Фембӕлдты уыдзӕн
8 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
10 зарӕг.
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Цалдӕр хъусинаджы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй. Алкӕй дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй ӕркӕсой сӕ фыстытӕм фӕстаг районон конгрессӕй ӕмӕ иннӕ фембӕлдмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕной. 4-ӕм фарсыл лӕвӕрд уынаффӕтӕй пайдагӕнгӕйӕ бацӕттӕ кӕн дыууӕ равдысты, куыд ис раттӕн 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ 22 сентябры «Райхъал ут!». Иу равдысты скъоладзау кӕнӕ ныййарджытӕй исчи йӕ уырнындзинады тыххӕй дзуры ахуыргӕнӕгӕн.
10 мин. Фыстӕг филиалӕй. Ӕцӕгады рагӕй чи ис (хорз уаид хистӕр нӕлгоймаг), ахӕм хъусынгӕнӕг ныхас кӕны ӕрыгон хъусынгӕнӕгимӕ. Ӕрыгон хъусынгӕнӕг фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕджы фӕрсы, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фыццаг фарсыл фыстӕг федта ӕви нӕ. Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг дзуры, 1960—1970 азты ахӕм фыстӕг мыхуыр кӕй уыд «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» алы номыры дӕр. Уый фӕстӕ иумӕ ныхас кӕнынц фыстӕгыл ӕмӕ дзурынц, сӕ зӕрдӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ фӕцыд, уыдоныл.
25 мин. «Фӕсивӕд, сӕвӕрут хорз бындур фидӕнӕн»a. Статья ӕвзары хистӕр нӕлгоймаг мыхуыр фарстытӕм гӕсгӕ. 5-ӕм абзацыл ныхасгӕнгӕйӕ зӕгъ, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад цы циндзинад ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй.
170 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
15 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
199 зарӕг.
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Ӕхцайы хыгъд.
10 мин. «Чиныг „Кувут Хуыцауӕн“-ы ахуыр». Ныхасы рацӕудзӕн чиныгахуыры цӕстдарӕг. Дӕ хъус ӕрдар ахуыры пъланмӕ. Цыппӕрӕм абзацыл куы ныхас кӕнат, уӕд зӕгъ «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныгӕй цалдӕр хъуыдыйы, 28 ф., 1 абз., ӕмӕ 70 ф.
25 мин. «Иегъовӕйӕ ныфсджын у, ӕмӕ хорз кӕн» (Пс. 36:3, МГТ). Ныхас хъусджытимӕ амынд фарстытӕм гӕсгӕ, уый руаджы нӕ зӕрдыл хуыздӕр ӕрлӕууын кӕндзыстӕм ивгъуыд районон конгрессы программӕйы ахсджиагдӕр хъуыдытӕ. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, цы базыдтой, уымӕй царды кӕнӕ бинонты ӕхсӕн куыд спайда кодтой. Ӕрныхас кӕн уыцы раныхӕстӕй иуӕй-иутыл: 1) «Нӕ ныфс дарӕм Иегъовӕйыл». Царды алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйыл нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн» нын куыд баххуыс кӕндзӕн? 2) «Дзӕгъӕл хъуыддӕгтӕй уӕхи хизут» (Екк. 2:4—8, 11). Цавӕр дзӕгъӕл хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи ӕмӕ куыд? 3) «Ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц ма ут, кӕнут хорздзинад». Цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын? (Ис. 5:20). Цавӕр хорз хъуыддӕгтӕ хъуамӕ кӕнӕм? 4) «Дарддӕр дӕр Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм». Цы нын баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты ӕмӕ уӕззау рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн? Цӕмӕн хъуамӕ бакӕнӕм Иегъовӕйы бӕрны цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ? 5) «Хуыцауы Паддзахады аккаг разындзынӕ?» (Кол. 1:10). Библийӕ нӕ цавӕр цӕвиттонтӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр цӕуӕм, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ? 6) «Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндут». Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?
58 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
22 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
7 зарӕг.
10 мин. Хъусинӕгтӕ. 4-ӕм фарсыл лӕвӕрд уынаффӕтӕй пайдагӕнгӕйӕ бацӕттӕ кӕн дыууӕ равдысты, куыд ис раттӕн 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (уыр.) ӕмӕ 8 октябры «Райхъал ут!». Хистӕр нӕлгоймаг хъусын кӕны телефонӕй ацӕргӕ хъусынгӕнӕгимӕ, хӕдзарӕй йӕ бон рахизын кӕмӕн нӕу.
15 мин. Цы нын бантыст ивгъуыд аз? Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг ӕмбырды куыстӕн хатдзӕг кӕны 2003 лӕггады азы ӕмбырды хыгъдмӕ гӕсгӕ. Ӕмбырдӕй раппӕл, цы хорз хъуыддӕгтӕ уын бантыст, уыдон тыххӕй. Зӕгъ ма ӕмбӕлон хъуыдытӕ районон цӕстдарӕджы фӕстаг хыгъдӕй дӕр. Ног лӕггады аз цавӕр нысӕнттӕ ис сӕвӕрӕн, уыдонӕй иу-дыууӕ зӕгъ.
20 мин. «Хуыцауы зӕрдӕмӕ ӕппӕт динтӕ дӕр цӕуынц?» Ныхас хъусджытимӕ, бындуриуӕг кӕны брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы»-йыл, 13 урок. Равдис, куыд ис уӕзданӕй искӕимӕ ныхас кӕнӕн ацы фарстайыл (кӕс «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн», 199 ф., 2—5 абз.). Рахицӕн кӕн, раст дин сбӕлвырд кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, цалдӕр ахӕм бӕлвырдгӕнӕны. Нӕ лӕггады руаджы адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауӕн раст кувын (Кол. 1:9, 10).
39 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
29 сентябрӕй райдайгӕ къуыри
194 зарӕг.
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Хъусынгӕнджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй сентябрӕн уацамынды хыгъд раттой. Зӕгъ, октябры цы литературӕ парахат кӕнӕм. Бацӕттӕ кӕн цыбыр равдыст, куыд ис райдайӕн Библи ахуыр кӕнын брошюрӕ «Цы домы»-йӕ.
15 мин. Ӕркӕсинаг фарстатӕ.
20 мин. «Уӕхи сфӕлындут сӕрныллӕгдзинады»b. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй сӕ хъуыды зӕгъой, Библийы стихтӕй куыд ис спайдагӕнӕн.
224 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
6 октябрӕй райдайгӕ къуыри
170 зарӕг.
10 мин. Хъусинӕгтӕ. Ацы мӕй уӕлдай тынгдӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Цыбыртӕй радзур, цы дзырдӕуы 2002 азы майы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинады», 1 ф., 1 абз.
15 мин. «Фыццаг бынаты сӕвӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр!» Раныхас ӕмӕ ныхас хъусджытимӕ, бындуриуӕг кӕны 1998 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ыл, 29—31 фф. Иннӕ цалдӕр мӕйы уе ’мбырды цы хъуыддӕгтӕ спълан кодтат, уый тыххӕй зӕгъ ӕмӕ алкӕй дӕр сразӕнгард кӕн, цӕмӕй сӕ сӕ къӕлиндарты фӕнысан кӕной. Хъусджытӕн зӕгъ, цӕмӕй радзурой, куыд сын ӕнтысы ӕмбырды алы хъуыддаджы дӕр архайын.
20 мин. Куыд ис фӕлӕууӕн алыварсуӕвӕг адӕмы ӕндӕвдады ныхмӕ. Райс интервью хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй, чырыстон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, ахӕмӕй. Зӕгъ цалдӕр хъуыдыйы 2003 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй (уыр.). Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд ӕфсымӕр скъолайы? (24 ф., 3 абз.; 25 ф., 4, 5 абз.). Исты йыл ӕвзӕрырдӕм бандӕвта? (26 ф., 4—6 абз.). Абон дӕр ма йыл, стырӕй, йӕ алыварсуӕвӕг адӕм бандавыныл архайынц? Цы йын ӕххуыс кӕны уыцы ӕндӕвдады ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн? Цыбыртӕй кӕронбӕттӕны бахахх кӕн, хорз ӕмбӕлттӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, спайда кӕн 1999 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, 24, 25 ф. (уыр.).
26 зарӕг ӕмӕ кӕронбӕттӕн куывд.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.
b Дӕ разныхас хъуамӕ минутӕй фылдӕр ма уа, уый фӕстӕ ӕрмӕг равзар фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ.