Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 11–12 фф.
  • Библийы 28 чиныг – Оси

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 28 чиныг – Оси
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 11–12 фф.

Библийы 28 чиныг – Оси

Ныффыста йӕ: Оси

Кӕм ӕрцыд фыст: Самарийы (облӕст)

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 745 азы фӕстӕ

Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 804 азы размӕ–745 азы фӕстӕ

ДЗУТТАГ Фыстыты фӕстаг 12 чиныджы арӕх хонынц «чысыл пехуымпартӕ». Афтӕ сӕ кӕй хонынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахсджиаг не сты, фӕлӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ сты Исай кӕнӕ Йеремийы чиныгӕй къаддӕр. Дзуттаг ӕвзагыл фыст Библийы сты иу тыхтоны ӕмӕ хуыйнынц «Дыууадӕс». Афтӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй баиу кодтой, цӕмӕй ма фесӕфтаиккой, уымӕн ӕмӕ хицӕн гыццыл тыхтонӕн ӕнцон фесӕфӕн уыд. Уыцы 12 чиныгӕй алкӕцы дӕр схуыдтой, чи йӕ ныффыста, уый номӕй, ӕмӕ дзы фыццаг дӕр уымӕ гӕсгӕ хӕссы Осийы ном. Осийы ном у «Хошаиайы» цыбыр формӕ, нысан кӕны «Йагъ кӕй фервӕзын кодта, уый» кӕнӕ «Йагъ фервӕзын кодта».

2 Осийы ном цы чиныг хӕссы, уым, Беерийы фырт кӕй уыд, уымӕй дарддӕр йӕхи тыххӕй ницы фыст ис. Йӕ пехуымпарӕдты Иудӕйы тыххӕй дзырдӕуы ӕрмӕстдӕр ӕхсӕнмӕхсӕнты, ӕндӕр хауынц ӕрмӕстдӕр Израилмӕ. Оси кӕд Иерусалимы кой нӕ кӕны, уӕд Израилы стырдӕр мыггаг Ефремы та йӕ номӕй хоны 37 хатты, ӕмӕ Израилы сӕйраг сахар Самарийы тыххӕй та 6 хатты дзуры.

3 Чиныджы фыццаг стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Оси Йегъовӕйы пехуымпарӕй тынг бирӕ лӕггад кодта – Израилы паддзах Иеровоам II паддзахдзинады фӕстаг азтӕй суанг Иудӕйы паддзах Езекийы паддзахдзинады онг. Уый лӕггад кодта н. э. агъоммӕ 804 азӕй кӕнӕ уымӕй раздӕр, суанг н. э. агъоммӕ 745 азы онг кӕнӕ уый фӕстӕ, иудзырдӕй, 59 азӕй къаддӕр нӕ. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Оси пехуымпарӕй Иеровоам II ӕмӕ Езекийы рӕстӕджы дӕр цалдӕр азы кӕй лӕггад кодта. Уыцы рӕстӕджы ма Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕ уыдысты Амос, Исай, Михей ӕмӕ Одед (Амос 1:1; Ис. 1:1; Мих. 1:1; 2 Пар. 28:9).

4 Ацы пехуымпарады ӕцӕг хабӕрттыл кӕй цӕуы дзырд, уый бӕлвырд кӕны уымӕй, ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты бирӕ хатт ӕмбӕлынц йӕ ныхӕстӕ. Йесо Иерусалимӕн Хуыцауы тӕрхон куы хъусын кодта, уӕд ӕрхаста Осийы 10:8: «Уӕд райдайдзысты дзурын хӕхтӕн: „Ӕркӕлут ныл!“ ӕмӕ къуыбыртӕн: „Бамбӕхсут нӕ!“» (Лук. 23:30). Уыцы стихы иу хай ма ӕмбӕлы Раргомады 6:16 дӕр. Осийы 11:1 пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уый равдисынӕн ӕй Матфей ногӕй загъта: «Ӕз мӕ фырты ракодтон Египетӕй» (Матф. 2:15). Ӕгас Израил йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый тыххӕй Оси цы пехуымпарад ныффыста, уый сӕххӕст ис, дӕсмыггаг паддзахады цӕрджыты цалынмӕ уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ дзы бирӕтӕ Иудӕмӕ кӕй ралыгъдысты, ӕмӕ уый фӕстӕ уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдоны ’хсӕн сӕ байзӕттӕгтӕ дӕр кӕй уыд, уымӕй (Ос. 1:11; 2 Пар. 11:13–17; 30:6–12, 18, 25; Езд. 2:70). Ездрӕйы бонтӕй фӕстӕмӕ чиныг йӕ бынат бацахста Дзуттаг Фыстыты, ӕмӕ йӕ зыдтой, куыд «Йегъовӕйы ныхас Осийы уылты» (Ос. 1:2).

5 Цӕмӕн арвыста Йегъовӕ Осийы пехуымпарӕй Израилмӕ? Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕм Ваалӕн кӕй куывтой, уымӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион нал уыдысты, ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕимӕ цы бадзырд скодтой, уый фехӕлдтой. Зӕрдӕвӕрд зӕххы Израилы адӕм райдыдтой зӕххы куыст кӕнын, фӕлӕ афтӕмӕй хананейӕгтӕн ӕрмӕст се ’гъдӕуттыл нӕ ныххӕцыдысты, фӕлӕ ма сӕ диныл дӕр – кувын райдыдтой тыллӕджы хуыцау Ваалӕн. Осийы рӕстӕджы Израил бынтондӕр аздӕхт Йегъовӕйӕ ӕмӕ хананейӕгты кувӕн бынӕтты фыднозт кодтой ӕмӕ сӕ кувӕндӕтты хъахбайтимӕ цъаммар митӕ арӕзтой. Израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ фарн, сӕ бӕркад Ваалӕй кӕнгӕ у. Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, ӕмӕ йын лӕггад кӕныны аккаг кӕй нал уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыд бафхӕрын. Йегъовӕ Израилӕн хъуамӕ равдыстаид, сӕ исбон Ваалӕй кӕй нӕу, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Осийы арвыста, цӕмӕй сын фехъусын кодтаид, куы нӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Иеровоам II мӕлӕты фӕстӕ Израилы ралӕууыд иууыл уӕззаудӕр заман. Суанг н. э. агъоммӕ 740 азмӕ, цалынмӕ Израилы Ассири нӕ басаста, уӕдмӕ паддзахиуӕг кодтой ӕгъатыр паддзӕхтӕ, кӕйдӕрты сӕ маргӕ дӕр акодтой. Уыцы рӕстӕджы дыууӕ къорды кӕрӕдзиимӕ тох кодтой: иуты фӕндыд Египетимӕ скӕнын бадзырд, иннӕты та – Ассириимӕ. Уыцы къордтӕй иу дӕр Йегъовӕйыл йӕ ныфс не ’вӕрдта.

6 Оси фыссы аив ӕвзагӕй. Йӕ ныхас у фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ, ногӕй ӕмӕ ногӕй адӕмы ’ргом здахы, Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ. Адӕм гыццыл дӕр куы ӕрфӕсмон кӕнынц, уӕд уый Осийӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззайы ӕмӕ лӕмбынӕг фыссы уый тыххӕй. Фӕлӕ хатт йӕ ныхас у цӕхгӕр ӕмӕ карз. Кӕд йӕ ныхӕстӕ лӕгъз фыст не сты, уӕддӕр дзы ис тых ӕмӕ хъару. Оси ӕвдисы арф ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ ӕваст иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ хизы.

7 Оси пехуымпарӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй ракуырдтаид «хӕтаг ус» (1:2). Уымӕй зыны, Йегъовӕмӕ уый фӕдыл бӕрӕг фӕнд кӕй уыди. Израил дӕр хӕтаг усы хуызӕн йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл сивта. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы фӕндыд равдисын, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды раздахын. Уый хорз зыны Осийы ус Гомеры хабарӕй. Фыццаг сывӕллон ын куы райгуырд, уӕд хӕтын райдыдта ӕмӕ йӕ иннӕ сывӕллӕттӕ ӕндӕр кӕмӕйдӕрты уыдысты (2:5–7). Ахӕм хатдзӕг скӕнӕн ис, сывӕллӕтты райгуырды тыххӕй чиныджы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Ныййардта йын [Осийӕн] лӕппу». Фӕлӕ иннӕ дыууӕ сывӕллоны райгуырды тыххӕй кӕм цӕуы дзырд, уым пехуымпары кой нӕй (1:3, 6, 8). 3-аг сӕры 1–3 стихты, ӕвӕццӕгӕн, дзырд цӕуы, Оси Гомеры фӕстӕмӕ кӕй ӕркодта, кӕд ӕй цагъарау балхӕдта, уӕддӕр, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы фӕстӕмӕ кӕй райста, сӕ «хӕтындзинадыл» куы ӕрфӕсмон кодтой, уӕд.

8 Осийы пехуымпарад фылдӕр кӕмӕ хауди, уыцы дӕсмыггаг цӕгат паддзахад Израилы ма хуыдтой Ефрем дӕр, паддзахады иууыл стырдӕр мыггаджы номӕй. Ацы нӕмттӕй, Израил ӕмӕ Ефрем, пехуымпар куы иуӕй, куы та иннӕмӕй пайда кӕны йӕ чиныджы.

ЦЫ ПАЙДА У

14 Осийы чиныджы фӕрцы адӕймаг тынгдӕр ӕууӕнды Йегъовӕйы фӕндӕй фыст пехуымпарӕдтыл. Оси Израил ӕмӕ Иудӕйы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст сты. Израилы ныууагътой йӕ хӕзгултӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы сыхаг адӕмтӕ, ӕмӕ йӕ н. э. агъоммӕ 740 азы Ассири ныппырх кодта (Ос. 8:7–10; 4 Пад. 15:20; 17:3–6, 18). Фӕлӕ ма Оси загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ Иудӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ӕрмӕст ӕфсӕддон тыхы фӕрцы нӕ. Уый сӕххӕст ис, Йегъовӕйы зӕд, Иерусалиммӕ бабырсынӕввонг чи уыд, уыцы 185 000 ассириаджы куы ныццагъта, уӕд (Ос. 1:7; 4 Пад. 19:34, 35). Фӕлӕ Осийы 8:14 цы тӕрхон фыст ис, уый Иудӕмӕ дӕр хауд: «Ӕз зынг рауадздзынӕн йӕ сахартыл ӕмӕ сын сӕ галуантӕ иууылдӕр арт аныхъуырдзӕн»,– ацы пехуымпарад сӕххӕст н. э. агъоммӕ 609–607 азты, Навуходоносор Иудӕ ӕмӕ Иерусалим куы ныппырх кодта, уӕд (Йер. 34:6, 7; 2 Пар. 36:19). Оси Хуыцауы адӕмы хорз фидӕны тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ныффыста, уыдонӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты н. э. агъоммӕ 537 азы, Йегъовӕ Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕмы иумӕ куы ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уацары кӕм уыдысты, уыцы «бӕстӕйӕ куы рацыдысты», уӕд (Ос. 1:10, 11; 2:14–23; 3:5; 11:8–11; 13:14; 14:1–9; Езд. 2:1; 3:1–3).

15 Абон дӕр хорз уаид ӕркӕсын, Чырыстон Грекъаг Фыстыты Осийы ныхӕстӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕ. Зӕгъӕм, Павел райгасдзинадыл куы дзырдта, уӕд спайда кодта Осийы 13:14: «Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргджын фат?» (1 Кор. 15:55). «Фӕтӕригъӕд кӕныны аккаг чи у, уыцы мигӕнӕнтыл» Хуыцауы хорзӕх куыд стыр у, уый равдисынӕн Павел ӕрхаста Осийы 1:10 ӕмӕ 2:23: «Осийы чиныджы дӕр афтӕ зӕгъы: „Мӕ адӕм чи не сты, уыдоны схондзынӕн „мӕ адӕм“, ӕмӕ кӕй нӕ уарзтон, уый схондзынӕн „мӕ уарзон“. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм уыд загъд, зӕгъгӕ, „сымах мӕ адӕм не стут“, уым сӕ схондзысты „удӕгас Хуыцауы фырттӕ“» (Ром. 9:25, 26). Петр дӕр Осийы уыцы ныхӕсты кой кодта, афтӕ куы загъта: «Кӕддӕр иу адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр ын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ зыдтат, ныр та йӕ уӕхицӕй зонут» (1 Пет. 2:10).

16 Куыд зыны, афтӕмӕй Осийы пехуымпарад ӕрмӕст уымӕй нӕ сӕххӕст, ӕмӕ ма Израилы адӕмӕй чи баззад, уыдон Зоровавелы бонты сӕ бӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхтысты. Йегъовӕ ма йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ ӕмбырд кӕны сӕрст чырыстӕттӕй ма чи баззад, «удӕгас Хуыцауы фырттӕ» чи сси, уыдоны. Хуыцау сӕ цы домы, уый Осийӕн загъта. Уыдон хъуамӕ цӕстмӕ ма лӕггад кодтаиккой, цыдӕр ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уымӕй, фӕлӕ Осийы 6:6 куыд дзырдӕуы (уыцы ныхӕстӕ сфӕлхат кодта Йесо Матфейы 9:13 ӕмӕ 12:7), афтӕ: «Нывӕндтӕй нӕ, фӕлӕ ӕнувыд уарзтӕй райы мӕ зӕрдӕ; артыл мын кӕй судзут, уыцы кувинӕгтӕй мын ӕхсызгондӕр уыдзӕн, Хуыцауы куы зонат, уый».

17 Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын чи райдайы ӕмӕ мӕнг динмӕ чи аздӕхы, ӕмӕ йыл афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ чи сивы, уыдон. Уый хорз зыны Осийы хӕтаг усы хабарӕй. Чи фӕрӕдыд, уыдон хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ «нывондӕн хӕссой сӕ дзыхы уӕнгуытӕ» ӕмӕ афтӕмӕй раздӕхой Йегъовӕмӕ (Ос. 14:3 [14:2]; Дзут. 13:15). Уыдонӕн сӕ бон у цин кӕнын, уӕларвон Израилы фырттӕй ма чи баззад, уыдонимӕ, Осийы 3:5 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд ис, уый кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл: «Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ раздӕхдзысты ӕмӕ сӕ ныфс ӕвӕрдзысты сӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕмӕ сӕ паддзах Давидыл; ӕмӕ фӕстаг бонты аргъ кӕндзысты Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын