Хуыцауы фӕрцы нӕ куыст размӕ цӕуы
1 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ уӕлдӕр ахуырад нӕ райстой, хӕздыг дӕр не сты, стыр бынӕтты дӕр нӕ кусынц, ӕмӕ нын уый тыххӕй иуӕй-иутӕ нӕ куыстӕн нӕ аргъ кӕнынц (Исай 53:3). Фӕлӕ цы рухсадон куыст уадзӕм, уый руаджы ӕгас дунейы дӕр цал адӕймаджы бафидар кодтам ӕмӕ цал адӕймаджы бауагътам ныфс. Ахӕм куыст кӕнын хуымӕтӕг адӕймагӕн йӕ бон куыд у? Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы фӕрцы (Матф. 28:19, 20; Ап. к. 1:8). «Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты сонт цы у, уый,— зӕгъы апостол Павел,— цӕмӕй зондджынты фӕхудинаг кӕна» (1 Кор. 1:26—29, НФ).
2 Апостолтӕ ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕй бирӕтӕ уыдысты «хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ», «чиныджыбакаст адӕмӕй» (НФ) нӕ уыдысты (Ап. к. 4:13). Фӕлӕ хорз хабар ныфсджынӕй кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй сын Иегъовӕ арфӕ кодта. Кӕд сын зын уыд ӕмӕ сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр Иегъовӕйы дзырд «тыхджын рӕзыд ӕмӕ уӕлахиз кодта». Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ куыст ӕрлӕууын кӕнын никӕй бон уыд (Ап. к. 5:38, 39; 19:20, НФ). Афтӕ у абон дӕр. Кӕд стыр хицӕуттӕй бирӕтӕ нӕ ныхмӕ тынг цӕуынц, уӕддӕр хорз хабар тыхджын рӕзы ӕмӕ уӕлахиз кӕны (Исай 54:17).
3 Кад ӕмбӕлы Хуыцаумӕ. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтыл уӕлӕхох кӕнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Хуыцау нын цы куыст бахӕс кодта, уый фӕдыл Павел фыста: «Ацы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй мигӕнӕнты, цӕмӕй уыцы стыр хъару махыл нымад ма уа, фӕлӕ Хуыцауыл» (2 Кор. 4:7). Павел хорз ӕмбӕрста, Хуыцау ын куы нӕ ӕххуыс кодтаид, уӕд ын уацамынды кӕй ницы бантыстаид (Ефес. 6:19, 20; Фил. 4:13).
4 Мах дӕр ӕмбарӕм, ӕрмӕстдӕр «Хуыцауы ӕххуысӕй» нӕ бон кӕй у хъусын кӕнын (Ап. к. 26:22). Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ мах уылты хъусын кӕны ӕмӕ кӕроны къӕсӕрыл дзыллӕты мах руаджы базмӕлын кӕны (Аггей 2:7). Цӕй стыр кад у, Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын! (1 Кор. 3:6—9).