Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/05 7 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 6/05 7 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Июны: «Мӕ библион радзырдты чиныг». Адӕймаг дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ мын сывӕллӕттӕ нӕй, уӕд та йын ратт брошюрӕ «Цы домы» ӕмӕ бацархай йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июлы ӕмӕ августы: ӕмбырды цы 32-фарсон брошюрӕтӕ ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябры: «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Дӕттӕн ма ис «Цард - куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?» (уыр.).

◼ Секретарь хъуамӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй филиал, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та Паддзахады залты арӕзтадӕн дзуапдӕттӕг хайад зона, «Заявление Добровольца на Участие в Программе Строительства Залов Царства» (А-25) чи байдзаг кодта, уыцы аргъуыд хъусынгӕнджыты уавӕр. Йӕ ӕнӕниздзинад дзӕбӕх кӕмӕн у ӕмӕ Уӕрӕсейы Паддзахады залтӕ аразын кӕй фӕнды, уыцы ӕнӕус ӕфсымӕрты (фыццаджыдӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгты) ӕмӕ къайты ацы курдиат ногӕй фыссын хъӕуы алы аз дӕр. Бархи кусӕджы уавӕр куы фӕива, зӕгъӕм, ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ куы алидза, йе та йӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй куы снысан кӕной, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй хъӕуы А-25 ногӕй байдзаг кӕнын. Бархи кусӕджы адрис кӕнӕ телефоны номыр куы фӕива, йе та ӕмбырды фӕзминаг хъусынгӕнӕг куы нал уа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уый тыххӕй ӕвӕстиатӕй ныффыссой Паддзахады залты арӕзтадӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ. Районон цӕстдарӕг ӕмбырды куы уа, уӕд ын равдисын хъӕуы уыцы курдиӕттӕ. Кӕд ӕмбырды А-25 нӕй, уӕд ӕй хъӕуы филиалӕй заказ скӕнын.

◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2004 азы 12 декабры, Санкт-Петербурджы кӕй уыд фембӕлд, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы 24-ӕм къласс йӕ ахуыр кӕй фӕци, уый фӕдыл. Программӕмӕ байхъуыста 252 адӕймаджы. 24 ӕфсымӕры цӕттӕ сты, цы базыдтой, уымӕй пайда кӕнынмӕ. Уыцы ӕфсымӕртӕй авды снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй, иннӕтӕ та дарддӕр лӕггад кӕндзысты сӕхи ӕмбырдты. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы стыр ӕнтыстытӕ Иегъовӕйы хъуыддаджы! (1 Кор. 15:58).

◼ Иегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕхсӕз ног Паддзахады залы: 29 январы Краснодары крайы горӕт Приморско-Ахтарскы, 5 февралы Иркутскы облӕсты горӕт Братскы, 26 февралы Волгограды облӕсты Михайловкӕйы хъӕуы, 12 ӕмӕ 13 мартъийы Красноярскы крайы дыууӕ горӕты – Ачинск ӕмӕ Назаровӕйы, афтӕ ма Алтайы крайы горӕт Бийскы. Уыцы бонты программӕмӕ байхъуыста 118, 251, 141, 179, 215 ӕмӕ 183 адӕймаджы.

◼ Фӕивтой облӕстон конгрессты бонтӕ: 5-7 августы: Камышин; 13, 14 августы: Дзӕуджыхъӕу (ирон ӕвзагыл).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын