Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w05 1/10 3–4 фф.
  • Нысӕнттӕ иртасын – ахсджиаг хъуыддаг!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нысӕнттӕ иртасын – ахсджиаг хъуыддаг!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаджы нысӕнттӕ
  • Дзултӕ ӕмӕ ӕнхъизӕн
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Дзултӕ сбирӕ кодта ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй бафӕдзӕхста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Дӕ хъус дарыс, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уыцы нысанмӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
w05 1/10 3–4 фф.

Нысӕнттӕ иртасын – ахсджиаг хъуыддаг!

«Фыццаг мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ нӕ фырт Андреасӕн ӕнӕуи йӕ сӕр риссы. Фӕлӕ йӕм хӕрын дӕр куы нал цыд ӕмӕ йӕ тӕвд дӕр куы схызт, йӕ сӕр тынгдӕр риссын куы райдыдта, уӕд фӕтарстӕн. Мӕ лӕг хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ӕй дохтырмӕ аластам. Дохтыр ӕй куы басгӕрста ӕмӕ дзы цы риссы, уыдӕттӕ куы сбӕлвырд кодта, уӕд ӕй уайтагъд рынчындонмӕ арвыста. Андреасӕн йӕ низыхъӕд, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй ӕвзӕрдӕр разынд – фӕрынчын менингитӕй. Рынчындоны йӕ схуыссын кодтой ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ адзӕбӕх» (Гертрудӕ, Германӕй).

ӔВӔЦЦӔГӔН, бирӕ ныййарджытӕ бахауынц Гертрудӕйы уавӕры. Уыдон дӕр сӕ сывӕллӕттӕм сӕ хъус фӕдарынц, цымӕ сӕм низыл дзурӕг нысӕнттӕй исты ис. Ӕмӕ кӕд низтӕ се ’ппӕт тӕссаг не сты, уӕддӕр ныййарджытӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц, сӕ сывӕллӕттӕ сӕхи хорз куы нӕ фӕхатынц, уымӕ. Нысӕнттӕм кӕсын ӕмӕ цы хъӕуы, уый аразын гыццыл хъуыддаг нӕу. Уый тынг ахсджиаг у.

Ӕмӕ уый ӕрмӕст ӕнӕниздзинадимӕ баст хъуыддӕгты нӕу ахсджиаг. Уымӕн хорз цӕвиттон у, 2004 азы декабры Индийы океаны цур бӕстӕты цы цунами уыд, уый. Австралийы ӕмӕ Гавайӕты сейсмологтӕ бафиппайдтой, цӕгат Суматрӕйы тыхджын зӕххӕнкъуыст кӕй ӕрцыд ӕмӕ фӕхабар кодтой, уый стыр зиӕнттӕ кӕй расайдзӕн. Фӕлӕ уыцы тӕссаг бынӕтты чи уыд, уыцы адӕмӕн фадат нӕ уыд, цӕмӕй сӕм цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй фехъуыстаиккой ӕмӕ сӕхи бахъахъхъӕнынӕн исты сарӕзтаиккой. Уый фӕстиуӕгӕн бабын ис 220 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаджы нысӕнттӕ

Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ хъусджытӕн бацамыдта, куыд хъӕуы нысӕнттӕм хъус дарын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Уый дзырдта бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддагыл. Библийы дзырдӕуы: «Ӕрбалӕууыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ ӕмӕ Йӕ, фӕлваргӕйӕ куырдтой, цӕмӕй равдиса арвӕй нысан. Уый та загъта уыдонӕн дзуаппӕн: изӕр сымах дзурут: „уыдзӕн хорз рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ арв сырх у“; Райсомӕй та: „абон ӕвзӕр бон уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ арв сырх у“. Цӕстмӕхъустӕ! арвы цӕсгом иртасын зонут, фӕлӕ рӕстӕджыты нысӕнттӕ уӕ бон нӕу?» (Матфейы 16:1–3).

Йесо «рӕстӕджыты нысӕнтты» кой кӕнгӕйӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый кӕй хъуамӕ ӕмбарой, уымӕ. Иудейты цардӕвӕрдӕн тагъд хъуамӕ йӕ кӕрон ӕрцыдаид ӕмӕ иу дӕр ахӕм нӕ уыдаид, уый кӕуыл нӕ бандӕвтаид. Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта ӕндӕр нысаны тыххӕй – адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уыцы нысаны тыххӕй. Уӕд цы загъта, уый абон махӕй алкӕмӕндӕр тынг ахсджиаг у.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын