Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/04 1 ф.
  • Сӕйрагдӕр — фембӕлдтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕйрагдӕр — фембӕлдтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хуыцауӕн кувынмӕ иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Бинонты фӕтк: ӕмбырды фембӕлдтӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Куыд нӕ кӕны Иегъовӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 2/04 1 ф.

Сӕйрагдӕр — фембӕлдтӕ

1 Чырыстон бинонтӕн сӕ царды сӕйрагдӕр хъуыддаг у алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын. Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы уый афтӕ ӕнцон нӕу. Хатт нӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ, куыст ӕмӕ сывӕллӕтты урокты тыххӕй фембӕлд фӕцух кӕнын нӕ фӕфӕнды? Алцӕмӕдӕр Иегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, царды сӕйрагдӕр цы у, фыццаг уый аразын (1 Пад. 24:6; 26:11).

2 Иу израилаг лӕг сабатбон сугтӕ кӕй ӕмбырд кодта, уымӕй рабӕрӕг, Иегъовӕйы ныхас зонгӕ-зонын кӕй ницӕмӕ дардта. Чи зоны хъуыды кодта, зӕгъгӕ, мӕ бинонты ӕнӕ сугӕй куыд ныууадзон кӕнӕ, ахӕмӕй дзы куы ницы ис. Фӕлӕ йӕ Иегъовӕйы фыдӕх кӕй баййӕфта, уый ӕвдисы, Хуыцаумӕ кувыны, табу кӕныны рӕстӕг ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ кӕнын кӕй ӕркӕны стыр бӕллӕхмӕ (Ным. 15:32—36).

3 Фадӕттӕ агурӕм. Бирӕтӕн сӕ бон сси сӕ куыстӕй фембӕлдтӕм цӕуын. Уый тыххӕй иутӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл аныхас кодтой сӕ хицӕуттимӕ, иннӕтӕ та сӕ кусгӕ бонтӕ баивтой, аннӕтӕ та ссардтой ӕндӕр куыст кӕнӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой. Дзырд дӕр ыл нӕй, цӕмӕй фембӕлдтӕ ма цух кӕной, уый сӕраппонд ахӕм стыр хъуыддӕгтӕ чи сарӕзта, уыдон Иегъовӕйы зӕрдӕ тынг кӕй барухс кодтой (Дзут. 13:16).

4 Сывӕллӕтты та сӕ урокты тыххӕй нӕ февдӕлы фембӕлдтӕм цӕуын. «Ӕз мӕ уроктӕй иутӕ фембӕлды размӕ скӕнын, иннӕтӕ та, хӕдзармӕ куы ’рцӕуын, уӕд»,— зӕгъы иу скъоладзау. Фембӕлдтӕ цы бон вӕййынц, уыцы изӕр йӕ уроктӕ иууылдӕр скӕнын цы сывӕллӕттӕн нӕ рауайы, уыдоны ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ ахуыргӕнджытӕн бамбарын кӕнынц, зӕгъгӕ, сӕ бинонтӕн царды сӕйрагдӕр сты фембӕлдтӕ.

5 Бинонтӕ сӕ хӕдзары куыстытӕ иумӕ куы кӕной ӕмӕ рӕстӕг куы пълан кӕной, уӕд сын алы хатт дӕр уайдзӕн фембӕлдтӕм хӕдзарыдзагӕй афоныл цӕуын (Ӕмб. 20:18). Суанг гыццыл сывӕллӕтты дӕр сахуыр кӕнӕн ис, цӕмӕй, бинонтӕ фембӕлдмӕ цы рӕстӕгыл рацӕуынц, уӕдмӕ сӕ дзаумӕттӕ скӕной ӕмӕ цӕттӕ уой. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цӕвиттон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ ӕвдисой, фембӕлдтӕ сӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй сты, уый (Ӕмб. 20:7).

6 Цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ фембӕлдтӕ ма уадзӕм. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр алцӕмӕдӕр Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ иу фембӕлд дӕр ма цух кӕнӕм, нӕ царды сын сӕйрагдӕр бынат скӕнӕм (Дзут. 10:24, 25).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын