕм, Библийы Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй цы фыст ис, уым, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзуапп нӕй, цы фарстатӕ нӕм фӕзыны, уыдонӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Ныхасы цавӕрдӕр хабӕртты кой кӕй нӕ ракодта, уый дӕр йе стыр зондыл дзурӕг у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

17 Библи куыд фыст у, уый нын ӕххуыс кӕны, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый бамбарынӕн. Дзуттӕгтӕм 4:12 стихы кӕсӕм: «Хуыцауы ныхас [кӕнӕ хабар] у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый... ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ». Библийы цы фыст ис, уый нӕ зӕрдӕйы арф ахизы ӕмӕ фенӕм, нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Иуӕй-иутӕ Библи уый тыххӕй фӕкӕсынц, цӕмӕй йӕм исты фау ӕрхӕссой. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, цавӕрдӕр хабары тыххӕй дзы, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фаг информаци кӕй нӕй, уый. Ахӕм адӕм, чи зоны, дызӕрдыг дӕр кӕной, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр уарзӕгой, зондджын ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, ууыл.

18, 19. а) Библи кӕсгӕйӕ нӕм цы фарстатӕ фӕзына, уыдонӕн уайтагъд дзуапп куы нӕ ссарӕм, уӕд цӕуылнӕ хъуамӕ фӕтыхсӕм? б) Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн цы хъӕуы ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы стыр зонд куыд зыны?

18 Фӕлӕ Библи уый тыххӕй куы иртасӕм, цӕмӕй Хуыцауы базонӕм, уӕд-иу нӕ фӕтыхсдзыстӕм, цавӕрдӕр хабары тыххӕй нӕм цы фарстатӕ фӕзына, уыдонӕн дзы уайтагъд дзуапп куы нӕ ссарӕм, уӕд. Цӕуылнӕ? Библи уый тыххӕй куы фӕиртасӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, уӕд гыццылгай базонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Уӕдӕ Библи кӕсгӕйӕ цыдӕр куы нӕ бамбарӕм кӕнӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ никуы бакодтаид, уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй фаг базыдтам, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, ууыл.

19 Уӕдӕ нӕ бон Библи ӕмбарын уыдзӕн, Хуыцауы базоныны тыххӕй йӕ куы кӕсӕм ӕмӕ куы иртасӕм, уӕд. Цымӕ уый Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг нӕу? Зондджын адӕм цы чингуытӕ ныффыссынц, уыдон сӕ бон бамбарын у ӕрмӕстдӕр «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕн». Фӕлӕ раст зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, ӕрмӕст уыдоны бон кӕй у ӕмбарын, ахӕм чиныг нӕ зондджын Хуыцауы йеддӕмӕ никӕй бон у ныффыссын! (Матфейы 11:25).

«Куырыхон зонды» чиныг

20. Ӕрмӕстдӕр нын Йегъовӕйы бон цӕмӕн у бацамонын, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ нын уымӕн Библи куыд ӕххуыс кӕны?

20 Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы дзуры, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уый нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзой, амондджын уа, хорз бинонтӕ ӕмӕ йын хорз ӕмбӕлттӕ уа. Афтӕ уыд, Библи куы фыстой, уӕд дӕр ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Библи у «куырыхон зонды» чиныг (Ӕмбисӕндтӕ 2:7). Цы хорз уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уӕм. Ацы чиныджы алы хайы фӕстаг сӕры дӕр фыст ис, Библийы уынаффӕтӕй куыд спайда кӕнӕн ис, уый тыххӕй. Фӕлӕ дзы ныр ӕркӕсдзыстӕм ӕрмӕстдӕр иу цӕвиттонмӕ.

21–23. Цавӕр зондджын уынаффӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм?

21 Никуы бафиппайдтай, хатыр кӕнын чи нӕ зоны, уыдон арӕх куыд ӕнамонд вӕййынц, уый? Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы фӕхӕссӕм, уӕд нӕхицӕн вӕййы зындӕр. Нӕ бон ӕндӕр ницӕуыл вӕййы хъуыды кӕнын, ӕнцой нал фӕзонӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Дохтыртӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй адӕймаг йӕ зӕрдӕйы маст куы хӕсса, уӕд, гӕнӕн ис, тынг фӕрынчын уа. Фӕлӕ уымӕй бирӕ раздӕр Библийы фыст ӕрцыд: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх» (Псалом 37:8). Уый нӕ бон куыд у аразын?

22 Хуыцауы Ныхасы ис ахӕм хорз уынаффӕ: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). Кӕй ис ӕмбаргӕ адӕймаг схонӕн? Исчи исты куы фӕзӕгъы кӕнӕ исты куы саразы, уӕд ӕмбаргӕ адӕймагӕн йӕ бон вӕййы бамбарын, афтӕ цӕмӕн загъта кӕнӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый. Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, чидӕр цыдӕр цӕмӕн загъта кӕнӕ цӕмӕн сарӕзта, йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цы уавӕры ис, уый. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ма мӕсты кӕнӕм кӕнӕ дзы ӕвзӕрӕй мацы хъуыды кӕнӕм.

23 Библийы ма ис ахӕм хорз уынаффӕ: «Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Колоссӕгтӕм 3:13). Дзырдбаст «кӕрӕдзийӕн барут» нысан кӕны, иннӕтӕ цы фӕзӕгъынц кӕнӕ цы саразынц, уый нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуа, уӕд фӕразон кӕй хъуамӕ уӕм ӕмӕ сӕм кӕй хъуамӕ ма мӕсты кӕнӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дзы нӕхи дард ласын ма райдайӕм. Дзырдбаст «ныххатыр кӕнынӕн» та йӕ хъуыды у, цӕмӕй мауал хъуыды кӕнӕм, адӕймаг цы сарӕзта, ууыл. Нӕ зондджын Хуыцау зоны, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд уый ӕрмӕст уыдонӕн нӕ уыдзӕн пайда, фӕлӕ нӕхицӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд нӕ мӕсты кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн (Лукайы 17:3, 4). Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгдӕр диссаджы уынаффӕтӕ ис!

24. Нӕ цард Хуыцауы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

24 Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый тыххӕй йӕ бафӕндыд немӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ уымӕн равзӕрста ӕппӕты хуыздӕр мадзал: йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕмӕн Библийы ныффыссын кодта, махӕн ӕй цы зӕгъын фӕндыд, уый. Уӕдӕ Библийы фыст сты Йегъовӕйы хъуыдытӕ, ӕмӕ сыл «ис ӕууӕндӕн» (Псалом 93:5). Нӕ зондджын Хуыцау Йегъовӕйы уынаффӕтӕм куы хъусӕм ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр куы дзурӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, Йегъовӕйы диссаджы зонд ма ноджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг у, уый: фидӕны цы уыдзӕн, уый зоны ӕмӕ йӕ бон у йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнын.

a Зӕгъӕм, Давид уыд фыййау ӕмӕ-иу арӕх цӕвиттонӕн ӕрхаста, фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, уый (23-ӕм псалом). Матфей та уыди хъалонисӕг ӕмӕ йӕ чиныджы арӕх кӕны нымӕцты ӕмӕ ӕхцаты кой (Матфейы 17:27; 26:15; 27:3). Лука та дохтыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу низты тыххӕй цавӕрдӕр лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста (Лукайы 4:38; 14:2; 16:20).

b Уӕды заман уыцы дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы бакусӕн уыди иу-15 минутмӕ. Уыдонӕй иу сырддонцъиу дӕр нӕ уыди балхӕнӕн. Сырддонцъиу та уыд мӕргътӕй ӕппӕты асламдӕр ӕмӕ уыд мӕгуырты хӕринаг.

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй хайджын уӕм, Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уымӕй?

  • Ӕмбисӕндтӕ 2:10–22. Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

  • Ромӕгтӕм 7:15–25. Хуыцау йӕ Ныхас ныффыссынӕн адӕймӕгты кӕй равзӕрста, уый йе стыр зондыл дзурӕг кӕй у, уый ацы стихтӕй куыд зыны?

  • 1 Коринфӕгтӕм 10:6–12. Библийы израилӕгты ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй фыст кӕй ис, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын