Цас ахсджиаг сты чырыстон ӕмбӕлттӕ?
1 «Иунӕг мӕгуыр у»,— дзырдӕуы иу ӕмбисонды. Ацы ӕмбисонд фӕлхат кӕны, ӕмбӕлттӕ адӕймагӕн куыд ахсджиаг сты, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уый (Фӕс. н. 18:1). Нӕ чырыстон ӕфсымӕрады ис хорз ӕмбӕлттӕ ссарӕн. Уый цавӕр хъуыддӕгты ӕххуыс кӕны?
2 Уацамынды. Уацамынды нӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ кӕй фидар кӕнынц, ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый у иууыл ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ арвыста «дыгӕйттӕй» (Маркы 6:7; Лукайы 10:1). Уыдонау мах дӕр иннӕтимӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд бамбарӕм, Екклесиасты 4:9, 10-ӕм стихты ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый. Иумӕ уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ не ’мкусджыты уырнындзинад, коммӕгӕсдзинад ӕмӕ уарзондзинад ныфс бауадзынц ӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй фӕлӕггад кӕнӕм.
3 Сӕрмагондӕй ӕххуыс кӕнынӕн. Не ’фсымӕрады фӕрцы ма мах кӕнӕм ныфсджындӕр ӕмӕ исӕм разамынд, цӕмӕй зындзинӕдтӕн бафӕразӕм ӕмӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм. Нӕ чырыстон ӕмбӕлттӕ нын, гӕнӕн ис, равдисой, нӕ зындзинӕдты нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм библион стихтӕ. Сӕ бон ма у мах тыххӕй кувын дӕр, мах уыдоны тыххӕй куыд фӕкувӕм, афтӕ (2 Кор. 1:11). Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ хорз дӕнцӕг разӕнгард кӕны хорз хъуыддӕгтӕм ӕмӕ нӕ фидар кӕны.
4 Фембӕлдты. Чырыстон ӕмбӕлттӕ цы арфӕдзинад сты, уый бамбарӕн уыдзӕн, ӕмбырды фембӕлдтӕм иудадзыг куы цӕуӕм, уӕд (Дзут. 10:24, 25). Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын дзы лӕвӕрд цӕуы бирӕ зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ фембӕлдты кӕй вӕййӕм, уый руаджы ӕнгомдӕр кӕнынц нӕ ахастытӕ не ’муырнджытимӕ. Уыцы фембӕлдты нӕ бон у фенын, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ сӕ уырнындзинад куыд ӕвдисынц сӕ дзыхы ныхасӕй, зӕгъӕм, сценӕйӕ дзургӕйӕ кӕнӕ дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ (Ром. 1:12). Нӕ ахастытӕ ма ӕнгомдӕр кӕндзысты, фембӕлдты размӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ дӕр семӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд. Ахӕм уавӕрты нын фадат ис, цӕмӕй нӕхи цардӕй радзурӕм, иннӕты уырнындзинад чи бафидар кӕна, ахӕм хабӕрттӕ. Иегъовӕйы, йӕ Ныхас, йӕ хъуыддаг ӕмӕ йын йӕ адӕмы чи уарзы, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд ивдзыстӕм хорзырдӕм (Фил. 2:1, 2).
5 Мах ӕнӕмӕнг хъӕуы чырыстон ӕмбӕлттӕ. Ӕнӕ уыдонӕй нын ӕнусон цардмӕ кӕнӕг нарӕг фӕндагыл цӕуын уыдзӕн бирӕ зындӕр. Фӕлӕ нӕ кӕй уарзынц, ӕмӕ нын ныфс кӕй сты, уый руаджы нӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр Иегъовӕйы рӕстаг ног дунемӕ тырнын (Матф. 7:14).