Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi08-1 6–8 фф.
  • Библийы чиныг 41 – Марчы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы чиныг 41 – Марчы
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
bsi08-1 6–8 фф.

Библийы чиныг 41 – Марчы

Ныффыста йӕ: Марк

Кӕм ӕрцыд фыст: Ромы

Фыст фӕцис: н. э. 60–65 азтӕм ӕв.

Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. 29–33 азтӕ

ЙЕСО Чырыстийы Гефсиманийы куы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ йӕ апостолтӕ куы ныууагътой, уӕд «иу лӕппу,– йӕ хӕдоны ӕдде йӕ уӕлӕ хорз кӕттагӕй дарӕс, афтӕмӕй йӕ фӕстӕ ацыд». Лӕппуйы дӕр ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд «йӕ кӕттаг дарӕс фӕуагъта ӕмӕ афтид хӕдоны мидӕг алыгъд». Куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй уыцы лӕппу уыди Марк. Апостолты хъуыддӕгты чиныджы уыцы лӕппуйы тыххӕй фыст ис, «Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанн», зӕгъгӕ. Маркӕн йӕ бинонтӕ цардысты Иерусалимы ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты хъӕздыг, уымӕн ӕмӕ сын уыдис сӕхи хӕдзар ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ. Йӕ мад Марийӕ дӕр уыдис чырыстон ӕмӕ йӕ хӕдзары фыццаг чырыстӕттӕ арӕзтой ӕмбырдтӕ. Зӕд апостол Петры ахӕстонӕй куы фервӕзын кодта, уӕд ӕрбацыд уыцы хӕдзармӕ ӕмӕ дзы баййӕфта ӕфсымӕрты (Марчы 14:51, 52; Ап. хъ. 12:12, 13).

2 Миссионер Варнавӕ, кипраг левит, уыди Марчы хӕстӕг (Ап. хъ. 4:36; Кол. 4:10). Иерусалимы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд Варнавӕ Павелимӕ ацыд ӕфсымӕрты фарсмӕ балӕууынмӕ ӕмӕ уӕд Марк базонгӕ Павелимӕ. Ӕмбырды ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ ацы дыууӕ миссионеримӕ йӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыста, уый фӕрцы йӕхи дӕр бафӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Марк уыд Павел ӕмӕ Варнавӕимӕ, фыццаг хатт хъусын кӕныны фӕдыл балцы куы ацыдысты, уӕд. Фӕлӕ сӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ Марк ныууагъта Пергийы (Памфилийы) ӕмӕ раздӕхт Иерусалиммӕ (Ап. хъ. 11:29, 30; 12:25; 13:5, 13). Павел дӕр ӕй дыккаг хатт йемӕ нал акодта ӕмӕ уый аххосӕй Павел Варнавӕимӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Павел йемӕ акодта Силӕйы, Варнавӕ та Маркимӕ науыл ацыд Кипрмӕ (Ап. хъ. 15:36–41).

3 Миссионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ, Марк йӕхи тынг хорз равдыста ӕмӕ стыр ӕххуыс фӕци ӕрмӕст Варнавӕйӕн нӕ, фӕлӕ ма фӕстӕдӕр апостолтӕ Петр ӕмӕ Павелӕн дӕр. Павел фыццаг хатт Ромы ахст куы уыд (н. э. 60–61 азты), уӕд Марк йемӕ уыди (Филим. 1, 24). Стӕй Петримӕ уыд Вавилоны н. э. 62 ӕмӕ н. э. 64 азты ’хсӕн (1 Пет. 5:13). Павелы та ногӕй Ромы ахӕстоны бакодтой, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 65 азы, ӕмӕ йӕ фыстӕджы Тимофейӕ куырдта, цӕмӕй йемӕ ракодтаид Марчы, «мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы», зӕгъгӕ (2 Тим. 1:8; 4:11). Ацы ныхӕсты фӕстӕ Библийы Марчы кой нал ис.

4 Ӕппӕты цыбырдӕр Евангелийы фыссӕгыл нымайынц Марчы. Марк ӕххуыс кодта апостолтӕн ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй йӕхиуыл нӕ ауӕрста. Фӕлӕ Марк 12 апостолтӕй нӕ уыд, стӕй Йесоимӕ иумӕ нӕ лӕггад кодта. Уӕдӕ Йесойы царды хабӕрттӕ райдианӕй кӕронмӕ афтӕ хорз кӕцӕй зыдта? Рагон ахуыргӕндтӕ Папий, Ориген ӕмӕ Тертуллиан куыд дзурынц, афтӕмӕй Марк уыцы хабӕрттӕ базыдта Петрӕй, уымӕн ӕмӕ уыдысты хорз ӕмбӕлттӕa. Петр ӕй хуыдта «мӕ хъӕбул», зӕгъгӕ (1 Пет. 5:13). Марк йӕ чиныджы цы хабӕртты кой кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр Петр федта йӕхи цӕстӕй. Уӕдӕ Марк Петрӕй базыдта, иннӕ Евангелиты чи нӕй, уыцы лыстӕгдзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, Марк фыссы Зеведейы «ӕххуырст кусджыты» тыххӕй; «йӕ зонгуытыл чи ӕрхауд», уыцы хъотырджын лӕджы тыххӕй ӕмӕ «йӕхи дуртӕй [чи] хоста», уыцы хӕйрӕджджын лӕджы тыххӕй; стӕй Йесо, Оливӕбӕлӕсты хохыл «кувӕндоны акомкоммӕ куы бадт, уӕд» кӕй загъта, уыцы пехуымпарады тыххӕй – «Адӕймаджы Фырт... стыр тых ӕмӕ кадимӕ [кӕй] ӕрцӕудзӕн» (Марчы 1:20, 40; 5:5; 13:3, 26).

5 Петр алцыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй иста, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Йесойы ӕмбарын ӕмӕ йын цавӕр удыхъӕд ӕмӕ зӕрдӕйы конд уыд, уый Маркӕн радзурын. Марк йӕ чиныджы арӕх фыста, Йесо цавӕрдӕр уавӕрты йӕхи куыд дардта, уый тыххӕй, зӕгъӕм: «[Фарисейтыл] мӕстыйӕ йӕ цӕст ахаста – тынг хъыг ын уыд»; «арф ныуулӕфыд» (3:5; 7:34; 8:12). Ӕрмӕстдӕр Марк ныффыста, Йесойӕн ӕрыгон хицау «йӕ зӕрдӕйӕн [кӕй] фӕадджын» (10:21). Стӕй ма ныффыста, Йесо гыццыл сывӕллоны йӕ ахуыргӕнинӕгты астӕу куыд ӕрлӕууын кодта ӕмӕ йӕ куыд «ӕрбахъӕбыс... кодта», ӕндӕр хатт та гыццыл сывӕллӕттыл «йӕ къух [куыд] ӕвӕрдта» (9:36; 10:13–16).

6 Петр тӕвдтуг, цӕрдӕг, хъӕддых ӕмӕ сӕрӕн кӕй уыд, уый бӕрӕг у, Марк йӕ чиныг куыд ныффыста, уымӕй. Афтӕ зыны, цыма хабӕрттӕ афтӕ тагъд цыдысты ӕмӕ Марк сӕ ныффыссыныл тыххӕй ӕххӕссыд. Арӕх пайда кодта дзырд «уайтагъд»-ӕй, цӕмӕй ирддӕрӕй равдыстаид хабар.

7 Кӕд Маркӕн йӕ бон уыд Матфейы Евангели кӕсын ӕмӕ йӕ чиныджы цы фыст ис, уымӕн ӕрмӕст йӕ 7 проценты хицӕн кӕны иннӕ Евангелитӕй, уӕддӕр йӕ чиныг нӕу Матфейы чиныджы цыбыр вариант иуӕй-иу ӕндӕр хабӕрттимӕ. Матфей йӕ разныхасы Йесойы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый у зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ӕмӕ Паддзах, Марк та йын йӕ цард ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ равдыста ӕндӕрырдыгӕй. Зӕгъӕм, ныффыста, Йесо, Хуыцауы Фырт, бирӕ диссӕгтӕ кӕй арӕзта, ӕмӕ чи уӕлахиз кӕны, ахӕм Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у. Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй тынгдӕр Марк ӕргом здӕхта йӕ хъуыддӕгтӕм. Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй ныффыста ӕрмӕст иуӕй-иутӕ ӕмӕ йӕ раныхӕстӕй ӕппӕты стырдӕр, йӕ Уӕлхох уацамынд та йын нӕ ныффыста. Уый тыххӕй йӕ чиныг цыбырдӕр у, кӕд дзы, иннӕ Евангелиты цы хабӕрттӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты, уӕд дӕр. Йесо цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй, ӕппынкъаддӕр, 19 кой ракодта.

8 Кӕд Матфей йӕ Евангели дзуттӕгтӕн ныффыста, уӕд ӕй Марк та сӕйраджыдӕр ныффыста ромӕгтӕн. Уый кӕцӕй зонӕм? Марк Моисейы Закъоны кой кодта, ӕрмӕст дзы кӕцыдӕр хабӕртты тыххӕй куы дзырдта, уӕд, стӕй Йесойы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй ницы ныффыста. Марк Чырыстийы тыххӕй хорз хабар куыд ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, ӕппӕт адӕмӕн дӕр кӕй у. Дзуттаг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ ӕмбарын кодта, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонӕн (2:18; 7:3, 4; 14:12; 15:42). Арамейаг дзырдбӕстытӕ тӕлмац кодта (3:17; 5:41; 7:11, 34; 14:36; 15:22, 34). Бӕлвырд дзырдта Палестинӕйы бынӕттӕ ӕмӕ зайӕгойты тыххӕй (1:5, 13; 11:13; 13:3). Дзуттаг ӕхцатӕ ромаг ӕхцатӕй цас сты, уый ныффыста (12:42, фип.). Марк Евангелиты иннӕ фысджытӕй фылдӕр пайда кодта латинаг дзырдтӕй: спекулянт (хъахъхъӕнӕг), преторий (хицауы галуан) ӕмӕ центурион (ӕфсады хицау) (6:27; 15:16, 39).

9 Марк сӕйраджыдӕр ромӕгтӕн кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ чиныг ныффыста Ромы. Рагон ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕмӕ, чиныджы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, апостол Павел фыццаг хатт, йе та дыккаг хатт Ромы ахӕстоны куы бадти, уыцы рӕстӕг ӕй кӕй ныффыста, н. э. 60–65 азты. Уыцы азты Марк Ромы уыд, ӕвӕццӕгӕн, ӕппынкъаддӕр, иу кӕнӕ дыууӕ хатты. 2 ӕмӕ 3 ӕнусты ахуыргӕндтӕ се ’ппӕт дӕр фидарӕй дзырдтой, ацы чиныг Марк йӕхӕдӕг кӕй ныффыста. Йӕ Евангели чырыстӕттӕм уыд 2 ӕнусы. Чырыстон Грекъаг Фыстыты фыццаг каталогты се ’ппӕты дӕр кӕй уыд, уый бӕлвырд кӕны, Марчы Евангели Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у.

10 Иуӕй-иу хатт 16 сӕры 8 стихы фӕстӕ вӕййы даргъ ӕмӕ цыбыр кӕронбӕттӕн, фӕлӕ уыдон Марчы чиныгыл нымайын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ рагон къухфыстытӕн сӕ фылдӕры не сты, зӕгъӕм, Синайы ӕмӕ Ватиканы №1209 кодексты. 4 ӕнусы ахуыргӕндтӕ Евсеви ӕмӕ Иероним разы уыдысты, Марчы чиныджы фӕстаг ныхӕстӕ кӕй сты, «тас сӕ бацыд», зӕгъгӕ. Даргъ ӕмӕ цыбыр кӕронбӕттӕн ӕм, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй бафтыдтой, цӕмӕй Евангелийы кӕрон лӕгъздӕр уа.

11 Марчы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый ӕрмӕст уымӕй нӕу бӕрӕг, ӕмӕ иннӕ Евангелитимӕ у баст, фӕлӕ ма Сыгъдӕг Фыстады алы чиныгимӕ дӕр, Райдианӕй Раргомады онг. Марк иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, Йесо ӕрмӕст барджын ныхас кӕй нӕ кодта, фӕлӕ йӕ бар кӕй цыд ӕрдзыл, Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтыл, низтыл ӕмӕ суанг мӕлӕтыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Марк йӕ чиныджы райдианы ныффыста: «Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар райдыдта афтӕ». «Хорз хабар» уыд, Йесо зӕхмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ кӕй лӕггад кодта, уый, уымӕ гӕсгӕ Марчы Евангели алкӕмӕндӕр стыр пайда уыдзӕн. Марчы чиныджы хабӕрттӕ цыдысты н. э. 29 азы уалдзӕгӕй – н. э. 33 азы уалдзӕгмӕ.

ЦЫ ПАЙДА У

31 Марк йӕ Евангелийы Йесо Чырыстийы тыххӕй аив ӕвзагӕй кӕй ныффыста, уый фӕрцы чиныгкӕсджытӕн, фыццаг чырыстӕтты рӕстӕгӕй абоны онг, сӕ бон у бамбарын, Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй цы бирӕ пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый. Марк Йесойы зӕрдиаг лӕггады тыххӕй цы ныффыста, уыдон Дзуттаг Фыстыты пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ сты раст – суанг Йесойы фыццаг ныхӕстӕй, «мӕнӕ, ӕз фервитын дӕ разӕй мӕ фидиуӕджы» ӕмӕ хъӕдыл йӕ мӕлӕты размӕ цы загъта, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?», зӕгъгӕ, уый онг (Марчы 1:2; 15:34; Мал. 3:1; Пс. 22:1). Уымӕй уӕлдай, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта, цы амыдта, йӕ ныхасы цы уӕз уыд, Йегъовӕйы Ныхасыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ сыгъдӕг удыл ӕгасӕй дӕр йӕ ныфс кӕй дардта ӕмӕ «фыстыл» куыд тыхсти, ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Фырт кӕй уыд ӕмӕ йӕм стыр бартӕ кӕй уыд. Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ кодта «барджын ныхас», уыцы бартӕ йын ратта Йегъовӕ ӕмӕ зӕххыл йӕ сӕйрагдӕр куыст уыд «хъусын кӕнын Хуыцауӕй хорз хабар», ома «Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ. Йӕ ахуырӕдтӕ стыр пайда сты, чидӕриддӕр сӕ йӕ зӕрдӕмӕ исы, уыдонӕн (Марчы 1:22, 14, 15).

32 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымахӕн ӕргом у Хуыцауы паддзахады сусӕгдзинад». Дзырдбаст «Хуыцауы паддзахад» Марчы чиныджы ӕмбӕлы 14 хатты, стӕй ма дзы ис бирӕ ахсджиаг уагӕвӕрдтӕ, уыцы Паддзахады цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Йесо загъта: «Йӕ цард мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй чи ратта, уый... йӕ бахъахъхъӕндзӕн». Цард райсын цыдӕриддӕр хъыгдары, уый аиуварс кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй та загъта: «Цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ гееннӕйы ныппарой, фӕлтау Хуыцауы паддзахадмӕ сохъхъырӕй бацу». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцауы паддзахадыл гыццыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн» ӕмӕ «ӕвӕдза, куыд зын уыдзӕн, ӕхца кӕмӕ ис, уыдонӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын!» Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕхъӕнӕй басудзинаг ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ хӕссынӕй ахсджиагдӕр уыд дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты ӕххӕст кӕнын. Уый чи ӕмбары, уый «Хуыцауы паддзахадӕй дард нӕу». Ацы ахсджиаг фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ма Марчы Евангелийы Паддзахады тыххӕй цы ахуырӕдтӕ ис, уыдонӕй нӕ бон у царды пайда кӕнын (4:11; 8:35; 9:43–48; 10:13–15, 23–25; 12:28–34).

33 Марчы чиныг бакӕсӕн ис иу-дыууӕ сахатмӕ ӕмӕ бамбарӕн ис, Йесойы лӕггад куыд цымыдисаг уыд ӕмӕ куыд бирӕ арӕзта, уый. Ацы чиныг фӕнды тагъд бакӕсӕм, фӕнды йӕ лӕмбынӕг кӕсӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм, уӕддӕр стыр пайда уыдзӕн. 1 ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр стыр ӕххуыс у, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы чырыстӕттӕн. Уымӕн ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕрынц «тынг уӕззау рӕстӕг» ӕмӕ сӕ хъӕуы Хуыцауы разамынд, Йесо Чырыстийы тыххӕй Марчы чиныджы цы фыст ис, уый хуызӕн. Кӕсут ацы чиныг ӕмӕ уӕхи фидар кӕнут, цӕмӕй уӕ бон уа, нӕ «Разамонӕг ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уый, ома Йесойы» къахфӕдтыл цӕуын ӕмӕ уыйау цин кӕнын (2 Тим. 3:1; Дзут. 12:2). Уӕ цӕстытыл ма ауайын кӕнут, куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уый, ӕмӕ Йесойау иузӕрдион ут фӕлварӕнты рӕстӕг ӕмӕ хъӕбатыр, уӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд. Уӕдӕ уӕ Марчы Евангели бафидар кӕнӕд ӕмӕ уын баххуыс кӕнӕд ӕнусон цард райсынӕн!

[Фиппаинаг]

a «Фыстады ӕмбарынад» (англ.), 2 том, 337 фарс.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын