Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/7 6 ф.
  • Дин ӕмӕ ӕгъдау

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дин ӕмӕ ӕгъдау
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔЙ ЦЫ ЗӔГЪӔН ИС?
  • Раст дин ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!
    Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!
  • Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ мӕ зӕрдыл дардтон Йегъовӕйы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном куыд ӕгад кӕнынц?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/7 6 ф.

Дин ӕмӕ ӕгъдау

Сильвийӕ, ацӕргӕтӕм чи кӕсы, иу ахӕм сылгоймаг, загъта: «Колледжы кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхи уырнӕг адӕм хуыдтой. Фӕлӕ-иу экзаменты рӕстӕг дзуаппытӕ сфыстой, стӕй наркотиктӕ кодтой. Динимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы уыд».

Иу нӕлгоймаг, Лайонел, зӕгъгӕ, зӕгъы: «Ме ’мкусджытӕ арӕх фӕсайынц: рынчын нӕ вӕййынц, афтӕмӕй телефонӕй ӕрбадзурынц, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Дин сын, хӕдзары рӕсугъды тыххӕй кӕй сӕвӕрынц, ахӕм дзаумайӕ уӕлдай нӕу – ис, фӕлӕ дзы пайда нӕй».

Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ дин хӕрзӕгъдау цард кӕнынӕн ӕппындӕр не ’ххуыс кӕны. Абон бирӕтӕ «сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй... уый бӕрӕг нӕу» (2 Тимофеймӕ 3:5). Сӕ дины разамонджытӕ сын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг не сты. Стӕй, Библи хӕрзӕгъдау цард кӕнынмӕ кӕй сиды, уый дӕр сын сӕ аргъуанты нӕ амонынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ куыд цӕрынц, уымӕ Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсы.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?

Библийӕ бӕрӕг у, нӕ хъуыддӕгтӕй нӕ бон кӕй у Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын кӕнӕ дзы маст бауадзын. Раджы заманты-иу израилӕгтӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд-иу ын «фӕриссын кодтой йӕ зӕрдӕ» (Псалом 78:40). Исчи йӕ фыдхъуыддӕгтӕ куы ныууадзы, уӕд та уӕлӕрвты тынг фӕцин кӕнынц (Лукайы 15:7). Адӕймаг нӕ уӕларвон Фыды диссаджы миниуджытӕн аргъ кӕнын куы райдайы, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзы, ӕмӕ йӕ бафӕнды, Хуыцау цы уарзы, уый уарзын ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй йе сӕфт уынын (Амос 5:15).

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔЙ ЦЫ ЗӔГЪӔН ИС?

«Дезерет ньюс»-ы, Солт-Лейк-Ситийы (АИШ, штат Ютӕ) чи цӕуы, иу ахӕм газеты, фыстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ ӕнгом уой, адӕм-иу бахъуаджы сахат кӕрӕдзи фарсмӕ балӕууой ӕмӕ паддзахады закъӕттӕ ӕххӕст кӕной. Уымӕй уӕлдай ма дзы фыст ис: «Уыдон сты тынг хӕрзӕгъдау адӕм. Тамако дымын, фыднозт ӕмӕ наркотиктӕ кӕнын, ӕхцайыл хъазын, гомосексуализм ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын нымайынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл».

Дины разамонджытӕ адӕмӕн хӕрзӕгъдау цард кӕнынӕн ӕххуыс кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы миниуджытӕ хорз кӕй зонынц, уый сын куыд ӕххуыс кӕны? Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, Сильвийӕ, загъта: «Ӕз кӕм кусын, уым сайын диссаг никӕмӕ кӕсы. Афтӕ цӕрын ӕнцондӕр у. Фӕлӕ ӕз зонын, Йегъовӕa уымӕ цы цӕстӕй кӕсы, ӕмӕ мын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, раст цы у, уый аразон. Ӕз дӕн амондджын ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ис фарн». Сильвийӕ фидарӕй зоны, йӕ цард Библийы фӕрцы кӕй фӕхуыздӕр.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын